БИАЗЫРТЫ Роланд

ÆМÆ, ДАМ, ЧЫНДЗЫ ФÆЦУ!

Зæрдылдаринаг свæййы алы чызг æмæ лæппуйæн дæр сæ фыццаг фембæлд. Бирæтæн та у сæ фидæны амондджын царды райдиан. О, фæлæ, кæмæндæрты та, хъыгагæн, сæ фыццаг æмæ фæстаг фембæлд рауайы.

Горæты фæсвæддæр уынгтæй сæ иуы фæрсæй-фæрсмæ цæуынц чызг æмæ лæппу. Кæд хæрзæрыгæттæ нал сты, уæддæр уый уыд сæ фыццаг фембæлд.

Лæппу – Хъайсын, æрыгон ахуыргонд у, уымæй дæр философ. Æрæджы кандидаты ном бахъахъхъæдта. Нæ университеты ахуыргæнæгæй кусы. Чызг – Зæли, ахуыры фæндаг нæ равзæрста, фабричы хуыйæгæй кусы. Чи сæ цы хъуыддаджы лæуд уыдис, уый зыдтой. Кæцы чызджы бæллиц нæу, ахуыргонд, философ цардæмбал ын уа! Уæдæ Хъайсын дæр, куыд философ, куырыхон, афтæ чызджыты нæ дих кодта хъæздыджытæ æмæ мæгуыртыл, ахуыргонд æмæ æнахуыргондтыл.

– Æвæдза, диссаг у цард, Зæли, – «байгом» кодта фембæлд Хъайсын, – Цыма цы уыдаид цард æнæ философи, æнæ философтæ-куырыхонтæ! Уæвгæ та сæйраг, цы хъуыддаджы лæуд дæ, уый нæу, сæйраг у, дæ куыстæй æхцондзинад куы исай. Æмæ уæдæ дæумæ дæр уыдзæн хæлæггæнджытæ, кæд дæ куыст уарзыс, уæд…

Зæли уайтагъд йæ сæр разыйы тылд бакодта:

– Уарзын, уарзын! Тынг!

– Гъемæ дæ хъуыддаг раст! О, иу дæр уæ хуыйæг æмæ иннæ дæр, фæлæ, дæуау йæ куыст чи уарзы, æцæг профессионал уый уыдзæн. Философтæ бирæ уыдысты, фæлæ дзы авдæн æмбал нæ уыд. Дунейы иууыл зондджындæртыл нымад сты абоны онг дæр.

– Ау, æгас дунейы авд зондджын лæджы йеддæмæ нæй? – бадис кодта чызг.

– Уыдоны хуызæн – нæй!..

– Хъайсын, уарзон дын никуы уыдис? Ахæм зæрдæмæдзæугæ лæппу…

– Зæли йæхимидæг тыхст, фæлæ йын уæддæр фескъуыдта йæ ныхас цæхгæр фарстæй.

Лæппу цасдæр рæстæджы дзурын нал сфæрæзта, стæй æрчъицыдта:

– Уарзон? Нæ. Скъолайы азты цы уарзт вæййы, уый куы нæ нымайæм, уæд, – цыбыр дзуапп радта Хъайсын æмæ та йæ раздæры ныхасмæ раздæхт: – Омæ дын уый зæгъынмæ хъавыдтæн, уыцы авд куырыхонæй сæ иу уыдис ирæтты рагфыдæл Анахарсис…

– Мæнæ нæ горæты стыр библиотекæ кæй ном хæссы, уый? – афарста Зæли.

– О, о, уый …

– Æз та йæ цавæрдæр прибалтиаг лæг æнхъæлдтон. Зæгъын, цæмæн ын ахæм стыр лæггад кæнæм, цы хъуыддаджы басгуыхт нæ адæмы раз…

– Зоныс, Зæли, иуахæмы Анахарсис Солонæн цы загъта? Солон дæр уыцы куырыхонтæй уыдис. Анахарсисы æвзонгæй бафæндыд Солонимæ сæмбæлын, æмæ йæм Грецимæ фæцыд. Цагъарæн загъта, цæмæй Солонæн фехъусын кæна, Анахарсис æм дардæй кæй фæзынд, æмæ йæ фæнды демæ хæлар суæвын, зæгъгæ. Солон æм рарвыста ахæм ныхæстæ:

– Хæлæрттæ фæагурынц райгуырæн бæстæйы.

