ДАУЫРАТЫ-СЛАНТЫ Зоя (Дауырæ)

АЗТÆ

О азтæ, азтæ, дугъонау тæхут!
Нæма цардис æцæг цардæй мæ уд,
Гъе, афтæмæй мæ хуыздæр бонтæ фесты,
Мæ конд, мæ тых фыццагау мемæ не сты.

Мæ хъуыдыимæ рахонын быцæу:
«Гъе, уыцы аз мæ азты хыгъдæй нæу»,
Æрхоны мæм ыстыр цаутæ æвдисæн,—
Фыддæрадæн мын нал фæкæны уисæн.

О азтæ, азтæ, рауагътат мыл зæй:
Ыстæм лæг ма мæ базоны хуызæй.
Мæ æмбæйттæн сæ æнцъылдтæ — мæ рис…
Нæ хистæртæн ма се ‘мбис дæр кæм ис?..

Ныфс нын дæтты æрмæстдæр иу хъуыддаг:
Нæ уыдтæн царды адæмæй хъæстаг.
Нæ уыдтæн хин, мæнгард æмæ æлгъин, –
Дыккаг хатт дæр та раздæрау цæрин!

 

ЦИНТÆЙ РАСЫГ

Æрмæстдæр хуры ‘вджид куы баззайа дæ зæрдæ,
Куы нæ дын хай кæна зæххон цинтæй хъысмæт,
Куы бахынца дæ зонд: зæронд, æдых, лæмæгъ дæ,
Цæрын дæумæ дæр нал цæудзæнис уæд…

Дæ фырты къобор фырт куы базгъора дæ размæ,
Йæ тыппыр къухтæ дæм куы сиваза бæрзонд,
Дæ боны удхæрттæ уæд не ‘рхæсдзынæ базмæ,
Дæ чысыл фæдон дын ныррухс кæндзæн дæ зонд.

Дæ ныфс, дæ цардæмбал куы схъарм кæна дæ хуыссæн,
Куы та дын бакæна дæ сæры бын йæ цонг,
Кæм ма уыдзæни, кæ, уæд амондджын дæу хуызæн!
Зон, цинтæй расыг никуы кæны ‘рвонг!

 

* * *

Цымæ куыд цæрынц иунæджытæй адæм?
Куыд сисынц дзыхмæ адджын комдзаг адæн?
Мæнау кæд хонынц уарын æмæ уад
Æхсæвæмбалæн. Хъарм хуыссæн – хъæууат.

Ныйирд та сты мæ фæлм цæстытæ бонмæ,
Нæ та кæсынц мæ бирæ монцтæ коммæ.
Рæсугъд фынау мæм раздæхы ызнон.
Нæу иунæгæй, нæу иунæгæй мæ бон!

 

* * *

Зарæг! Дæ зæлтæй
Æз хъуамæ нырризон.
Хъуамæ уæлхохмæ
Дзæбидырау хизон.

Хъарæг! Нынниуон æз
Хъуамæ дæ хъæрæй!
Худын дæр уарзын æз
Хъæлдзæг кæл-кæлæй.

Домын æз, домын
Æрмæстдæр æмсæрæй,
Ницы мæ хъæуы
Æгуыдзæг, æвзæрæй!

 

ХÆЛÆГГÆНАГ

Хæлæггæнаг хæлæг кæны æппæтмæ:
Рæсугъд фæлыстмæ, ахуырмæ, куыстмæ,
Хæлæг кæны йæ сыхæгты цæуæтмæ,
Йæ къухтæ тавы искæйты тыхстмæ.

Дæ аууонау дæ фæдыл зилдзæн, зилдзæн,
Дæ цæстытæм дын комкоммæ кæсдзæн,
Дæ цæхх æмæ дæ кæрдзын дын æууилдзæн,
Кæдæмдæр та дыл хахуыртæ хæсдзæн.

О, дунейы фарн! Раст лæг хорз куыд цæра,
Æппæт адæмæн уыцы хорзæх ратт.
Хæлæггæнаг фыр хæлæгæй куыд мæла,
Йæ зæрдæйæн та адæмы фарн – фат!

 

ДОЙНЫ МЫН У

Дойны мын у
Дойны, дойны,
Фурд дæр бануазин
Æмбойны!…
Нуазæнт иннæ адæм
Сæн!
Суадоны дон
Хъæуы мæн!
Дойны мын у!
Дон мæ хъæуы!
Змæст дон мæ нæ хъæуы –
А цæугæдон,
А цъайы дон
Зæрдæмæ нæ цæуы, –
Марджы тæфæй,
Хосы тæфæй
Æмбудæнтæ ‘лхъивы,
Уæлдæфы рын,
Дæлзæххы рын
Дон йæхимæ ссивы…
Дойны мын у!
Дойны мын у!
Змæст дон мæ
Нæ хъæуы.
Ехх, тæхуды,
Суадон дæр ма
Суадонау кæм цæуы!..

 

АФТÆ, ГЪЕ!

Цастæ чысыл ма дæ, цастæ?!
Зон æй, атæхдзысты азтæ.
Тагъд уыдзынæ ды ыстыр,
Архай хорз уæвыныл ныр.

