БЕДЖЫЗАТЫ Чермен

ÆРТÆ ФÆКАСТЫ

Разырд

Цыбыргондæй

– Сылгоймаг…

Дзыллон рæхысы саст цæг, – кæд æй бандидздзыстæм? – катайгæнæг æнкъард хъæлæс азæлыди уаты.

Фæлмæн изæрмилтæ цадæггай хъуызынц къаннæг ныллæг уатмæ æмæ æфсæрмæй тыгуыр кæнынц уаты къуымты. Сæ сау кæрдæнтæй уыдон сабыргай æмбæрзынц дуары ′рдыгæй къул, стæй сæ хъуызгæ-хъуызгæ райтауынц иннæ къултыл дæр. Бонрухс ма фæстаджы хъуырдухæны бацыд семæ, суры сæ уатæй, æввахс сæ нæ уадзы, дуары комкоммæ цы къул ис, уымæ…

Уат æрталынг. Фæрсæгты цæстытæй арвæй цы дыууæ ихайдæны сæстæгтау зыны, уыдон тарцъæх афæлдæхтысты, æмæ сæ иу цалдæр стъалыйы сæ хъазгæ дзæццытæй ныкъулынтæ сагайдта.

Бынтон æризæр. æрталынг уат. æрталынг æдде. æрмæст ма уаты рæбын иу къуымæй хæрз дыдзы рухс истугæй-истугмæ фæпæртт кæны, æмæ уæд иу уысммæ фæзыны тæнæг цæсгомы лæгъз даст бинаг æрдæг æмæ хус фындзы алгъ, чидæр дымы цыбыр лулæ.

Изæр æхсæвивæн кæны.

Уаты чидæр базмæлыди. Фæлмæн исгæ къæхты сыффытт сабыр хъуысы талынджы.

– Кæдæм, Бадæг? – æнæразыйæ, фæлæ сабырæй райхъуыст фæрсæгтæй сæ иуы фарсмæйæ.

– Рухс скодтон, куырмæджы бадын цас бæллиццаг у, Хæлар?

– Чысыл ма фæгæдзæ кодтаис, дæ хорзæхæй. Цы диссаджы изæр у… Изæрдалынгты æнцад, æнæ къæрццæй абадын хæлар у зæрдæйæн. Стæй ма скæс: цы диссаджы хъазт кæнынц стъалытæ! Куыд райдзастæй ныкъулынц сæ цæстытæ кæрæдзимæ, стыр симды мидæг уарзæгой къайтау! – цыбæлæй бакодта, Хæлар кæй схуыдтой, уый.

– Куыд дæм кæсын, афтæмæй уымæй хъауджыдæр зæххыл цæуын нæ сахуыр уыдзынæ. Зæгъ-ма, зæгъ, кæдæм уæлæрвтæм та фæтахтæ дæ цыбæлты базыртыл, – хынджылæг æмхасæн, фæлæ æнæмæстыйæ сдзырдта, Бадæг чи хуынди, уый, æмæ æртхос ацагъта. æртхос фæпæртт кодта, фæлæ не ссыгъди.

– О, æдзухæй зæххыл хилæг, о! – фæкарз ис Хæлар. – Царды практицизм дын сбаста де уæнгтæ, баталынг кодта дæ цæстытæ, æмæ цы фенай цардæй, йе йæ бæллиццæй, йе йæ рæсугъддзинадæй? æмæ йыл, æвæдза, сæтгæ дæр нæ кæныс, уый йеддæмæ райгæ дæ, мыййаг, уыцы практицизмы гуылфæнты ныббырынæй?.. æгъуыз, æнæ ахорæнтæ – цъæх бонтæ…

Рухсмæ Хæлар рæстмæ нал æвзæрста рæсугъд æхсæв арвы гæппæлты тыбар-тыбургæнæг стъалытимæ æмæ чысыл ныуулæфтимæ разылди уаты ′рдæм.

Цырагъы рухс уаты къултæй æриста талынджы кæрдæнты, аууæрстытæ сæ кодта æмæ сæ тыхтытæй сынтæджы æмæ чысыл фынджы бын атъыста. Уат срухс, разындысты йæ мидæг бадджытæ.

Фæрсæгтæй иуы раз бады Хæлар – къæсхуыр, дæргъæлвæст, хъæлдзæг, 27-аздзыд лæппулæг. Йæ цæстытæ ма ныр дæр æнахуыр сыгъд кæнынц цыдæр хъуыдытæй æмæ куыддæр дзæгъæлтæ кæнынц. Иу къуымрæбын хибарæй бады ирон арæзт сæрæй къæхтæм сау пысулты æмбисаздзыд лæг æмæ хъуыдыгæнгæ, цыма цыдæр арф катæйтты бацыд, нæмы тамако лулæйы.

