ФИДАРАТЫ Руслан

      ÆВАСТ РУХС

* * *

Нæ хорзы хицæнтæ –
Хæлиу фосау…
Нæ фосы хизæнтæ –
Хæмпæл хосау.

 

* * *

Куыд цæры адæймаг –
Цъыфы æфсæрст.
Цъæх арвы адæй ма
Вæййы æфсæст.

 

* * *

Таксий цæуджытæ –
Джиппы уагъд цыма.
Дзаг кæны рæуджытæ
Артаджы хъылма.

 

М.Ри-йæн

* * *

Талынджы гуыффæйы
Арухс дæ æваст.
«Уый ды дæ?» – куы вæййы
Уæд мæнæн мæ фарст.

 

* * *

Цыма уæрдон кæмдæр ныссагъд, –
Ныссагъд мæ хъуыды.
«Уæрдоныл уæд – нæ уыди загъд –
Ысхæцын хъуыди».

 

* * *

Кæны, кæны, кæны йæ куыст
Æнæнцой сахат…
Цыдæр уынæр, цыдæр æнкъуыст –
Тæлфы та сахар.

 

* * *

Ивæзынц ныхæстæ,
Бон тæдзы мыдау…
Фидинаг, фыст хæстæ –
Кау æрдæгбыдау.

 

* * *

Ды дæ сæрды цахъхъæн,
Ды дæ царды кар.
Уалдзæджы цин хъахъхъæн,
Даргъ зымæг æнкъар.

 

 * * *

Уæззаудæр нæ зынтæй –
Нæ бæллицты рог.
Йæ фыццаг фæзындæй
Мæ уаргъ дæр фæрог.

 

УЫЦЫ РУХС

Уарзæн та æнæ æнкъардæй
А зæххыл кæм ис?!
Фæззæгæн йæ рæдау рардæй
Дзаг кæны къæбиц.

Цин у, цин, æмæ æрхæндæг –
Сæрды фæстиуæг.
Уарзтæн дæр йæ цин, æнхъæлдæн,
Бафæстиат уæд.

Фæззæг рог æмæ уæзбынæй
Цардæй афтыйы,
Æрдз – бæгънæг, бæркад – рæбынæй.
Уарзт дæр афтæ у.

 

 * * *

Нæ хорз хъуыдытæ сты мæкъуылтæ.
Сты нæ митæ – фæтæхсæн…
Нæ цард, нæ цард – цæстыфæныкъуылд, –
Ныртæккæ – бон, ныр та – æхсæв
Æмæ та – бон…

 

ХÆСТОН

Хæстон, дæ зард – дæ хъарæджы фæндиаг,
Дæ хъарæг та дæ зарæджы æрцард…
Нæ уыд æнцон уæлахизмæ дæ фæндаг.
Нæ уыд æнцон хæсты фæстæ дæ цард.

«…Æнцон‑æнцонæй уыцы бæстæ байсæм.
Æнцон-æнцонæй чи нын зæгъдзæн «ма кæ»,
Æнцон-æнцонæй, абон – тæккæ райсом
Германы æфсад сараздзæн атакæ».

Бырста, бырста, нæ тарст ныхкъуырдæй,
Æнхъæл нæ уыд, йæ атакæ фæсыкк уа.
Фæлæ у лæг лæгыл амад йæ гуырдæй,
Æмæ сæтты цæваг галæн йæ сыкъа.

Нæ уыд æнцон уæлахизмæ дæ фæндаг.
Нæ уыд æнцон хæсты фæстæ дæ цард.
Хæстон, дæ зард – дæ хъарæджы фæндиаг
Дæ хъарæг та дæ зарæджы æрцард.

 

* * *

…Уыцы фæндаг, уыцы рухс,
Ног миты хъыррыст.
Асæрфын мæ уазал рус,
Алидзы мæ рыст.

Рог фæлладæй ахуырæй
Æз хæссын хызын.
Цух дæн мастæй, хахуырæй,
Дард мæ у хъызын.

