ХАДЖЕТЫ Таймураз

ЗÆРОНД ХÆСТОН

Цæры нæ хъæуы иукъахыг зæронд лæг,
Йæ дзуринаг – фыдхæсты кой æдзух.
Сæнтцæхæры сыгъди æхсæвæй-бонмæ,
Нæмыгвыдæй кæм ысты уæнгтæ цух…

Фæлæ нæртонау оффытæ нæ зоны,
Нæ кæны царды сау тæрхоныл мæт.
Æз хатын, уый æндæр сагъæс æвзоны:
Йæ цæсты раз йæ хæлæртты мæлæт…

Ныккæрзы гъеуæд дзургæ-дзурын… Сагъдау
Ныссадзы зæххы цæстæнгас, цыма
Тъымы-тъымайы иунæг ахæм цау дæр
Нæ уыд,
Æмæ лæджы удыл фынау

Цæуа йæ цард,
Йæ цыппæртыл быргæйæ,
Сæла йæ фæд-фæд урс митыл йæ туг;
Зындæр фыдохæн баххуырсгæ хъырнæгау
Уа иу афонæй карздæр иннæ дуг!..

Æз ын йæ дзырдтæ аргъаугондмæ истон,
Ныр уайдзæфтау мæ удрæбын лæууынц,
Нæ фæдæн æз йæ цуры…
Фæлæ диссаг:
Куыд нæ базыдта ацы лæг кæуын?!.

 

* * *

Горæт аныгъуылд мигъы.
Tap æууилы йæ рæстæджы хай.
Max хъæдласæджы дзоныгъау, уигъы
Афтид трамвай.

Зæрдæ – донгуырæн абон,
Ног уым абухы цардæн йæ хин.
Ды – мæ фæстиат амонд,
Ма уадз уарзын дæхи.

Рагæй нал кæны цума
Мæнæн рагбонты урсбазыр зæд.
Ды æрвæрдынау уымæн
Тар уысмы бæрц ныррухс кодтай кæд?

Афтæ ’ххормаг фæндаггон
Суыны иу ахæм фарны къæсæр
Æмæ, рацæй-рабон,
Ары хордзенты дзулы къæбæр.

Ис дæ тæрныхы урсыл,
Ис кæйдæр хъыгты мадзура фæд:
Иу уысм ивы æнусыл –
У йын демæ æгъгъæд.

Мæнæн никуы уыд рафтæн, –
Зæххæй дзабыр кæ, хурæй – хæдон, –
Фæлæ ’нувыдæй афтæ
Нал у демæ фæцæуын мæ бон.

Мæй дæ уадултыл бадон,
йе дæ цæстыты арвы цъæх и?..
Ды, мæ фæстиат амонд,
Ма уадз уарзын мæ удæн дæхи…