МЫРТАЗТЫ Барис

АКЪОППЫТÆ

Кавказæй ныгуылæн бæстæтæм
Салдатæй фæцыдтæн æз дæр.
Ныр акæсын Ирæй фæстæрдæм:

Мæ цæстытыл уайы ыстæр,
Ыстæрты нæ хæстон хæдзæрттæ –
Акъоппытæ, уым та – фæлтæр…

Зæххы къори фестад хæцæнтæ –
Акъоппытæй байдзаг йæ буар.
Мæнæн дæр уым цас уыд «хæдзæрттæ» –

Акъоппытæ… Цу мæ сæ ссар!
Уыдысты мæ хъавæн, мæ уарт,
Мæлæтæй фæхызтой дæ фырты.

Акъоппытæ, цымæ, цы фестут?
Уæ бынæтты байрайæд цард!
Акъоппытæ, дидинæг фестут!
Уæ номæй фæхæрдзынæн ард!