КЪОДОТЫ Альберт

Ацы аз Къодоты Махары фырт Альбертыл хъуамæ сæххæст уыдаид 65 азы, фæлæ йыл 60 азы дæр нæма цыд, афтæмæй йæ не ’хсæнæй атыдта æгъатыр низ. Альберт фыста зæрдæйы уидæгтæй Ирыстоныл, лæджы фарн æмæ номыл. Йæ егъаудæр исбон уыдысты поэзи æмæ уарзт.

Мыхуыры цы дыууæ æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ рауагъта – «Сидзæр уарзт» (1997 азы) æмæ «Ныхас рæстæгимæ» (2015 азы), –уыдонæн поэзиуарзджытæ æмæ литературæиртасджытæ скодтой стыр аргъ. Дзырдаивадæй гæрзармæй архайгæйæ, Альберт адæмы рæгъмæ цы уацмыстæ рахаста, уыдон семдзаг сты ирд, зæрдæмæхъаргæ æмæ нывæфтыд фæлгонцтæй. Комкоммæ сæмбæлынц уды рæбинагдæр уидæгтыл, базмæлын сæ кæнынц æмæ сæ ныууадзынц æнкъарæнтæ æмæ зонды рухс фæд.

Ирыстон афтæ бирæ цы лæппу уарзта, уый æгъатыр хъысмæты фæндæгтæ ахастой Ирыстонæй, æмæ йæ мард дæр ныгæд у æцæгæлон зæххыл…

Рухсаг уæд.

МÆ ИСБОН – ЗАРÆГ ÆМÆ УАРЗТ

КЪОДОТЫ Альберт

 

* * *

Цӕуынц ӕмӕ сӕ цыд фӕтагьддӕр кодтой азтӕ,
Уыдис мӕ царды сӕрд, уыдис, фӕлӕ фӕцис.
Фӕхъуынтъыздӕр и арв ӕмӕ ӕваст ӕрхаста
Ӕнцойы ‘фсон лӕгӕн йӕ армы дзыхъхъы рис.

Цы фӕкодтон мӕ уарзт?
Кӕм ныууагътон мӕ зӕрдӕ?
Ызнон дӕр ма мын хур куынӕ уыди цӕлхдур.
Цӕмӕн дӕн абон уӕд йӕ къӕхты бын ӕфхӕрдӕн?
Цӕмӕ мӕм кӕсы цард налат гадзайау зул?

Нӕ, раст нӕ цӕры лӕг – ӕгӕр хъусы ӕнустӕм,
Ӕгӕр ыл ысты тых ӕууӕнк ӕмӕ ӕфсарм.
У Рӕстӕгӕн йӕ уд зымӕгон хъӕдӕй хусдӕр,
Ӕмӕ нӕ кӕны зӕхх лӕджы цӕссыгтӕй хъарм.

 

* * *

Гъӕй, Уастырджи, кӕм дӕ!
Кӕм та хӕтыс сылагур?
Ды ма уыдтӕ лӕгӕн – ныууагътай мӕ ды дӕр.
Ис, ис ма мын фырмонц, фӕлӕ,
зӕгъ-ма, цӕй фаг у?
Ныффӕллади мӕ уд… Фӕлӕ цӕрын уӕддӕр.

Цӕуынц… ӕмӕ сӕ цыд фӕтагъддӕр
кодтой азтӕ,
Уӕддӕр мӕ удыл ӕз нӕ ыскӕндзынӕн сау.
Лӕг уӕвынмӕ мӕ ныфс хуымӕтӕджы
нӕ хастон,
Нырма нӕ фӕдӕн зард. Нырма мын и Хуыцау!

* * *

Ӕнусты ‘хсӕн фыдӕй нӕ фыдӕлтыл цы ‘рцыд,
Уый рагӕй зоны зӕрдӕ.
Цӕрӕнбонты лӕгӕн, Хуыцау цӕра, йӕ цыд
Куы хӕрдыл у, куы – хӕрдӕй.

Цӕуыл хӕры йӕхи уӕ къӕхты бын мӕ зард,
Уый никуы кодта сусӕг.
Лӕджы мастӕй ӕдзух мӕ зӕрдӕйау нӕ цард
Куы донласт у, куы хус у.

Ӕрвон тыхтӕн, мӕ хур, сӕ сонт хъазты цы стӕм,
Уый рохгонд нӕу мӕ удӕй.
Нӕ хъысмӕтӕй, мӕ хур, йӕ сау зӕрдӕ лӕгӕн
Куы райгонд у, куы – дуды.

