ДЖЫККАЙТЫ Шамил

ХЪАЙМÆТ

Цæуы мæрдты бæстæй уынæр,
Зындонæй знæт саувадыг расты,
Æнкъуысы тар дуне, – уæддæр
Кæны мæрдон фынæй Барастыр.

Цы `рцыд, цæуыл сызнæт Зындон?
Дзæнæт цæмæн судзы цъæх арты?
Цы `рцыд? Куыд нæ фыцы зынгдон
Мæнгард, къæрных æмæ лæгмарты?

Æрцыд мæрдты бæстыл бæллæх:
Аминон бафтыди хæрамыл…
Фæлывд! Зындоны дуар уæрæх
Фыдхортæн байтыгъта гæртамыл.

Дзæнæтмæ бафсæрстой фыццаг,
Мæтыхтау асæрфтой йæ дыргъдон.
Нæ мæрдтыл нал баззад мæрддзаг,
Йæ цъæх нæуу фестади чъылыхдон.

Бырсынц уæлзæхмæ ныр, сæ тæф
Цæуы хъæстæ рыгау сæ фæстæ.
Сæ разæй Кар æмæ Кæрæф
Агуырау бацахстой нæ бæстæ.

Ныттар ныл бонрæфты нæ дуг,
Æфтауынц хурæй дæр кæрдихтæ.
Вампиртæ! – цъирынц нын нæ туг,
Кæнынц нæ удлæууæн зæхх дихтæ.

Уæдæ кæмæн хъарæм нæ зын?
Мæ зæрдæ судзгæ мастæй тоны.
Кæм дæ, нæртон æхсар? – фæзын,
Ныккал фыдгæнджыты зындоны!

23 мартъи, 2011 аз

 

САУ ДУГ

Æрцыд зæрин бæлас рæдывд,
Фыдгул æй мах кæртæй фæхаста…
Кæнынц къæйных къæрныхтæ куывд,
Сæ фынгæн мах кæнæм фæлхас та.

Æрцыд лæгбирæгътæн сæ дуг,
Кæнынц та стыр бæрæгбон гуынтæ, –
Кæлы нæ уæзæгыл нæ туг,
Хæссæм лæгнывæндтæй нæ хуынтæ.

Кæм ис фæтæг кæнæ хъайтар?
Кæй зонд нæ бахиздзæн лæгсырдтæй?
Мæ бæстæ, хур бон дыл ныттар,
Дæ намыс ферох ис дæ фырттæй.

Хъæрзын дæр нал уæндæм хъæрæй,
Мæлæм нæ сыгъдæтты хуыдугæй…
О сау дуг! – кувы та фæрнæй
Фыдгул йæ Хуыцауæн нæ тугæй.

2010 аз

* * *

Дуне скодта не стыр фыд къуыримæ,
Нал æм баззад адæмæн æрмæг;
Сау зæххы рыг сызмæста цъыфимæ,
Сфæлдыста дзы æрдзы сæфтæн лæг.

Аразынмæ стыр дæсны уыд Уæллаг,
Арвы цæфау раст цæуы йæ дзырд:
Хоры астæу сфардæг вæййы згъæллаг,
Нард кæны сæгуытты астæу сырд.

Тутыр, зæгъай, Фæлвæра, Æфсати, –
Ерысы æнусон у сæ хæст.
Фос кæм уа, уым тугцъиртæй æфсад и,
Хорз кæнынц сæ рухс нысан æххæст.

Къогъо æмæ сау калмæн дæр мон и,
Сты æмбар æрвон рухс æмæ тар, –
Афтæ скодта Сфæлдисæг гармони,
Иу уæлбар у, иннæ та – дæлбар.

Сфæлдисонтæн адæймаг – сæ сæйраг,
Аразы йæ фыды зондæй цард;
Хинты йæ нæ баййафдзæнис хæйрæг,
Арвæрттывдæй карздæр у йæ кард.

Зæххы цъар æхсыны уый дæндагæй,
Цъиры йын йæ туг æмæ йæ сой.
Сайы уый йæ фыды дæр æвзагæй,
Нæй йæ фæрцы арвы бын æнцой.