Анахарсис нæ фæтыхст æмæ йæм арвыста ахæм дзуапп:

– Æмæ мæнæ ныр ды дæ дæ райгуырæн бæстæйы æмæ дæхицæн ссар хæлар.

Ацы ныхас фæцыд Солоны зæрдæмæ, фæхуыдта уазæджы мидæмæ, æмæ уæдæй фæстæмæ схæлæрттæ сты.

Чызгæн йæ цæсгомыл иунæг нуар дæр нæ фезмæлыд, зындис ыл, йæ хъуыдытæ æндæр кæмдæрты кæй хæтыдысты.

– Æмæ æппын никуы никæй бауарзтай, гъе та дын дæхи ничи уарзта? – йæ фарстæй рабæрæг сты йæ хъуыдытæ.

Дыууæ æрыгон адæймаджы ныхас цæхгæр фæивта. Хъайсын, философи иуварс фæуадзгæйæ, дзуапп радта:

– Раст зæгъгæйæ, никуы мæм æрцыд ахæм уарзт, æмæ æрратæ кæнон, уымæн мын рæстæг дæр нæ уыдис. Мæхи мын, æвæццæгæн, уарзтой, фæлæ сæ уарзтæн уарзтæй дзуапдæттæг ме ‘рдыгæй нæ уыдис…

Цасдæр рæстæгмæ сæ иуæй дæр ныхас нал схауд. Лæппу æмбæрста, дзурын кæй хъæуы æмæ та раздæхт философимæ.

– Цымыдисаг у рагон философты цард. Диоген дæр уыцы авдæй у. Цардис æлыгæй арæзт боцкъайы…

– Боцкъайы?

– О, о, боцкъайы…

– Æмæ дзы цæмæн ныббырыд, цы йæ нæ уагъта, æмæ дзы цардаид?

– Бафæндыд æй зæххон хæрзиуджытыл йæ къух сисын, æмæ ахæм цардæй цардис…

– Æмæ дæм уый зондджын, куырыхон лæджы ми кæсы? Уый сæрхъæн нæ уыд? – мæсты кæнын райдыдта чызг.

– Нæ, уый сæрхъæн нæ уыд. Бирæ, тынг бирæ хорз хъуыдытæ йæм уыдис, æмæ сыл абон дæр адæм сæхи ахуыр кæнынц. Цæвиттон…

– Нæ сæ хъæуы нымайын, Хъайсын. Цон, æз цæуон, – йæ рахиз уæхскыл ауыгъд хызын йæ къухтæм æриста Зæли.

– Ацæуай? Ау, исты дæм хъыг фæкаст?

– Нæ, хъыг мæм ницы фæкаст. Æрмæст…Æз æртыккаг дæн. Уæлдай. Уарзты та æрмæстдæр дыууæйæ хъуамæ уой…

– Ау, куыд дæ æртыккаг, нæ дыууæйæ дарддæр ам куы ничи ис? – фæдисы Хъайсын.

– Æртыккаг дæн, æртыккаг, Хъайсын. Дыккаг дын философи у, æмæ цæр йемæ, уарз æй…

Æрыгон ахуыргонд æдзæмæй каст, дардæй дарддæр дзы чи кодта, уыцы чызджы фæстæ…

 

ЕСПИНЕ

Æрыгон лæппу-лæг милицæйы дарæсы, йæ къухы сæрак папкæ, афтæмæй асинтыл тагъд-тагъд суад æмæ дыккаг уæладзыджы æртæ фатермæ бахизæн дуæрттæй астæуккаджы раз æрлæууыд. Йæ формæ æррæстытæ кодта, стæй дзæнгæрæджы джыбы хъуамæ балхъывтаид, фæлæ амонæн æнгуылдз джыбыйы комкоммæ уæлдæфы растæй андзыг, цыма йыл хæцгæ фæкодтаид, уыйау.

