БИЦЪОТЫ Грис

МИДÆГГАГ ХÆДОНЫЛ ФЫСТЫТÆ

30-æм азты кæрон репресситы амæттаг чи баци, йæ зындон уæлæуыл ахæстæттæ æмæ лагерьты чи арвыста, уыдонæй иу къордимæ сæмбæлдтæн, фæлæ сæ никæй бафæндыди æргомæй дзурын. Сæ иу загъта: «Кæй-ма цæмæн хъæуынц уыцы хабæрттæ?» Иннæ æргом басас- ти: «Уым цытæ бавзæрстон, уыдон кæй никуы радзурдзынæн, уый тыххæй мæ къух æрæвæрдтон». Æртыккаджы дзуапп уыди: «Знаджы ном мыл кæй сбадт, уый адæмæй байрох, æмæ та сын æй ныр ногæй сæ зæрдыл æрлæууын кæнон?» Афтæ бафæрсæг дæр мæ фæци: «Куы дын сæ радзурин, уæд сæ ныффыссис, бауæндис?» «О» йын загътон, центрон мыхуыр адæмы размæ цы æбуалгъ диссæгтæ рахаста, уыдон ын ранымадтон – нæ байгом кодта уæддæр йæ зæрдæ. Кæмæдæрты сæ афтæ дæр бахатыдтæн: «Цы бавзæрстай, уыдæттæ мын фæсномыгæй фæдзур, æз сæ комкоммæ никуы спайда кæндзынæн». Мæ ныхас дзы никæй æууæнк æрыхъал кодта.

Æмæ уæд æрхæндæгзæрдæйæ ахъуыды кодтон: «Уыцы рæстæджы тыххæй нæм, æвæццæгæн, Дзесты Куыдзæджы мысинæгтæ йеддæмæ бындурон фыстæй ницы баззайдзæн». Мæ зæрдæ æппын куы ницæуылуал дардтон, уæд мæм журнал «Мах дуджы» редакци радта Барахъты Гинойы бинойнаг Надяйы (йæ аргъуыды ном Еленæ)* къухфыст – йæ лагерьты мысинæгтæ уырыссагау фыстæй иронмæ тæлмац кæнынмæ.

Зыдтон, Надя дæр уыди ахст, лагерьты хъизæмæрттæ бавзарыны фæстæ Ирыстонмæ сыздæхти. Фæзиан ис 1989 азы мартъийы мæйы. Æндæр æй ныхасмæ дæр никуы федтон. Æмæ, журналы редакци чиныгкæсджыты размæ кæй рахаста, уыцы мысинæгтæ тæлмац кæнгæйæ, мæ цæстыты раз слæууыди Надяйы удæгас сурæт. Ирон хæдзары хъомылгонд, фыдæлты фарн йæ туджы хæссæг, удæй рæсугъд сылгоймаг… Ном бæрзондгæнæг алы курдиаттæй хайджын… Фæллойгæнæг лæджы фæндиаг цардаразджытæй… «Мацуал дзы зæгъ», – сдзырдта мæм мæ зæрдæ.

Æлдарадон социализмы бæрзонд бынæтты бадджытæн-иу сæ кадгæнæн бонты фæдзырдтой æппæт эпитеттæ дæр цæнгæт хъæлæстæй. Надяйы хуызæтты лагерьты зындоны амæттаг чи кодта, уыдоны сурæттæ дæр-иу уыцы дзырд-ахорæнтæй ныв кодтой.

