ГОДЖЫЦАТЫ Нелли

НАЛ ДЫЛ МАСТ КÆНЫН

Нал дыл маст кæнын, Ирыстон!
Æз дæ рыстæй дæн æлгъæд.
Æз цы рæнхъытæ фæфыстон,
Уыдон сагъæсæн – æгъгъæд.

Ма тæрс, зæрдæ демæ дзуры,
Дæ мын раздæрау зынаргъ.
Фæлæ ныр Хуыцауæй курын –
Айс мæ рыст зæрдæйы уаргъ.

Ныр æрæджийау æмбарын –
Йехх, куы бамбарин æххæст, –
Æз дæ низæн хос нæ арын,
У мæ цæстытæй æмбæхст.

Ды мæнмæ кæсыс æнкъардæй,
Цыма бамбарыс мæ фæнд…
Тынгдæр мысдзынæн дæу дардæй.
Мæн уырны, ды дæр æууæнд…

 

ИУ ХÆЛАР МЫН НАЛ БАЗЗАД

Иу хæлар мын нал баззад зæххыл.
Карды комау бауынгæг мæ фæндаг.
Дуне мемæ раст цыма фæхыл,
Адæм мæм – тæргай æмæ нæуæндаг.

Сбадын æмæ сагъæстыл фæуын.
Уагæры цы ракодтон нæ дугæн?
Уый фæндæгтыл нал зонын цæуын,
Нал зонын æмдзæгъд кæнын йæ дугъæн.

Ехх, мæ боныл, иунæджы хъысмæт
А зæххыл куыд зынтæй æз фæразын.
Адæм дын æцæгæлон суæнт,
Дунейыл æвæгæсæг ды разын!

Иу хæлар мын, иу хæлар мын уæд…
Радзурин ын сусæгæй мæ зынтæ.
Науæд царды куы айсæфа мæ фæд,
Уæд зæххыл кæмæн уадзын мæ бынтæ!..

ÆЗ ТА …

Æз та мæхи дæр никуы уагътон уарзын –
Мæ уды фарн уыд дзыллæйæн æгъгъæд!
Куыд бафæрæзтон уал сайд æмæ уал зын!
Мæ зæрдæ ныр мæ фыдцардæй – æлгъæд.

Æмæ ныр та дæумæ кæнын тæхуды,
Мæнг лирæйæ куы самоныс дæ зард…
Нымад дæ ды мæнг дунейы æнуды,
Æз та – мæгуыр, æнæхицау ‘мæ тард!

Цымæ цы уыд мæ цыбыр цард нæ зæххыл?
Рæстаг уыдтæн, æмæ мæ ласта дон.
Æнæрвæссон мæнгард æмæ фыдæхыл,
Нæ дзыллæйы рæстдзинадмæ хуыдтон.

Ныр мын мæ цæстмæ дары уый мæ рæдыд:
Рæстæй цæрын мæнг дунейы зын у!
Æмæ дæуæн ныр хай кæны йæ рæвдыд.
Фæрнæй мын цæр, хуыздæр фæтæг ын у!

 

ТÆХУДЫ

Ехх, тæхуды, искуы ма куы скæсин
Сау арвмæ сыгъзæрин хортæй дзаг,
Уæд мæ бæллиц стъалытæм фæхæссин,
Æмæ мыл узæликкой, хæрзаг.

Науæд мæнæ ацы зæххон тары
Нал исын мæ цæстæнгас бæрзонд.
Зæрдæмæ дзы рухсы цъыртт нæ хъары,
Рухс бæллицтæм нал фæтасы зонд.

Бонæй-бонмæ сау мæрмæ æмдзастæй
Сагъæсæй нæ цух кæны мæ риу.
Ехх, тæхуды, дунейы цъыфдзастæй
Чи фæлыгъди, уыдонæн та циу!

Уыдон ныр сцух сты нæ мæтæй,
Нал уынынц фыдæх æмæ фыдбон.
Фæлæ кæд иппæрд сты дзæнæтæй,
Уæд фæлтау рæстæгмæйы фыдбон!..

РÆСТДЗИНАД

Рæстдзинадæй æгъатырдæр цы ис!
Цы йæ хъæуы, цæуыл домы нæ удты?
Цæмæн хæссы хъæбатыр удтæн рис,
Цæмæн цæвы йæ уайдзæфтæй тæппудты?

У ахæмтæн цагъайраджы къæлæт,
Зæххон дунейы чи нæ цæры растæй.
Тæригъæдджынæн расиды мæлæт,
Æнæрхъуыдыты уый ныууадзы састæй.

Æмæ кæны æгъатырæй тæрхон,
Нæ ауды, йæ мæстытæ нæ сисы.
Цæмæн нæ удæй афтæ тынг уый риссы?
Нæ рыст æм хъары – æз дæуæн зæгъон!

Уæдæ зæххыл æнамонд у рæстаг –
Хуыцауы раз йæ алы дзырд дæр барст у.
Нæ зоны ‘рмæст – фыццаг æмæ фæстаг
Рæстдзинад нæу нæ дун-дунейы – уарзт у.

 

МÆН ТЫХХÆЙ

Мæн тыххæй мастыхай фæдæ.
Æнхъæлдтай, æз дæуæн мæсыг дæн.
Мæнæн мæ бæллицтæ – сæдæ,
Æмæ мыл мауал кал цæссыгтæ.

Дæ мæт – мæ фидæныл æрмæст,
Æдзух мæ амондыл – дæ сагъæс.
Фæлæ Хуыцаумæ азым ма хæсс.
Зæгъын дын, амондджын дæн æз.

Зæгъыс – «Дæ хорз амонд кæм ис,
Дæ фæдыл чи разындзæн райсом?»
Æз та мæ балцы хызын райсон,
Кæннод мын агайыс мæ рис.

