ИРДИГОР Маки

ФÆЦÆР ХÆРЗУДÆЙ АДÆМЫ ÆХСÆН

* * *
Ныр, дам, Ирыстоны зæхмæ фыццаг хатт
Сæрмагондæй куы ’ртæхиккой æваст
Æндæр планетæтæй хуыздæр поэттæ,
Нывгæнджытæ, фысджытæ æмæ… зæдтæ…
Цæуыл уаид сæ цыды сæр, сæ фарст?

Æнхъæлын æз: сæ цыды сæр – нæ уавæр, –
Ирыстонæн куыд ивд цæуы йæ цард…
Уæлæрвтæм дæр сæм сыхъуыстис нæ хабар,
Кæй нал ыстæм кæйдæр зондæй нæхи бар,
Æмæ кæй нал хъуысы фæндон нæ зард…

Æнхъæлын æз: фæрсиккой нæ æнæмæнг,
Куыд хæссæм мах нæ фыдæлтæн сæ фарн,
Куыд у нæ мадæлон æвзаджы уавæр,
Æнæмæлгæ Къостайы кад нæм – цавæр…
Сæ фæрстытæ – чи «уазал», чи та – «хъарм».

Сæ уынд куыд диссаг уаид, куыд, хæстæгмæ…
Нæ уаид къаддæр диссаг та сæ дзырд.
Уæвæн дæр ис, ’мæ мах хуызæн уыдзысты,
Ныхас та суанг иронау дæр кæндзысты…
Сæ фезмæлд, къахдзæф, архайдæй та – цырд.

Зæгъиккой: – Стæм кæрæдзийæн мах хион!..
Уыниккам сын нæ фидæныл сæ тыхст,
Кæй сæ фæнды Иры зæххыл æрзилын,
Æмæ дзы алцы хи цæстытæй фенын…
Сæ фæндæгтæ сæм – развæлгъауæй фыст:

Фыццаджыдæр фæцæуиккой Къостайæн
Бæрæггæнæг йæ ингæн ’мæ йæ цырт.
Æдзæм, сæргуыбырæй дзы уым лæууиккой,
Æмхуызонæй, æмхъуыдыйæ зæгъиккой:
– Къоста – æппæт планетæтæн сæ фырт!

Уæларвон дидинджытæй уым йæ ингæн
Æрцæуид аивæй бæстон æмбæрзт.
Сыгъдæг иронау «рухсаг у» зæгъиккой,
Мысынæн дзы йæ поэзи кæсиккой
Иронау, стæй сæхи ’взæгтыл æрмæст.

Фæцæуиккой йæ райгуырæн хъæу Нармæ.
Уым фениккой, кæм райгуырдис, йæ къæс,
Цæстæй, уырзæй æндзæвиккой уым дуртыл…
Цæуиккой Нары алыварс къуыбыртыл, –
Кæм цыд Къоста уæлыгæс ’йе фысгæс.

Фæзиликкой уым Наргомæн йæ къуымты, –
Кæм рæзыдис йæ миддуне, йæ зонд;
Фæцæуиккой йæ ингæнмæ йæ мадæн,
Зæгъиккой дзырд зæрдæбынæй йæ кадæн…
(Уыдонмæ дæр у Мады ном бæрзонд).

Æрзиликкой Иры къуымтæн сæ алкæм…
Æгæрон уаид алы ран сæ дис:
– Куыд хауы, куыд, ирон æвзаг дæлæмæ!..
Куыд тæрут барвæндонæй хи æвæдмæ!..
Фæрсиккой: – Уымæн ныр уæвæн куыд ис?!

Уыниккой цардыуаг… Нæхи куыд дарæм…
Нæ уаид къаддæр ам дæр та сæ дис:
– Куыд халут, куыд, уæ диссаджы æгъдæуттæ!..
Куыд сафут барвæндæй уæ фарны тæгтæ!..
Фæрсиккой: – Куыд?!. Цыбыр дзырдæй, – фæдис!

– Уæддæр ма, хорз – нæ рох кæнут Къостайы, –
Уæларвон сты йæ дзырд æмæ йæ тых!..
Нæ, нæ! Кæмæн ис скиф, сæрмæт, алантæ,
Кæмæ ис Нартæ, Симд, Къоста… Сæрæнтæ…
Фæлæуут, цæй, нæртон лæгтау хъæддых!..