Ма кæн де скъолайæ цухтæ,
Афоныл-иу цæхс дæ къухтæ,
Хъус дæ хистæртæм бæстон,
Уарз сæ, аргъ кæнын сын зон.

Царды бирæ ис фæндæгтæ, –
Ахуыр кæн кæйдæр æвзæгтæ.
Дун-дунейы дуæрттæ – гом,
У сæ басгарын дæ бон.

Хъуамæ уай фæзминаг уагæй,
Ма фæуы хъæстаг сыхагæй.
Иугæр дæм куы уа æгъдау, –
Ничи дæм æрхæсдзæн фау!

Хъуамæ дæу, мæ чысыл къона,
Сомбон Ир йæ хъæбул хона.
Тынг хорз саби дæ ныр дæр,
Кафгæ, заргæйæ мын цæр!

 

ЗЫБЫТ

Зыбытты Зыбыт, дам,
Ныууагъта йæ къæс,
Зыбытты уæзæгæй, дам,
Алыгъди дард.
Зыбыты иунæгæй
Зыбыты зæрондмæ
Дæуæн дæр Зыбытау
Уыдзæни дæ цард.

Зыбыты мæгуырæй
Зыбыты уазалы
Зыбыты иунæгæй
Фæцарди Зыбыт.
Зыбыты хъысмæтæй,
Зыбыты æгадæй,
Зыбыты фыдцардæй
Куыд нæ тæрсыс, куыд?

Зыбыты зæрондмæ
Зыбыты уазалы
Зыбыты мæгуырæй
Дæуимæ цæрин.
Зыбыты фæлладæй
Зыбыты фæлмæстæй
Æрмæстдæр дæ номæй
Мæ ард-иу хæрин.

 

СЫНК, СЫНК, СЫНК..

Сынк, сынк, сынк,
Сынк, сынк, сынк,
Æнгуылдзтæн сæ кафт ыстынг:
Сынк – фæсасынк,
Сынк – гæпсынк,
Здыхстсынк, дзуарсынк,
Сынк, сынк, сынк.
Сынк – уæлæфтау,
Сынк – кæрцсынк,
Ставд рæхсад сынк,
Сынк, сынк, сынк.
Сынк – нывæфтыд,
Сынк – цæстсынк,
Кæс, цæттæ у чындз-уылынг.

 

БАЗОН-МА

Чи у царддæттæг нæ зæххæн?
– Хур.
Ис чысыл æрвад къæдзæхæн?
– Дур.
Фурды кæсæгтæн сæ марæн?
– Сур.
У уæзы чысылдæр барæн?
– Мур.
Чи у адæмæн сæ дарæг?
– Зæхх.
Чи дугъ кæны: бæх гъе барæг?
– Бæх.
Уæдæ циу йæ хос æдзæххæн?
– Цæхх.
Уалдзæг цавæр хуыз ис зæххæн?
– Цъæх.
Райсом изæрыл цы бæтты?
– Бон.
Зæгъ, дæ дойны дын цы сæтты?
– Дон
Тынг садджын кæны бæгæны…
– Зад.
Хорз лæгимæ ‘мдзу цы кæны?
– Кад.

 

КЪАМИСÆГ

– Фосæй, маргъæй – уе ‘ппæт ам!
Цæй-ма, сисон уын уæ къам!
Гогыз рауад кафгæйæ,
Базыр зæххыл хафгæйæ.
Комкоммæ ныккастис бæх:
– Къамы уайын æз дзæбæх!
Ралæууыдис карк æд цъиутæ –
Буртæ, саутæ сты сæ иутæ.
Кæрты астæу куыдз ныддæргъ,
Балæууыд йæ фарсмæ дзæргъ.
Фысы хъусы дзуры сæгъ:
– Цу-ма хæрæгæн дæр зæгъ!
Уыйадыл дын бæх фæмæсты:
– Слæууæд цъæх хæрæг мæ бæсты!
Сызмæст кæр. Нæ рауад къам.
Хæрæг ц’аххосджын у ам?

 

ÆРÆМДЗÆГЪД НЫН КÆНУТ!

Хъулаты-Хуыгаты Верæйæн

Верæ:
Зæрин рæхыстæй уæ
нæхиуыл бæттæм,
Нæ уды цæхæр уын
лæварæн дæттæм!
Нæ сарæзт сурæттæ
уæ ахонынц дард,
Актерæн у сценæ
йæ хъысмæт, йæ цард!
Кæйдæр къахвæндæгтыл
мах иумæ цæуæм,
Кæйдæр царды цаутыл
мах иумæ кæуæм,
Мах иумæ фæкалæм
фыр цинæй цæссыг,

Мах иумæ фæсурæм
уæ зæрдæты хъыг.
Æнæ ацы сценæ
мæ бон нæу цæрын,
Мæ фыны дæр ам вæййын –
ард уын хæрын.
Æрæмдзæгъд нын кæнут!
ныхъхъæр кæнут: «бис»!
Уæ арфæйы дзырдтæ
актерæн – йæ ис.
Зæрин рæхыстæй уæ
нæхиуыл бæттæм,
Нæ уды цæхæр уын
лæварæн дæттæм!
Нæ сарæзт сурæттæ
уæ ахонынц дард,
Актерæн у сценæ
йæ хъысмæт, йæ цард!