ЦОМАЙТЫ Харлампи

ХАРЛАМПИЙЫ МОНОЛОГ

30-æм азты ирон интеллигенцийæ рæстудæй кæй фесæфтой – семæ рухстауæг Цомайты Харлампи дæр – уыдоны номарæн

Æнаххосæй аххосджын рахуыдтой мæн,
Æфсæн хъадамантæй мæ сбастой.
«Дæ сусæг куыст раргом кæн. Чи дæ? Цæмæн?» –
Мæн алы бон мин хатты фарстой.

Фыдмитæ мын кодтой, нæ мæ уагътой цух,
Уæлбæхæй мæ ехсытæй надтой.
Мæ тæрхоны сыфы æрфыстой сæ къух,
Æвыдæй мын авд азы радтой.

Зæронд лæг – æнæбон, – цы кодтаин, зæгъ?
Мæхимæ æз азым нæ ардтон.
Мæ адæм, сымах раз фæфыстон мæ хæс,
Мæ уд уыл æнæвгъауæй хъардтон.

Мæ Иры сæрвæлтау æдзух уыд мæ куыст,
Æз Рухсмæ фæндæгтæ куы гæрстон.
Нæ тæрхоны лæгтæй та чи ‘мбæрста рыст, –
Хæрзгæнæг Сыбыры «æрбæстон».

Хæххон лæг – æнæбон, цы кодтаин æз, –
Хъысмæт мæм æнæхатыр разынд.
Цæрынæн Сыбыры нæ ардтон фæрæз,
Куырой ма мæ сæрыл нæ разылд…

Мæн фехстой, нæ фехстой – нæ зонын бæлвырд,
Фыстой, зæгъгæ, хи низæй амард.
Фæлæ мын уæлæуыл нæ баззади цырт,
Мæ ном дæр Ирыстонæй адард.

Нæ зоны мæ кæстæр, цы ран ис мæ мард,
Æз дæр æй мæхæдæг нæ зонын.
Мæ уд та, зæххыстæн, нæ хæхты æрцард,
Уæлладжыры комы, Æрхоны…

2005 азы 12 сентябрь