Наталья КУЛИЧЕНКО

РАЙСОМЫ ХÆРЗСЫГЪДÆГ РУХС

Поэт, тæлмацгæнæг, журналист, библиотекæйы кусæг, Уæрæсейы профессионалон литераторты цæдисы уæнг Наталья Куличенко чингуытæ æмæ поэзиимæ йæ цард сбаста, йæхи зонынхъом куы фæци, уæдæй фæстæмæ. Йæ мысинæгты куыд зæгъы, афтæмæй йыл авд азы куы цыд, уæд сæ хæдзары ссардта йæ мады боныг. Уым алыхуызон æмдзæвгæтимæ уыд сæрмагондæй йæ мадæн фыст æмдзæвгæйы рæнхъытæ. Сæ автор – поэт Боциты Юри. Чызджы зæрдæмæ фæцыдысты, æмæ йæхæдæг дæр фæлварын райдыдта æмдзæвгæтæ фыссын.

Æнафонтæм-иу баззад фыссæн стъолы уæлхъус. Уый тыхсын кодта йæ ныййарæджы, æмæ йæ нал уагъта æхсæвыгæтты бадын. Фæлæ саби нæ саст, сусæгæй дарддæр архайдта поэзийы йæхи фæндæгтæ агурыныл.
Иубон æй йæ мад акодта йе ‘мдзæвгæтимæ редакцимæ. Уым фембæлдысты Боциты Юри æмæ йе ‘мбал Хæблиаты Сафаримæ. Мад сæм равдыста æмдзæвгæтæ. Йæхинымæр та хъуыды кодта, кæд ын ацы хистæртæ зæгъиккой, нæ бæззынц, зæгъгæ, æмæ ныууадзид йæ дзæгъæлы фыдæбон. Редакцийы кусджытæ бакастысты æмдзæвгæтæ, загътой, хорз кæй сты, æмæ йæ дарддæр фыссын кæй хъæуы.

«Уæдæй фæстæмæ мæ мæ мад никуыуал бакъуылымпы кодта. Сæрмагондæй æмдзæвгæ фыссыныл никуы æрбадтæн, фæлæ-иу мæ хъуыдыйы, мæ зæрдæйы цы фæзынд, уый-иу уайтагъд афыстон». Афтæ райгуырд йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгонд «Акварельки», йæ фæстæ – «Провинциальная сюита», «Белый ангел над Россией» æмæ æндæртæ. Куыдфæстæмæ ирдæй-ирддæрæй хæлд Натальяйы курдиат.

Ирон æвзагæй уырыссагмæ ратæлмац кодта Джусойты Нафийы, Хъазиты Мелитоны, Хохойты Энверы, Дыгъуызты Тенгизы, Хетæгкаты Оксанæйы, Бызыккаты Земфирæйы, Габолаты Зауырбеджы, Касаты Асланы, Баситы Зæлинæйы уацмыстæ.

Наталья у республикæйы Национ наукон чиныгдоны поэтикон къорд «Чай клуб»-ы разамонæг. Ам æрбамбырд кæны фæсивæды, æмæ уыдон фæкæсынц сæ ног æмдзæвгæтæ, поэзийы рæсугъд æнкъарæнтæй агурынц фæндæгтæ царды бæрзæндтæм.

Æрæджы нæ республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло Наталья Куличенкойы схорзæхджын кодта РЦИ-Аланийы Адæмон поэты номæй.

Абон Наталья у «Мах дуг»-ы уазæг.

ДЕ ‘РВХУЫЗ ЦÆСТЫТÆМ
АРВ ДÆР БÆЛЛЫД

* * *

Хъæуы мæ æрмæстдæр цардæй
Быдырты цъæх, арвы тар,
Мæ зæххон фæндаг – рæстадæй,
Æмбæлццонæй – хорз хæлар.

Зæрдæргомæй бон æрвитын,
Зæххон цардæн аргъ кæнын.
Дæ фæндырæй рухсмæ сидын,
Дæ уды фæллой дæттын.

Æхцатæ, нæмттæ, цыбæллаг, –
Фæтар уыдзысты фынау.
Уæд размæ æдзух мæ фæндаг,
Уæд ме ‘ххуысгæнæг Хуыцау!

* * *

Батайдзæн мыдадз цырагъау ирд бон,
‘Хсæв уыдзæн мæйдар æмæ æнкъард.
Нæй æнæ дæу ‘нцойад мын, мæ уарзон,
Уазал æмæ афтид у мæ уат.

Тар хæдзæрттæ арæнхъ сты уынджы,
Бæлæсты сыбар-сыбур кæмдæр…
Ды уыдтæ мæ рухс зарæг мæ хъыджы,
Хурджын уарын, уалдзыгон цæхæр.

