РАГБОНТЫ УАРЗТ ӔМӔ ХЪЫГ
ЦӔМӔЙ ХӔХБӔСТЫ
МА БАХУЫСКЪ УА ЦАРД
Дӕн тихалӕг стыр ӕрдзы хъӕбысы.
Хъызт дымгӕтӕм ӕз байдайын ӕхситт.
Ӕрмӕст мӕ ирдгӕ уый тыххӕй фӕузы, –
Фыды уӕзӕгыл рацӕуа мӕ хид.
Цӕмӕй дзы ‘взартӕн ног мыггӕгтӕ ‘ппарон,
Цӕмӕй дзы хъуыса булӕмӕргъы зард,
Ӕрдзон тыхтӕ мӕхи тыхимӕ сбарон,
Цӕмӕй хӕхбӕсты ма бахуыскъ уа цард.
Дӕргъӕвс, 2002 аз
* * *
Сихорафон ӕз фыййауӕй
Хордтон аходӕн.
Иу рӕсуъд цъиу та мӕ фарсмӕ
Кодта зарджытӕ.
Ӕз ын дзулы муртӕ згъалын:
– Рацу, ауидз сӕ.
Уый мӕ раст цыма ‘мбары, –
Зӕрдӕ бахъӕлдзӕг.
Ис, ӕвӕццӕгӕн, хӕрз хӕстӕг
Ам йӕ агъуыстон.
Сыффытт, ӕмӕ базырты хситт
Уайтагъд айхъуыстон.
Заргӕ цъиуы хуры хъарммӕ
Уари ацахста.
Цыргъ дзӕмбытӕй фӕлмӕн пӕкъуы
Уайтагъд акалдта.
Фестадтӕн рӕвдз. Лӕдзӕг фехстон
‘Наккаг тугдзыхыл,
Цъиу йӕ дзӕмбытӕй ӕрхаудта,
Сӕмбӕлд кӕрдӕгыл.
Ризгӕ къухӕй зӕххӕй систон
Зарӕггӕнӕджы.
Уыцы минут ӕй ӕмбарын –
Me ‘ххуыс байрӕджы…
Чи цы зоны царды ‘фсисӕн
Райдзаст уалдзӕджы.
МЫСИНӔГТӔ
Дидинджытӕ уарзтон ӕмӕ уарздзынӕн.
Малусджытӕ миты бынӕй къахдзынӕн.
«Гуда»-йӕ», «Фыййаулӕдзӕг»-ӕй хъаздзынӕн,
Фӕллад къӕхтӕн ӕз уыцы ‘фхӕрд ныббардзынӕн.
Тар фӕлмӕй мӕ сабибонтӕ мысдзынӕн,
Стъалытӕ «Чызджыты хох»-ӕй исдзынӕн,
Сӕрвӕты уӕрыччытӕ фӕхиздзын,
Зымӕгмӕ цъӕх-цъӕхид хос ссивдзынӕн.
Рагуалдзӕг куы къахон ӕз стъӕлхатӕ,
Хорз ӕмгар, уӕд мын-иу уайдзӕф ма бакӕ,
Сӕрсӕфӕнтӕм искӕд бон куы сфардӕг уон,
Дзӕбидырты фаллаг дагътӕм куы атӕрон.
Хӕхты хъӕбул, бацыдтӕ дӕ катайы.
Цъититыл фӕстаг хуры тын атайы…
Ӕрдзон лӕгӕт – ӕхсӕвиуат цуанонӕн.
Мысинӕгтӕ, зӕрдӕлвасгӕ сымах домын.
ХӔХТЫ МАЛУСӔГ
Токаты Алиханӕн
Рагуалдзӕг малусӕг салд зӕххӕй сӕрттывта,
Зӕрдӕты бауагъта цин.
Уалдзӕджы минӕвар зымӕгӕй бадомдта:
– Мауал у зӕххӕн ӕфсин.
Ноджы фӕсхохӕй бӕлццон дымгӕ ‘рбахаста
Малусмӕ уардиты тӕф.
Малусӕг адджын тӕф хӕхбӕстыл байтыдта
Уыцы къӕвдаджын ӕхсӕв.
Басидтис уадымсмӕ: «Радым нӕ хъӕпӕнтыл, –
Стайа нӕ дӕттӕн сӕ салд.
Уадз ӕмӕ анхъӕвза уалдзыгон тъӕпӕнтыл
Ӕнусмӕйы цинӕйдзаг зард».
Райсом куы рабон и, хӕхтыл куы амбӕлыд
Уалдзыгон хурӕн йӕ тын,
Кӕрдӕджы астӕуӕй малусӕг нал фӕзынд, –
Стыдта йӕ ӕхсӕвы рын.
Малусӕг бирӕ нӕ цӕры нӕ хӕхбӕсты –
авӕййы сонт хурмӕ хус,
Фӕлӕ, Алихан, цӕрыс ды нӕ зӕрдӕты,
Ноджы цӕрдзынӕ ӕнус.
* * *
Рагъыл кӕркусӕг кӕм зайы,
Хӕрис кӕм калы цӕссыг,
Уырдӕм мӕ арӕх фӕсайы
Рагбонты уарзт ӕмӕ хъыг.
Ам ис мӕ бӕллицты суадон,
Ацы ран райгуырд мӕ цин,
Ам мӕ ысхуыдта йӕ уарзон
Хӕхты рӕсугъддӕр ӕхсин…
Ног та дзы дидинтӕ ‘рттивынц,
Зӕрдӕмӕ хъары сӕ тӕф.
Риуы та тымыгътӕ ниуынц…
Рухс бон мын фесты ӕхсӕв…
Суадон… Йӕ хӕл-хӕлмӕ уайын, –
Суадонӕн байсысӕн нӕй.
Тагъд та дзы райдайдзӕн найын
Авд хойы – фаззӕтты – мӕй…
* * *
Рацыди хӕхтёй
Уарыны сыг,
Ахсадта рӕвдзӕй
Фӕндӕгты рыг.
Гакк-гукк ысуасыд,
Ратахт фӕсуард,
Арвы тын азылд
Къӕдзӕхтыл дард.
Ногуард ӕртӕхтӕй
Кӕрдӕг у дзаг.
Фыййау йӕ сӕгътӕй
Баззади… Суанг…
Мысын мё рагбон,
Ӕрдзы нывтӕм
Зӕрдӕ ӕрбадон,
Уацары дӕн…
* * *
Бӕрзонд хохмӕ схизын
Ныр нал у мӕ бон.
Фыр тӕссӕй кӕм ризын,
Згъордтон дзы знон.
Уымӕл фӕззӕг, уазал,
Ӕнкъард хъуыды, мӕт…
Нӕма `рцыд мӕ адзал,
Нӕма и мӕлӕт.
Хур тавдзӕн та уалдзӕг, –
Мӕ тавицаг ам
Мӕ фӕндӕгтыл уайдзӕн, –
Ам сисдзӕни къам.
Къӕдзӕхты ӕххӕлтыл
Мӕ фӕдтӕм кӕсдзӕн.
Нӕ худдзӕн мӕ сӕфтыл, –
Мӕ ном мын хӕсдзӕн.
Ӕрцу уӕдӕ афон –
Нӕ дӕ тӕрсын ӕз.
Дзӕнӕты дуар батон –
Дзӕнӕт у мӕ хӕс.