ХÆССЫ МÆ РАЗМÆ РÆСТÆГÆН ЙÆ ФУРД
АРТЫ НЫВТÆ
Ыссыди хус сугты къæс-къæс.
Æхсæв æрæнцади нæ комы.
Мæ уд – хуыссæгхъæлдзæг æнгæс,
Фæлæ та бафынæй нæ комы.
Мæ арт йæ цырены куы уыд,
Йæ аууон уæд уыди мылазон.
Гъе ахæм мæйрухсты йæ уынд
Фæзæгъы: цæй-ма, ныр æрхъазон.
‘Мæ цыма ауыдтон æвваст:
Донбеттыр доны, ‘Фсати хъæды,
Хызы фидар куыд æрцыд саст,
Ацæмæз уадындзæй куыд цæгъды.
Ыстæй, ирон адæмы цард
Æлвисы раст цыма æлхуый.
Æфтауы йæм кæм цин, кæм кад.
Кæд уыдзæн уый?..
Кæд уыдзæн уый?..
ДУАР
Куы мын загътай: æгъгъæд фæуæд, æгъгъæд!
Нæ дуары гуыпп мæ хъусты ис нырмæ дæр.
Мæ фынты мæм цæмæ фæзыныс уæд?
Мæ уд йæхиуыл нал хæцы æппындæр.
Фæстæмæ фегом дуар, цыма дзырдта:
«Цæй, лидзгæ, баййаф, ма йæ ауадз, тагъддæр…»
Нæ хæдзары æрмæстдæр уый зыдта,
Цы ‘хсидгæ ‘хсæвтæ ‘рцæрдзысты ам дарддæр.
Æмæ мæм цыма дуар дæр уæд фæтæргай,
Йæ хъинц-хъинц – раст лыстæг судзинау сæры,
Æрзилы къуымты æмæ ‘вваст йæ тæрккæй
Æппæты риссаг тыхстытæ ссары.
МÆ ИРЫСТОН
Мæ Ирыстон мын бахсыста мæ уд.
Мæ риуы та мын бавæрдта цæхæр.
Хæссы мæ размæ рæстæгæн йæ фурд,
Кæд у нæ дуг фæлдурæджджын, уæддæр.
Мæ бæллицæн дæ амонд у йæ сæр.
Тæмæнтæ кал. Æз та хæрын дын ард:
Æнустæм ды æнæ фæцудгæ цæр, –
Нæ хъæуы мæн æнæ Ирыстон цард.
Куы нал дæм уа рæсугъд бæллицтæ сом,
Дæ риу куы цæуа знаджы къæхтæй най,
Мæ уды ‘фсæнварс фегом уыдзæн, зон,
Мæ ракæлдзæн мæ зынг зæрдæ къæртгай.
БÆЛАСЫ ТАУРÆГЪ
Лæууын, мæ хъуыдытæ æмбырдæй
Æнусон сау хæхтæн – сæ раз.
Кæсын, ‘мæ къæдзæхы ыскъуыдæй
Бæрзонд ысрæзт нæзы бæлас.
Йæ цæнгтæй алыхуызон цъиутæ
Бæрзондæй фæндагмæ кæсынц
Æмæ йæ къалиутæн йæ хихтæй
Æвæлмон ахстæттæ кæнынц.
Æз диссаг фехъуыстон фыдæлтæй:
Уыди кæддæр уый саурæсугъд,
Æмæ, дам, сфæлмæцыд йæ цардæй,
Цыдæр маст бадомдта йæ уд.
Ысхызти къæдзæхæн йæ сæрмæ,
Йæ къахдзæф акæна æмраст,
Цæмæй, куыд дур, ныххауа тармæ
Æбæрæг сæрсæфæнмæ ‘васт.
Куы федтой уый нæ хохы зæдтæ,
Гъеуæд сæ райхъуысти ныхас:
– Æвгъау у сыджытæн йæ зæрдæ, –
Æмæ дзы сфæлдыстой бæлас.
Йæ дзыкку дымгæйæ æрфасы,
Тымыгъ ын разгæмттæ кæны,
Æрвылбон хуримæ фæхъазы,
Æхсæв та мæимæ хынцы.
ИЗÆРÆЙ РАЙСОММÆ
Нæ арвы къуымты тар æхсæв æрзылд,
Ныппырх кодта ыстъалытæй цæхæр.