Цуан у цард, – зæххыл цы змæлы, уыдон
Цуан кæнынц кæрæдзийыл зыдæй.
Фестæм мах нывыкондæй дывыдон,
Цардæн фидар аргъуаны дæр нæй.

Артъауыз куы рауадзы йæ куыйтæ,
Уæд вæййы мæрдон фынæй Хуыцау;
Дзуарылæг цы ныфс æвæры, уый та
Боны рухсмæ атайы чырсау.

Декабрь, 2010 аз

* * *

Уыдис нæ адæмæн мæсыг,
Уыдысты дурвидар йæ къултæ.
Йæ систыл никуы схылд мæлдзыг,
Йæ уындæй тарстысты фыдгултæ.

Зынди æрхуы гæнахау дард,
Æрмæст цæргæс тахти йæ сæрты.
Цыди бæрæгбонау нæ цард,
Мæт кæнын никæд уыд нæ зæрды.

Куырм у æнцойбонты æхсар, –
Йæ разы хины сырд нæ уыны,
Уæд дын нæ гæнахæн дзæвгар
Фæзынд куырм уырытæ йæ быны.

Сæ уынæр адæммæ нæ хъуыст, –
Нæ хæрзтæ хъисфæндыртæ цагътой,
Æнтыст нæ мыстытæн сæ куыст,
Хуыггæмтæ сисбынты фæкъахтой.

Æрцыд нæ фыдгултæн рæстæг,
Бырынц нæм гом рæтты æд гæрзтæ,
Цæгъдынц нæ гæнахы гуымсæг,
Мæлынц нæ кæрдты бын нæ хæрзтæ.

1 май, 2011 аз

БÆХЫ ХЪЫСМÆТ

Кæддæр æрхуым зæххыл цъæх арвæй
Æрхауд зæрин хурæй сырх зынг…
Уæд райхъал урс денджыз йæ тарфæй,
Фæйлауæн сау денджызы стынг.

Сыгъди уæларвон уæрæх Уазыл,
Æрбадт фæрнон фæзты æртæх, –
Сырх зынг йæ сатæджы æруазал,
Уым фестад хуры стъæлфæн бæх.

Ныррызт йæ карз мыр-мырæй бæстæ,
Ныррухс æфсургъы рухсæй бон,
Фæлыста сойджын кæрдæг фæзтæ,
Хъырныдта мæргъты зардæн дон.

Сыгъдис йæ къæхты бын къуырма хуыр,
Æндзæрста мигъ-дзыгуыртыл арт,
Уæддæр æй фарны бон æрмахуыр
Ыскодтой зонды фæрцы Нарт.

Хъайтар æй аикæвдылд ныккæны,
Фæрдыгау сæрттивы сæ бæх;
Скъæфы стæроны хæтæны,
Йæ фæндаг алырдæм – уæрæх.

Уæд сын зæххон дарддзæг æрцыбыр,
Кæм уыд Мысыры бæстæ дард.
Ыссардтой уаз æфсондз æд дзывыр,
Ыссардтой уаз кæхц æмæ кард.

Æрбаввахс Скæсæнмæ Ныгуылæн,
Уыдис Æрфæны фæд сæ уынг;
Цъæх фурд сын байтындзы йæ уылæн,
Вæййынц æрвонтимæ æмвынг.

Нæртон йæ хъысмæтæн ысхицау,
Зындис Дзæнæты дæр йæ фæд,
Рæдау æрдз байгом и къæбицау
Фæрныг сæрон адæмæн уæд.

Æфсургъ йæ барæгмæ ысдзырдта,
Ныррухс хæстон лæгæн йæ зонд,
Лыгъдысты арф кæмттæм лæгсырдтæ,
Тæссæй-иу сау уæйыг фæсонт.

Куырдтой-иу Нарты хорзæх гуннтæ,
Æмцег сæ агуырдтой авар,
Цыдысты сæм агуыр æд хуынтæ,
Хызтой нæртон рæгъау лæвар.

