ХАЦЫРТЫ Сергей

САЛДАТЫ ПИСМО

Æрбацъæх бон… Нæ дæн, мæ хур, дæ цуры…
Ды дард дæ, дард. Æз – хæсты карзы ам.
Фæлæ мæ зæрдæ ‘дзухдæр демæ дзуры,
Æмæ, цæй, райс æфсæддоны салам.

Бырсын налат ызнаджы ныхмæ абон,
Бырсын, ды дæр мын хорз зоныс мæ хæс.
Мæлæт – хуыздæр, цæйнæфæлтау мæ амонд,
Цæст æрттивгæйæ, знæгтæн раттон æз.

Æхсиды мæн мæ дуг йæ арт-цæхæры,
Гъе афтæ ма æхсыстæуы æндон.
Æмæ кæд не ‘хсæн дуг быдыртæ ‘вæры,
Уæддæр æввахс дæ ‘ввахс, мæ цардбæллон.

Вæййы рæстæг: тæссагдæр ран фæбырсын,
(Мæ риуы ‘хсар – мæ райгуырæны ныфс)
Зын сахат уæд æз тынгдæрæй фæмысын
Дæуæн, дæуæн, мæ царды рухс, дæ хуыз.

Æсцырын хæст, цъæх пиллон уадзы дардыл.
Фæбырсын размæ, цæй, уæдæ, хæрзбон.
Мæлæт куы ссара сау ызнаг нæ кардыл,
Уæд дæм зындзынæн, цингæнгæ, мæ бон.

1942 аз