ЦÆРИАТЫ Валери

УАРЗОН ЗАРÆГ

* * *

Нæ цæхæрадон – ног куысты къæсæрыл,
Йæ фæрныг зæхх – сæууон хурæй рæвдыд.
Фыццаг кæрдæг æсхæцыдис йæ сæрыл.
Æрцыд æнæ дæу, уалдзæг та, мæ фыд.

Бæзджын дидинæг ракалдтой бæлæстæ,
Сæ алварс кау – æхсæры уисæй быд.
Фæлидзы суадон, уайсадгæ, мæ рæзты,
Йæ сæрты хид – дæ къухтæй конд, мæ фыд.

Нæ зæронд хид мæ зæрдæйæн æхцон у.
Ныр дæр ма уайы цæстытыл дæ цыд.
Фæскуыст изæр дæ хидæйдзаг цæсгомыл
Куыд-иу дзы ‘скалдтай уазал дон, мæ фыд.

Ныр дæр ма уайы раздæрау мæ хъустыл
Дæ райдзаст мæ уæздан ныхас, мæ фыд.
Фыццаг хатт ацы хиды сæр йæ русыл
Дæ сæрдасæн куы авæрдта дæ фырт…

 

ДЫУУÆ БÆЛАСЫ

Рæсугъд æмæ мыдыбындзджын дыргъдоны
Дыууæ бæласы рæзыдысты иумæ.
Æлвæста сæ фæлмæн дымгæ йæ риумæ,
Рæвдыдта сæ сызгъæрин хур æхцонæй.

Æстыхстысты кæрæдзиуыл бæлæстæ,
Сæ уидæгтæ, сæ къалиутæ, сæ удтæ.
Нæ уыди уыцы бæлæстæй рæсугъддæр!
Æнæ дисæй-иу ничи цыд сæ рæзты.

Фæрæзтой иумæ хъызт æмæ тæвдæн
Кæрæдзийæн æнцой æмæ ныфсæн.
Сæ сæрмæ-иу гыццыл зæрватыкк зарыд.

Бæлæсты риуты уарзты рухс сыгъди.
Сæ иу мыдхуыз, тæнцъар кæрдо уыди,
Сæ иннæ та сырхфарс фæткъуы куы разынд.

ТÆРККЪÆВДА

Сау мигътæ знаджы æфсадау æрбабырсынц,
Скъæры сæ комы ‘рдæм фосдзугау уад.
Мæргътæн сæ цинæйдзаг зарджытæ нал хъуысынц,
Бæстæ нытталыг ис, бæстæ нынкъард.

Сау арв æвиппайды ферттывта хъамайау,
Знагæн йæ фæтæн риу агуры раст.
Бæстæ ныннæрыди, банкъуысти зæххы цъар,
Карзæй тæрккъæвда ныккалда æваст.

Дурлæсæн фезмæлыд, тас у йæ азарæй,
‘Фсæн фаттау сау дуртæ донмæ тæхынц.
Стонынц æнусон бæлæстæ сæ бындзарæй,
Тарстæй сæ лæгæтты сырттæ лæууынц.

Згъоры лæбурæгау ивылд дон сау хохæй,
Раст цыма дунейыл рацыд зындон.
Арв æмæ зæххы æнæрæнцой карз тохæй
Гуыры æнусон тох! Нæй йын кæрон…

Зилгæ æрра дымгæ ‘руагъта йæ базыртæ.
Мигъджын къæвдайæн йæ кæрон æрцыд.
Дардæй æрбайхъуысы арвнæрын хохсæртæй,
Змисджын цæугæдæттæн коммæ – сæ цыд.

Дуне æрсабыр и, мæргъты зард райхъуысти!
Зæххыл та ралæууыд цин æмæ рад.
Хуры зæрин тынтæй сау айнæг барухс и,
Бæстæ ныррæсугъд и, худы та цард!

 

* * *

Тæхынц та хъарм бæстæтæмæ мæргътæ,
Зынынц фæрдгуыты халау дардæй.
Сæ сæрмæ – урс къуымбил æврæгътæ,
Сæ бынмæ – раг фæззæг æнкъардæй.

Сæ тахт – рæсугъд æмæ сæрибар
Тæссаг æмæ дæргъвæтин балцы.
Тыгъд базыртæ æндонау – фидар,
Цæттæ сты бафæразын алцы.

Фæтæхынц мадæлтимæ ‘взыгъдæй
Фыццаг хатт дард балцмæ лæппынтæ.
Æвзарынц хъал æмæ цæрдæгæй
Æмбæлццон дымгæйыл сæ тыхтæ.