– Хæрзбон!.. – Фæндараст!.. – Фембæлдмæ уал! – иумæ
Кæрæдзийæн зæгъиккам иубон мах.
«Ирон фæндыр»-æй… «Симды»-ы онг лæвæрттæ
Фæласиккой планетæтæм хæлæрттæ.
Æрхауид нæ цæстысыджы æртах…

Æрцыдысты. Æртахтысты… фыццаг хатт
Сæрмагондæй мах фенынмæ æмраст
Æнæзонгæ планетæтæй поэттæ,
Нывгæнджытæ, фысджытæ æмæ… зæдтæ…
Фæхастой семæ цинтæ æмæ… маст.

ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ

* * *
Æрдхорд, хæлар, æмбал ’мæ зонгæтæ йæ царды
Кæмæн нæ разындзæнис махæй, кæ?..
Сæ «ис»-æй зон, хæсæвæрд ис дæуыл сæ разы:
Дæ уд сын арт, хæрзтæгæнæг ыскæн!

* * *
Рæстад, æууæнк, æххуыс ды дом фыццаг дæхицæй;
Дæ дзырд, дæ зæрдæ алкæд уæнт æргом.
Хæрзтæ, лæггад кæнынæй ма фæллай æппындæр, –
Уым – царды цин, дæуæн – дæ уæз, дæ ном…

* * *
Хæрзуаг, рæстаг, хæрзуд – æмдзу уæнт немæ царды,
Цæмæй дзы уа рæсугъддзинад фылдæр.
Æнæ уыдонæй царды ад – лæмæгъдæр,
Æнæ уыдонæй цард хæссын – зындæр.

* * *
Æнæкæрон – йæ фæзилæнтæ цардæн,
Йæ алыварс – æнæрёнцайгæ тох…
Æгæрон дзы – куырмæлхынцъ ’мæ цæлхдуртæ…
Кæнынц æмдзу ам цин æмæ фыдох.

* * *
У алкæмæн дæр хорз цардмæ йæ бæллиц:
Зæрдæрайæ куыд хъуыса-иу йæ зард…
Фылдæр азтæ дзы батонын – йæ фæндон…
Хъысмæты бæрны – алкæмæн… йæ рад.

* * *
Нæу цард æппынæдзух хъæлдзæг, бæрæгбон, –
Ам ис уæвæн æнкъард æмæ хъыгæн.
Хъæуы сын фидар уын, быхсын, ай-гъайдæр, –
Лæмæгъдзинад нæ фидауы лæгæн.

* * *
Зæххы цъарыл ис цас удтæ ызмæлæг!..
Ам семæ змæлæм – ды æмæ æз дæр.
Хæрзтæ кæныныл уæд нæ архайд алкæд,
Нæ райсынæй нæ раттын уæд уæлдæр!

* * *
Нæ вæййынц иууыл хорз бонтæ нæ царды,
Нæ нæм фæхуды алы хатт хъысмæт…
Йæхицæн алчи уагыл-иу нымайæд:
Нæ ныфс, нæ хъару макæд-иу сæттæнт!

* * *
Кæд искæй цин æрхæссы цин дæуæн дæр,
Дæ уд фæзары мидбуары фæлмæн,
Уæд уый – бæрæггæнæг, бæлвырдæй дзурæг,
Кæй радта æрдз рæсугъд зæрдæ дæуæн!

* * *
Кæд искæй хъыг дæ удæн зын æрхæссы,
Йæ фарсмæ балæууыс лæгау ныфсæн,
Уæд уый – бæрæггæнæг дæ уды скондæн:
Цæрыс хæрзудæй адæмы æхсæн.

* * *
Кæд царды хъомыс удвæллойæ барыс,
Æмæ дын уым æнтыстдзинæдтæ ис,
Уæд у уый цины хос, у ирдæй дзурæг:
Дæ цардвæндагæн фидар бындур ис!

* * *
Кæд уарзыс ды Фыдыбæстæ зæрдæйæ,
Хæлардзæстæй у дзыллæтæм дæ каст,
Уæд ды рæстагæй цард хæссын фæразыс,
Уæд у дæ зондахаст фæзминаг, раст!