Бадæг, уый дæр рæстæмбис асджын лæг, къулын цырагъ куы ссыгъта, уæд æй æриста, фынджы кæрон æй бæрзонд хъæдын къоппыл сæвæрдта æмæ гæххæттыты йæ цæстытæ ацавта. Стæй бандæттæй сæ иуыл æрбадт, гæххæттытыл йæ цæстытæ ахаста, арауын-бауын сæ кодта…

– Цы кæныс, цы, Хæлар, цæуыл та дæ сбыдтыри кодта Бадæг? Кæд та мыййаг мигъты сæрмæ ламаз нæ кæныс тындбазыр халонау? Ха-ха-ха! – гыбур-гыбур худт кæны дуарæй æрбахизгæ домбæйттæ конд, æргом цæсгомджын Умар. – Гъы, цæуыл ахицæн уæ быцæу сылгоймаджы сæраппонд? – уæззау, хъавгæ йæхи бандоныл æруадзгæйæ фæзылдта ныхас Умар. Бандон æрцъист, мысты хъыс-хъыс скодта. – Уæ иу – зылды техникумы гæс, иннæ – зылдпарткомы нымæрдар, æз та зылдæххæсткомы сæрдары хæдивæг, æмæ мæнæн дæр уæ зондæй ма бахæлæг кæнут, и?

– Дæ разы дын Хæлар амонæд, ницымбарæг хæдивæг, фæлтæрд у сабитимæ. Ныртæккæ нын нæ быцæу балхынцъ кодта, сылгоймаджы нæ социалистон рухсы саст цæг хоны, æмæ йæ йæ бандидзыны ныфс дæр нæй. – Умары фæзмæгау хъазгæйæ бакодта æмæ йæ сæр цæхгæр фенкъуыста Бадæг.

– Сылгоймаг… м-м-м царды цалхы кæлæх, царды цалхы саст дæндаг… Зын у ирон сылгоймаджы нæлгоймаджы æмрæнхъ нæ зиумæ рахонын, – катæйттæ кæны Умар, йæ нæргæ хъæлæс зилахартæ кæны уаты къуымты.

– Ха-ха-ха! Сæрæй уый цæхгæр фæзылдтæ дæ ныфсы бæхыл, уæд цæмæн? æви фæндаг фæрæдыдтæ, мыййаг? Кæд дæ Хæлар нæ фæдзæгъæл кодта, Умар?

Умар йæ рихитæ здухынмæ баздæхти, цыма Бадæджы ныхас æндæр кæмæдæр здæхт у, стæй худæджы улæфт бакодта.

– Хæларæн рагон уавæры сылгоймаг цыдæр зæд бавæййы, æфсармджын, æгъдауджын, бинонтæн коммæгæс… Рæсугъд нывæй фæлындзы ирон сылгоймаджы æмæ ахæмæй уыны абоныккон сылгоймаджы хуыздæр ахъазгæнæгæй æмæ кусæгæй нæ ног царды змæлды. Йе ′цæгæй та ирон сылгоймаг у æгомыг, къуымых, зæронд æгъдæуттыл баст æмæ уыдонæй ссæст, æнæныфс, æнæных. Изæрсарæй нæ ныхас сылгоймагыл уыд, æмæ цы рафæлгъуыдтам? Ахæм сылгоймаг ницæйаг æрмæг у ног социалистон мæсгуытæ амайынæн, æмæ йыл къух ауигъын хъæуы. Уадз, хилæд размæ, сомбоны искуы кæд рахилид нæлгоймаджы æмрæнхъ, – йæ къух ауыгъта Умар.

– Сылгоймаджы фидыц – фыццагон ирон сылгоймаг, – тæвдæй фестади йæ бынатæй, рудзынг фегом кодта æмæ арвмæ кæсгæйæ карзæй дзуры Хæлар. – Уадз, баззайæд ахæмæй, æгъдауджынæй æмæ æфсармджынæй, мадæй æмæ хойæ, нæртон æфсинæй æмæ бахъуыды сахат æхсарджын æфсæддонæй, йæхæдæг балæудзæн нæртон зиууонæй сылгоймаг ног цард аразыны хъуыддагмæ, сымах сæр æй нæ хъæуы!

– æмæ йæ æз дæр куы уадзын, Хæлар! – йæ мидбылты бахудт Умар.

– Сымах уæ дыууæ дæр, кæд хицæн цæстæнгастæ дарут сылгоймагмæ, уæддæр ын иу адзал кæнут, йæхи бар æй ныууадзæм, зæгъут, йæхæдæг архайæд. Раст нæу, æмбæлттæ, уый. Сылгоймаг хъуамæ иртæст ма уа нæ дуджы, нæ царды змæлдæй. Мах хъæуы æмбаргæ – нæ ног цард аразæг сылгоймаг…

– æмæ нæ бон бауыдзæн уыцы тагъдæй фехалын рагон цардуагон дисциплинæ, зæгъыс? – фæрсгæйæ бакаст Умар Бадæгмæ… – æз афтæ æнхъæл дæн, æмæ цард хуыздæр бæлвырдгæнæг у алы уавæры дæр, – сындæггай дзуры, фæлæ уæддæр йæ бæзджын хъæлæс æддæмæ дæр хæссы Умарæн. – Гъе, ахæм бæлвырд хъуыддаг уын радзурдзынæн æз дæр, – æмæ фездæхти Бадæгмæ. – Уæдæ куыннæ, дæ хорзæхæй, æрæджы мæм къæнцылармæ иу лæппулæг йæ хойы йæ цонгæй æрбамидæг кодта. æрлæууыдысты дыууæ дæр мæ разы. Чызг йæ цæстытæ зæххы ныццавта, ризынц йæ былтæ, уæхсксаст у, æрдæг цъæл хæрисбæласау, ныртæккæ цыма æрызгъæлдзысты йæ цæстысыгтæ. æнкъарын, худинаг, мардæрцыд æм кæсы, къæнцылармæ кæй æрбацыд, уый. æнкъарын, хъæстгæнæгæй æрбацыд, фæлæ кæуыл, цæуыл – зонæг дæр ын ницы базондзæн.