«Ам æцæгæйдæр хæст куы цæуы», – ахъуыды кодта йæхинымæр милиционер, мидæгæй сылгоймаджы хъæр-хъыллист хъусгæйæ, æмæ исдуг фæсагъæсыл, дзæнгæрæг ныццæгъда æви фæстæмæ аздæха. Фæлæ службæ службæ у, хæс æххæст кæнын хъæуы æмæ, æппынфæстагмæ, æнгуылдз уæддæр джыбыйы балхъывта.

Дуар байгом. Æрмæст иууыл нæ. Адæймаг дзы йæ сæр куыд радардтаид, афтæ. Æмæ дзы радардта йæ сæр Еспине – фатеры хицау. Милиционер æнхъæл уыд, чи ракæса, уый сæр йæ сæры комкоммæ уыдзæн, фæлæ йæм уæлдæрæй бынмæ куы ‘ркаст уыцы сæр, йæ тызмæг цæстытæ, йæ тар цæсгом ын куы ауыдта, уæд хорзау нал фæцис. Стæй ма йæ бæзджын, æндон ныхæстæ «цы ‘рцыд, цы хабар у?», зæгъгæ, йæ хъустыл фарсты хуызы куы ауадысты, уæд бамбæрста, йæ къæхтæ йæ хорз ранмæ кæй нæ бахастой.

– Ы-ы, де ‘зæр хорз… – райдианы уал салам радта лæппу.

– Чи дæ хъæуы, кæй агурыс? – салам раттыны бæсты цæхгæр æркарста сылгоймаг.

– Æз… æз уæ участокы ног инспектор дæн. Мæнæ уæ хæдзар дæр мæ территоримæ хауы. Гъе, æмæ телефонæй радгæстæм æрбадзырдæуыд, ацы хæдзары, дам, уыцы æмæ уыцы фатеры, ома, мæнæ сымахмæ, хæст цæуы æмæ, дам æй ныммынæг кæн.

– Йæ сæр хæсты цæхæры басудзæд йæ фæдзурæгæн. Багъæцæд, æз æй сбæрæг кæндзынæн, æмæ сар йæ сæр кæны. Рахиз, гъа, æмæ мынæг кæн хæсты, – æмæ дуар æгасæй дæр байгом. Разынд милиционермæ сылгоймаг дæргъæй уæрхмæ. Фæкаст æм æцæг къæдзæхы хуызæн. Дардыл зылд астæуы, синты æмæ уым дæлæмæ буары сæлхъывта сау хæлаф – бæрæг уыд, фидар хъуымац фидар æндахæй хуыд кæй уыдис. Астæуæй уæлæмæ та æмбæрзт уыд рог кофтæйæ. Ахæм бæрзонд, фæтæнтæконд сылгоймæгтыл йæ цæст царды куыннæ схæцыд, фæлæ йæ семæ хъуыддаг никуы уыд.

Дуар йæ фæстæ сабыргай, хъавгæ ахгæдта милиционер æмæ фæраст Еспинейы фæстæ, фæлæ йæ цæст хæдзары къуымты ницæуыл хæцы – бамбæрзтой сæ сылгоймаджы фæсонтæ, синтæ. Æрмæстдæр залмæ куы бахызт æмæ иуварс куы алæууыд, уæд æм разындысты хатæны къуымтæ, йæ мидæг æвæрд дзаумæттæ æмæ… диваны кæрон ныгъуылдæй бадæг мæллæг, фæлæ интеллигентон бакаст кæмæн уыд, ахæм лæг. Уый уыд Еспинейы цардæмбал Хъазбег.