* * *
Дæ алыварс кæд хорздзинæдтæ тауыс,
Дæ къахдзæфтæ сты цинхæссæг лæгæн,
Уæд у дæ архайд зарæгæн йæ аккаг…
«Лæгау лæг дæ!» нæ фёзæгъынц мæнгæн.

 

ХУРЫ РУХС – НÆ ЦАРД!
А фæстаг рæстæджыты, хъыгагæн,
Бахауын рынчындæттæм æз дæр.
Дохтыр, хостæ, мадзæлттæ… мæхæдæг, –
Иумæ архайдæй нæ тых – фылдæр.

Иу æххуысгæнæг та ма мын – рудзынг, –
Арæх вæййы уырдыгæй мæ каст.
Кæд гæзæмæ – равг, уæддæр йæ фæрцы
Æрдзимæ нæ фехæлы мæ баст.
Фенын арвы тыгъдадæн йæ уавæр,
Хурæн, Мæйæн, стъалытæн сæ ирд.
Хæхтæ, быдыртæ, бæлæстæ, мæргътæ…
Се ’ппæт – цинхæссæг, зæрдæ дзы – ирд…

Цалдæр боны мигъты фæлм зæбултæй
Арвыл тарæй, ауыгъдæй лæууыд.
Хуры тынтæн ахгæдта сæ фæндаг, –
Райдзаст бонтæн дзы уæвæн нæ уыд…

О, фæлæ мæм абон… хур æрбакаст!
Хъарм тынтæй мын асдæрдта мæ рус,
Атылди мæ фындз, мæ ных, мæ базыл…
Уайтагъд хатæн-палатæ ныррухс.

Ахызт къулмæ. Уым нывæфтыд фестад,
Ирдæй худти уырдыгæй мæнмæ.
Сæмбæлди мæ зæрдæйыл йæ узæлд,
Систа мæ цыдæр хъарм тых… хæрдмæ!..

Рухс ныв ивгæ, симгæ атылд дарддæр, –
Хуры рухсæн у йæ фæндаг дард…
Бузныг, бузныг, Хур, дæ тын, дæ рухсæй, –
Махæн ды – нæ алцы хорз, нæ цард!

Буарыл апырх, аивылд фæлмæн цин,
Бафтыдис мæ ныфсыл ноджы ныфс.
Мидхъæлæсæн фехъуыстон йæ фæндон:
– Цæй, дæ бузныггад, дæ цин ныффысс!..

 

ÆГАС ЦУ, УАЛДЗÆГ!
Фæндон – нæ афæдзæн йæ алы афон,
Сæ цинхæссæг тых – алкæмæн бæлвырд,
Фæлæ мæнæн вæййы фæндондæр уалдзæг, –
Йæ номимæ – мæ бæллицтæ, мæ дзырд…

Кæд ма нæм уазалтæ сæхи æвдисынц,
Уæддæр сæ хъару нал кæны фылдæр.
Кæд ма нæм абон мит тъыфылтæй уары,
Йæ урс пæлæз ма авæрдта, уæддæр

Бæлвырд у: асаст зымæгæн йæ хъару,
Тæргæйттæн ма – æнæбары сæ цыд.
Æрдзæн йæ цалхы зылд нырма нæ цуды.
Зæгъæм уæндонæй: уалдзæг нæм æрцыд!

О, уалдзæг нæм æрцыди! Райдзаст уалдзæг!
Æмæ нæм ног тых, ног цинтæ фæзынд!..
Сылгоймæгтæн нæ арфæтæ фæкодтам, –
Нæ узæлд сыл уæлмонц дзырдтæй æрзылд…

О уалдзæг! Уалдзæг! Фарнхæссæгæй басгуых!
Куыд бауа фесафын ковид дæ бон.
Æрхæсс æппæт дзыллæтæн дæр бæззон цард,
Куыд суа нæ алы къахдзæф дæр уæндон!

Зæгъынц, зæгъгæ, дам, абон – гъæйттæй уалдзæг!
Æмæ йын, цæй, «æгас цæуай» зæгъæм!
Æнæниз цард, куысты æнтыст æрхæссæд!..
Зæрдæрухс цардæн ’вдисæнтæ куыд уæм!