ЦЫРЫХАТЫ Михал

* * *

Ф-мæ

Цæуы ныртæккæ хæст – цытджын,
Цъæх арты уарзон зæхх æхсиды
Æмæ йæ хъæбултæм тыхджын
Нæ бæстæ тохы гуылфмæ сиды.

Быхс уал… Дæ уарзондзинады
Рæсугъдæй сæмбæлынмæ бахиз,
Фæлæ уал тохы заман ды
Дæ хъару стыр фæллойы равдис.

Кæс-ма, Ныгуылæнмæ цæуæм,
Ныгуылæнмæ – ис маст нæ уæнгты.
Уæндонæй фалгæрон кæнæм
Лæгхорты тугæйдзаг æрдонгты.

Гъе уырдæм у мæ фæндаг конд
Мæнæн дæр, о, мæ рухс ыстъалы,
Æмæ сырх тырыса бæрзонд
Мæ къухтæй ирд тæмæнтæ калы.

1942 аз