ЧЕДЖЕМТЫ Геор

ЗЫМÆГОН ЭТЮД

Мæргътæ фæтарстысты
Зæххы мæрдон æмæ ’ргъæвст буарæй.
Æмæ атахтысты,
Атадысты
Фæндыры зæлтау.

Бур фæсалгæрдæг
Размæ фæцудыдта,
Æмæ йæ уды бур хал аскъуыд.
Хъуынаварс тулдз æй
Йæ сыгъзæрин сыфтæртæй бамбæрзта.

Тæгæры рæхснæг тала
Йæ бæгънæгдзинадæй ныфсæрмы –
Лыстæг сырх æнгуылдз-хихтæй
Йæ рæсугъд зæнг æмбæхсы.

Уартæ уый та – æхсæр бæлас,
Йæ саджил бæгънæг цæнгтыл
Бæлоны къæцæлджын æфтуан
Арвы кæуындзаст цæсгоммæ систа.

Зымæджы урсæрфыг ус
Йæ цъæх къæбицæй рахаста
Ихсыд зæронд сасир,
Урс æврагъ дзы бавгæдта
Æмæ, гъæйдæ-гъа! Луарынтæ систа…

…Сау зæхх тарф фынæй баци,
Æмæ урс фынтæ уыны.