КОКОЙТЫ Эльзæ

ÆМÆ… ЦЫ?

Цæуылнæ кæнай ныр
Рæсугъд ныхæстæ?
Фæлæ…
Зæгъ, чи дæ? –
Рувæстæн сæ бодз?
Куы калдта Хуссар
Тугимæ йæ рондз,
Уæд ды фæлыгъдтæ,
Ахъуызыдтæ хæстæй.

Ныр æрыздæхтæ бæгуылæгау.
‘Мæ цы?!.
Мæкъуылæгау
Нысхъæл кæныс дæ сæр…
Æппын куыннæ кæныс æфсæрмы:
Æз дæр, дам, дæн æхсæны лæг,
Æхсæны,
Аллон-биллоны сахъ фыртты
Æмсæрæн!
‘Мæ цы?!

Дæ «цæст сау» ма дын
Иу хорз лæг зæгъæд,
Кæд хорз лæг у, бæгуы лæг у,
Кæд, уæд?
‘Мæ цы?!
Дыууæ уæхскæн дыууæ сæры
Нæ вæййы…

 

КУРЫН, МА КÆН ÆНКЪАРД

(Женяйæн)

Курын, ма кæн æнкъард,
Ды куы рцæуыс хъæмæ.
Кæс, куыд рæсугъд у цард,
Хур куыд калы тæмæн.

Ды куы вæййыс æнкъард,
Уæд мæ зæрдæ хъæрзы.
Де знæт цæссыгты тагъд
Уæд, мæ хъару хæссы!

Зонын, нал ис Гыцци,
Æмæ суазал нæ къæс.
‘Мæ нæ уалдзыгон цин
Мигъ-ахсты бын нымбæхст!

Уæддæр ма кæн æнкъард,
О, мæ рæсугьд хо, цæй!
Зон, кæсы нæм нæ мад
Уæлæ арвы тыгъдæй.

Пецы бакæнæм арт,
Уадз, æрттива йæ зынг!
‘Мæ йæ фæлмæн хæрзад
Сафа зæрдæты хъыг.

Рахæсс фынгмæ къæбæр,
Цæхх, бæгæныйы къус.
Ам – нæ цинты къæсæр,
Ам – нæ артдзæсты рухс.

Ам – Гыццийы хъæлæс,
Ам – йæ рæвдаугæ ‘нгас.
Ам – йæ къахдзæфты уад,
Ам – йæ узæлд, йæ уарзт!

Курын, ма кæн æнкъард,
Ды куы рцæуыс хъæмæ,
Кæс, куыд рæсугъд у цард,
Хур куыд калы тæмæн

 

УАЛДЗЫГОН РАЙСОМ

Уалдзæг йæ хæрдгæ хæрздæфæй
Байдзаг кодта æппæт.
Æмæ зымæджы бæхæн
Нал – йæ кой, нал – йæ фæд.

Бахста уæлдæфы базмæ
Уалдзæг й’ арвгъуыз тæмæн,
Æмæ зымæджы карзæй,
Нал аззади фæлм дæр.

Дуне ивы йæ хæлур,
Ирддзæст къуыбыр ысзынд.
Бур мыдыбындз мыдагур
Ысзыд!

Уалдзæг, уалдзæг! Дæ хуызтæ
Чи фæуыдзæн нымад?
Уалдзæг, уарзты рæхыс дæ!
Уалдзæг – дидинты Мад!

 

* * *

Зымæгон цъæх ирдгæ
Йæ уазал фæрсудзы.
Дæ ныхæсты судзаг
Мæ зæрдæйы судзы.

Цы марг у, цы хъæстæ?
Мæ уд дзы куыд дуды?!
Дæ хиндзæст цæстæнгас
Мæ чъылдыммæ худы.

Цхæх-ихсалд фæндаг мын
Мæ уæраг æрхæссы.
Пыхцыл миты тъыфыл,
Мæ былтыл нæ тæфсы.

Зымæгон цъæх уазал
Йæ ихтæ фæрсудзы.
Йæ их нывтæй байдзаг,
Мæ зæрдæйы рудзынг!..

…Цъæх-ихсалд, бырынцъаг
Фæндаг мæ фæсайы.
Ивазын хъуырыцъар
Лæгъстæйæ!..
Ды…
Райыс!

 

ЛÆППУЙЫ ФЫСТÆГ

Ты и раньше приходила нескоро,
А вот, не пришла и совсем.
Николай РУБЦОВ

…Афтид перрон!..
Нæ, не ‘рцыдтæ ды.
Ме ‘нхъæлмæ каст уыд уæгъды.
Цымæ айста йæ уæлныхты мæн
Фурд æрдæгсаст бæлæгъыл,
Афтæ бавнæлта
Зæрдæмæ маст
Знæт æнгуылдзысты цыргъ ныхтæй.
Цымæ, абухггæ фурды фæхаст,
Саст бæлæгъы пырхытæм.