Цæуын, мæ фæсмонæй мæлын.
Мæ удæн иу зын та дæ фарст у…
Хуыцау, кæд м‘ алы цæссыг барст у,
Уæд фен мæ рыст уды бæллын.

ЗÆХХЫЛ МÆ УДЫ ЙАС КÆЙ УАРЗТОН

Зæххыл мæ уды йас кæй уарзтон,
Йе уый мын бадомдта мæ уд.
Мæ цард йæ сæрвæлтау æрхастон,
Фæлæ мыл аивæй уый худт.

Уый загъта: «Додойаг дæ къона,
Йæ удæн чи нæ зоны аргъ!
Мæ бæсты чи кæны тыхтона,
Сæркъулæй чи хæссы мæ уаргъ!»

Æз ын йæ хъуыдытæ æмбæрстон,
Фæлæ дзы н‘ агуырдтон мæ мызд.
Фæндыд мæ уый уды æрбæстон,
Цæмæй фыдбылызæй уа хызт.

Ныр ын мæ тæригъæд дæр барст у,
Фæлæ нæма банцад мæ рис.
Кæмæн нæ йе ‘намонд йæ уарзт у,
Кæмæн та хи уарзын – йæ низ.

ФÆЗЗÆГ

Фæззæг та мæ рыййафы Цхинвалы:
Бур сыфтæр мæм минæвар фæци!
Хъарм дымгæ мæ зæрдæмæ æвналы
Æмæ мын лæвар кæны йæ цин.

Ныр цы кæнон – фæззæджы къæсæрыл
Нал фæнды мæн ивгъуыдмæ кæсын.
Уадз, згъæлой сыфтæртæ мæ сæрыл,
Кæд сæ цинæй айсæфид мæ зын.

Фæлæ нæй, сæ цин дæр мæ нæ тавы.
Уагæры куыд басыди мæ уд…
Уал азы мæн худгæ хур æндавы,
Дуне мæм уæддæр кæсы æнуд.

О, мæ горæт, азымы мæ ма дар.
Мæ мæм фæу, бур сыфтæр, тæргай.
Курын дæ, мæ сусæг рыст мын бамбар –
А зæххыл мын ницæмæй ис хай…

ЦÆЙ, ÆМÆ ДЫН МАУАЛ КÆНОН УАЙДЗÆФ

Цæй, æмæ дын мауал кæнон уайдзæф,
Алыбон дæ мауал кæнон хъаст.
Сонт риуæй тæрхоны зæрдæ айсæф –
Нал мæ фæнды, а зæххыл уон раст.

Нæй, мæ уд, нæй адæмæн æвзарæн –
Амонд дæ бынтон фæлидздзæн дард.
Нæй зæххыл рæстдзинадæн ссарæн,
Фæлæ циу æнæрастæй та цард.

Уадз, нæ ивгъуыды мæстытæ
Фыр мастæй нæ зæрдæтæй уой рох.
Ма дзурæм кæрæдзийæн рæстытæ,
Æмæ кæд æрæнцаид нæ тох.

Кæннод хæсты айсæфы нæ цинад,
Æмæ тохы бабын вæййы уарзт.
Удæй фылдæр бауарзтам рæстдзинад,
Фæлæ амонд уымæй кæд фæтарст…

КÆД УЫД ÆНЦОН…

Кæд уыд æнцон – дæ уæйгæнæджы уарзай,
Фæлæ æнæ уарзт зæрдæ у мæгуыр.
Хуыцауы ды дæ рæстдзинадæй ма сай –
Дæ удæн уый у хинæйдзаг æнгуыр.

Æз дæр кæсын – мæ зæрдæйы рæбын
Уæйгæнæджы мæ ахæсты куыд дарын.
Зын мын у уымæн, уарзгæйæ, ныббарын,
Цыма мæм амынд нал хъары æппын.

Æмæ цы у зæххон лæджы тæрхон,
Йæхæдæг уый кæд тæрæзтыл æвæрд у.
Ахъаз ныккæндзæн – æз дæуæн зæгъон!
Йæ уайдзæф – маст, йæ хатыр та æфхæд у.

Уæдæ мæ сæрæн агурон сæрфат.
Мæ марæг чи у, уыдонæн ныббарон.
Кæдмæ хæссон мæ удрæбын дæр фат.
Æнæзæндтæн мæ тæригъæд цы хъарон.

 

АЗАР, ДЗУРЫ МЫН ЗÆРДÆ

Азар, — дзуры мын зæрдæйы уаг, –
Азар, азар, кæд базонис зарын.
Фæлæ рахастон мадæй кæуаг,
Æмæ зæлтæ кæугæйæ æвзарын.

Уды тæгтыл æруадзын мæ арм,
Стæй æрхъавын – æрисон мæ фæндыр,
Фæлæ судзы мæн цæссыгты хъарм,
Уды мастæй фæхицæн нæ фæнды.

О, ныббар мын, мæ ныййарæг мад,
Фæлæ уымæй дæумæ дарын азым:
Уый дæ цæссыг мæ авдæнмæ тагъд,
Æмæ уый дудаг ме уæнгты хъазы.

Ныр дæ удæн йæ рагон рыстæн
Циу йæ аххос? – Хуыцауы фæфæрсын.
Кæд дæ хъæдгæмттæй иу та æз дæн,
Кæд дæ рыстæй дæр уымæн фæтæрсын.

О, ныййарæг, фæцæр мын æнус, –
Æз дæ рыстмæ фæндæгтæ куы ссарин,
Æз куы фенин дæ цæстыты рухс
Уæд ныууадзин мæ кæуын, уæд зарин!