Кӕны нӕ уарзтмӕ бон, кӕны нӕ уарзтӕй цард,
Ӕмӕ фӕдау нӕ фӕдыл
Цӕуынц – кӕмӕн бӕллӕх, кӕмӕн бӕллӕхау
зард –
Фыдвӕд ӕмӕ ӕвӕдӕй.

Фӕлӕ, уӕллӕй, лӕджы кӕдӕм кӕны дӕ уарзт,
Уый хӕйрӕг дӕр нӕ зоны…
Ӕниу мын уӕд ӕрмӕст йӕ фӕндаг Ирӕн раст,
Дӕуӕн та – къах дӕ роны.

 

* * *

Ныууадз, мӕ фӕндыр, ма мӕ агур сагъӕс! –
Куыд хъуамӕ уон ӕнусты раз ӕнкъард?
Ӕмӕ ды дӕр ӕлхынцъӕрфыгӕй ма кӕс,
Фӕлӕ ӕууӕнкӕй байдзаг кӕн дӕ цагъд.

Ӕз дӕр ӕй зонын – тынг тыхст ысты адӕм.
Фӕлӕ… Кӕс-ма, куыд тынг фидауы мӕй!
Зӕрин фӕрдыгӕй балы уӕхскыл бады
Ӕмӕ рӕвдыд у уарзт ӕмӕ сӕнттӕй.

Ды та, мӕ фӕндыр, сагъӕсагур зилыс…
Ныууадз!.. Фӕлтау ӕмыр-ӕдзӕмӕй бад,
Кӕнӕ та амонд сахуыр кӕн дӕхиуыл, –
Уӕдӕ ӕндӕр цӕмӕн хъӕуы нӕ зард?

 

* * *

Диссаг у, ӕцӕгӕй дӕр, нӕ конд,
Иу дӕр нӕ ӕндӕры цард нӕ быхсы.
Кӕд тӕхӕм нӕ хъуыдыты бӕрзонд,
Стӕм уӕддӕр зӕххон – ӕмӕ нӕ тыхсӕм.

Чи нӕ кӕны искӕй зардӕн аргъ?
Чи нымайы искӕй уарзт хуыздӕрыл?
Афтӕмӕй та нӕу нӕ фӕндаг даргъ,
Иу дӕр нӕ уӕлдай фылдӕр нӕ цӕры.

Фӕлӕ не стӕм хибар ӕмӕ гом,
Абон та уӕлдай ыздыхт у Рӕстӕг.
Чи нӕ у йӕ уды раз ӕргом?
Чи тыхсы ӕцӕгӕй дӕр йӕ бӕстыл?

Сахуыр ыстӕм хи сайын ӕрмӕст,
Афтӕмӕй нӕхи уд дӕр нӕ зонӕм.
Ӕмӕ къахӕм Рӕстӕгӕн йӕ цӕст,
Адӕмӕй та галы бузныг домӕм.

Ӕмӕ нӕу зыдӕй уӕлдӕр нӕ зонд,
Сабийау хӕлафы къахы стыхсӕм.
Диссаг у, ӕцӕгӕй дӕр, нӕ конд:
Иу дӕр нӕ ӕндӕры цард нӕ быхсы.

Цӕр, мӕ фӕндыр! Ӕмӕ ма кӕн хъаст,
Ма бауадз къӕм абадын дӕ зардыл.
Кӕд тыхст дӕ. Кӕд тынг ыстыхджын маст,
Зар уӕддӕр – лӕджы фарн ӕмӕ цардыл.

* * *

Цӕуынц ӕмӕ цӕуынц мӕ удӕфцӕгыл азтӕ…
Фӕлӕ нырмадӕр нӕй мӕ сагъӕстӕн кӕрон.
Ӕмӕ ӕцӕг, мӕ хур, бынтон сабыр куыд уон,
Куынӕуал у мӕ уд бынтон разы дӕ кастӕй?..

Нӕ, никуы уыди загъд, Хуыцауыстӕн,
нӕ астӕу,
Фӕлӕ нӕ уарзт дӕр уыд, ӕппынфӕстаг, зӕххон.
Ӕрмынӕг ныр йӕ рухс… Фӕцыбырдӕр и бон,
Ӕмӕ нын рис нӕ тых ӕнӕнхъӕлӕджы байста.

