УÆДДÆР МИН ЦАРД КÆНУЙ
ЗÆРУÆРДÆМÆ МУД АДÆ
НÆМА ЦÆУН!..
Еуанз Дигоргоми Уасгергий кувдæй адæм изæрæрдæмæ сæ хæдзæрттæмæ евгъудæнцæ. Еу лæг ба,
евдæлонхузæй, хонхи цъонггитæмæ гъæуай кодта.
Е ‘мбал имæ гъæйдæ цæуæн, гъæйдæ цæуæн кæнуй…
Ци искарз дæ, а дин дес!
Кумæ цæуон нæхецæй?
Амæй хуæздæр кæми ес, –
Цæмæн ледзон мæхецæй.
Цо, фæццотæ еугурæй,
Мæнхузи лæг нæ цæуй!
Мæ дæрæнбæл гæр-гæрæй
Ехин къæвда нæ цæуй.
Æз ахсæви æдасæй
Хонхи дагъи фæххусдзæн.
Æхсæйвон маргъ, ку уасай, –
Дæ кæунмæ фæббухсдзæн.
Идзаг арвæй илæтон
Ниуаздзæнæн æлвасгай.
Ниррасуг уодзæн бунтон,
Хонхи реумæ æлвæсгæй.
Хонх мæ цæсти фæууодзæй
Никкидæр ма бæрзонддæр.
Хонх мæ зæрдæн исуодзæй
Никкидæр ма уарзондæр.
Ами лæуун, нæ цæун, –
Цæмæн цæуон нæхецæй?
Ами ун мин æхцæуæн, —
Кумæ ледзон мæхецæй?
* * *
Цидæр уинун æма ци игъосун,
Етæ мин сæ фулдæр – масти хуасæ.
Ку нæбал æй мæ бон къуругъос ун,
Æргъуди мæ гъæуй ести хъуасæ!
Цæй, мæхе искæнон кæнгæ гъæла,
Неци уинæг æма неци зонæг.
Фæрсæй кæсæг уотæ куд æнгъæла,
А гъæлатæн цæрун ци æнцон æй!
Мæ маст ба нийинсдзæнæн мæхеми,
Нартихуар нийинсæгау куройни.
Нæ, уæддæр нæ уодзæнæн мæ кеми,
Нæтдзæнæн и мæстити буройни.
Фæтътъæп уодзæй мæ зæрдæ фур мæстæй,
Æй мæ уод æ тæккæ æгудзæги.
Мæ мæститæ фæлтау сугга гъæстæй,
Цæф арсау ниууонæргъон æмдзæвги.
НАРТИ ФÆТКЪУ
Адтæй нарти рæзбуни,
Хорæнгæсæн фæзбуни,
Егъау фæткъу бæласæ.
Куд федудта æ асæ!
Сурхфазæ – æ фæткъутæ,
Зæрийнæ, сурх фæрдгутау.
Еугур незтæн хуасийнæ,
Æррæстæ – æвдадзийнæ.
Бæласæн ба æ гæстæ:
Æфсæн къæбот цæргæстæ,
Æндон æнсур берæгътæ,
Рæстдзæвийнæ къерæхтæ…
Уæд дин имæ еухатти
Хуæнхаг дзигло ку ‘рхатуй:
– Уæртæ цитгин бæласæ,
Нæбал ерун мæ уасæ,
Æрсæйгæ дæн фур уарзтæй,
Мæ нез мæбæл стухуаст æй.
Тухсæн кæнун æвæткæ,
Саккаг кæнæ еу фæткъу.
Дзоруй имæ бæласæ:
– Агорæ æндæр хуасæ,
Зæнхон лæгæн мæ фæткъу,
Нæфæтку æй, нæфæтку.
– Нæ бацудтæ мæ мæти.
Æгъдауæй мин нæ дæтти…
Ахсæви æнафони
Уиндзæнæ мæ дæ фуни.
Цагъди сæрти комкоммæ
Батæхдзæнæн рæзбунмæ.
Гъиггаг уæнтæ дæ гæстæ.
Не ‘рфæлкъуæрдзæн мæ цæстæ!
Нæфæтку уæд, нæфæтку,
Ниттондзæнæн дæ фæткъу!
ТÆРХОН
Ахæстъони еу æвуд лæгæн маруни
тæрхон ку рахастонцæ, уæд тæрхонгæнгутæй
ракурдта, цæмæй ма ин мæлæти размæ
заруни барæ радтонцæ.
Сæрдасæнау циргъ фæрæт
Марæн къудурбæл хустæй.
– А хæран лæгæн – мæлæт!
Æнхъерæн дзурд игъустæй.
Базардта нидæн ахæст, –
Райазæлдæй хъурмæ зар.
