ХЪАЙТЫХЪТЫ Геор

УÆЛАХИЗ!

Уæлахиз! – Йе сдзурын æнцон у
Ныртæккæ адæмы куывды.
Фæлæ ма асагъæс кæн дардыл,
Цæйбæрц ис ацы ран хъуыды!
Æрбад ма фæндаджы былгæрон,
Ысдар ма рухс арвмæ дæ цæст.
Æрымыс уыцы тар æхсæвтæ,
Куы-иу калдта йæ пиллон хæст!
Уæлахиз! Рæстдзинады руаджы
Ныппырх кодтам нæ фыдызнаджы, –
Цæмæ тырныдтам, уый æрцыд.
Нæй иу ахæм дзырд мах æвзаджы,
Дæуау нын чи радта рæвдыд!
Æнувыд ыстæм мах дæ номыл,
Дæумæ цыдыстæм карды комыл,
Дæумæ хызтызтæм судзгæ хæхтыл
Кæм фистæгæй, кæм та – нæ бæхтыл,
Æдзух къæвдаты æмæ хурты
Дæумæ ленк кодтам туджы фурды.
Ды дæ сæ рæсугъддæр нæ дзырдтæн.
Ды дæ сæ фесафæг нæ фыдтæн!
Нæ чысыл де скоймæ фæбæрзонд,
Бынтон дæр февзонг и нæ зæронд!
Цытджын Уæлахизы тырыса
Æрцыд Берлины сæрмæ сагъд.
Æмæ цæмæ гæсгæ нæ хъуыса
Суанг уалæ мæймæ дæр нæ цагъд!

9.05.1945 аз