Уæддæр сызгъæрин дуг æрмынæг,
Фæтых нæртон тыхыл фыдох,
Зæххыл æвзыгъд фæлтæр ыскуынæг,
Дзæгъæлæй баззади сæ бæх.

Æхсыдта ныккæнды æрттигътæ,
Йæ хъоргъæй нал хъуысти мыр-мыр.
Æрбадт Æртæ Нартыл уæд мигътæ,
Уыди фæтæг удæвдз æмыр…

Нæ сæфы хурон фарн: уæддæр та
Фæзынд фæрныг зæххыл нæртон.
Бæхæн æлутон хор лæвæрдта,
Йæ дугъон разынди бæззон.

Уыдис хъайтар барæг цырагъдар,
Йæ ныхыл Бонвæрнон сыгъдис,
Йæ дзырд, йæ ехсы къæрццæй мах дæр
Уыдыстæм тохы бон цæдис.

Уæлбæхæй дардмæ зыны барæг,
Сæрæнæн арæнтæ – къæсæр.
Æхцон уыд дзыллæтæн йæ зарæг,
Сæ куывды кадджын уыд нæ сæр.

Уæддæр та ралæууыд фыдзаман,
Фæтых алæмæт рухсыл тар.
Нæ дуджы басгуыхынц байтаман
Къæрных, сæлхæр æмæ лæгмар.

Æфсургъ та баззади дзæгъæлæй
Кæм ма ис дугъон бæхæн аргъ,
Хæргæфсау уаддымыл цыбырæй
Æвæрдта алчидæр йæ уаргъ.

Æрфæн цы ахъаз у цагъарæн?
Къæбæр фæныкгуызæн – йæ мызд!
Вæййы æнæдомд бæх зындарæн, –
Æрцыд нæрæмон уырс æрдызт.

Æрвон бæх бахауди зындоны,
Йæ кæвдæс – хъæмп кæнæ зыгуым,
Уæддæр æй ивтыгътой уæрдоны,
Куыстой-фæлдæхтой дзы сæ хуым.

Ныррахсæн, – баззад дзы ыстæгдар,
Йæ хос зæронд хайуанæн – рындз.
Уæд æй æдзæм былмæ хæстæгдæр
Сæ разæй гуытты хъæу тæрынц.

Цæуы мæлæтдзаг бæх…Фыр уастæй
Бæллы лæвар холымæ сынт…
Уæд дын хайуаны раз æвастæй
Цæлафон сахъгуырдтæ фæзынд.

Фæзынд фыдрæстæгæн хъæбултæ,
Лæмарынц дойнаг дурæй дон,
Æмбулынц Нартæн дæр сæ хъултæ,
Уæлхох нын амайынц куырой.

Зæгъынц: «Æвæлмон фод – нæ разы,
Нæ Хуыцау разынди рæдау…
Хайуан хæрæджы уаргъ фæразы,
Æвгъау у сæфынæн, æвгъау!»

Архъан ын баппарынц йæ хурхыл,
Кæнынц сæ тæлæтыл тыгуыр.
Цæуы сæ фæнд, фæлæ æфсургъыл
Гæлхуыр цы хуызы баддзæн ныр?

Куы уаид хъал бæдæйнаг барæг, –
Кæнынц æгас бæстыл уынæр,
Сæ уд дзæгъæл удхæртты снарæг,
Йæ рагъмæ не схилынц уæддæр.

Уæд ын цыргъ къæбæлтæ дзæбугæй
Йæ фæрсты фæсивæд къуырынц,
Лæдæрсы бæхы цард йæ тугæй,
Уæддæр æм ерысæй бырынц.

Æрхауд сæ амæттаг, æрмынæг…
Куыд раттой халæттæн сæ хардз?
Сæ иу ын ралвыны йæ дымæг,
Æлвынынц иннæтæ йæ барц.

Йæ цъар ын байдыдтой ыстигъын,
Сæ куысты хъал уыдысты уæд…
Фæцис æфсургъы рæстæг, – мигъ ын
Æмбæрзы рохуаты йæ фæд.