Куыд кӕнгӕ у мӕнӕн, кӕм бамбӕхсон мӕ сӕр?..
Ӕви та ногӕй, цӕй, ӕрымысон Хуыцауы?..
Фӕлӕ йӕ пайда нӕу йӕ тухитӕй фылдӕр.
Ӕмӕ лӕууын – ӕдзӕм. Мӕ дзыхӕй дзырд
нӕ хауы.
Ныууагътон цард ӕд уарзт мӕ фӕсчъылдым
кӕмдӕр,
Ӕмӕ мын хойы уад ӕнӕвгъауӕй мӕ науы…

 

* * *

Кӕс-ма, куыд сонт у бон, кӕс-ма,
куыд сӕрра Рӕстӕг!..
Ӕниу, кӕд уыд лӕгӕн йӕ лыскъ зӕрдӕ ӕххӕст?!
Цӕуы лӕбургӕ цард, нӕ цӕссыгтӕй –
ӕфсӕст,
Ӕмӕ лӕсы хъынцъым, сымсымгӕнгӕ,
йӕ фӕстӕ…

Ныр дӕр та нал и уарзт, мӕ фыдӕнӕн,
йӕ цӕсты.
Йӕ зылын къухӕй бон лӕджы удыл фӕхӕст.
Мӕ хъуыдытӕ – хӕццӕ, мӕ развӕндаг –
ызмӕст,
Ӕмӕ хӕссы дӕу дӕр мӕ зӕрдӕйӕн
йӕ фӕрсты.

Фӕлӕ кӕд уыд, зӕгъ-ма,
лӕджы фӕндон йӕ нау?..
Цӕмӕн кӕныс, зӕгъ-ма,
дӕ рухс зӕрдӕйыл саутӕ?
Ныууадз, мӕ хур, ды дӕр дӕ хъуырдухӕн
мӕнау.

Фӕлтау ыссар бынат дӕ уадултыл мӕ батӕн.
Кӕд бахуыскъ и Рӕстад, кӕд сӕрра и Хуыцау,
Уӕд цас диссаг у, цӕй, нӕ зӕрдӕтӕн сӕ катай?!

 

* * *

Мӕ сӕфт цӕстырухс, ма мӕ фӕрс мӕ цардӕй:
Кӕд нӕ уыд лӕг йӕ хъуыддӕгтӕй мӕтаг?!
Нырма ысты мӕ мысинӕгтӕ фаг,
Фӕлӕ мӕм катай бавнӕлдта йӕ сартӕй.

Кӕсын фылдӕрхатт адӕммӕ ӕнкъардӕй,
Мӕ зӕрдӕ у сӕ гӕвз удтӕй хъӕхъхъаг.
Кӕсы мӕм цард ӕнад ӕмӕ ӕлгъаг,
Уӕлдайдӕр ныр, куы мӕ фӕлыгъдтӕ дардмӕ.

Фӕлӕ уӕддӕр… Цы йӕ ‘мбӕхсон дӕуӕй?
Зӕгъгӕ мӕ исчи бафарста дӕ уарзтӕй,
Уӕд ын фӕзӕгъын: «Диссаг у, уӕллӕй!»

Мӕхӕдӕг дӕр фӕцырд вӕййын мӕ хъазтӕй
Ӕмӕ улӕфын цин ӕмӕ ныфсӕй,
Цыма лӕууын ӕмӕлӕтӕн йӕ астӕу.

* * *

Ысраст и мӕ астӕу,
Мӕ цӕстысыг айсыст:
Кӕцӕйдӕр мӕм тарӕй
Ирон зард ӕрбайхъуыст.

Фӕджихау дӕн исдуг –
Кӕд ауад мӕ хъустыл?
Нӕ хъӕуы ирон лӕг
Ӕнафон цы кусы?..

Мыййаг, кӕд фын уынын?
Ныссагъдтӕн та сӕнтты?
Кӕд тары нӕ дугау
Фӕкуыддӕр и сӕрд дӕр?

Фӕгӕпп ластон сонтӕй,
Мӕ иунӕгмӕ дзурын:
«Ӕрцӕттӕ кӕн тагъддӕр
Къӕбӕр ӕмӕ дурын.

Дӕ былтӕ мыл ма къуыр,
Стӕй, ферох дӕн, ма зӕгъ,
Ӕрцӕуы мӕм, заргӕ,
Ирыстонӕй уазӕг.

Фӕсид мын Хуыцаумӕ,
Стӕй Уарзты дӕр раздах.
Мӕ удӕн мын ингӕн
Ӕгӕр раджы ма къах.

Ныфсæй уа, æхсарæй –
Æрхон сæ фæстæмæ!» –
Мæхæдæг тыхстхуызæй
Фæцырд дæн æддæмæ.

Лæууын æмæ хъусын…
Æрхуым мыл ныйичъи.
Кæсын – æмæ æхсæв,
Кæсын – æмæ ничи.

Кæсын – æмæ мæнæ
Хæрз сидзæрæй тары
Сæрибары зарæг
Мæхи зæрдæ зары.