КАСАТЫ Батрадз

НОГ АЗЫ КЪÆСÆРЫЛ

Бадын, кæсын дæм æнхъæлмæ,
Рæстæг дыууадæс у тагъд,
Фæлæ кæм дæ?
Кæд æрбарвыстай дымгæйы барæй,
Цæмæй
Ма зона зæрдæ ‘нцой,
Æмæ уымæн ныххойы мæ дуар.
Фæлæ уæд мæ хъустыл
Куыд нæ уайы фæндыры зæл?..
Æви фестадтæ митын гæбына
Æмæ дæ фаззон хотимæ
Ахсæв мæ рудзынг рæвдаут.
Уæгъды алидзгæ рагбонтау
Уайтагъд атайут ме ‘нгасæй.
Ногбон æхсæв нæ фæфæччы сайын.
Курын, мæ сыгъдæг уарзт
Ацы бæрæгæхсæв
Амондмæ кувæджы сагъæстæй бахиз.
Урс уарзты цæхæрмæ,
Царды сыгъдæг удтæм –
Сабиты амондмæ,
Фидыд, рæстдзинадмæ
Бакувæм иумæ,
Мидæмæ рахиз.

 

АКТЕР

Хъантемыраты Терезæйæн

Нæ бабæлдзæн мæ цардвæндагмæ ничи.
Къæвда бонтæ фæфылдæр вæййынц хуртæй,
Мæ бæллиц мыл сындзгæрдæгау ныйичъи,
Мæ фæлмæн базтæ баивдæуыд дуртæй.
Уæддæр хъысмæтæй амондджын фæдæн,
Æнкъард цæстытæ цины тæмæн ахсынц…
Хæссын мæ уд, мæ сагъæстæ дæуæн,
Рæстзæрдæ театрдзау,
Мæ хуыцауыл дæ барын.

 

ÆРЫЗДÆХТ НЫФС

Æрыздæхт ныфс! Цæрын та мæм æрцыди –
Дæ иу ныхас ныррухс кодта мæ риу.
Нæ дæ мæ раттæг, сфæлдисæг куы нæ дæ,
Уæд а хорздзинад, ацы диссаг циу?!

Цæмæн раздæхт уæнгрогдзинад мæ уæнгтæм,
Мæ цæстыты цæмæн та фæзынд рухс,
Цыкурайау та разындтæн æмгæрттæм,
Фæцыдæр та мæ цæсгомы фæлурс.

Фæцардхъом дæн, æрцыд мæм ногæй зарын,
Мæ цин мæ риуы стъалыйау ныррухс,
Сæрыстыр дæн, кæй ныффæрæзтон барын,
Мæстаг хъуыды йæ уидагыл ныххус…

Ныр кувынæй дæ сыгъдæг ном ыссарын,
Æз ацы ‘хсæв дæ цæрайæ цæрын –
Æмæ дæ курын, мауал ыскæн уа зын…
Куы нал ныббыхсон, уымæй дын тæрсын…

 

ЗÆРÆХСИДЫ СЫГЪДÆГ УАРЗТ

* * *

– Зæгъ-ма, дæ цæстæнгас цы дзуры
Æдзух нæ фембæлды мæнæн?
Цы агуры, мæнæй цы куры,
Нæй уымæн иунæг хатт зæгъæн?!. –

Цыма мæм ратæхы уæларвæй
Уæлтæмæн рухс зæды æнгæс,
Фæфæрсы мæн зæрдæйы арфæй
Æвзонг чызджы фæлмæн хъæлæс.

Зæгъин,фæлæ æнцон кæд уыди
Æргомæй уаз хъуыды зæгъæн.
Мæныл дæр ахæм цау æрцыди,
Æмæ фæразын ныр зынтæн.

Зæгъин, фæлæ йын фехъусæн дæр нæй,
Нæдæр æй басгарæн уырзæй.
Хъæуы йæ банкъарын зæрдæйæ,
Уый туджы рахæссын æрдзæй.

Зæгъæн ын нæй, хъæуы йæ ‘нкъарын
Зæрдæйæ, рухс фæндтæ хынцгæ,
Æмæ йæ норст цæхæрау дарын,
Бæллиццаг нысанмæ тындзгæ.