Фонт!
Нæ базыдтай ме ууæнкæн аргъ.
Мæн, куыд фæндыд
Дæу уарзын?!.
Ныр ныххастай мæ риумæ цыргъаг.
Зæгъ, цæмæн уыд
Нæ базынд?!.

…О, цы ууæнкæй дыл
Баууæндыд уд?..
Уыд зæдæнгас дæ бакаст!
Ныр?
Дæ мæнгард мын
Карды цæф у, –
Риу йæ астæуыл афаст!..

…Афтид перрон!..
Нæ, не ‘рцыдтæ ды,
Ме ‘нхъæлмæкаст уыд уæгъды.
Цымæ айста йæ уæлныхты мæн
Фурд æрдæгсаст бæлæгъыл.

ИППÆРД БÆЛЦЦОНЫ БОНЫГÆЙ

Мæ аходæны хус къæбæр
Æхсынын дæр нæ куымдта.
Ныббар, кæд та мæ ме ‘вæрæз
Дæ къæсæрмæ æрхуыдта!

Æнæмбæрст мын мыййаг, нæ уыд;
Мæхицæй дæ æфхæрын.
Мæ бахызт, ме сныхас, мæ уынд!
Дæ хъарм дзулæй кæй хæрын.

Ныббар! Ныббар! Ызнæт къавда
Куыд нал æнцад йæ уардæй?
Æмæ та дын дæ тыргъы дуар
Кæй бахостон мæ армæй.

…Дæ тар фæкаст, дæ саст ныхас
Мæн тары малмæ здæхта.
Тыхкъæвда здыхст, тæлфыд, нæрыд
Цæсты гагуыйæ ставддæр!..

 

ФÆНДЫДИС МÆ

Фæндыдис мæ,
Хæрам нæ астæу ма уа,
Нæ хæлардзинад
Адджын æмæ даргъ уа.
Æмæ нывæстон
Урс-цъæх нывтæй аргъау.
Фæлæ…
Фæтахт мæ цъæхдзæст аргъау
Маргъау!
Фæтахт мæнæй,
Цæмæй
Мæнæн æнкъард уа,
Цъæх уалдзæг нæ –
Мæ цардыуаг зымæг уа.
Мæн та?
Мæн та фæндыд,
Нæ хæлæрдзинад даргъ уа
Нæ уарзт нæ удтæн
Кувæндон уа,
Аргъуан…

* * *
Зымæгон бон йæ сындз уазал луары,
Бæгънæг бæлæсты цæнгтыл мит æрбадт.
Зынг-хур йæ буц цæст тар мигъты бын дары,
Æмæ та ‘рынкъард хохаг хъæуы цард!

Фæйнæрдæм тымыгъ мит-хъæпæнтæ тауы,
Къуыззит кæны йæ зæрдæйы фæндон,
Йæхицæн иу æрлæууæн дон нæ ары,
Фыдных тымыгъ æгæнон у, уæндон!

Æмæ мын ме знæт зæрдæмæ æфтауы
Йæ сындз уазал, æнахуыр сагъæс, мæт.
Зымæгон арв нæ, нал зоны фæллайын
Æмæ нымбæрзта хъæуæй-хъæумæ фæд.

Æз, салд авгæй мæ цæст æддæмæ дарын,
Фæлæ у митæй иууылдæр æхгæд.
Цæмæ дзы кæсын уæд? Цы хæрзæг дзы æнхъæлын?
Мыййаг, куы нæ фæзындзынæ ды, уæд?..

* * *

Къæвда уары. Тар лæбыры,
Дымгæ фæрсæгтæ цæвы
Æмæ йе знæт тарст хъæрзынæй
‘Фтауы ‘нахуыр рыст лæгыл.

Æз нымдзаст дæн талынг авгæй,
Зæрдæйæн ыстынг йæ рыст.
Уыцы сонт дымгæйы уадæй
Дардæй мæм дæ хъæлæс хъуыст.

Уым, цыргътигъджын хæхты сæрмæ
Суагъта арв зынгкалгæ фат.
‘Мæ йæ æрттиваг цæхæрмæ
Цæстытыл дæ фæлгонц уад…

 

* * *

Тырнынц уæззау мигътæ æргъæвстæй,
Сæ буар та къуымбилау фист.
Мæнг фæд ма аззайы сæ фæстæ,
Кæны сыл урс дымгæ æхситт.

Уым хъæдæй иунæг бирæгъ ниуы,
Фæиппæрд йе ‘мгæрттæй, мæгуырæг.
Ыстых ыл йе ‘вæрæз, йæхиуыл
Кæуы. Ныффæсус и йæ хъуыр.

Ныффæлдæхт арф миты, ныргъæвсти,
Нæ йын у йе ‘ххориаг æгъгъæд,
Йæ бирæгъ цæстыты цы мæт ис,
Гъе уый кæд чи бамбæрста, кæд?!

…Æмæ кæд бонмæ нал ис бирæ,
Кæд арв æрбацъæх уыдзæн тагъд,
Кæуы уæддæр йæхиуыл бирæгъ, –
Нæмы йæ ‘науæрдонæй цард!..