ГÆБУАТЫ Галинæ

ÆРВОН СТЪАЛЫТЫ ТÆМÆН

ДÆУÆН

Дæуæн, мæ царды рухс, лæварæн
Æрхæсдзынæн зæрдæйы цин.
Дæу равзæрстон мæ цин æмбалæн,
Ды дæ мæ амонды æхсин.

Дæуæн æрхæсдзынæн лæварæн
Сæууон хуры фæлмæн ыскаст,
Нæ фыдæлты нартон фæндырæн
Йæ алæмæттаг зæлты хъазт.

Дæуæн, æрмæст дæуæн, лæварæн
Мæ зæрдæйы куы судзы арт,
Цæмæй дæ тава уый йæ хъармæй,
Цæмæй йæм райхæла дæ уарзт.

Хæххон æхсæрдзæнтæн сæ сатæг
Лæварæн ‘рхæсдзынæн дæуæн.
Дæ уаты сæрмæ хъаздзæн алкæд
Æрвон стъалыты тæмæн…

НЫЙЙАРÆГ МАД

Ныййарæг мад, дæ сыгъдæг уды хъармæй
Ды радтай цардмæ рухс фæндаг мæнæн.
Дæн амондджын æз абон дæр дæ фарнæй,
Дæу фæрцы – лæгъз мæ цардвæндаг хæтæн.

Ныййарæг мад, дæ кад æмæ дæ намыс
Сатанайау – æнæмæлгæ зæххыл.
Дæ чысыл хуртыл цины тынтæ тауыс,
Дæ фæлмæн æнгас зæрдæйыл лæууы.

Хъæбулы мæтæй ды æнцой нæ зоныс,
Æнæхуыссæг æхсæвтæн ’рцыди рад.
Дæ «удæнцой», дæ «цæсты рухс» кæй хоныс,
Дæу а зæххыл нæ фæкæндзæн æгад.

Мæ ныййарæг, мæ фæлмæн мад, дæ фæрцы
Мæ фидæнмæ сæрыстырæй кæсын,
Мæ зараг хъæлæс азæлы нæ хæхтыл,
Мæ цардвæндагыл барджынæй цæуын!..

 

МÆ ФЫН

Æрцыдтæ та мæм, мидбылхудгæ, фыны,
Æрхастай та мын дзаг армæй дæ уарзт…
Мæн уыцы фыны баззайын фæндыди,
Æппындæр мæ куы нал фæндыди хъал…

Сæуæхсидæн йæ рухс тынтæй фæтарстæн,
Куы мын фæсурой м’ адджын фынтæ дард…
Нæ рагуалдзæджы ц’ амондмæ фæбæллæм,
Гъе уымæй вæййы арфæйаг нæ цард!

Нæ зæрдæты цы рухс фæндтæ æмбæхсæм?..
Кæй уындæй ссудзы зæрдæйы цæхæр?..
Нæ цæстытæ цæмæн фæкæсынц худгæ?..
Цæмæн фæкалынц стъалытау тæмæн?

Фæзæгъынц, зæрдæ хъал вæййы йæ фынтæй…
Æрцу-ма мæм, мæ фынты нæ, – æргом!..
Мæ рыст зæрдæ мын батавис дæ уындæй,
Нæ цард уæд уаид амондджын, æнгом!

 

МА УАРЗТЫ ЦИН

Боныцъæх йæ ирд хъæбысы
Стъалыты куы амбæхста…
Хур та нæ йæ æрвон балцы
Хорз æмбалæн равзæрста…

Ракодта йæ фæндаг дардыл,
Фестад арвы рон йæ фæд…
Алчидæр зæххыл йæ царды
Хайджын амондæй фæуæд!

Хæхты сæрмæ дымгæ зилы,
Комæй-коммæ скодта хъазт.
Урс къуымбил мигътимæ ’рсимы
Иу фыдуаг лæппуйау раст…

Бæлæстæ ирон чызджытау
Аив, нарæг астæу баст…
Сусæгæй сыбар-сыбуртæ
Дымгæйæн кæнынц æваст…

Хъал дымгæ йæ хивæнд фæндтæ
Никæмæн кæны æргом.
Фæлæ ’мбæхсы йе ’взонг зæрдæ
Йе ’нкъарæнты уаргъ, æргъом…

Хъазгæ зилы уый хæхбæсты…
Ныр кæй агуры, цæмæн?
Хуры скастимæ фæхæссы
Уый мæ уарзты цин дæуæн…

 

МЕ СТЪАЛЫЙÆН

Стъалыйау тæмæнкалгæ дæу федтон,
Хуры тынау уыд дæ уынд мæнæн.
Мысын ныр зæрдæрухсæй нæ фембæлд,
Агурын мæ хъал фынты дæ фæд…

Кастæн дын æз де ’нæбын цæстытæм…
Цас æфсарм сæ фæлмæн ‘нгасы уыд…
Амондыл та баууæндтæн, зæххыстæн!..
Уарзты зарæг зардзынæн дæуыл.

Дидинджытау агурын дæ фæдтæ,
Дун-дуне дæр басгардзынæн,зон.
Чи бамбардзæн зæрдæйæн йæ фæндтæ?
Райхъал ис дæ мидбылхудтæй бон.

Судзгæ уарзт мын бахордта мæ зæрдæ,
Нал хæцы мæ цæстытыл хуыссæг…
Ногуард митау атайын дæ фæстæ,
Фембæлгæйæ, райгуырын нæуæг!..

ТÆХУДЫ

Рог дымгæ дæ сау дзыккутæ фасы,
Ехх, тæхуды, уыцы дымгæ фест!..
Хуры тын дæ рухс цæсгомыл хъазы,
Ехх, тæхуды, хуры тынтæй фест!..

Фурды арф – дæ æнæбын цæстытæ,
Ехх, тæхуды, баленк кæн гъе уым!..
Фембæлгæйæ де ‘фсæрмдзаст кæстытæ
Алкæддæр мæ зæрдæйыл лæууынц…

Мæй дæр та дæ рудзынгмæ нымдзаст и,
Уымæн алкæд бацæуæнтæ – гом…
Ехх, цымæ æнæнцой удтæ цас ис?
Чи сдзуры йæ хъуыдытæ æргом?

Ехх, тæхуды, булæмæргъ куы фестин,
Уæд чызгайæн азарин хъæрæй.
Сусæг дзуапп йæ цæстыты куы фенин,
Амондджындæр нал уаид мæнæй!..

 

УАРЗОНÆН

Тæхудиаг, кæй равзæрста дæ зæрдæ,
Кæмæн кæныс дæ сусæг дзырд æргом…
Кæй рæвдауыс цæстæнгасæй æдзухдæр,
Кæмæн вæййы дæ зæрдæйы дуар гом…

Æз-иу æфсæрмæй иувæрсты куы кастæн,
Дæуæн салам кæд никуы загътон æз,
Уæддæр дæ, лæппу, тынг бирæ куы уарзтон,
Мæ хуры скаст, мæ дидинæгджын фæз!..

Тæхудиаг, кæмæ худы цъæх арвæй
Цæхæркалгæ ыстъалыты дзыгуыр…
Дæ номыл, цымæ, чи æркуывта дардæй,
Цæй амондджын у уый, цымæ, бæгуы!..

Лæууыдтæ-иу мæ рудзынджы бын арæх,
Æмбæрзтон æз, кæй мыл кæныс хъуыды…
Нæ базыдтай ды тох кæнын дæ уарзтыл,
Æнæ уарзтæй та зæрдæ у мæгуыр!..