СОТТИТЫ Риммæ

БӔЛЛИЦ, БӔЛЛИЦ… ДӔ БАЗЫРТӔ – ӔГӔРОН…

СӔМӔН

Мӕ рагбонтӕй мӕ абонмӕ дӕуӕн
Мӕ удрӕбын мыдадзын цырагъ судзын.
Дыууӕ цалхау домбай царды сӕмӕн
Нӕ дыууӕйы хъысмӕт ӕмдзуйӕ здухы.

Гуыргъахъхъ фӕндаг ӕнӕсцухӕй нӕ фӕд
Фыссы дыууӕ рӕсугъд ӕмдӕрццӕг хаххӕй,
Ӕмӕ цӕуӕм фӕрсӕй-фӕрстӕм,
Ӕцӕг æндон сӕмӕн нӕ хицӕн кӕны махӕй.

Уый азты ‘хсӕнты иугӕндзон йӕхи
Дыууӕ ӕнӕнцой цалхы ‘хсӕн ӕмбӕхсы
Ӕмӕ цӕуы уӕлмит ӕмӕ уӕлих,
Цыдӕр сусӕггаг адӕмӕн фӕдзӕхсгӕ.

 

ДЕНДЖЫЗЫ БЫЛ

Ныссабыр денджыз сатӕг зӕххы риуыл,
Ӕрмӕст ма улӕн улӕны уызта…
Дунескӕнӕг – ӕмбисондаг зӕрингуырд –
Ӕгӕрон арвыл стъалытӕ фыста.

Ныссабыр денджыз. Никӕмӕуал ‘взиды…
Ӕвзист мӕй йыл ӕрӕмбӕрзта йӕ хыз.
Кӕдӕмдӕр дард – бӕллицты бӕстӕм – сиды,
Ӕмӕ цӕуыс ӕвзонг чызгау, цӕуыс…

Ӕппӕт дуне дӕ алыварс куыд аргъау,
Парахат гом йӕ ӕппӕт дуӕрттӕ… Ах!
Уӕд та-иу лӕг тӕхын куы зонид маргъау,
Уӕд арвы тыгъды сфардӕг уаид арф.

Зынджы хуызӕн ыстъалытӕй ӕдӕрсгӕ
Цъӕх денджызӕн ӕрхӕссид уый лӕвар,
Сӕууон хуры фыццаг тынты ӕнгӕсӕн
Куыд ыссудза йӕ зӕрдӕйы цъӕх арт.

Бӕллиц, бӕллиц… Дӕ базыртӕ – ӕгӕрон…
Кӕм нӕ балӕудзӕн уыдонимӕ уд!
Ӕхсӕвыгон мӕм денджызы былгӕрон
Йӕ мидбылты стъалыдзӕст арв худт.

 

ИРОН ДЗЫЦЦА

Ирон Дзыцца, мӕ сабибонты аргъау,
Мӕ уды рухсдӕр, адджыдӕр хӕзна…
Дӕ къухты хъарм, нӕ рагфыдӕлты загъдау,
Лӕгау лӕг хъуамӕ зӕрдӕйы хӕсса.
Ӕз та ма уды рухс цырӕгъты рухсмӕ
Дӕ номы аккаг агурын лӕвар.
О Иры мад! Бӕсты рӕсугъддӕр урссӕр!
Нӕ сарӕзтон дӕ номыл ӕз хӕдзар,
Зӕрдылдарӕн нӕ балхӕдтон сызгъӕрин,
Нӕ дын бауӕфтон къабайагӕн тын!
Амал уӕвгӕйӕ, ӕз дӕ номыл скӕнин
Ӕппӕт зӕххы ныййарджытӕн мӕсыг.
Йӕ тӕккӕ астӕу сӕвӕрин ӕз авдӕн,
Рӕсугъд зарӕг ыл саразин ӕмӕ,
Ныййарӕг мад, дӕ уарзт ӕмӕ дӕ кадӕн
Ныллӕг мӕ сӕрӕй акувин. Стӕй
Ӕз дун-дунетӕн радзурин, нӕ Дзыцца
Куыд бирӕ уарзта сабитӕ ‘мӕ хур,
Дзуӕрттӕ сыл куыд ӕфтыдта, куыд куывта:
«Дунескӕнӕг! Сӕ хъахъхъӕнӕг фӕу!
О Мады Майрӕм, сабитӕ дӕ фӕдзӕхст –
Зын сахат сын ӕххуысгӕнӕг фӕлӕуу!
Дзыцца, Дзыцца… Рӕсугъд ныфсытӕ ‘вӕрӕг,
Фыдӕй-фыртмӕ – нӕ Иры сӕрызӕд.

