ДЖУСОЙТЫ Нафи

НЫХАС ИРЫСТОНМÆ

Мæ зæхх! Дæ фарн æмæ дæ цытæн
Мæ сонт уд заргæ-зарын хъардтон.
Лæгау дæ фæндагыл цыдтæн
Æмæ сыл царды фæрæз ардтон.

Мæ саби уд-иу рухс куы уыд,
Уæд-иу сæууон зарджытæ систон.
Кæд-иу æрцыд нæ къæсыл фыд,
Уæд та куыдтон къуырмайау хисты…

Ныр мын нæ зонды лæг – хъæдхой! –
Дæуыл ныхас зæгъын нæ уадзы!..
Уый не ‘мбары: мæнæн дæ кой
Хуыцауы кувæндонау уаз у!..

Уый не ‘мбары: мæнæн мæ уд
Куы нæ уа цъуппыдзаг дæ мæтæй,
Уæд мын нæ дуне у æнуд,
Цæрын дзы у фыддæр мæлæтæй!..

Уый не ‘мбары: мæнæн мæ дзырд
Кæй у сæууон зарæг дæ разы!..
Цы зоны хъулон митæн сырд,
Фæлæ йæ мады уый дæр уарзы!..

1985 аз

 

НОГ ФЫДÆВЗАРÆН

Нæ кæрты дуар та ног нæ фыдгул хойы…
Йæ фæнд, – цæмæй та сæвдæлæм нæ туджы…
Æмæ хæссæм Чырыстийау æккойæ
Чысыл адæмы сау хъысмæт фыддуджы!..

Мах – армы дзаг, фæлæ нæ зæрдæ – фидар!
Мах – раст адæм, бæстыдзаг та нæ маст у,
Фæлæ быхсæм: нæ рухс бæллиц – Сæрибар,
Нæ фидæны фарн уый номыл ныббастам!

Уынæм – бырынц куырм уырытау нæ ныхмæ
Æлхæд цагъартæ, урсæй, зæгъай, сауæй,
Фæлæ уæддæр æфтауæм тых нæ тыхмæ,
Æвæрæм ныфс нæ уд æмæ Хуыцауæй.

Фыдгул – æвзидæг, мах – нæ рады хъавæг!
Кæм дæ Рæстдзинад, махæн кæд æрвон дæ;
Нæ фыдгул та – мæнгард, ыстъигъæг, давæг, –
Æмæ йæ ‘ркъуыр дæ рухсдæттæг бæрзондæй!

2008 аз

 

ÆХСÆВ ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Уæлейы – мæйы рухс цæссыгтæ,
Бынæй – цъырцъырæгты кæуын…
Мæйвæлмы уæлдæфæн йæ сыгъдæг
Мæ зæрдæ узæгау кæны.

Æдзæм хъыгзæрдæйæ лæбыры,
Хъæрмуст цæппузыртæй кæлы,
Æгомыг денджызы был уырыл,
Рæсуг медузæйау мæлы.

Æз царды дзæгъæлы фæсыгътæн,
Фæлæ цы мæт кæнон, цæуыл?
Мæ хъысмæт – карз дунейы тыгъды
Салдатау дард балцы цæуын.

Цæрын – сывæллонау, ныфсытæй,
Æцæг уæларвмæ не ‘хсын худ…
Бæллын – Рæстдзинадæн уæфсытæн
Кæд балцы сфаг уаид мæ уд!
Хуыцау зæгъæд! Фæлæ куы не суа,
Уæддæр фæсмойнаг лæг нæ дæн,
Рæстаг хæсты цыты ныуæстау
Мæ удыл расты гакк уыдзæн.

Мæ зæрдæ сонт хъыгæй ыссыгъдæг,
Æнцойæ тар зæххыл лæууын…
Уæлейы – мæйы рухс цæссыгтæ,
Бынæй – цъырцъырæгты кæуын.

1974 аз

 

САГЪÆС

Фæлм мигъы тъыфылтæ Кавказыл æнцайынц,
Цъæх арвыл бындзыг мигъ сындæггай хъуызы.
Дæ хъуымбыл дзыккутæ мæ цæстытыл уайынц
Сæ ферох кæнын у зæрдæйæн фыдзын.
Æз, хидыл лæугæйæ, мæ фарон куы мысын,
Мæ разы æрфынæй мæ ныййарæг Ир.
Мæ фæндты куы тæхын æгæрон уырысы,
Мæ фæндты фæмысын дæ цæстыты ирд.
Цы кæнон, мæ хæлар,
Кæддæрты дæ уындмæ бæллыдтæн.

 

УЕ ‘ФСЫМÆР КÆУЫ

(Мæ хотæм)

Цæуыл кæут?! Уæд та кæут, кæут…
Æз уал хъæцон! Æз дард ранмæ цæуын,
Нæ хицæны бон акæут сымах,
Æз уым æнустæм иунæгæй уыдзынæн, –
Кæуæн бонтæ мын бирæ уыдзæн уым…
Куы-иу кæна ыстыр къæвда
Уæд-иу æй зонут: уый кæуы Нафи!
Йæ иунæг уд нырхæндæг и уæ мæтæй…
Фæлæ, мыййаг, куы худа арвæй хур,
Уæд та нымайут: барухс и цæмæйдæр
Мæ рыст зæрдæ, æмæ ныххудтæн æз.