 

* * *

Фæтулы хур,
Зæрæхсиды дæр
Бирæ хæрзтæ ис.
Нæ боны сагъæс
‘Мæ нæ ис
Фæлладæй уый
Хæрз фынæймæ фæхæссы
Æмæ зæлдаг,
Зæрин тынтæй
Йæ нывæрзæн æмбæхсы
Нæ боны сагъæстæ,
Нæ рис.
Кæс-ма йæм, кæс,
Цы ныфсдæттæг у цардæн!
Кæс-ма йæм, кæс, –
У райдайæн нæ уарзтæн.
Æркъул и хур,
Уæддæр фæлладæй,
Уый арвгæрон
Нæ уарзты рухс тынтæ нывæнды…
Æмæ кæсæм, лæууæм
Нæ бæрз бæласы цур,
Хæдзармæ цæуын иуы дæр нæ фæнды,
Фæлæ Зæрæхсидæн
Сæуæхсидимæ
Баиу уæвæн нæй.

 

* * *

О, уыцы ракæнон цæстæнгас,
Ыссудзы зæрдæйы цæхæр!
Уым хъазы арвыцъæх хæрз æввахс, –
Кæнын йæ æрттывдæй дзæгъæл.

Цæмæн уыд цинхæссæг мæ зыны,
Ныфсæвæрæг йæ цæхæры æргомæй,
Цæмæй зыдтон, зæрæфцæгæй кæй зыны
Мæ цардвæндаг – дывæр хæсы æргъомæй?

Цæмæй зыдтон, æнцойбон дзы нæ уыдзæн
Мæ фæллад уд. Гадзрахат æмæ сайдæй
Мæн бахиздзæн уый искæдбон. Фæуыдзæн
Мæ зындæр рæстæг циндзинады зардæй.

О, уыцы цæстытæ! Æндæртæ никуы æз нæ федтон,
Нæдæр та банкъардтон ныфсхæссæг,
Кæддæр кæмдæр мæ амонды фарн фехстон,
Дæ цæстæнгасæй нал зонын хуыссæг дæр.

 

ИЗÆЙÆН-ИУ ЗÆГЪ…

Æнкъард куы уай, дæ сагъæс дæ куы бырса,
Куынæуал арай рухс цардæн фæрæз,
Ныфсæн ма дæ цæрыны хос куы хъæуа,
Уæд дардмæ ма цу, Изæйæн-иу зæгъ.

Бæрзонд арвыл стъалыты цæхæры
Куынæ арай дæхи зынджы стъæлфæн,
Кæйдæр дæ бафæрсын куы хъæуа,
Уæд дардмæ ма цу, Изæйæн-иу зæгъ.

Фæллад уадзынæн хорз бынат куы ‘взарай,
Цы ком, цы рæгътæ фенын у хуыздæр,
Фæндагмæ дæ цы бахъæудзæн хæдзарæй,
Уæд дардмæ ма цу, Изæйæн-иу зæгъ.

Дæ уарзонæй зæрдæйы худт куы райсай,
Æхсæв дæр дæ куы нал ахса хуыссæг,
Дæ цæстысыгæй базы цъар куы æхсай,
Уæд дардмæ ма цу, Изæйæн-иу зæгъ.

Дæ куысты дæ цы тыхсын кæна, уыдон
Куынæуал зонай аиуварс кæнын,
Дæ зæрдæйы куы нал цæуа дæ катай,
Уæд дардмæ ма цу, Изæйæн-иу зæгъ.

Дæ Музæ дæм æгæр тæргай куы фæуа,
Куы нал дæм зына фидæнæн йæ рухс,
Дæ цардвæндаг æлхынцъытæ куы кæна,
Уæддæр уыдзæни Изæмæ йæ хос…

 

ӔРДЗЫ КӔЛӔНТӔ

Фӕтулы хур… Зӕрӕхсид арвгӕрӕтты хъазы,
Ызнӕт денджыз ныссабыр и, тыхсы.
Лӕууыс ды былгӕрон… Рӕсугъддзинад дӕ разы
Ӕфсӕрмыгӕнгӕ алырдӕм бырсы.
Ӕрвхуыз цӕстӕнгас, де ‘рдзон тых, дӕ кондӕй
Кӕныс уӕлахиз аивӕй, бӕрзондӕй:
Зӕрӕхсиды сырх пиллон арт ӕрмынӕг,
Цъӕх денджыз бандзыг… Абухгӕ уылӕнтӕй
Ӕрсабыр ис дӕ хӕдӕфсарм, дӕ монцтӕй.