Милиционеры куы ауыдта, уæд æм лæг тæригъæддаджы каст ракодта, стæй йæхиуыл фæхæцыд, уæхсджыты фæйнæрдæм айвæзта æмæ риуыдзаг йæхицæн рогæй сулæфыд. Æвæццæгæн, æнхъæлдта, йе ‘вварс кæй рахæцдзæн, кæй йæ бахъахъхъæндзæн. Уый ма зона, æмæ милиционер йæхæдæг дæр Еспинейы цур йæхи хорз кæй нæ хаты. Æмæ уым диссагæй дæр ницы ис, милицæйы нырма æрæджы райдыдта кусын, нæма сфæлтæрдта, нæма сфыхтис уыцы хъуыддаджы.

Райдианы уал Еспине цалдæр санчъехы акодта æмæ Хъазбеджы раз февзæрыд. Æргуыбыр æм кодта, йæ риуыл ын костюм, галстук, хæдонæй йе ‘нгуылдзтæ цæуыл фæхæст сты, уыдон æрбассывта йæ мустучъийы, æмæ лæг цадæггай диванæй фæхицæн. Милиционермæ афтæ фæкаст, цыма йæхæдæг райдыдта стын, фæлæ зæвæттæ, стæй та дзабырты фындзтæ астæрдæй куы фæхицæн сты, уæд бамбæрста, уый йæ Еспинейы цонджы тых кæй систа æмæ уæд йæ хуыз бынтон фæцыд, ай кæдæм бахаудтæн, зæгъгæ.

– Афтæ æнхъæлыс, æмæ дæм милиционеры цур нæ бауæнддзынæн. Нæ йæ зыдтай командировкæйæ æрцæуинаг дæн, цæуылнæ мыл сæмбæлдтæ, кæм хъеллау кодтай? – райхъуыст арвы нæрдау йæ хъæлæс Еспинейæн.

– Никуы уыдтæн, мæ лабораторийы афæстиат дæн… – куыддæрты райхъуыст йæ нымд хъæлæс Хъазбегæн.

– А – гъа, мæнæй дын дæ мыстытæ зынаргъдæр сты, нæ?!

– Нæ-æ… мæ кандидатон диссертацийыл тагъд кæнын, æмæ… – хъуыры сæлхъывтой дзаумæттæ, æмæ хуыр-хуыр кæнын райдыдта лæг.

– Кæсыс, милиционер, æз æхца ссивын мидæмæ, уый та гæххæттытæ змæнтыны куыст кæны!

Еспине лæджы æруагъта. Уый йæ дзаумæттæ бадзæбæхтæ кодта æмæ фæстæмæ йæ бынаты æрбадт. Диваны иннæ кæрон та Еспине æруагъта йæхи æмæ йæ иу къах зынтæй баппæрста иннæйы æккой.

Сабырдзинад бирæ нæ ахаста. Еспинейы барджын ныхæстæ ныр та милиционеры ‘рдæм здæхт уыдысты:

– Цæй, æрæвнал дæ куыстмæ, хæстыты æртытæ мынæггæнæг.

Милиционер залмæ бахизæны, цыма йæ садзгæ æркодтой, уыйау æнæзмæлгæйæ æмырæй лæууыд. Цы акодтаид, уымæн ницы зыдта.

– О, фæлæ…– æрæджиау сфæрæзта дзурын милиционер, фæлæ дарддæр цы загътаид, уымæн ницы зыдта. Æмæ Еспине ныхас адарддæр кодта:

– Фæлæ цы? Нæ уыныс хæст? Нæ зоныс, цы ныммынæг кæнай, уый? Æмæ цы хъуамæ фенай? Хæсты дыууæ ныхмæлæууæджы кæрæдзи дæрæн кæнынц, кæрæдзи маргæ кæнынц, æмæ ам та мæнæн кæм уыныс мæ ныхмæлæууæджы? Мæнæ уый? – йæ амонæн æнгуылдзæй ацамыдта нæлгоймагмæ. – Уый мæ лæг у! Æмæ йын ныхмæлæууæджы хуыз ис? Штангæйæ бæстæйы дыууæ хатты чемпионкæ, æнтыстджын бизнесмен хæст самадта, мыстытыл йæ лабораторийы фæлварæнтæ чи аразы, мыстæй уæззаудæр чи ницы систа, уыимæ! Ха-ха-ха! – анæрыд йæ бæзджын хъæлæс æгас фатеры сылгоймагæн. Стæй уæззаугай сыстад йæ бынатæй æмæ… милиционеримæ се ‘хсæн дæрддзæг къаддæрæй къаддæр кæнын райдыдта…