– Сымахмæ дзурын, цы хъуыддаджы фæдыл мæ æрцагуырдтат? – ныфсæвæргæ бакодтон сæ дыууæйæн дæр.

Лæппу æнхъæлмæ кæсы йæ хомæ, йæ цонгæй дæр ма йæ басхуыста, фæлæ сылгоймаг ноджы фыддæр стыхст. Уыцы иу каст мæм скодта мæллæг сычъийы цæстытæй æмæ та цæстытæ зæххы ацавта. Лæппу сылгоймаджы аиуварс кодта æмæ дзурынтыл схæцыд, афтæ дæр æмæ уфтæ дæр ын сты йæ хойæн йæ лæг, йæ бинонтæ, йæ туг ын нуазынц.

– Советон хицауад сылгоймаджы бартæ хъахъхъæнæг у, суæгъд кæнут мæ хойы йæ лæгæй, уый курæг у, – фæстагмæ загъта лæппу.

– Гъемæ, дæ хорзæхæй, цы баци, цæуыл ахицæн хъуыддаг? –тæвдæй афарста Хæлар.

– Ха-ха-ха! – зæрдæбынæй ныххудти Умар, – цы рауад хъуыддагæй, уый дæр зæгъдзынæн. Кæмдæр лæппу цыдæриддæр радзырдта, уыдон мæнг уыдысты, хъуыддаг цадæггай куы равзæрстам хъæубæсты, сыхæгты, колхозонты фæрцы, уæд рабæлвырд. Уыцы усы фыд æмæ æфсымæр разындысты кулактæ – колхозы ныхмæ цæуджытæ. Сæ сиахс колхозмæ цæуыныл ныллæууыд, стæй цы сусæг ирæдыл дзырд уыдысты, уый раттыныл дæр дæуццаг кодта. Гъемæ цæмæй ма бацыдаид колхозмæ, уый тыххæй йæм йæ ус байсынæй бартхъирæн кодтой. Лæг сæ коммæ куы нæ каст, уæд усы æфсымæртæ сæ хойыл бафтыдысты, дæхи байс, зæгъгæ, дæ лæгæй, æмæ хъуыддаг сфыхтой. æмæ цы, афтæ банхъæлдзыстут, уыдæттæ сылгоймаг йæхæдæг суæндыд хурмæ рахæссын? Ай-гъай-йе, колхозонты æмæ фæскомцæдисы фæрцы рабæрæг кодтам уыцы æбуалгъы хъуыддаг! – фæци Умар.

– Гъемæ?

– Гъемæ цы, Бадæг, саст дæндаг у сылгоймаг царды, æндæр цы?

Бадæг йе ′рфгуытæ æрбалхынцъытæ кодта, йе ′фсæртæ кæрæдзийыл алхъывта æмæ цæстытæ хъуыдыгæнгæ иу ранмæ ныццавта, хъуыдыйы бацыд, цахæм карз дзуапп ратта Умарæн, ууыл. Умар æнæмæт цæстæнгас ахаста йе ′мбæлттыл æмæ, æвæццæгæн, сæ цæсгæмтты хуызæй разы нæ уыд, уый адыл йæ сæр æруагъта, йе ′ргом цæсгомыл азгъордта мидбылты бахудт, афтæмæй. Хæлары цæстытæ згъорынц уаты къуымты, æмбæлтты цæсгæмттыл æмæ æрттивæнтæ калынц.

– Мах изæрсарæй кæрæдзийы райваз-байваз кæнæм сылгоймагæн саргъ кæныны тыххæй, фæлæ нæ фысым нырма иу ныхас дæр куы нæ скодта. Ау, Битар, цæуылнæ зæгъыс дæ хъуыды? – фездæхти Хæлар къуымы бадæгмæ.

Битар цыма йæ арф хъуыдытæй райхъал:

– Зæгъдзынæн æз дæр, кæд нæ бафæлладыстут, уæд, мæ дзæбæх уазджытæ, – уæздан систа йæ цæстытæ йæ уазджытæм Битар.

– Дæ хорзæхæй, Битар, хъусæм дæм, – фестъæлфыди Умар.

Битар сындæггай йæ лулæ рацагъта. Стæй лулæйы ногæй фæлмæн тамако ныннадта, æртхос ацагъта, схæцын кодта лулæйы æмæ йæ ахъаззаг сцъырдта.

Иудзæвгар лулæ дæндæгты ′хсæнæй сагъдæй аззад, стæй йæ Битар фæздæгкалгæ тонæгау ракодта æмæ йæ размæ кæсыныл ныллæууыд.

– Сымах зылды бæрнон кусджытæ стут, æрбацыдыстут нæ хохы цъасмæ колхозы арæзтады фарстыты тыххæй. Уе ′ххуыс нын нæ ауæрдут, – йæ цæстытæ æнæ сисгæйæ райдыдта Битар. – Ног царды уынаффæгæнæг стут, æз мæнæ мæгуыр фыййау, хъæусоветы сæрдар, ам хохы цъассы бадæг суанг 1921 азæй фæстæмæ, цы бацамондзынæн сымахæн? Гъе, фæлæ уын уæддæр иу хабар мæ зæрды ис ракæнын.

