РÆМОНТЫ Геор

       ÆВДАДЗ

* * *

Мæ фыдцардыл нæ дзурын,
Хъаймæт мæм уый нæ кæсы…
Уынын: рыгъд-къæдзæй дурыл
Бæрзы тала дæр рæзы…

Зын у, æмбарын, бæрзæн,
Фæлæ хæсдзынæн дисæн, –
Æвæрæзæй дæр рæзæн
Кæй ис, уым бæрз – æвдисæн.

 

* * *

Ч.Ф.

Кæныс мæ бардуагау æууæндын,
Фæдзæхсыс мæ – цы амал ис:
Цыма ныллæууынæй мæ фæндыл
Дæ хæрзтæ доны бакалис…

Дæ фидауцæй кæй уд фæхъæстæ,
Хæрам нæй уымæй разынæн;
Цы доны бакалис дæ хæрзтæ,
Æвдадз уаид уый нуазынæн.

2012

 

* * *

О, диссагдæр цы фенæн и нæ цардæй ма!
Куы урс, куы сырх, куы саухъулон – йæ хуыз:
Куыдзы хъуыды дæ кæм нæ кæны адæймаг,
Кæм дæ æмбары адæймагау куыдз.

2016

 

БÆЛВЫРД ЦЫ ЗОНЫН, УЫЙ ЗÆГЪЫН, ХУЫЦАУЫСТÆН

ЧЫЗДЖЫ ДЗУАПП

Уындæй бæргæ дæ, хорз лæппу, æххæст,
О, фæлæ сæрæн фердæхтæй цух:
Æрæвæрдтон дæ фидауцыл мæ цæст,
Исын дыл, мæгуыр кæй дæ, – мæ къух.

 

* * *
Раст цыма бæзæрхыг Дзиу къæдзæх у, –
Йæ урс хилмæ уæнгвидарæй фæцард.
Галы фых сæр фенгæйæ, фæзæгъы:
– Сæр дæ, мæнæй уый, бахъуыд æмæ кард.

 

КОЗБАУГÆНÆГ

Æрвылбон нын хъæрзы йæ синтæй, мах
Хъусæм уый, нæхи хæссæм ыл худынæй:
Уæргътæ хæссынæй не схауди йæ рагъ, –
Хицæутты уæззау къæхты бын тулынæй.

 

ДЫУУÆ ГРАФОМАНЫ

– Дæ ног романы цард æвдисыс арфдæр,
О, уый дæуæн – ыстыр ысгуыхт, æфсымæр!
Козбау кæнын нæу диссаг, фæлæ афтæ
У иу графомаг иннæмæй ныфсæвæрд.

2014

 

ХЪÆЗДЫГ БИНОНТÆ

Ныззылдтой ног галуан æрæджы.
«Джипп», «Лексус»… Бирæ ʼхца – æрмæджы.
Хæлиу ныллæууыдысты, хиу, –
Сæ фæдыл иу рыгъд саби, иу.

 

* * *

Зæгъын: «фæци мæ цард».
Фæлæ цæуыл – мæ дис:
Куы уаин иугæр мард,
Куыд ма æнкъарин рис?!

 

ДЫУУÆРÆНХЪОНТÆ

 

* * *

Бон дæр райхъал, уарзт дæр райхъал, –
Де ʼрфгуытæн ма сеʼ лхынцъ райхал…

 

* * *

Бæлвырд цы зонын, уый зæгъын, хуыцауыстæн:
фæцæрын мын адзалы бонмæ бантысдзæн.

 

ЦАРДУАРЗÆГ

Æрвылаз йæ дыргъдоны талатæ сагъта.
Мæрдтæй дæр сызгъæрин талатæ суагъта.