ДЫГЪУЫЗТЫ Зæлинæ

СУСӔГ ХЪУЫДЫТЫ
АНЫГЪУЫЛД ЗӔРДӔ

БАР МЫН РАТТ

Бар мын ратт –
Ӕдзынӕгӕй, ӕмырӕй
Ӕз комкоммӕ дӕ цӕстытӕм кӕсон…
Бар мын ратт –
Ӕнӕсымӕй, сабырӕй
Дӕ армы хъарм мӕ салд риумӕ хӕссон…

Бар мын ратт…
Цӕмӕй ысуон дӕ сагъӕс,
Цӕмӕй ысуон дӕ тар ӕхсӕвты мӕт…
Бар мын ратт –
Мӕ цӕстӕнгасы бакӕс
Мӕ уды рис ‘мӕ ме ‘нкъарӕнты знӕт.

Бар мын ратт –
Дӕ зӕрдӕмӕ ныккӕсон,
Дӕ дунейы ӕрцӕрон –
Ратт мын бар!
Дӕ цӕстытӕм дын комкоммӕ кӕй кӕсын,
Уый бавӕр,
бамбар,
ферох кӕн,
ныббар…

ССАР МӔ

Ссар мӕ…
Куы стыхса ӕмбойны мӕ уд,
Искуы куы сфӕлмӕцон цардӕй,
Ма-иу мӕ рахон кӕйдӕрау «тӕппуд» –
Къах мӕ куы хӕсса тӕссармӕ.
Ссар мӕ…
Дӕ уды хъарм раздахдзӕн мӕн
Ихбӕсты уацарӕй дардӕй.
Ссар мӕ…
Куынӕуал дын хъусон дӕ хъӕр,
Баххуыс кӕн!
Раздах мӕ цардмӕ!

* * *

Арв йӕ фӕдджитӕ зӕхмӕ ивазы,
Горӕт мигъы ныуӕрды йӕхи,
Ӕз дӕ фӕндыл бӕргӕ уаин разы,
Фӕлӕ адагау не ‘хсӕн – фыдхин.

Сусӕг хъуыдыты аныгъуылд зӕрдӕ,
Нал уыд рагӕй хӕдзайраг ныр уд.
Уый фыдхастау ныдздзӕгъӕл фӕйнӕрдӕм,
Зилы, агуры алкуы хъӕрмуд.

Арвы цӕстыты кӕуындзӕг бады,
Ӕрдз гӕмӕлӕй йӕхимид ныхъхъус.
Охх, ныууадз-ма мӕ, сагъӕс, мӕ адыл,
Бауадз зӕрдӕмӕ иучысыл рухс.

Дымгӕ митхӕццӕ сыфтӕртӕй хъазы,
Уымӕн афонты ивӕн – уӕлдай.
Ӕз дӕ зӕрдӕмӕ нал хӕссын азым.
Ацу, уадзын дӕ, амонд – дӕ хай!

 

* * *

Цæмæн мын фæцис ‘нæуынон дæ ном?
Мæ уд хъæддагау де скойæ æмбæхсы –
Æмыр æдзæмы фæагуры æнцой,
Æмæ йын цинаг ницыуал нæ хæссы.

Мæ цæссыг дæм кæд цинæгау кæсы,
Мæ фыдæнæн дæ дзыхыдзаг цы худыс?
Мæхийау дын æцæгæлон – мæ зын,
Фæлæ фæлтæрд уд ахæмтæй нæ цуды…

Æз Лæгты дзуарыл бафæдзæхсын дæу:
Дæ фæндæгтæн дын ракæнæд уый арфæ!
Мæ бон дæумæ фыдзæрдæ дарын нæу –
Кæмдæр-ма ис дæ тæваг риуы арфы…

МИТ ӔМӔ УАРДИ

Уарыди уардийыл ‘нӕрæнцой мит.
Басыди дидин, йӕ дарӕс – къӕрид.
Зымӕджы зӕрдӕйы тавиц нӕ уыд –
Уардийы уалдзӕджы армы хъарм хъуыд.

Ихагъуд сæвӕрдта, баргъӕвст йӕ уд,
‘Рмӕст ма-иу урс фынты мидбыл фӕхудт.
Миты дӕрзӕг къухты фыдудӕй мард,
Мысыд йӕ уалдзыгон амондджын цард.

Мысыд йӕ сӕнтты рӕубазыр пӕррӕст,
Мысыдис, фыр цинӕй арвмӕ куыд рӕзт.
Нал зоны уарзын ныр, зӕрдӕ ныссалд –
Разындис уалдзӕджы рӕвдыд мӕнгард.

Уарзты ӕнамондыл зары поэт –
Уардийы хъысмӕтыл сбыдта сонет.
Зарӕджы уарди йӕ уалдзӕгмӕ сидт,
Уары ‘мӕ уары йӕ тӕвд риуыл мит…

НЫЗЗӔБУЛ МӔЙ

Ныззӕбул мӕй, йӕ тыхтӕмӕны бацыд,
Йӕ монцуылӕн рухс зӕрдӕйӕн – фысым,
Тӕхуды, ахсӕв, будмыд, д’армӕй бацым,
Ыстӕй уӕд райсом удӕн уӕд цъысым.

Дӕ тавицӕй нырмадӕр зӕрдӕ судзы,
Фӕлӕ йӕ тавгӕ нал кӕны, ӕцӕг,
Ӕнхъӕлцау гом у мидрӕбыны рудзынг,
Иппӕрд удау мыл нал хӕцы хуыссӕг…

Уӕддӕр-ма хатт фӕфӕнды уарзын уды,
Йӕ ивад цин ӕгӕрцауӕй лӕууы…
Рӕгъӕд мӕй йын йӕ рог митыл фӕхуды,
Куы та йын стӕй йӕ иунӕгыл кӕуы…