Ацы ныхæстæм та Битар йæ лулæ йæ дæндæгты ′хсæн асагъта æмæ та йæ зæрдиагæй сцъырдта. æмбæлттæ кæрæдзимæ æнæууæнк сæ мидбылты бахудтысты. Битар, облæсты бæрнон кусæг уæвгæйæ, фарон барвæндæй ныллæуыд хъæусоветы сæрдарæй, уый куыннæ зыдтой.

– Дзæвгар бонтæ рацыди уæдæй нырмæ. 1917 азы уыди уый. А бæстаг дæн мæхæдæг, хохаг дæн, ацы Рындзы хъæуккаг. – Битар, йæхимæ цыма дзургæйæ, йæ хъуыдытыл ферхæцыд æмæ та йæ лулæ йæ дзыхы акодта. – Кæд искуы ирон сылгоймаг фæстæзад æмæ талынг у, уæд нæ хæхбæсты, кæд искуы у æбар æмæ æгъдæутты уаджы рæхыстæй æлхъывд æмæ баст, уæд нæ хохы цъассы…
О, фæлæ æвддæсæм азы кой уыди мæ кой.

Æвддæсæм азы æрæфтыдтæн фæззæджы нæ хъæумæ. Ростовы ахуыр кодтон, Донбассы куыстон æвзалы къахæнты, дуг пиллон артау сыгъди, большевикон организаци мæ сæрды рарвыста Кавказмæ хæххон мыггæгты æхсæн кусынмæ. æстдæс азы мыл цыд уæд… æгуыст, æнæхъуыддаг уыдтæн ме ссыдæй нæхимæ æмæ-иу сæумæцъæхæй æхсонджын топпы хæтæл ме ′фцæджы бафтыдтон æмæ хаттæн кæмтты, рæгъты, хæхты. Цуанæн та цы зыдтон, худæджы хос уыдтæн хъæуы фæсивæдæн, фæлæ уæдæ цы кодтаин? Кæд-иу искуы уæлæ Лæгъз рагъыл иу фынæй карчы амардтон, уæд-иу ыл мæхицæй дисдæр ничи кодта.

Нæ хъæуы ныхмæ иу фæлмæн уæлæнгай ком рауад. Цыбыр, къæдз-мæдзытæ ком у, райдзаст. Йæ райдианы хъуынджын, цъымараджын, цæуы дзы стыр суадон сабыргай, ахæм у, æмæ йыл куырæйттæ зилынц иу астæй. Йæ дон та ахæм у, æмæ зымæг дæр нæ сæлы. Уыйадыл ривæдгæнæн у уыцы суадон аццытæн, хъæддаг хъазтæн, уалдзæг æмæ фæззæг куы фæтæхынц, уæд.

Иуахæмы та сæумæцъæхæй бацыдтæн уыцы коммæ. Дзæвгар фæрахау-бахау кодтон цъымараты, цадты, фæлæ цы, алы хаттау мæ æрбайрох, цуаны рацыдтæн, уый, æниу, æвæдза, мæ алфамбылай аццытæ тыннывæндæгау кодтой, фæлæ… Сæумæйы уддзæф рог кодта уæнгты, æмæ зæрдæ куыддæр цины тæмæнты бацыд, цыма йыл стыр æхсызгон сæмбæлд. Уалынмæ хур йæ был сдардта, мæ цоппайæ бафæлмæцыдтæн æмæ хъæуы ′рдæм раздæхтæн. æнæмæт, райдзаст мæм фæкаст ацы хатт ноджы уæлдайджынтæй хохы цард, æмæ зæрдæ ради. Уалынмæ иу чысыл цъымарайы мæ цæстытæ фæхæцыдысты дыууæ аццыл. æнæрхъуыдыйæ сæ фехстон, æмæ сæ иу уым аззад. Куы йæ систон, уæд æй асгæрстон, рог цæф фæци, фæлæ атæхын нал бафæрæзта. Рацæуын комы, рахæццæ дæн йæ дымæгмæ, афтæмæй мæ хъустыл ауад хъарæг. Цавæрдæр фæлмæн, æрыгон хъæлæс зæрдæбынæй кодта хъарæг. Хъæлæс афтæ уынгæг уыди, афтæ зæрдæхæлд, æмæ мæ зæрдæ æрбауынгæг. Хъарæг хъæуæй нæ цыди, рахатыдтон уадидæгæн, фæлæ уæдæ кæцæй? Ахъахъхъæдтон фæйнæрдæм, ахастон мæ цæст комы бæзджын къултыл, фæлæ никуы æмæ ницы. Мæ къæхтæ ма уæззау истон, афтæ рахæццæ дæн куыроймæ… Мæ рахæццæимæ хъарæг аскъуыд, æмæ иу куыройæ рахызт иу сылгоймаг, уæззау ссады къæсса йе ′ккой, афтæмæй. Цы зонын ма мын æй хъуыд, хъарæг куыройæ цыд, уый, хъарæггæнæг ацы сылгоймаг кæй уыд. Фæндаг куыройы хæдрæзты цыд, æмæ хæрхæмбæлд фæдæн сылгоймагимæ. Куыддæр сагъдауæй аззадтæн иу уысммæ, хæрз æрыгон чызг, 16 азы йыл цыдаид, рæсугъд, уалдзыгон райсомау, рæхснæг буарджын гæдыбæласау, фæлæ йын цæй фæллад цæсгом ис? Куыддæр æнæрхъуыдыйæ йын «дæ райсом хорз» загътон. Йæ тæнæг былтæ афæлурс сты æмæ цыдæр арфæимæ гæзæмæ фезмæлыдысты, йæ цæстытæ та иу уысммæ сæхи мæ цæстытæм систой. Рæстмæ ме ′муд нал уыдтæн уыцы фæкастæй, тыххæй ма бамбæрстон, размæ ахизын мæ кæй хъæуы, æгъдаумæ гæсгæ чызг мæ разæй кæй нæ ахиздзæн, æмæ фæраст дæн. Кæуылты бафтыдтæн мæ уатмæ, куыд æрхаудтæн, уый дæр нал банкъардтон. Уыцы фæкастæй зæрдæ алхынцъытæ, сæры магъз ссыгъди, уæнгтæ адон сты.