Хæссынц гыццыл зæрдæты арфы
Ыстыр, æнæкæрон уарзт мæргътæ.
Кæйдæр æнæзонгæ цъæх арвы
Мысдзысты райгуырæн уæлæрвтæ.

Фæлæ та ралæудзæни уалдзæг,
Фæстæмæ ‘рбаздæхдзысты мæргътæ.
Æмæ та райхъуысдзæн сæ зарæг,
Зæлдзæни райдзастæй нæ хæхты.

Мыййаг, куы нал æртæхой мæргътæ
(Хуыцау нæ бахизæд фыдохæй).
Сæ чысыл ахстæттæ нæ зæххыл
Куы баззайой æнусмæ рохæй,

Куы нал хъуыса сæ уарзон зарæг,
Ныххус уыдзæни уæд нæ дыргъдон.
Æмæ куы нал æрлæууа уалдзæг,
Нæ цардæн байсысдзæн йæ суадон.

 

ЦÆРГÆСТÆ

Дурджын комы сæрмæ знæтæй
Зилынц стыр дыууæ цæргæсы.
Ризы сау айнæг сæ мæтæй,
Дымгæ тарст хъæрæй æмбæхсы.

Цыма сты цæттæ мæлæтмæ,
Хауынц фатау зæхмæ арвæй.
Æмæ ногæй та фæстæмæ
Стæхынц рухс тыгъдады арфмæ.

Комы, дурты ‘хсæн фæлмæцы
Уыцы цæргæстæн сæ лæппын.
Уый йæ базыртыл ысхæцы,
Хъавы арвы цъæхмæ стæхын.

Абон ахстонæй фыццаг хатт
Сонт лæппын-цæргæс фæхицæн.
Æмæ хуры бын йæ бынат
Хъуамæ бацахса йæхицæн.

‘Рбадтис мад-цæргæс йæ цуры,
У æнæкæрон йæ сагъæс,
Цыма тарст лæппынæн дзуры:
«Схæц дæхиуыл, дзиба, ма тæрс».

Лæппын цин кæны йæ мадыл,
Мæ йæ дæлармы æмбæхсы.
О, цæйбæрц хъæрутæ царды
Мады уды тавс æрхæссы?!

Хоны цъиуы мад йæ фæстæ,
Схæцыд базыртыл, ныууасыд.
Æмæ хохнарæджы астæу
Цæргæс комы арфы бацыд.

Лæппын базыртæ æсцагъта,
Риуы ‘рбамбырд кодта тыхтæ.
Кæс, æртæ цæргæсы тахтмæ
Хур дæр ракастис æврæгътæй.

* * *

Джульбарс уыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг майдан «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» кæмæн радтой, уыцы хъайтар куыдз. Уыд рæмудзæнтæ сгарæг службæйы кусæг Волкац Динæйы куыдз. Знаджы нæмыгæй фæстагмæ уæззау цæф фæцис. Джульбарсы Уæлахизы Парадмæ Иосиф Сталин рахæсын кодта йæ кителыл.

Уæззау цæфæй йæ рахастой Сырх Фæзмæ.
Йæ риуыл арфæйы майдан зындис.
Сæрдыгон къæвда уарыдис сæ сæрмæ,
Йæ фæстæ ‘фсæддон полчъытæ цыдис.

Уæззау тохы уыд раззæгтимæ иумæ,
Хæстон фæндæгтыл фондз азы фæцыд.
Уыд Польшæйы, ныххæццæ ис Берлинмæ,
Домбайау уый фыдгулты ныхмæ цыд.

Ызнаджы эшелонтæ уый рæмыгъта,
Йæ зæрдæ уыд мæлæтдзаг тохтæм зыд.
Æмæ-иу фаг куы нал кодтой йæ тыхтæ,
Уæд-иу дæндагæй йе знæгтыл хæцыд…

Цытджын æмæ ыстыр парад Сырх фæзы,
Хæстон æмæ фæллад салдаттæй дзаг.
Ныфсхаст Советон адæмæн сæ фæрцы
Æрцыдис сырд Фыдыбæстæйæ знаг.

Цæуынц Сырх фæзыл ‘фсæддонты ранхъытæ,
Цæгъды хъæрæй хæстон оркестр марш.
‘Мæ немыцаг тырысаты бызгъуыртæ
Зынынц æппæрстæй Мавзолейы раз.

Уыдис бæрзонд хæс хистæр офицерыл,
Сырх фæзы астæу, адæммæ æввахс,
Уый хаста Сталины лæвар кителыл
Хъæйтар куыдзы, йæ хæстон ном – Джульбарс.