О хӕхты чызг!
Цы зӕд, цы Хуыцау дӕ ӕрхаста ардӕм,
Цӕмӕй ӕрдзон тыхтӕн
Сӕ рӕсугъддӕры феной адӕм,
Цӕмӕй дӕ рухс уарзты кӕлӕнтӕ
Ӕрзилой дунейыл хъӕргӕнгӕ
Ӕмӕ ныххойой усгурӕн йӕ зӕрдӕ?

Ӕрцыдтӕ аргъӕуттӕй?
Ӕви дӕ зӕд? Хуыцау ӕрхаста ардӕм,
Цӕмӕй ӕрдзон тыхтӕн
Сӕ рӕсугъддӕры феной адӕм,
Цӕмӕй дӕ рухс уарзты кӕлӕнтӕ
Ӕрзилой дунейыл хъӕргӕнгӕ
Ӕмӕ ныххойой усгурӕн йӕ зӕрдӕ?!

Ныссабыр ис ызнӕт денджыз дӕ разы,
Рӕвдаугӕ дын дӕ къахбынтӕ ӕхсы,
Зӕрӕхсид ам дӕ сау дзыккутӕ фасы,
Зӕрин тынтӕй бӕгънӕг буарыл тыхсы…
Ӕртӕ рӕсугъды баиу ысты иу ран,
Сӕ аивгӕнӕг былгӕрон лӕууы,
Ӕртӕ амондгур – алырдӕм сӕ фӕндаг,
Сӕ алкӕцы йӕхи фарнмӕ бӕллы…

Ыскалдзӕн райсом хур йӕ тынтӕ ногӕй,
Ысабухдзӕн та денджызӕн йӕ маст.
Ӕрмӕст чындздзон чызг судзгӕ уарзты монцтӕй
Уындзӕн йӕ сӕнтты урс барӕджы хъазт.

 

 * * *

Мӕ сыгъдӕг уарзт –
Рӕбинагдӕр ӕнкъарӕн,
Мӕ уды фарн –
Мӕ рухс монцты ӕндзарӕн!
Дӕумӕ куы уыд
Мӕ фӕндӕгты сӕйраг,
Ды куы уыдтӕ
Мӕ бӕллицты фыццаг.
Дӕумӕ тындзыдтон
Рагбонтӕй фӕстӕмӕ,
Ныр хъусын ӕз
Дӕ карз ныхас хӕстӕгмӕ:
«Сыгъдӕг уарзтӕй,
Ӕвзонг лӕппу, цы кайыс?!
Дӕхи, мыййаг,
Кӕд митмӕсгуытӕй сайыс…»
Мӕ сыгъдӕг уарзт,
Дӕуӕн ӕмбал нӕ арын!
Мӕ дудгӕ рисыл
Ноджы цӕхх луарын…
Ӕвӕдыл мӕ
Сыгъдӕг суадонмӕ ласыс,
Фӕстӕмӕ мӕ
Ӕнӕ донӕй ыздахыс…
Ӕви ӕндӕр у
Уаз уарзтӕн йӕ ахаст?
Мӕ зӕрин уадындз
Заргӕ-зарын асаст?!.

 

* * *

Арвы цъæхау арф цæстæнгас,
Ивылгæ, зæрдæйы цинтау
Раздахы æвзонджы хъæлæс,
Раздахы æвзонджы дымгæ.

Арвы цъæхау арф цæстæнгас
Асуры мæ кары сагъæс,
Раздахы кæддæры уæнгрог,
Цардбæллон æнæкæрон ныфс.

Ивылгæ дæ цъæх цæстæнгас
Агуры сыгъдæг æнкъарæн,
Басгуыхы уый уарзт æндзарæн,
Норст цæхæр дымгæйæ схъауæн.

Арвы цъæхау арф цæстæнгас
Ивылгæ зæрдæйы цинтау.
Ахæсс æй, рæвдаугæ, ахæсс,
Амондагур урс барæгæн!