Рæсугъд райсомæй арвы ронау фæлмæн, ахорæнджын мæ тæлмæнтæ кæмдæр фæтары сты. Уæззау, æнæуромæн æнкъарды равг ацахста зæрдæйы йæ тæккæ хъустæм… Цыма Зилгæ-хохы йæ уæзæй æрфæлдæхта уыцы цæстæнгас, æнæныкъулгæ лæууыдысты мæ разы уыцы дыууæ цæсты… дыууæ стыр айдæнау. æмæ мæ цавæрдæр тых æдзæм кæсын кодта сæ арфмæ, ласта мæ йæхимæ уыцы арф, денджызы фæйлауæнтау.

æнæкæрон ныфссаст, æнусон маст æмæ уырыд, сæдæгай азты æфхæрддзинад мæм касти уыцы цæстыты арфæй. Талынг, уазал, сау мигъы къуыбæрттау, хъуынтъыз кодта йæхи уыцы цæстыты. Нæ бæллиццы, нæ цыбæлы, нæ фæндоны цъыртт федтон уыцы дыууæ айдæны хуылфы, мæлæт сæ уыди царды бæсты ахстонджын. æмæ нывау сыстади мæ хъуыдыты ирон сылгоймаг цардæй æмæ царды уагæй, æгъдæуттæй ссæст, нывау сыстади мæ разы ирон сылгоймаджы хъизæмар царды фæндаг, йæ райгуырдæй йæ амæлæтмæйы азты фæндаг скъуыдтæ, згæхæрд рæхысау.

«Мæ райгуырд дæр кæуинаг æмæ мæ мæлæт дæр. Райгуырдтæн саби-чызг. æрфыгæлхынцъ æмæ сæруагъд бинонтæй – нæлгоймæгтæ, æнкъард æмæ уыргъуыйау бинонтæй – сылгоймæгтæ, дондзаст æмæ къæмдзæстыг мад – æнамонд мад! Сыхæгтæ ма æрбауайæнт циндзаст чыртæй арфæимæ: «Цæрæццаг гуырд уын уæд». Алчи сæ йæхи дары афтæ, цыма ницы ′рцыд, цыма нæ райгуырд ног адæймаг, фæлæ сæныкк. Стæй мæ чындзы фæцæуыны онг бинонты′хсæн дæлдæры æхгæдæй цард, мийы æмæ æнæрынцайгæ хъиамæты цард. Уалынмæ мæ ныууæй кæндзысты, кæмæн æмæ цæмæн, уымæй та чи бафæрсдзæн? æмæ ног бинонты ′хсæн сагъæс æмæ уырдыг, «æлхæды» æфхæрд цард. æгомыг, æнæбарджын хайуаны тухæны атайдзынæн «марадзут-ма»-йæ. Стæй ахуысдзæн мæ чысыл æнæтавгæ хур, æмæ мæ хъуыдыгæнæг дæр нал уыдзæн дыккаг бон», – афтæ мын дзырдтой уыцы стыр сау цæстытæ. æмæ ме ′муд куы ′рцыдтæн, уæд бамбæрстон, никуы фехъуыстон ирон чызджы æмæ усы заргæ. Уый хыгъд сæ алчидæр хъарæг кæнынмæ æмбисонд, чысылæй амæлæтмæ ирон сылгоймагæн йæ цард дæр хъарæг æмæ йæ зард дæр… æмæ ма абон дæр уыцы ныфссаст, æнæбон, уазал цæстытæ дзагъырæй лæууынц мæ разы дыууæ хуыст æвзалыйау, æмæ зæрдæ ныккæрзы, алхынцъытæ вæййы куыддæр æнæкæрон æнкъардæй, – бынтон æрмынæг хъæлæсæй бакодта Битар.

æмбæлттæй алчи йæхи хъуыдытимæ архайæг фæци, æмæ ничи ницы дзуры. Стæй уæд Умар йæ цæстытæ иннæтæм базылдта.

– Сæрæй ницыуал дзурут, Бадæг, æмæ ма æниу цы дзурат, ма сразы ут царды æцæгдзинадыл, царды цалхы саст дæндаг у ирон сылгоймаг.