Хъазбег ныгъуылдæй кæсы, цы ‘рцæудзæн дарддæр, уымæ. «Йæ цæрæнбон бирæ, милицæмæ чи фæдзырдта, ныр ын ацы милиционер уайдзæф уæддæр кæд бакæнид», – ахъуыды кодта сæры магъз æмæ дарддæр та, цы аскъуыддзаг кæндзæн, уый баст у, цæстытæ цы феной, ууыл. Уыдон та уынынц, милиционер куыд «æрбайсæфт» Еспинейы аууон.

Цы уавæры уыд милиционер та? Дæ балгъитæг ахæм уавæры ныххауæд! Еспине йæм куыд хæстæгдæр кодта, афтæ уый дæр фæстæ-фæстæ лæууыд, фæлæ кæйонг алæууыдаид, йæ фæстæ уыд къул, æмæ йыл сныхæст, уæдæ æндæр цы кодтаид. Йæ хуыз бынтон фæцыд, уæрджытæ дон кæнынц. Афтæ фенхъæлдта, ныртæккæ уымæн дæр йæ риумæ бавналдзæн, йæ дарæсæй цæуыл фæхæст уа, уыдоны мустучъийы атымбыл кæндзæн, æмæ уый дæр уæлдæфы дзедзырой кæндзæн.

Лæппу-милиционер цæмæй тарст, уый не ‘рцыд, Хуыцау æй бахызта. Фæлæ тас нырма йе уæнгты бадт – хъуыддаг цæуыл фæуыдзæн, уый бæлвырд нæма зыдта. Йæ дуне та йыл бынтон æрбауынгæг – фæсте – къул, йæ разы – Еспине, æмæ уымæй дæр йæ уавæр ноджы зындæр кодта.

Уæдмæ Еспинейæн йæ армы тъæпæнтæ йæ фæрстыл хæрдмæ сабыргай бырын райдыдтой. Дыууæ лæджы сæм дзагъырдзастæй кæсынц. Армы тъæпæнтæ куыд уæлæмæ цæуынц, афтæ цæнгтæ та фæйнæрдæм сæхиуыл æнцайынц. Фæстагмæ армы тъæпæнтæ синты сæрыл æрæнцадысты æмæ Еспинейæ «Ф» дамгъæйы хуызæн рауад, кæд рæсугъд нæ уыд, уæддæр.

– Ацы дзæбæх милиционер, нæлгоймаг йæ цардæмбалæн куыд æмбæлы, афтæ куы нæ лæггад кæна, уæд ын цы бакæнын хъæуы?

Милиционер иуцасдæр æдзынæг алæууыд, цыма йе ‘взаг аныхъуырдта, уыйау, стæй йæ нарæг уæхсджытыл хæрдмæ фæхæцыд æмæ æрмæстдæр уый фæстæ сфæрæзта дзурын:

– Мæгъа… Мæнæн нырма ус нæй…

– Ма дын уæд, фæлæ йæ хъуамæ зонай: уæд æм хъæуы хыл кæнын, куы бахъæуа, уæд та нæмын дæр! Раст нæ дæн?

– О, о…– разыйы дзуапп райста сылгоймаг.

Хъазбег милиционерæй йæ бон базыдта æмæ йæхæдæг йæхи хъахъхъæнынмæ фæцис:

– О, фæлæ мæнæн дæр мæхи куыст ис, сæрибар рæстæг мын нæ фаг кæны…

– Ныхъхъус у! Дæ мызды капеччытæй мæ уæлвæндаг фæкодтай… – æмæ та милиционермæ бадзырдта:

– Сылгоймаг уæвгæйæ, дæ нæлгоймагæн цард, бухъ цард куы уынын кæнай, йæ къахæй йæ ассон-ассон куы кæна æмæ дæ куы нæ æмбара, дæ фарсмæ куы нæ лæууа, уæд ахæм лæгæн цы кæнын хъæуы?