 

СОНЕТ

Рӕсугъд ныхӕстӕй макуы бауарз мӕн.
Гӕртам-лӕварӕй ма ӕлхӕн мӕ зӕрдӕ.
Къуырма дӕр хаты ныхӕстӕн сӕ мӕнг,
Дӕ лӕвары та уды хъарм нӕ цӕрдзӕн.

Мӕнӕн ӕмбӕлццон ма рахон дӕхи.
Дӕ фӕндаггаг дӕр ма ӕвӕр мӕ разы:
Ӕз фистӕг дӕн. Дӕумӕ – саулох бӕх и.
Хӕрын кӕрдзын. Ды та дзидзайӕ хъазыс.

Хуымгӕнды ӕз йӕ цӕдисон вӕййын
Хуымон галӕн, йӕ фӕллад ын ӕмбарын.
Ды уарзыс сатӕг дымгӕйы фӕйлыд,
Дзаджджын фынгыл цыты уазӕгӕй бадыс.

Цӕй диссаг у ӕцӕгӕй дӕр нӕ цард:
Зын равзарӕн ысвӕййы арӕх махӕн
Ӕцӕг кады тӕккӕ фарсмӕ ӕгад.

 

ЦАРД – ӔВДИСӔН

Кӕйдӕрты цард фырдзаджджын у бынтӕй –
Сӕ размӕ ды рӕсугьд гауызтӕ ма тау.
Фӕлтау, мӕ хур, хуымӕтӕг кусӕг дӕ
Ӕмӕ дӕ хуымы хоры гага байтау.

Кӕйдӕр цухъхъатӕй ма хъал кӕн дӕхи,
Фӕлтау ӕмпъызт дарӕс скӕн уӕндонӕй.
Хуымон галау уӕззау куысты дӕ хид
Уадз, рахъарӕд дӕ хурӕй сыгъд хӕдонӕй.

Схъӕлбӕрзӕйы ма рахон хӕлар.
Гӕдывадимӕ макуы баком разы.
Ирон хъазты дын байсдзӕнис дӕ рад,
Зын сахат та фӕлидздзӕнис дӕ разӕй.

Мӕнгӕй нӕ дзурынц дзыллӕтӕ: кӕрцӕн
Йӕ ӕмпъузӕн дӕр хъуамӕ уа йӕхицӕй.
Кӕй нӕ уырны, гъе уымӕн цард – ӕвдисӕн.

 

ФӔСТАГ САЛДАТ КУЫ
‘РÆВӔРА ЙӔ ХОТЫХ

Фӕстаг салдат куы ‘рæвӕра йӕ хотых,
Ӕгас бӕстыл уӕд ралӕудзӕн дзӕнӕт.
Сабыр дунейы мадӕлтӕ ‘мӕ хотӕ
Уӕд нал кӕндзысты сагъӕс ӕмӕ мӕт.

Фӕстаг салдат куынӕуал ӕхса топпӕй,
Куынӕуал уа ӕфсад ӕмӕ знаг,
Уӕд нал кӕндзысты лигьдон адӕм цоппай,
Фынӕй кӕндзысты сабитӕ сӕ фаг.

Фӕстаг салдат куынӕуал уа ӕфсӕддон,
Куы ӕрлӕууа йӕ гутоны фӕстӕ,
Уӕд дзыллӕтӕ ӕмзонд ӕмӕ ӕмвӕндӕй
Цӕудзысты райгӕ фидӕны хӕрзтӕм.