– Тохы знæты, йæ хъæуты сыгъды фæздæджы фыхти Хуссар Ирыстон 1920 азы, – нæдæр йæ хъæлæс ивгæйæ, нæдæр йæ цæстыты каст æндæрырдæм аздахгæйæ дзуры дарддæр Битар. – æмæ йыл дардыл, æвæдза, цы дзурон, чи уыди ссæдзæм азы нæ фæллойгæнджыты растады меньшевикты хицауады ныхмæ, уыдон сæ зæрдыл хорз дардзысты уыцы фыдазы æбуалгъ цауты – ды дæр, Умар, æмæ ды дæр, Бадæг, йæ тæккæ цæхæры куы уыдыстут. Бассывтой нæ меньшевикты æфсæдтæ хохрæбынтæм, цæрæгæй, хæцæгæй нæ адæм ахызтысты Цæгатмæ. Иу 35 хæстонимæ нæхи æрфидар кодтам мах нæ коммæ схизæнты хуыры æмæ хъæдты, самадтам удуæлдай тох знагимæ.

Иу бон куы уыди, уæд кæсæм нæ бадæнæй, æмæ нæм хъæуæй рацыди 4 сылгоймаджы – хæринæгтæ нын рахастой, дыууæйæн дзы се ′фсымæртæ уыди не ′хсæн. Дисы бафтыдыстæм, æфцæгæй ацырдыгæй хъырттызмæлæг куы нал ис Хуссар Ирон адæмæй, уæд куыд февзæрдысты ацы сылгоймæгтæ не ′хсæн? Арфæ сын ракодтам, фæлæ нын нал акуымдтой. Чындздзон чызджытæ уыдысты, аив нæм нæ касти сæ лæуд удрауæлдайгæнæг фæсивæды ′хсæн, фæлæ кæм, айстой фондзæхстонтæ æд гилдзытæ æмæ сæ къæхтæ ныццавтой – дзургæ нæ кæнынц, цæугæ дæр нæ. Загътам нæхицæн, уадзæм сæ, хæринаг нын уæддæр ифтонг кæндзысты, зæгъгæ. Фыдбылызæн та раст уыцы сахат дæлейæ нæ ныхмæ сбырста знаг, æмæ уыимæ хъуырдухæны чызджытæ æрбайрох сты. Хæсты тæмæны ма сæм иу æхст фæкодтон мæ цæстытæ, æхсарджын богæлттау мын æхсынц знаджы… Уалынмæ, фæстæмæ куы ассыдтам знаджы, уæд бауадтæн чызджытæм. Уыдон атыгуыр сты сæ иу æмбалы алфамблай æмæ йæ бæттынц, знаджы нæмыг йæ цонджы фæлмæны ацыд. Кæсын чызгмæ. Уый уыди Налхъуытæ, иу хатт куыройы размæ хæрхæмбæлд кæимæ фæдæн. æмæ та мæм уæды хаттау иу уысммæ сзылдта йæ сау стыр цæстытæ-айдæнтæ.

Кæддæры æдзард æнгас уыдысты ацы бон дæр уыцы æнахуыр цæстытæ. Афтæ сæ æнæ фидæнæй, ныфссастæй, цагъаргондæй зынди хæххон ирон сылгоймаг раджыйау. Фæлæ мæ ацы хатт дисы бафтыдтой уыдон цахæмдæр æнкъарæнæй, уый уыди ног фæзынæг ацы айдæнты. Цæвиттон, фыццаг хатт сæ куы федтон, уæд сæ бадти фыдбылызау æнæкæрон, æнæбауромгæ, æнæбайсысгæ рис. Уый уыди ахæм цæф, мæлæтдзаг цæф, сычъийы цæстыты хаттæй-хатт кæй ауындæуы, æнæмбаргæ рис. Ацы хатт та уыцы рис уыди цыма чызгæн æрæнкъардгонд рис. Стæй ма ауыдтон уыцы диссаг цæстæнгасы цыдæр ныфсы æмæ фæндоны фæд дæр. Уый уыди удæгас адæймаджы, йæхи æрæмбаргæ адæймаджы удæгас цæстæнгас, фæлæ æнæкæрон уæззау æфхæрд адæймаджы цæстæнгас. Ахæм цæстæнгасмæ æнæниз адæймаг атоны йæ бæттæнтæ, фæсонт вæййы æмæ йæ къухы фыдтæм дæндагæй фæлæбуры. Ахæм цæстæнгас ауынгæйæ, адæймаг цæттæ у скæнын диссаджы митæ, хъайтарон ракæндтæ, цæмæй уыцы цæстæнгасы хицауы фервæзын кæна йæ рисæй… æмæ мæм Налхъуытæ йе скастимæ гæзæмæ йæ мидбылты куы бахудти йæхи рауæлдайгæнæджы бахудтæй, уæд мæ сæрыхъуын арц абадти, æмæ иудзæвгар ницыуал бамбæрстон мæхицæн, уæд мæ фыццаг хатт уыцы цæстæнгас уæнгсаст фæкодта. Ныр дыккаг хатт уыцы цæстæнгас уадау ахуыссын кодта мæ царды рухсы, фæлæ зæрдæ дзыназгæйæ æнкъардта, ныфссаст кæй нæ у. æмæ æрмæст иунæг хъуыды хуынчъытæ кодта мæ сæры магъз: «Чи зоны, гуыры ног ирон сылгоймаг. æппæтæй, суанг царды аргъæй йын баххуыс хъæуы райгуырынæн», – бынтон йæ сæр йæ риумæ æрæппæрста Битар.