Лыстæг сыкъатæй ног мæйы фæзынд
Фæтæрсын кодта хъæлдзæг боны хъæр.
Æрæнцади, ныссабыр ис нæ уынг.
Æрфынæй дуне. Нал хъуысы ныхас.
Æрмæст ма хатгай бæрз бæласæй уыг
Æнкъард ныууасы, агуры йæ цъас.
Уылæнтау мæм мæ хъуыдытæ тæхынц.
Æрхæссынц куы æрхæндæг, куы æнтæф,
Стæй ныхæстæ урс сыфмæ лæсынц –
Æмдзæвгæйæн йæ афон у æхсæв.
Цы æмдзæвгæ дзы рауайдзæн, æрмæст
Мæнæн нæма у уый зæгъын мæ бон.
Фыссын, куыд уыны мæйрухсмæ мæ цæст,
Фыссын, куыд зонын н‘ агурын æфсон.
Æрбацъæх бон. Æз сæвæрдтон ыстъæлф.
Йæ будтæф уаргæ, битъына сфыхт.
Фæрдгуытау хъазы райсомы æртæх.
Æмæ Хуыцаумæ арвыстон мæ куывд
Стыр бузныг, Дæ лæварæн аргъ нæй.
Дæ хурыскаст нын арфæйаг фæуæд,
Дæ хорзæхтима бон цæуæд фæрнæй,
Дæ фæдзæхстимæ хорз изæр кæнæд.
МА МÆ ФÆРСУТ
Ма мæ фæрсут, адæм,
ма мæ кæнут хъаст.
У мæнæн мæ зæрдæ
урс лæппынау раст.
Бафысым ис риуы
барвæндонæй мæт,
Нал комы æддæмæ,
ныр цы кæнон уæд?
Цард мын у зындонау,
дæн дæ уындæй цух.
Хъуыдытæ – æрмæстдæр
демæ баст æдзух.
Арв дæр мæм мæ сæрмæ
тар кæсы, æрхуым.
Хур уынын, фæлæ дæн
растдæриддæр куырм.
Ехх, æмæ куы фестин
æз мæ царды маргъ
Уаид мын æнцондæр
уæд мæ царды уаргъ.
Дунейыл æрзилин
‘нæрæнцойæ уæд,
Æмæ дæ ссарин,
дæу, мæ царды зæд.
Бахоин дæм рудзынг
иуизæр уæндон,
Бадзурин дæм сабыр:
«Ракæс мæм, мæ бон».
НÆ ЗОНЫН
Нæ зонын ‘гад митæ кæнын
Мæ царды сусæгæй, æргомæй,
Цæмæй мын уа æнцон кæсын
Мæ адæммæ сыгъдæг цæсгомæй.
Куы-иу мæ ‘рæлхъывта хъысмæт,
Куы-иу мыл райдыдта йæ хъарæг,
Куы-иу ын бамбæрстон йæ фæнд,
Уæд-иу ныццæлхъ кодтон мæ зарæг.
Æмæ та хъизæмар фæлвæрдта
Мæ уды фидарæн йæ тых.
Мæ зарæг зæлыди, уæддæр та
Цæмæй æрцæуа къуырд йæ ных.
Нæ хордтон дзыллæты цур ард.
Мæ цардыл не скæндзысты кадæг.
Фæлæ, куыд уæззаудæр уыд цард,
Гъе уыйбæрц тынгдæр хъуыст мæ зарæг.
Мæ цард нæ рацыди нывыл.
Нæ кæнынц сомытæ мæ номæй.
Уæддæр мын у æнцон кæсын
Мæ адæммæ сыгъдæг цæсгомæй.
ТЕРЧЫ ДОН
Мæ сусæгтæ дын иуылдæр
Фæдзурын, Терчы дон.
Нæ дзы æмбæхсын иунæг дæр,
Дæуыл æууæндын, зон.
Цæмæ та дæ ызмæстытæ,
Дæ хуыз – мæсты æнгæс,
Фæлтау-ма мын мæ ныхæстæ
Мæ уарзонмæ фæхæсс.
Мыййаг, кæд сонтæй равзæрста
Йæ зæрдæйæн æмбал,
Уæд-иу ын ды мæ уайдзæфтæ
Дæ уылæнтæй скал.