Даргъ æхсæвы баргъæвсти мæ зæрдæ,
Дымгæтæ æрбахастой фæсмон.
Баззайдзысты рохуаты мæ фæндтæ,
Ме ‘мдзæвгæты нал уыдзæн дæ ном…

 

* * *

Ныр батæ кæнынæн дын нал ис бартæ –
Кæд нал уыдзæн иумæйаг ныр нæ фæндаг.
Ныр маргхъæстæ фестадысты мæ батæ,
Уæззау сты хæцгæ низау, стæй мæлæтдзаг.

Ды фестдзынæ ‘нкъарæнты зилгæуады,
Дæ зонд, стæй дæ хъарутæй цух уыдзынæ.
Нæ уыдзæнис ирвæзæн хос дын царды,
Мæ батæй лæмæгъ, стæй æдых кæндзынæ.

Ныгъуылдзынæ донычызджыты малы,
Йæ æрфытæм бахаудзынæ æнцонæй.
Кæлæны нозт де ‘рбацыдмæ æз дарын,
Ысфыхтон æй моймар æмæ скъæлдзойæ.

Мæ зæрдæйы сагъæстæ дын æдзухæй
Кæнын æз дыууадæстæнон фæндырæй.
Æз арæзт дæн хуры æгæрон рухсæй,
Дæн арæзт мæйдары тæссаг æмырæй.

Ды судздзынæ мемæ уæлмонцы арты,
Дæ ивгъуыд æвиппайды рох æрцæудзæн.
Дæ раздæры иунæг æрхæндæг царды
Æнцойад дын иу уысммæ дæр нæ уыдзæн.

 

* * *

Уарз сæруæлдайæ, мæ иунæг,
Бонæй-бон фылдæр!
Æз дæ зæрдæйæн – йæ уидаг,
Æз – йæ ирд цæхæр.

Ивгъуд, фидæн æмæ абон –
‘Рмæстдæр демæ баст.
Ды мæ фарсмæ дæ, мæ уарзон,
Тавы мæ дæ уарзт.
Алцыдæр цæуы йæ рады,
Скæнæджы фæндæй.
Зонын æз бæлвырдæй: царды
‘Нæнхъæлдзинад нæй.

ÆХСÆВ ДЕКАБРЫ МÆЙЫ
Бур цыхтау ахсæв – мæй,
Арвыл ыстъалы нæй.
Буц у сыгъдæг фынтæй
Уаты нæ цъæхдзаст фырт.
Горæт цырæгътæй – дзаг.
Арвы тыгъдад – зæлдаг.
Царды нын – иу фæндаг,
Уарзты зынгæй рæвдыд.

Зынаргъ мын дæ къухтæ, зынаргъ мын дæ былтæ…
Æнæ дæу æнцойад нæ уыди æппындæр.
Мæ зæрдæ дæ фарсмæ у буц æмæ райгонд!
Æз курын Хуыцауæй нæ иумæйаг амонд…

Тохынайы – ирд цæхæр.
Бафынæй дæ ды дæр.
Сусæгæй ма кæмдæр
Тарст мыст хыртт-хыртт кæны.
Цас цин дæттыс мын, цас!
Уарзын дæ къухты тавс.
Де ‘рвхуыз цæстыты ‘нгас
‘Нус мæ уынын фæнды.

Зынаргъ мын дæ къухтæ, зынаргъ мын дæ былтæ…
Æнæ дæу æнцойад нæ уыди æппындæр.
Мæ зæрдæ дæ фарсмæ у буц æмæ райгонд!
Æз курын Хуыцауæй нæ иумæйаг амонд…

Тауæд йæ мит зымæг,
Дымгæ тæхæд цæрдæг.
‘Рбахъуызæд мигъ хæстæг, –
Нал кæнын æз æнкъард.
Зары мæ рухс зæрдæ,
Зарæджы уд æз дæн,
Зарæджы цин ды дæ.
Амонд хæссы нын цард.

Зынаргъ мын дæ къухтæ, зынаргъ мын дæ былтæ…
Æнæ дæу æнцойад нæ уыди æппындæр.
Мæ зæрдæ дæ фарсмæ у буц æмæ райгонд!
Æз курын Хуыцауæй нæ иумæйаг амонд…

 

* * *

Куы бауадзай дæ зæрдæмæ æфхæрд,
Мæйдар æхсæвау фестдзæн ирд бон уæд.
Мынæг кæндзæни хуры рухс цæхæр,
Æмбæхсдзæнис цъæх мигъты ‘хсæн кæмдæр.
Куы ныххизы зæрдæйы арфмæ тар,
Уæд нал фæхъуысы мæргъты хъæлдзæг зард.
Уæд сидзæр зæрдæ баргъæвсы æваст,
Уæд бахæры йæ, басудзы йæ маст.
Æмæ æдзух, мæ хур, дæ зæрдыл дар:
Дæ удмæ ‘фхæрдæн мæкуы гом кæн дуар.

Ирон æвзагмæ БАСИТЫ Зæлинæйы тæлмац