Чиныджы сыфтæм кæсы Бадæг, фæлæ бæрæг у, чиныджы кæсыны бæсты цæйдæр хъуыдыты кæй афардæг. Умар æмæ Хæлар кæрæдзимæ бакæсынц, дыууæ дæр джихтæ кæнынц, кæцырдæм хæссы йæ ныхас Битар, æмæ сæ сæртæ се уæхсчытæм бакъултæ кæнынц. Битар та уæззау нæмы тамако йæ лулæйы, æртхосы зынг ыл бафтыдта æмæ йæ зæрдиагæй сцъырдта. Бæрæг нæу, исты зæгъинаг ма у æви фæци йæ таурæгъ, æнцад, æнæзмæлгæ у йæ цæсгом. Бадæг йæхицæн ныхасы бафтыд: «Налхъуытæ-иу сæвæрдтой номæн чызгыл, ома ницæмæн хъуыд дæ райгуырд»… Уалынмæ та сыхъуыст Битары хъæлæс.

– Иу хатт ма сæмбæлдтæн Налхъуытæйыл. Уый æрæджы уыдис, хæрз æрæджы, иу азæй фылдæр ыл нæма цæуы. Хъуыддæгты фæдыл фосдарæн артелы сæраппонд æрæфтыдтæн нæхимæ, æмæ мæхицæн бынтон æнæнхъæлæджы аззадтæн ам хъæусоветы сæрдарæй, уæхæдæг дæр æй зонут… О, фæлæ куыд сæмбæлдтæн Налхъуытæйыл æртыккаг хатт, мæ ныхас ууыл у. Цæй, раздæр уал уын зæгъон, чи уыд Налхъуытæ, уый.

Сидзæрæй баззад Налхъуытæ чысылæй йæ мæгуыр æвадаткъух мад æмæ кæстæр æфсымæримæ нæ хъæуы. Йæ фыды хос кæрдгæйæ йæ къах фæсайдта айнæджы фæтæны, фæбырыд, рахауд æмæ ныппырх. Идæдз ус баззад йæ сидзæрты уæлхъус, лæгмæ нал фæцыд. Цард фыдцард уыд сидзæрæй, кургæ къæбæрæй, амæлттæй схъомыл сты, уæдæ цы, афтæмæй ссæдзæм азы хæсты райдианы Налхъуытæйæн йе ′фсымæр фæмард меньшевикты нæмыгæй, йæ мад та уый размæ амард, испайнаг рын кæй хуыдтой, уымæй, æстдæсæм азы…

Нæ хъæуы æмæ нæ комбæсты æстдæсæм азы куы райдыдта кусын нæ дæласдæрдон партион организаци, уæд кæстæр фæсивæды дæр йæ цæстдарды бын бакодта, афтæмæй Налхъуытæ йе ′фсымæримæ, æмæ ма ноджы се ′мкарæн лæппутæ æмæ чызджытæ сæхи байстой парторганизацимæ, цыдысты æмбырдтæм. Йе ′фсымæр куы фæмарди Налхъуытæйæн, уæд иу цалдæр чызгæмбалимæ сфæнд кодта хæстмæ алидзын. Уый размæ гæрзарæхстыл дæр сахуыр ис йе ′фсымæрæй, иннæ чызджытæ дæр афтæ, суанг-иу нысан æхсыныл дæр сбыцæу сты хуыздæр лæппу-топпæхсджытимæ. Фæлæ Налхъуытæйæн йæ фæнд сæххæст йæ къухы нæма бафтыд, æвæццæгæн æй йе ′мбæлттимæ æфсæрм дæр уыд хъæубæстæй, афтæмæй знаг фæтыхджын, æмæ адæм сæ сæр æфснайынæн Цæгатмæ фæлыгъдысты, цы уыдысты, уымæй. Уæд Налхъуытæ баиу мах къордимæ. Мах къорд дæр, Налхъуытæ куы фæцæф, уæд бирæ нал баурæдта, гилдз нал уыд, æмæ Цæгатмæ ахызтыстæм. Уæдæй фæстæмæ Налхъуытæ цы фæци, уый нал зыдтон, æрмæст, дам, Дзæуджыхъæуы иу скъолайы ахуыр кодта æмæ стæй фæстæмæ æрыздæхт а бæстæм. Кæмдæр иу цъусдуг ахуыргæнæг дæр уыди нæ хъæуы.

О, æмæ Налхъуытæимæ мæ фæстаг сæмбæлдыл дзуринаг уыдтæн. Куы ′рбафтыдтæн нæ хъæумæ, уæд мæ æрвыстой дарæнтæм, сæ фермæ дæр уым уыди хъæуæн. Бацыдтæн дарæнтæм, уæдæ цы уыдаид… Стуртæ райсом хизæй æрыздæхтысты, бригадæ сæ дуцæнæй равдæлди. Диссаг æхсызгондзинад ацахста зæрдæйы, бригад уыди иууылдæр сылгоймæгтæй – чызджытæй, чындзытæй, ас устытæй. Сæрибар – сæ февнæлд, ныфсджын – сæ ахаст, цинимæ – сæ архайд. Сæ разы фермæйы кусæг нæлгоймæгтæ куыддæр аууоны аззадысты, цæсты нал ахадыдтой…

Сабыр бадтæн ныллæг зæлдагджын обауыл… æрмæст ма мæ фæндыд рахатын, чи у ног фæткæвæрæг ацы сылгоймæгтæн. Афтæмæй мæ хъуыдыты аныгъуылдтæн.