Вæййы дыдзæхсæн дзырд фыдæхæн,
Вæййы æцæг ныхас æргом.
Зæгъын пехуымпарау: нæ бæхæн
Уыдис Ирон æвзаг йæ ном.

17 июль, 2010 аз

 

УАСО

Ныйирд йæ цæсгом Уарзт æмæ Хъуыдытæй:
Уый – махæн судзы знæт тары Цырагъ.
Йæ хъуыды – Арт, йæ зæрдæ та – Гæнах,
Кæсы Сыгъдæг Уд цæстыты æрфæнæй…

Уый рухс æрцагъта сау Дугты фыстытæй,
Уый райхæлдта Къуыбылойы æндах…
Фæрныг адæмты стыр Ныхасмæ мах
Хæссæм нæ Дзырд историйы цъæссытæй.

Уым мах дзыхъхъы нæ лæудзыстæм уырдыг:
Нæ фыдæлтæ сæ удты рухс кæм сыгътой,
Ыстæм ныр уыцы уаз бынтæй хъæздыг.

Нæ саукусæг, нæ хæстон лæг! Æвзыгъдæй
Ды иугай дуртæ арф кæмтты фæуыгътай
Æмæ сæ рындзыл самадтай мæсыг.

 

НОГБОНЫ БÆЛЛИЦТÆ

Ног аз нæм æрцыди – аивдзæн нæ цард,
Фароны мæстытыл бандзарæм цъæх арт.

Кувæм æмæ нуазæм, абузы нæ цин,
Рог аууæттау сæфынц хахуыр æмæ хин.

Сой кæнæм – æрцæудзæн Иры зæхмæ сой,
Ног аз нын æрхæсдзæн фарн æмæ æнцой.

Ферох уыдзæн махæй рагон хъыгау хæст,
Хорз фæндтæ кæндзыстæм хорз куыстæй æххæст.

Бонты хъармæй тайдзæн халасау фыдæх,
Нал уардзæн ызды-зæгъ, нал æнкъуысдзæн зæхх.

Ног Бон, уæд æртхурон Рухсы зæдтæн барст.
Хурау уæд æнæвгъау Иры бæстыл уарзт.

Скæнæд нæ æмдзæрин, сгуыхт æмæ фæрныг,
Уæд нæ зæрдæ арвау тыгъд æмæ æрвыг.

Ног Бон, ратт мæнæн дæр хорз хъуыддæгтæн рад,
Уадз, кæнон мæ сæрæн рухс хъуыдытæй кад.

Курын æз мæхицæн иу хорзæх æрмæст:
Ир, дæ цин, дæ хæрзтæй ма ’фсæдæд мæ цæст!

 

АВДÆНЫ ЗАРÆГ НАЗЫ ТАЛАЙÆН

Рухс фынтау куы кæнынц мигътыл
Урс гæлæбутæ пæр-пæр.
Ирд ыстъалытæ дæ хихтыл
Калынц сусæгæй цæхæр…
Хорзæй цæр!

Ис дæ хъæбысы æхсæрæг,
Фæзы нал ызмæлы хъæз…
Фæлæ мæй цæгъды дзæнгæрæг…
Маммæй дæ фæдзæхсын æз…
Тагъддæр рæз!

Айрæз. Ног аз нæм æрхæстæг,
Мамм та хъæдбынты хæты.
Бады уый уаты цъæх фæздæг,
Уым кæрдæгхуыз уд сæтты…
Айрæз ды!

Ныр куы фервæзай, мæ зæрдæ,
Тагъд уæд зазхæссæн уыдзæн;
О мæ урс тала, уæддæр та
Искæй назы хих хъæудзæн…
Фидар кæн!..

Цалх дæр атулы мæллæгыл,
Фос дæр уый хæрынц фылдæр…
Айрæз. …Ма сæмбæл фыдлæгыл,
Тагъддæр æврæгътæй уæлдæр
Сис дæ сæр!

Мит-гæлæбутæ дæ хихтыл
Уаз фынтау кæнынц пæр-пæр.
Пух гæбынайау та мигътыл
Ды æркъул кодтай дæ сæр…
Бирæ цæр!