– Нæмын æй хъæуы! – фæныфсджын милиционер.

– Æз бизнесыл хæст нæ дæн… – райхъуыст та Хъазбеджы ныхас.

– Бизнес, бизнес! – фæзмæгау скодта сылгоймаг, – нæ дæ бизнесыл хæст æмæ цы царды ныххаудтæ, уый уæддæр æмбар! Мæнгæй нæ акæнынц, уæрццæн, дам, зад хуымы хизын нæ фидауы!

Æмæ та радон фарст милиционермæ:

– Мæ хъуыддæгты фæдыл куы уон, хæдзармæ æрæгмæ куы ‘рбацæуон æмæ хæринагæй мæ дзыхы цы акæнон, уый куы нæ ‘рбаййафон, дæ разы дын, æгæрыстæмæй, кофийы чашкæ дæр куы нæ авæра, уæд ахæм лæгæн цы бакæнын хъæуы? Нæмын æй нæ хъæуы?

– О, о, – æвæстиатæй та сразы милиционер.

Лæгæн дæр йæ дзуапп цæттæ уыд:

– О, фæлæ хæринæгтæ цæттæ кæнынмæ адæймаг куы нæ арæхса, уæд цы хъуамæ бакæна?

– Дæ сыбыртт мын ма хъусын кæн! Арæхсгæ та цæмæ кæныс, дæ мыстытимæ архайынæй дарддæр!

– Зæгъ-ма, милиционер, лæг æмæ ус дыууæ азы бæрц иумæ куы цæрой æмæ сывæллоны кæуын куы нæ райхъуыса сæ хæдзарæй, уæд ахæм лæгæн цы хъæуы?

– Нæмын! – сæрыстырæй загъта милиционер.

Лæг ацы хъуыддаджы дæр йæхи раст кæныныл схæцыд:

– О, фæлæ дын дохтыртæ мæ цуры куы загътой, зæнæг нын кæй нæ цæуы, уый дæ аххос кæй у…

– Ныхъхъус у. Ды дæр уыдонæй хуыздæр нæ дæ, чи сыл æууæнды!..

Милиционер ма Еспинейы цалдæр фарстæн радта уыцы цыбыр дзуаппытæ «о» æмæ «нæмын æй хъæуы», зæгъгæ, стæй сылгоймаг йемæ йæ ныхас балхынцъ кодта:

– Æмæ уæдæ цæмæн æрбацыдтæ, милиционер? Афардæг у æмæ дæ куыст кæн!

Милиционер, цингæнгæйæ, феддæдуар.

Рацыд бæрцæй цасдæр рæстæг, æмæ та растдæр ацы милиционер ногæй хизы уæлæмæ, æрдæбон фыр цинæй дæлæмæ цы асинтыл æрызгъордта, уыдоныл. Хъæлдзæг нал у, йæ къæхтыл цыма здыйæ цырыхъхъытæ ис, уыйау сæ иу къæпхæнæй иннæмæ исы уæнгтæхъилæй. Нал æй фæнды уыцы дуары раз æрлæууын, уыцы æнæхайыры джыбыйы балхъивын. Фæлæ службæ службæ у, хæс æххæстгæнгæйæ у. Æмæ та мæнæ æрлæууыд уыцы Еспинейы дуары раз. Бирæ фæлæууыд æдзынæгæй ам. Хъуысы йæм мидæгæй хъæр-хъæлæба, æмæ йын уый ноджы йе уæнгтæ мары. Цалдæр хатты амонæн æнгуылдз бахаста дзæнгæрæджы джыбымæ, фæлæ йæм йæ нылхъивыны æхсар нæ разыны, æмæ та цонг йæхи уырдыгмæ ауадзы. Фæлæ цас хъуамæ лæууыдаид кæйдæр дуары раз. Æмæ дын йæхи куы фесхъæл кæнид, йæ формæ æррæстытæ кодта, цæсгом тызмæгхъуыз райста, афтæмæй дзæнгæрæджы джыбы балхъывта.