– Уазæг, аипп у, рохуаты кæй аззадтæ, фæлæ аххос дæхирдыгæй ис, цæуылнæ нын равдыстай дæхи æрдæбонсарæй? Де ′мбæлццон нын бамбарын кодта дæ хабар! – æвиппайды ацахстой мæ хъустæ фæлмæн, фæлæ хъæддых, уæндон хъæлæс.

Фестъæлфыдтæн мæ бынаты, уæдæ цы уыдаид, æмæ мæ цæстытæ систон дзурæгмæ. Мæ разы лæууыди худæндзастæй… Налхъуытæ, фермæйы хицау!

Кæддæртау та андæгъдысты ме ′вæндæй мæ цæстытæ Налхъуытæйы стыр сау цæстытыл. Раджыйы æфхæрд, æнæкæрон ныфссастæн дзы сæ кой дæр нал уыд ацы айдæнты. Цыдæр стыр ныфсхаст хуры тынтау нывæзти Налхъуытæйы сыгъдæг ирд цæстытæй рухс æмæ хъармæй йедзагæй… Цыдæр фидардзинад æвдыстой уыдон, цыма дыууæ сырх зынг хъандзал карды агъудтæ сты. æмæ мæ æмдзастмæ иннæ хæттытау тæфæрфæсгæнæг адæймаджы цæстытау зæхмæ не ′рлыгъдысты, фæлæ уæндонæй, хъæлдзæгæй кастысты мæ цæстытæм ацы æнахуыр цæстытæ… æз федтон: ног у ацы цæстæнгас, ног – ацы цæстытæ, бынтон ног у ацы сылгоймаг! æз федтон: нал ис цагъар, æгъдæуттæй æмæ уагæй æнтъыхт, рагон ирон сылгоймаг. Ис æрмæст мæ разы сæрибар æмæ йæ сæрибардзинад æмбарæг ног сылгоймаг. æмæ ма ноджы федтон, бамбæрстон уый дæр: мæ æрвылбоны куысты æз не ′рхъуыды кодтон, мæ цæстæнгасæй аирвæзт, уый ног царды уавæры кæй сног ис, кæй схъомыл ис ног куысты мидæг ирон сылгоймаг… Уæд мæ фырцины базыртæ систой зæххæй æмæ æнæдзургæйæ, дзурын мæ бон нал баци, зæрдæбынæй нылхъывтон Налхъуытæйы къух.

æвæццæгæн, Налхъуытæ бамбæрста мæ равг, ме ′нкъарæнтæ, йæ мидбылты та бахудти уыцы диссаджы бахудтæй æмæ дзуаппæн тыхджын алхъывта мæ къух.

– æз иунæг нæ дæн, Битар, акæс-ма ацы сылгоймæгтæм, – йæ цæстытæй мын амоны чызг-бригадонтæм. – Сбирæ стæм ног Налхъуытæтæ, нæ, нæ! Хъуыдинæтæ, номивд мæ фæкодтой ме ′мбæлттæ. æвæццæгæн, фæнды дæ зонын, куыд æгъдауæй сси ахæм мæнæй уый? Дзурон дын æй, дзурон дын мæ царды фæндаг? æмæ йæ куы уыныс, дæ цæстыты раз куы ис. Нæ цард дын æй куы дзуры. Цом фермæмæ, хæлар æмбал Битар! – æмæ мын мæ къухыл ахæцыд фермæйы ′рдæм…

– Уый уын ирон хæххон сылгоймаг, – ацы фæстаг ныхæстимæ Битар йæ лулæ иттæг сцъырдта æмæ фæздæджы бын атыхта йæ цæсгом.

– æмæ… – тæвдæй фæтæррæтт кодта йæ бандонæй Хæлар, фарст нæ фæци, афтæ дуар фегом, æмæ дзы дыууæ сылгоймаджы, хæринæгтæ сæ къухы, афтæмæй æрбахызт.

– Дзæгъæлы уæ фæбадын кодтон, уазджытæ, бахатыр кæнут. Цæй, уæ къухтæ дæр уын райсон. Мæнæ уый та хъазуатон бригадон у, Хъызмыдæ, – æмæ хъæлдзæгæй, уæндонæй æфсин айста уазджыты къухтæ.

– Нæ, дæ хорзæхæй, Битар, уæддæр ма мын зæгъ, – фæци Хæлар, – лæг ис Налхъуытæйæн, лæг? Нæй, æндæр, ау, лæджы худ дæр нал ис йæ сæрыл?..

Бадæг æмæ Умар фæрсæгау бакастысты Битармæ. æфсин цыдæр ахъуыды кодта, стæй бахудти æмæ фездæхти Хæлары ′рдæм.

– Лæг зæгъыс, уазæг, лæг Налхъуытæйæн? – дæ разы мæ лæг! – ацамыдта Налхъуытæ Битармæ йæ худгæ цæстытæй. Хæлар сагъдау фæци æмæ æфсæрмæй йæ цæстытæ зæххы асагъта.

– Гъы, цы зæгъдзынæ, Умар, райхъал хæххон сылгоймаг æви нæ, цалхы кæлæх ма йæ хоныс æви? – худæндзастæй бакасти Бадæг Умармæ.

– Сылгоймаг райхъал, уый раст у, фæлæ…

– Фæлæ?

– Нæлгоймæгтæй – махæй нырма бирæ нæма райхъал.

Битар æмæ Налхъуытæ сæ мидбылты бахудгæйæ бакастысты кæрæдзимæ.

1935 аз