СИДАХЪТЫ Симон

САЛДАТЫ ФЫРТ

Æхсæв та мыл сагьæстимæ сбон и,
Зæрдæ рыст, цыма та ног цæф уыд.
Æй-джиди, æз уый уæддæр куы зонин,
‘Ппæт лæгтæй кæй хуызæн уыд мæ фыд.

Дунейы æфхæрд адæмы сæрыл
Не стыр тох фæстаджы бон куы стынг.
Оххай-гье! Уæд рейхстаджы къæсæрыл
Ахуыссыд мæ фыдæн та йæ зынг.

Уыцы сахат чи уыди йæ фарсмæ,
Чи йын радта къубускайæ дон,
Гъе стæй уæд та чи абырста размæ,
Уыцы салдат, уыцы сахъ хæстон.

Аргь ыскæн мæ хонæджы ныхасæн,
Демæ-иу мæм де ‘мбæлтты æрхон, –
Раттон дын æз арфæйаджы нуазæн
Æмæ дæ мæхицæн фыд зæгьон.

 

МÆ ФÆЛТÆР

Кæмæн нæ уарзон дæр нæма уыд,
Чи хъазты акафыд фыццаг хатт,
Чи чызгæн бакой кæнын хъавыд,
Фæлæ йын нал фæци, нал фадат:
Цæуын нæ бахъуыди гæрзтимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.

Æхсаргард, сахъдзинад, сармадзан
Æвзæрстой дунейæн йæ хъысмæт.
Ыскодта н’ адæмыл фыд заман –
Max уыцы тугуарæн ыстыр хæст
Ныхъхъуырдта райгуырæн зæххимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.

Уæд не ‘ргъиу карз хæсты ыхсысти,
Нæ риутæй хъахъхъæдтам нæ барцард…
Кантари рейхстагмæ ысхызти,
Тызмæг сармадзанты хъæр банцад.
Хъæмæ ыздæхтыстæм цытимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.

Чи махæй дзаг хæдзармæ бацыд –
Фыр цинæй бинонтæ фæкуыдтой.
Кæмæн та бацæуæндон нал уыд,
Æмæ нæ сыхæгтæ фæхуыдтой
Æхсæвуат кæнынмæ сæхимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ…

Йæ азтæй алчидæр фæраздæр:
Æвзонгад карз хæсты ныууагътам…
Фæцæрæм сабырæй ныр мах дæр,
Зæгьгæ, ма устытæ æрхастам
Цæнкуылтæ, халасхæст сæртимæ
Нæ фыды карæнтимæ иумæ.

Нæ намыс дард айхъуыст нæ бæстæй,
Max номфыст Мæйыл дæр ныууагьтам.
Ызнаг ма ракæсы фыддзæстæй –
Хæцын куы сфæнд кæна – уæддæр та
Цæудзыстæм иухатты ныфсимæ
Нæ кæстæр фæлтæримæ иумæ.

 

ХАУÆГГАГ

Нæ зонын, хæстæг дæ æви дард дæ,
Лæзæрыс сагьæсты кæмдæр.
Мæгуырæг, удыгасæй мард дæ:
Фæсмойнаг, хойыс ма дæ сæр.

Куы цыдтæ æфсадмæ æхсарæй,
Бæрзонд дæ тенкайыл уыд худ.
Фæлæ ныл рацыдтæ мæнгардæй, –
Ды хæсты разындтæ тæппуд.

Нæхицæй алыгьтæ знагмæ,
Мæ уд, дам, фервæздзæни уæд.
Фæлæ ды худинаг мыггагмæ,
Хæссыс цагъайраджы къæлæт.

Хæсты нæ чи фæмард, гъе уымæн
Йæ мард зынаргъдæр у дæуæй.
Сæ кад, сæ намысыл фæкувæм.
Дæуæн, «мæн у» зæгьæг дæр нæй.

Нæхимæ рацæуын нæ уæндыс,
Дæ цæсгом чъизи у, æгад.
Дзæгъæлдзу, хауæггаг. Кæй хъæуыс, –
Нæй уым дын иу хион, æрвад.

Мæнгард, ныууæй кодтай Фыдызæхх,
Фыдæлты фарн æмæ æгьдау.
Хъысмæт дæм уый тыххæй ысфыдæх, –
Ныр ниу æнæхæдзар куыдзау.

 

КАФЫН НÆ УÆНДЫДТÆН УÆД

Зæрдæ гъе ныр дæр ма джиты,
Хастон мæгуыры къæлæт.
Me скъуыдтæ хæлаф, æрчъиты
Кафын нæ уæндыдтæн уæд.

‘Намонддзинад мыл ныйичъи,
‘Взонгæй фæрыстæн æгæр.
Бацин-иу кодтон, кæд исчи
Авæрдта-иу мын къæбæр.

Иуварсмæ хауд уыдтæн цардæй,
Хъалгуырд нæ цыд мæм хæстæг,
Хъазтмæ-иу кастæн æз дардæй,
Кафджытæм кодтон хæлæг.

Абон дæр, кафджытæ, кафут,
Амдзæгьд кæнын уын – мæ хæс.
Ма мыл худ, хорз æмгар, ма худ,
Кафын кæй нæ зонын æз.