Дуар байгом, æмæ дзы йе стыр хъуынджын сæр радардта Еспине.

– Цы ма дæ ферох ам? – тызмæгæй йæ фæрсы.

– Хатыр, фæлæ… – милиционер нæ баурæдта сылгоймаджы цæстæнгас, æмæ йе ‘уæнгтæ æрызгъæлдысты.

– Ногæй мæ рарвыстой, хæст та, дам дзы стынг ис…

– Рахиз-ма, æмæ дын æз бацамонон, хæст куыд мынæг кæнын хъæуы, уый, – Еспинейы æнгуылдзтæ фæхæст сты милиционеры риуыл, æмæ йæ фæмидæг кодта.

Лæппу йе ‘намонд базыдта. Ныртæккæ Хъазбегау йæ къæхтæ уæлдæфы кæй дзедзылой кæндзысты, ууыл нал дызæрдыг кодта. Фæлæ та ацы хатт дæр афтæ нæ рауад. Еспине йæ æввахс йæ гуыбынмæ æрбалвæста, стæй йæ асхуыста æмæ гом дуарæй шампайнаг сæны къæрмæгау ратахт, худ та, цыма йæ хицауæй тынгдæр фæтарст, уыйау сæрæй атахт æнцойгæнæны сæрты æмæ бынæй кæмдæр йæ тъæпп фæцыд.

Милиционер фæгæпп ласта æмæ асинтыл дæлæмæ ныййарц, фæлæ бæрæг нæ уыд, Еспинейæ лыгъд æви йæ худы фæстæ.

Хуыцауæн æртæ чъирийæ фæкувынц. Æмæ та æртыккаг хатт дæр куы балæууиккой Еспинейы фатеры къæсæрыл. Æртæ гуыппырсары. Гамхудты мидæг. Æд хотыхтæ. Æвæццæгæн сын милиционер бамбарын кодта, хъуыддаг сæ кæимæ уыдзæн, уый. Уыдон айтæ-уыйтæ нал фæкодтой, фæлæ бадзæнгæрæг кодтой æмæ, Еспине куыддæр дуар байгом кодта, афтæ йын йæ базгуытыл фæхæцыдысты æмæ… уынджы ахæсттæласæн машинæйы смидæг ис. Лæг ма йæ фæстæ тарстхуызæй ракаст, фæлæ асинтыл никæйуал раййæфта.

Еспинейы цалынмæ милицæйы хайадмæ ластой, уæдмæ йæ телефон йæ дзыппæй фелвæста, кæдæмты хъуыд, уырдæмыты адзырдтытæ кодта, æмæ йыл сæмбæлдысты… диссаг… цытджын æгъдауæй. Æгæрыстæмæй дзы хатыртæ дæр фæкуырдтой, афтæ кæй рауад, уый тыххæй. Йæ хæдзармæ йæ фæстæмæ дæр сæхæдæг æрбаластой. Ахæсттæласæн машинæйыл нæ – фæлмæн, чи не ‘нкъуыст, ахæмыл.

Æрбаластой йæ, фæлæ… диссаг – хæдзары йæ лæджы нал æрбаййæфта.

«Цы, лидзгæ акодта? Æмæ кæйонг алидздзынæ мæ хæдзæрттæй – Мæскуыйы фатер, Дзæуджыхъæуы дыууæуæладзыгон хæдзар, ам мæнæ ацы фатер… Кæдæм алидздзынæ банкты ме ‘хцатæй, балæууæндон дæр дын куы нæ ис, уæд? Дæ цыппæртыл мæм æрбабырдзынæ фæстæмæ мæ куыдзау!» – гуым-гуымгæнгæ рацу-бацу кодта хæдзары къуымты Еспине, стæй йæ хуыссæн бацагуырдта. Дуар дæр нæ сæхгæдта йæхиуыл – æнхъæл уыд, Хъазбег кæй æрбаздæхдзæн æмæ, хæдзарæй кæй ацыд, уый тыххæй дзы хатыртæ кæй ракурдзæн.