Тузмæг адтæй æ рахаст
Æфтудта æ зар азар.
Ах-аххæй кæугæй зардта;
Æ раст уоди тæрегъæд
Хæраймаг лæгбæл гъардта.
Арв фудгини рæуегъæд!
Тæрхони лæг, дæуæн дæр
Дæ цъухтæбæл къума-дуар…
Лæг æргъос æй цæмæндæр,
Сах нимдзаст æй кумæдæр.
– Ци никъкъех дæ, сæркъуæрæг,
А лæги нифс æгæр æй!
Раги нин иссæй бæрæг,
Æ сонт сæр ин æркъуæрай!..
Заргæ-зарун еувæрсуг
И лæги сæр фæттахтæй.
Сæркъуæрæги цæстисуг
Æ фæрæтбæл фæттагъдæй.
УИНУН…
Кæми ‘й райдайæнти райдайæн?
Мамукъати Хъазбег
Уинун райдайæни байдауæн, –
Зиннуй хæстæги хауæн риндзæ.
Разæй – мæ æнзти хоритауæн,
Фæсте – евгъуд бонти æлхинцъæ.
Ниццæй мæ сæрмæ хор сурх изгæ, –
Бафтудтæн бонигон мæйдари.
Цæун дзебæлгæнгæ, рохс хезгæ,
Гъо, фал арфдæр рансуфун тари.
Фæндаг уæддæр скарун курмæги,
Кæнгæй ме уæнгтæ тухфæлгъауæ.
Гъæуй еу æнцойнæ курм лæги,
Цæмæй дæлгоммæ ма бахауа….
Мæ над бустæги истæссаг æй, –
Зустæй бансонуй мæ фуд уадæ.
Уæддæр мин цард ба, ци дессаг æй,
Кæнуй зæруæрдæмæ муд адæ.
ХАХУРТÆГÆНÆГ ÆМА ГÆГЪÆДИ
Хахуртæгæнæг:
Ци цъумур дæ, ци, гъæгъæди!
Цæмæн цæрис æдзæлгъæди?
Дæ цъумурти ниггаппар дæ,
Нихъхъотур дæ, ниггæбæр дæ
Кæддæр дæ уинон, цал хатти, –
Ту кæндзæн дæбæл уал хатти!
Гæгъæди:
Дæ хахуртæ – сау финститæй,
Дæ циргъ пъерой рæхуститæй, –
Мæ уорс бауæр – сау æрхæнтæ.
Ниццæппул дæн, ниррахæн дæн.
Нитту кодтай лæги нонбæл, –
Тутæ кæнæ дæ цæсгонбæл.
ЗÆППАДЗИ
(тауæрæхъмæ гæсгæ)
Раги кæддæр еу лæг фæссæйгæ ‘й гæбæрнез, хъотур незæй. Неци хуасæ ин адтæй. Бацудæй зæппадзæмæ æма хизта æ мæлæти бон. Уордæмæ ин хуæруйнаг бадæттиуонцæ. Еубон ин хъæзин къоси балæвардтонцæ æхсир. Лæг имæ не ‘вналдта, фæндадтæй æй тагъддæр рамæлун. Уæдмæ ба хури цъасæй бахилдæй калм. Къосидзаг æхсир исниуазта æма ниггæбæт æй. Æндæмæ хилдæй, фал и цъаси нæбал цудæй. Фæстæмæ раздахтæй æма къосмæ ниуундта…
Исхъæрттæй хъури уæнгæ мæ уод,
Æрбахелæ сау калм хæстæгдæр.
Мæ бауæр дæ бæрагæ фæууæд,
Ци нæбал ми байзайа стæг дæр!
Мæ тогæй мин ницъцъирæ фæндон,
Æнæвгъау ми бауадзæ дæ марг.
Уод хæссун ку нæбал æй мæ бон,
Е ба мæ дæ сау марг ниддæма…
Кенæ ба и хелаги уондзæг
Цæй æма æдбунтæй никъкъирхон.
Гъай-гъайдæр, кæндзæнæй мæ содзæг,
Фал си кæд никкуй уон, ниххорх уон…
Нинниуазтон æхсир ‘ма дессаг!
Цидæр хъаурæ ме ‘уæнгти схуæстæй.
Калми марг æнгъалдтон уодесæг,
Е ба мин уоди хуасæн сбæзтæй.
Æгъзалдæй мæ гæбæр гæр-гæрæй,
Мæрдæмбесæй цума æскъиттæн.
Зинг фестадæй бауæр еугурæй, –
Мæ фур цийнæй дортæ æхсидтон…
Æзмæлæг ма еу еске, кæд, ес,
Ра мæ уагътæ æндæмæ, фæдес!