ПЛИТЫ Хадо

ЗЫНАРГЪ ХЪÆБУЛ ДÆ ИРÆН

Тæбæхсæуты Балойæн

Цытæн дын дидинджытæ радтам,
Хæдæфсарм, Адæмон артист.
Дæумæ цы уарзондзинад дарæм,
Кæрон та уымæн ныр кæм ис!

Дæ герой-иу куыд вæййы царды,
Уый афтæ алчидæр уыны:
Йæ зынты, цинты-иу куыд арт уыд,
Дæ хъазтæй махмæ уый зыны.

Уадз, мавр нæм иронау дзурæд!
Зынаргъ у хохбæстæн Шекспир.
Уынæм Отеллойæн йæ сурæт,
Йæ раст зæрдæйæ буц у Ир.

Ды, Лиры хъазгæйæ, куы згъалыс
Фыр мæстæй судзаггаг цæссыг,
Уæд нын нæ зæрдæтæ куы халыс,
Мæрдджынау-иу фæкæнæм хъыг.

Цытæн дын дидинджытæ радтам,
О, номдзыд,
Адæмон артист!
Дæумæ цы уарзондзинад дарæм,
Кæрон та уымæн ныр кæм ис!