 

* * *

Ацы хабар раджы æрцыдис, уартæ иу-æртын азы размæ, ног дугивæны цы змæст, хæццæ рæстæджытæ ныллæууыдысты, уыдонæн сæ райдианы. Уæдæ цавæр рауадысты сæ царды фæндæгтæ мæ радзырды архайджытæн, хъысмæт ма сæ искуы сæмбæлын кодта, æрбаздæхт ма Хъазбег фæстæмæ йæ хæдзармæ æви нæ? Фарст цымыдисаг у, æмæ мæ фæнды, дзуапп ын радтон. Цыбыртæй, – нал фембæлдысты. Лæмбынæгдæрæй та, сæ хъуыддæгтæ афтæ рауадысты. Еспине раздæрау схъæл, æндон хъæлæсы хицау нал у. Кæддæры фидар, нуарджын уæнгтæ æрбампылæгау кодтой, фæгуыбыр, цæстыты цæхæр æрысыст. Æмæ уый йæ аххос нæу – рæстæг йæ кæнон кæны. Фæлæ рæстæджы аххос дæр нæу. Йæ бизнесы хъуыддæгтæн иу афоны æнæнхъæлæджы сæ бындур ныззылд, æмæ ныпырх сты. Йæ исад ын сфыстой хицауады пайдайæн, банчы æхца нал аззад. Хорз уыд, æмæ йæхæдæг ахæстонæй аивæрзт. Ныр цæры, йæ бонтæ иунæгæй æрвиты, йæ цардæмбал кæцæй фæлыгъд, æрыгон милиционеры кæцæй ратардта, уыцы фатеры.

Бафæрсдзыстут, æнхъæлмæ ма кæсы Хъазбегмæ? Кастис æм æнхъæлмæ дыккаг бон, æртыккаг бон, мæйы, афæдзы æмæ дæс азы фæстæ дæр. Æмæ йæм абон дæр, чи зоны, æнхъæлмæ кæсид, иу изæрыгон ыл, телевизормæ кæсгæйæ, йæ цæст куы нæ схæцыдаид, уæд. Сæрмагонд равдыст ыл сарæзтой. Йæ цард, йæ зонадон архайды тыххæй дзырдтой. Равдыстой йын йæ цардæмбал æмæ йæ дыууæ сывæллоны дæр. Стыр ахуыргонд ссис – профессор у. Еспине йæм куыд хъуыста, афтæмæй йæхи амондджын хоны зонады дæр æмæ бинонты царды дæр. Растдæр уæд бамбæрста кæронмæ сылгоймаг, йæ къæсæрæй кæй никуыуал æрбахиздзæн. Зын ын уыдис, гъай-гъайдæр, уыцы хъуыддаг, фæлæ йын йæ зæрдæйы маст цыма чысыл рогдæр кодта Хъазбеджы ныхас, уадз, телевизорæй дæр уæд, ногæй йæ хæдзары кæй хъуысы, уый. Фæлæ равдыст фæцис, æмæ Хъазбег ацыд телевизорæй, бамыр йæ хъæлæс Еспинейы фатеры къуымты. Еспине та, йе ‘взонгады стыр рæдыдыл хъуыды кæнгæйæ, йæ сагъæсты ныдздзæгъæлтæ…

Базыдтам цыдæртæ Хъазбеджы цардæй дæр. Цы бацис нæ æрыгон милиционер та? Ацы цауы фæстæ йæ куыстæй йæ зæрдæ афтæ фæцъæх, афтæ йын фесхъиуæггаг, æмæ йæ ныууагъта. Ныллæууыд ахуыргæнæджы куыстыл. æмæ, куыд дзурынц, афтæмæй дзы йæ хъуыддаджы хорз дæсны рауад.