УАРЫ МИТ…
Уары мит, сыгъдæг мит уары,
Бæстæ у сыгъдæг, сыгъдæг.
Чидæр дард кæмдæр ныззары, –
Миты цинæй зары лæг.
Зарæг хъуысы, зарæг зæлы,
Зарæг зилы, цыма уад.
Цæй, ныр ахæм рухс изæры
Ацу, мидæгæй æрбад!
Растад миты рухсмæ Ног аз,
Бабадт урс-урсид бæхыл.
Чи йын хион у, чи – зонгæ
Ацы зæдбадæн зæххыл.
Уæ сыгъзæрин феста, уастæн,
Цас цинтæ æрхаста, цас!
Уæлæ ’рзади горæт’ астæу
Стыр æргъæуæфтыд бæлас.
Й’ алыварс цæйбæрц и адæм!
Симд сын бацайдагъ нæртон.
Азæр чи не ’рцæуа ардæм,
Уымæ ’рцæудзæн сом фæсмон.
Бæлас рухс тæмæнтæ калы, –
Ахæм бæлас ма кæм и!
Раст йæ цъуппæй худы стъалы,
’Мæ йæ хихтæй згъæлы мит.
Ахæм рухс æхсæв ыссары
Амонд адæмы ’хсæн лæг.
Чидæр зары æмæ зары,
Дуне у сыгъдæг, сыгъдæг.