 

КУЫДЗÆДЖЫ МЫСГӔЙӔ

Дзесты Куыдзӕгӕн
Цыма та ногӕй фембӕлдыстӕм, и?..
Дӕ цӕсгомыл-иу мидбылты худт рӕйхӕлд.
Ӕвӕццӕгӕн, нымадтай мӕн ӕмбайыл,
Дӕ зӕрды мын цыдӕр зӕгьын уыди.

Фӕлӕ нӕ загътай никуы, Куыдзӕг, нӕ!
Цыдӕр катай дӕ рыст зӕрдӕйы цард…
Ӕрмӕст-иу мидбыл бахудтӕ фӕлмӕн
Ӕмӕ-иу дзургӕ дзурын зӕхмӕ кастӕ.

Кӕддӕр дын загътон фембӕлды рӕстӕг,
Кӕй ацӕудзынӕн Едысмӕ ӕнӕмӕнг.
Ды бахъӕлдзӕг дӕ: «Сайыс мӕ… Ӕцӕг?
Мӕ цӕстытӕй-иу акӕс, мӕ хур, рӕгътӕм!

Мӕнӕн мӕхи бон абалц кӕнын нӕу, –
Мӕ фӕллӕдтӕ мыл ‘ртыхстысты, мӕ ристæ…»
Ӕмӕ нынкъард дӕ… Кодтай мӕм хӕлӕг…
Фӕндыдис ма дӕ Едыс фенын искуы…

«Мӕ цӕстытӕй-иу акӕс, мӕ хур, рӕгътӕм!»
Дӕ уыцы фӕдзӕхст зӕрдӕйы хӕссын.
Ӕмӕ куы афтын Хуссар Иры кӕмттӕм,
Уӕд сӕм зӕрдӕйы цӕстытӕй кӕсын.

 

МӔ ЗӔРДӔЙЫ РӔСУГЬД
ЗАРӔГАУ ЧИ ЦӔРЫ…

Мӕ зӕрдӕйы рӕсугъд ӕфснайдӕй чи лӕууы,
Хӕххон суадонау табуйаг цы уарзт у,
Уый а дунемӕ райгуырдис ыссивӕнты,
Хӕххон дидинджын уыгӕрдӕны фахсыл.

Мӕ зӕрдӕйы рӕбинагдӕр ӕвӕрӕнтӕй
Мӕ фыццаг уарзт стьалыйау ӕрттивы.
Сӕууон хурау ныррухс кӕны ӕрвгӕрӕттӕ,
Зӕрӕхсидау йӕ буц даритӕ ‘вдисы.

Ӕрзилы уый хӕххон хъӕдрӕбын фӕрвджынты,
Уым малусӕгӕн батӕ кӕнын сисы.
Бӕрзонд уарзты ӕвзистхъӕлӕс дзӕнгӕрджытӕй
Йӕ сыгъдӕгдзинад дунейӕн ӕвдисы.

Мӕ зӕрдӕйы рӕсугьд зарӕгау чи цӕры,
Мӕ зӕрдӕйы хъуытаз фӕндырӕй чи цӕгъды,
Ӕз уыцы уарзт ӕрмӕст дӕуӕй ӕмбӕхсын.

 

МӔ ИРОН ЗӔХХ

Цӕй диссаг у фыццаг хуры скаст хӕхты,
Куы сӕрттивы цъӕх уыгӕрдӕнтыл ‘ртæх!
Сӕууон уддзӕф куы аныдзӕвы рӕгътыл,
Куы расимы зӕлдаг хуымты уӕрӕх!

Мӕ цин ӕмӕ мӕ уарзты зарӕг кӕмттӕм
Йӕ уӕлныхты лӕварӕн уый хӕссы.
Ирон лӕппуты цӕвджыты ӕвнӕлдмӕ
Ӕрвгӕрӕттӕй цъӕх цъититӕ кӕсынц.

Ӕмзӕл зарӕг уӕлвонг хосгӕрстӕй хъуысы,
Суадӕттӕ йӕм бахъырнынц фӕлмӕн.
Кӕмфӕнды уон, ӕдзухӕй дӕу фӕмысын,
Мӕ Ирон зӕхх, мӕ цардамонды сӕр.