ПЛИТЫ Грис

ХÆЦÆНЫ

Ныммæйдар хæцæн æмæ мигъы
Ныссабыр рох ингæнау раст,
Æрмæст ма сыгъд бæласы хихыл
Фæцæуы тарст сынты цъæхахст.
Мæ хур, кæд никуыма фæтарстæн
Нырма мæлæты раз, уæддæр
Ныр ам æнæнцой сынты уастæй
Мæ зæрдæ баризы куыддæр…

Фæсабыр хæст, фæхъус йæ дымгæ,
Фæлæ та бон куы скæса, уæд
Цæрæццаг адæмты кæрдынмæ
Йæ цæвæг райсдзæни мæлæт.
Кæндзæн уым бирæ къона уазал,
Уым бирæ фиддзысты сæ хæс…
Æлгъыстæй зындоны дзыназа,
Цы лæг æрымысыди хæст!..

Бон арвыл йе ‘нкъард балц куы фæци,
Уæдæй фæстæмæ мах тæссаг
Нысанæн агурæм кæрæдзи –
Æз æмæ сау фыдзæрдæ знаг.
Кæй хал нæ схаудзæн – чи йæ ‘мбары?
Кæй мард нæ не ссардзæн ингæн?
Йæхи гæрзифтонг алчи дары:
Æз уый нысан дæн, уый та – мæн.

Мæлын та иуы дæр нæ фæнды,
Фæлæ æрцыд æппæрст нæ хал…
Ныр махæй алчи дæр нывæнды
Йæ зæрды иннæмæн адзал:
Уый сласта кард, æз – ме ссад хъама,
Нæ иу ныр нал фæцæудзæн дард…
Уынгæг тох ралæууыди, – хъуамæ
Нæ иуæн аскъуыйа йæ цард.

Æмæ ныммæйдар хæцæн мигъы,
Ныссабыр рох ингæнау раст.
Æрмæст ма сыгъд бæласы хихыл
Фæцæуы тарст сынты цъæхахст.

 

* * *

Бон ирд кæны. Рæхджы – атакæ…
О рæстæг, иуцъус-ма фæлæуу!
Салдаты цард цыбыртæ ма кæ,
Уæддæр уый ахæм даргъ куы нæу!..
Салдат… Хъæлдзæг хуызы дæхиуыл
Бæргæ ныххæцыс, фæлæ кæм!
Фæрчытæ хауы зæрдæ риуы:
Рæхджы уынгæг бырсты цæуæм…

Мæ хур, сæттын дын ыл æргомæй,
Мæ туг-хъæдгæмттæй ард хæрын:
Нырма мæм ацы уынгæг бонæй
Рæсугъддæр никуы каст цæрын!
Фæлæ фæстæмæ здæхгæ нал у
Мæлæтдзаг, цардарæн хæстæй:
Нæ иуæн туджы ‘хсидгæ малы
Æнæ фæхуыдуггæнгæ нæй.

Куынæ ныххурх кæнæм æрмхæсты
Цыфыддæр сау знаджы, уæд нын
Нæхи ныххурх кæна нæ бæстæ?
Цæрдудæй бакомон сæттын?
Мæ басаст айхъуыса хæцæнæй? –
Фæлтау, куыдфæнды дæр мæ ‘фхæр,
Фæстæмæ раздæхæн кæцæй нæй,
Раст уырдæм ахауæд мæ сæр!

Хатыр нæй ацы хæсты, хъуамæ
Фæуа быныскъуыд не знаг тагъд.
Мæ фæдыл чи зылд дысон, – хъама
Йæ риуы фистонмæ ныссагъд.
Тыхджын уыд сау æлгъыст, нæ састи.
Фæлæ йæ нал бахъуыди сынт:
Лæгмæ цы сырд цæстытæй касти,
Ныр уыдон уартæ къахы сынт…

Йæ сæфтæй бафтдзынæн æз цардыл.
Мæ къух уæлахизыл фæхæст…
Æнусмæ арфæйаг уа, бартыл
Цы лæг æрымысыди хæст!
Ныррызти зæхх… Бырсынц æнгомæй
Нæ хæстæфхæрд бæсты цæуæт, –
Сæ фарсмæ слæууыдтæн дæ номæй,
Мæ Ир, æмæ дæ ма уæд мæт:

Мæнæй нæ уыдзынæ къæмдзæстыг,
Сыгъдæг у ме ‘фсæддон цæсгом,
Æгад нæ фæкæндзынæн хæсты
Рæсугъд ирон дзыллæйы ном.

1942 аз