ЦÆРУКЪАТЫ Алыксандр

ÆФСЫМÆРЫ СУРÆТ

(Cкъуыддзаг)

УСФСР- ы сгуыхт артист
Цæрукъаты Тотырбеджы фырт
Алыксандры рухс номæн

1
Уыдтæ мæ ныфс хæххон мæсыгау
Æгъдынцой – цинты ΄мæ зынты.
Æнæ рахъаргæ ΄мбæхст цæссыгау
Мæ риуы баззайдзынæ ды.

 

Тæлфдзæн мæ фæндырæн йæ хъистыл
О, де стъæлд сонт зæрдæ, мæ бон.
Уæд та дын хорздзинадæй исты
Фæуын куы суыдаид мæ бон.

Дæ тыхст иу хаттæй-хатт нæ зыдтон…
Ныр та ма цы?.. Æнусты тар…
Тызмæг дæм искуы кæд ысдзырдтон,
Уæд мын мæрдты бæсты ныббар.

2
Дæрддзæф хъæуæй ды горæтмæ фæцыдтæ…
Дæу бауарзтой нæ дзыллæтæ æргом.
Ды канд артист, ды канд актер нæ уыдтæ –
Бæрзондмæ систай адæймаджы ном!

Зын сахаты лæджы фарсмæ лæууыдтæ,
Дæ зæрдæ дуар – хæлардзинадæн гом.
Ды канд артист, ды канд актер нæ уыдтæ –
Сыгъдæгæй хастай адæймаджы ном!

Цъымыр удтимæ карз тохы хæцыдтæ,
Ды хъахъхъæдтай æцæг лæджы цæсгом.
Ды канд артист, ды канд актер нæ уыдтæ –
Æцæг рæстдзинад – де стыр цыт, дæ ном!

 

РОХ СИМФОНИ

Мæ хъустыл ауайы æнахуыр зæл…
Кæцæй уа уыцы диссаджы мелоди?
Кæддæр ныууагътон иу фæндыр дзæгъæл,
Бынтондæр ыл æз бакодтон уæд хъоды.
Æгас уа, уымæн нал уыдтæн æнхъæл…
Ныр ыл, цымæ, кæй къух æрзылд сындæг,
Æви йын дымгæ бавнæлдта йæ тæнтæм?..
Мæ цуры быдыры гæмæх быгъдæг
Кæд фестади уыгæрдæны тъæпæнтæ,
Æмæ дзы уддзæф алидзы фæйнæрдæм.
Изæрсатæджы суадоны хуылфæй
Æрыгон стъалытæ цæхæр æппарынц.
Сæ астæу та – сырхзынг дзæмбыйау мæй, –
Мæ кæддæры сызгъæринæфцæг уадындз
Ныххауд бынмæ, æмæ йын сисæн нæй…
Кæцæй у уыцы зæл? – Фæндырæй нæу:
Уый – уды тугдадзин кæд ризгæ тоны, –
Æвæццæгæн, æрымысыдтæн дæу,
Дæ сурæт мæ кæдæмдæр дардмæ хоны…
Уый райгас и кæддæры рох симфони.