Асæрфын мæ уазал рус,
Алидзы мæ рыст.
Уыцы фæндаг, уыцы рухс,
Ног миты хъыррыст.

 

* * *

Æмпъызт хæлаф, хæцъил дзабыртæ.
Тъæбæртгæнгæйæ, сысты рыг…
Ныр дæр цæуыс, фæлæ æрсабыр дæ.
Дæ фæндаг – лæгъз, нæу хæрд, уырдыг.

 

РУХС ЗЫНДЖЫ ТÆМÆНЫЛ…

        * * * 

…Хъа-хъа кæны хъаз,
Бабыз кæны бапп-бапп.
Ды мæнимæ хъаз,
Пурти мæм æрбаппар.

Бабыз æмæ хъаз –
Æз дæ дзырд æмбарын.
Ды мæнимæ хъаз,
Пурти дæм æппарын.

Бабыз æмæ хъаз –
Ды мæ дзырд æмбарыс.
Ды мæнимæ хъаз,
Пурти мæм æппарыс…

 

* * *

…Тæбæгътæ, къустæ,
Дзыкка, дзæрна…
Æдзухдæр кусгæ
Кæны æна.

Гоны дæр кусы
Æмпулы цас?!
Йæ дыууæ русы
Тæбæгъты йас.

 

* * *

…Æз нырма тъæбæртт кæнын,
Алцæуыл æууæндгæйæ.
Зарджытæ цæмæн кæнын,
Дзурын дæр нæ уæндгæйæ?

Рæу дымгæ цæмæн вæййы,
Кæнæ та тымыгътæ?
Сæрд, мыййаг, нæ фæвæййы,
Асæттой йæ тыхтæ.

Сæрд фæззæджы бамбæхсы
Кадæгы Фæдфæдыл
Алырдæмты амæхсы
Растдæры æвæдыл.

Куы ныууасы халон, куы
Булæмæргъ ныззары…
Цæкуыты æхсæн цæкуы
Хуры чызг æвзары…

Дымгæ сыфтæртæ цæгъды
Рудзынджы тъæпæныл…
Арты змæлд, дæ фæнд зæгъ ды
Рухс зынджы тæмæныл..

Цæкуыты æхсæн цæкуы
Хуры фырт æвзары…
Куы ныууасы халон, куы
Булæмæргъ ныззары…

 

* * *

…Райдзаст боны уылæнтæ
Цæсгæмттыл æнцайынц…
Хъуыдытæ – ныгъуылæнтæ,
Дард æууæлтæ сайынц…

Зæхх æрттивы, арв нæры…
Сармадзан, дамбаца…
Хъæр-хъæлæба уынæры
Хъуысы: банцад, банцад…

…Хъуысы цины уынæры:
Абон хæст куы банцад!
Арв æрттивы, зæхх нæры…
Сармадзан дамбаца.

Хъуыдытæ – ныгъуылæнтæ,
Кæрæдзийы сайынц…
Бæрæгбоны уылæнтæ
Адæмыл æнцайынц…

 

* * *

Æмпъызт хæлаф, хæцъилын дзабыртæ…
Тъæбæртгæнгæйæ, сысты рыг…
Ныр дæр цæуыс, фæлæ æрсабыр дæ,
Дæ фæндаг – лæгъз, нæу хæрд, уырдыг.

 

* * *

Нæ хорз хъуыдытæ сты мæкъуылтæ,
Сты нæ митæ – фатæхсæн…
Нæ цард, нæ цард – цæсты фæныкъуылд,
Ныртæккæ – бон, ныр та – æхсæв,
Æмæ та – бон…

 

* * *

…Æдылыйы фæззæг, разы цæмæй дæ,
Кæмæн та систай дæ хыз?
Æви нын дæ хуртæ æмæ дæ мæйтæ
Дæ рарды уыдзысты, зæгъыс?..