2017 аз.

ÆВЗАГ

Уынæм æй, тайы бонæй-бонмæ не ‘взаг,
Нæ рагон фарн, нæ иунæг хæзна, не стæм!
Фæцыд, Сæнайы, арвы къуырфмæ не ‘взæр,
Уæддæр ам иумæ басæттынхъом не стæм!
Мæ уд нæ сæтты, сау мастæй ныцъцъæх, –
Мæ цæсты бын ныддур, ныффидар цæхх!

15 май, 2005 аз.

 

М.Ю. ЛЕРМОНТОВЫ МЫСГÆЙÆ

Цæмæ ‘рцыдтæ, бæрзонд гений, ды ардæм,
Кæм нæ уыди рæстаг зондæн бынат,
Цагъардзинад, тыхми кæм кæнынц царды,
Гуымирытау фыдвæтк æмæ сæрфат…
Цæмæн нын уыд хъысмæт тызмæг хъыгдарæг;
Дæ хай цæмæн уыд алы фыдгой, маст?
Нæ тутсæр хъалтæм фехъуысти дæ зарæг,
Уæд-иу дæм уыд хъæддаг сырдтау сæ каст.
Ды уæд нæ хъуыдтæ, хъалтæн сæ фенд дæр,
Зæрдæнизау, сæ хъыг æмæ сæ мæт;
Хъæуыс ныртæккæ, суадзыд декаденттæ
Куы фестадыстæм не ‘ппæт иумæ, уæд.
Куы уаис ныр, уæд нын дæ тохы зарæг
Нæ царды талынг фесафид æваст;
Цæуиккам размæ – хуры рухсмæ тарæй!
Æмæ цæуид нæ тохы фæндаг раст.

 

ЗÆРОНД ЦЫРТЫЛ ФЫСТ

Ленинграды иу рагон цыртыл фыст ис:
«Молодой черкес умер от любви к Родине»

Уырысы зæхмæ ахауд иухатт раджы
Ыскъоламæ æвзонг лæппу Кавказæй.
Бæргæ йын фæци уыцы бæстæ адджын,
Фæлæ цыдис фыдызæхх йæ разæй.

Æдзух æм сидт ныййарæджы хъæлæсæй,
Йæ хойау æм дзырдта æмæ куыдта.
Йæ бон нæ уыди чиныгмæ æркæсын, –
Уый чиныджы фыдыуæзæг уыдта.

Куы-иу лæууыди хъарагъулæй посты
Уæд-иу йæ хъуыды райгуырæнмæ тахт.
Йæ зæрдæ-иу ын Терчы уылæн хоста,
Æрцыд-иу æм Хъазыбеджы хох уайтагъд.

Фæндыдис æй фыдыуæзæгмæ здæхын,
Фæлæ кæм уыд æфсæддонтæн цæуæн.
Æмæ уый тади райсомы æртæхау,
Фæлæ нæ зыдтой лечъыртæ – цæмæн?..

Зæронд лечъыр æй хи лæппуйау хаста.
Йæ цыртыл ын ныффыста уый йæ мæт:
Йæхи удау йæ фыдыбæстæ уарзта,
Йæ мысынæй ыссардта уый мæлæт!..

 

* * *

Æрмæстдæр уый цæрыны аккаг у,
Æрмæстдæр уый лæджы ном хорзæй дары,
Уынгæджы бон йæ тых, йæ зонд, йæ уд
Йæ фыдыбæстæн чи хъары хæларæй!

 

* * *

Куыд бирæ сты сындздзæф мæстытæ не ‘хсæн!..
Нæ сын ис сæр æмæ кæрон, –
Цыма дын раст цæххæй дæ хъæдгом фехсынц,
Кæны сæ уыйау сонт зæрдæ зæронд.

Уæддæр – Хуыцауæй иу амондæй бузныг:
Ныфсау мын радта ирвæзæн ызгъæр, –
Хъызт бон мæ удæн рахгæнын йæ рудзынг,
Æлгъыстæй, дамæй – айсæфы сæ хъæр!

 

БУЗНЫГ, ИРОН ДЗЫРД!

Нæмыгдзæф изæрты куы гуыпп кæны хæст,
Уæд, не ‘взаг, дæ мыртыл,
Дæ удрæвдау дзырдтыл,
Уæларвон ныфсытау фæхæссын мæ цæст.

Куы уары нæ хæдзæрттыл ихау нæмыг,
Ракетæйы богътæй,
Цæф лæппуты оххытæй
Куы ныссæлы цæсты бын судзгæ цæссыг,

Уæд мысын дæу, не ‘взаг. Мæ удрæбын тас
Дæ уымæлхъуыр дзырдтæй
Бæлоны цъыбырттау
Ныссус вæййы!.. Рауары хур боны хас

Мæ удыл, æмæ та хæстон азар – рох!..
Фæхъуысы мæм тарæй,
Лæгвидыцы сарау,
Ирон мады хъарæг, ирон фыды богъ!..

Мæ зæрдтаг ныфс, не ‘взаг! Уæд бауырны мæн:
Дæу чи мысыд ардау,
Æвидигæ цардæн
Тъымы-тъымамæ дæр нæй уымæн мæлæн!

08. 01. 1992 аз