ХАДЫХЪАТЫ Фатимæ

ИКЪАТЫ МÆИРБЕГ

Тимон дæн æз.
Мæ къух уыл исын абон
Æмæ цæуын
Мæнгард дунейæ дард.
Дæн Димитров.
Æз н’ ауæрдын мæ удыл,
Кæнын мæ æфхæрд адæмæн лæггад.
Æз дæн Къоста.
Кæд райгуырдтæн хæхбæсты,
Уæддæр дунетыл аххæссыд мæ зонд.
Фæдзæхсын уын:
Æппæт адæмтæ зæххыл,
Кæрæдзи уарзут
Æмæ ут æмзонд.
Æз Яго дæн.

Мæнгард æмæ фæлитой.
Мæн искæйы кад
Батæрдзæн мæрдтæм.
Хуыцау лæгдзинад
Иннæтыл куы уæрста,
Мæнмæ æрхауди марг æмæ хæлæг.
Фæтæг дæн æз.
Фæлæ æххуырст фæтæг,

Кæйдæр паддзахад
Систон æз бæрзæндтæм,
Мæхи бæстæ та –
Ссæст æмæ æфхæрд.
Цынæ хуызы уæм рацыдтæн,
Сымахæй йæ зæрдæ ничи
Аивта мæнмæ.
Мæн æмæ уе ‘хсæн –
Сценæйы æмбæрзæн.
Ныр дæр мæм хъуысы
Залы къухæмдзæгъд.
Æз дæн хуымæтæг
Адæймаг æрмæстдæр,
Мæ ном – Мæирбег Икъатæй.
Сæрыстыр æмæ разы дæн
Мæ цардæй,
Мæ фæлгонцтæй дæр
Разы дæн, бæгуы…
Цæссыг нæ хъæуы,
Ма кæсут æнкъардæй,
Нæ алкæйы дæр
Абонмæ хъæуы…

 

БИБО

Отеллойы хъыг бахсыдта мæ зæрдæ,
Чермены æфхæрд басыгъта мæ риу.
Эдипы мастæй бакуырм дæн бынтондæр,
Мæхи æнкъарæн сурæттимæ сиу.

Æз зонын уарзын, фæлæ зонын маст дæр
Æз базыдтон рæвдыд æмæ æфхæрд.
Мæн чидæртæ Хуыцæуттимæ дæр барстой,
Кæмæн та уыд мæ сонт рæдыд æгъгъæд.

Чи цин кодта мæ уæлахизтыл, хорзыл,
Чи агуырдта мæ къахдзæфтæм быцæу.
Уæддæр æй æз мæ сыгъдæг удæй зонын,
Мæ сурæттæм мын нæй æрхæссæн фау.

Мæ фæлгонцтæ мæ бадомдтой…
Мæ цардæй куы нæ у раппæлын мæ бон.
Уæддæр уыдтæн хуыздæр амондæй хайджын,
Мæ царды кæрон нæй мæнмæ фæсмон.