КЪУДУХТЫ Маринæ

УАЛДЗÆГ ИРЫСТОНЫ

Уалдзæджы уддзæф æнцойад æрхаста,
Хурæфсæст дидинтæ ауагътой тау,
Арвыл бæрзонд мигъты дымгæ фæхаста –
Ахæм рæсугъд фæзтæм чи ‘рхæсдзæн фау?

Хуры рæдау тынтæй зæхх дæр фæцъæхтæ,
Малусæг буцæй ысдардта йæ сæр.
Ирыл та цины зард бакодтой мæргътæ,
Сабитæн хъæлдзæгæй хъуысы сæ хъæр.

 

НАЛ АГУЫРДТОН УАРЗТ

Æз цардæй нал агуырдтон уарзт,
Цъæх арвыл аныгуылд ыстъалы.
Ныхгæдтон рухс бæллицтыл маст…
Æмæ ныххуыдуг дæн сæ малы.

Æз цардæй нал агуырдтон уарзт,
Æнæ дæу сау æндæрг уыд райсом.
Фæлæ зæрин хурау  æваст
Йæ тынтæ анывæзта амонд.

Мæ цардæй нал агуырдтон уарзт,
Æнхъæлдтон амонды хур акъул…
Мæ хъысмæт у ныр демæ баст,
Мæ зæрдæ уалдзæгимæ райхъал.

 

* * *

Тæхуды дæ цæстыты тæмæн,
Тæхуды дæ цæстыты ´рттывд…
Æз бахаудтæн абон сæ уацар,
Фæсырдтой мын дардмæ мæ хъыг.

Куы фехъусис, оххай, тæхуды,
Мæ риуæй мæ уды хъæрзын.
Куы зонис, дæ иунæг фæхудт мын
Куыд фæсуры дардмæ мæ зын.

Дæ фарсмæ мæ цард у цъæх уалдзæг,
Ды иунæг мæ цин дæ, мæ бон.
Æнустæм ныр ирд тæмæн калдзæн
Нæ уарзты сыгъзæрин дыргъдон.