ХÆУЫТАТЫ Къоста

9 МАЙЫ ÆХСÆВ ДЗУАРЫХЪÆУЫ

Мæйы цалх Барзы æфцæгæй
Бур цæстæй хъæумæ кæсы.
Рог дымгæ комы дымæгæй
Лæппуты зарæг хæссы.

Хъæуы бын саудур цырт уæртæ,
Уый дæр нæ ахсы хуыссæг.
Ахсæв ын къæдзæхтæ, хъæдтæ
Табу кæндзысты ныллæг.

Авд урс зырнæджы ыстæхынц
Мæйрухсы цыртæй хæрдмæ.
Ахсæв, дам, уыдон æрхæссынц
Царды цин алы кæртмæ.

Зарджытæ урс цъиуты халæй
Азæлдæй дарддæр тæхынц.
Раст цыма се ‘мгæрттæм дардæй
Авдæй Гæздæнтæ хъырнынц.

Афтæ-иу загътой фыдæлтæ:
«’Фсымæртæ – цин æмæ хъыг», –
Уымæн кæд зарæджы зæлтæй
Раст цыма згъæлы цæссыг.

Бандзыг и цыртыл æдзæмæй
Авд фыртæй царæфтыд мад…
Дымгæ та комы дымæгæй
Скъæфы цæссыгтимæ зард.

 

СЫЛГОЙМАГМÆ

Лæджы зондæн барын нæ комыс,
Цæимæ дæ барстæуа – нæй.
Хынцинаг – дæ хъару, дæ хъомыс,
Зæхх хъарм æмæ рухс у дæуæй.

Шекспир дæ йæ Пегасыл хаста,
Æрвон тых дæ Рерих хуыдта.
Есенин дæ дзыккутæ фаста,
Франческæ дæ фæстæ куыдта.

Зæгъ-ма уæд, цы зæд, йе цы хæйрæг
Ыскодта дæу зæххæн лæвар?
Мыййаг, кæд ды зæд дæ дæхæдæг,
Кæд дуне дæуæн у дæ бар?

Æвæццæгæн, дуджы æфсарм дæ,
Йæ удварн, йæ цыт æмæ ныфс.
Хъазуаты нын тых æмæ ‘хсар дæ,
Уæлахиз нæ царды кæныс.