Алы хуызы курдиатджын уыдысты Гино æмæ Надя… Гино Октябры революцийы размæ Хъæдгæроны куыста ахуыргæнæгæй. Каст фæци æфсæддон скъола, радтой йын паддзахы афицеры цин. Мидхæсты рæстæг – партион кусæг, партизанты къордтæ аразæг. Фыццаг большевикон газет «Кермен»-ы редактор, облæсты прокуроры хæдивæг, газет «Рæстдзинад»-ы редактор. Сырх профессурæйы институт фæуыны фæстæ куыста философийы ахуыргæнæгæй фыццаг Цæгат Ирыстоны, уый фæстæ та Ростовы педагогон институты, уыди «Уырыссаг-ирон терминон дзырдуат» аразджытæй иу, наукон-иртасæн институты директор, партийы обкомы агитаци æмæ культурæйы хайады хицау, поэт, прозаик, драматург, уыди йæм композиторы курдиат дæр…

Йæ бинойнаг Надя – ахуыргæнæг, партион кусæг, хæххон адæмты сылгоймæгтæй Сырх профессурæйы институт æппæты фыццаг каст чи фæци, наукон-иртасæн институты директорæй чи куыста, бæстæйы уыцы æртæ сылгоймагæй иу. УСФСР*-йы фыццаг сылгоймаг-прокурор автономон облæсты…

Ацы мысинæгтæ тæлмац кæнгæйæ та мæм цалдæр хатты ахæм хъуыды фегуырд: Надямæ уыди, норст цæхæрау чи баззад, йæхæдæг дæр кæй нæ базыдта, ахæм курдиат – фыссæджы курдиат. Йæ къухфыст дæлармы кæмæн нæ фæцæуы, нæ уыцы бирæ «романтæ» аивады тæразтыл æрæвæр, уæд дзы сюжетон хъаймагъ радзырды фаг нæ рæвзæрдзæн. Надяйы мысинæгты дзырдты аууон та норстæй лæууы уæзгæ романы æрмæг, трагикон хъысмæттæ… Адæймаджы удысконды æгæрон æрфытæ ног хуызы раиртасыныл чи кусдзæн, уыцы психологтæ, философтæ, фысджытæ… ахæм æрмæджыты ардзысты ног информаци. Ацы мысинæгтæ тæлмац кæнгæйæ та мæ зæрдыл æрлæууыд: соцреализмы мадзалæй джипдзæф уацмыстæ кæсгæйæ-иу никуы суагътон, царды æцæгдзинад базонынмæ мæм цы мондæгтæ уыди, уыдон. Æууилыс, æууилыс хойраг, фæлæ дзы де ‘фсис никуы базыдтай, æдзух дын – фæсайæнтæ.

Тæлмацгонд куы фæдæн, уæд та æндæр хъуыдымæ фæкомкоммæ дæн: «Цымæ кæд фыст æрцыдысты ацы мысинæгтæ?» Соцреализмы мадзалæй пайдагæнæг автортæй алкæй цармы дæр бадти къæрцхъус, рæдыдæй хизæг, арæнтæ зонæг цалдæр мидредакторы. Надяйы ахæм хъыгдарæг нæ фæци.

Мæ фарстæн мын ницы бæлвырд дзуапп радтой йæ чызджытæ Азæ æмæ Дианæ. Сæ дыууæ дæр – дохтыртæ. Нæ мад-иу, загътой, æдзухдæр цыдæртæ фыста. Ис æм мысинæгтæ революцийы архайджыты, йæ рæстæджы бæрнон бынæтты кусæг разамонджыты æмæ репрессигонд адæймæгты тыххæй. Бирæ æрмæджытæ радта музейтæм, наукон-иртасæн институты архивтæм. Мах – куысты, уый – хæдзары. Суанг 1951 азæй фæстæмæ Надя уæззау рынчын хаста. Фæстаг азты та хуыссæнæй дæр нал стади.

Йæ цард наукон æгъдауæй ахуыргæнинаг у, зæгъгæ, хуымæтæджы нæ ахъуыды кодтон – ахæстæтты æмæ лагерьты зындон бавзæрста, афтæмæй 90 азы 19 боны хъуаг фæцарди. Лагерьты йыл бахæцыди бруцеллез, – кæронмæ чи нал ссыгъдæг вæййы, ахæм фосæй хæцгæ низ, хъыгдардта йæ йæ туджы бæрзонд æлхъывдад, куыдфæстæмæ йыл тыхджынæй-тыхджындæр кæнын райдыдта æрхæгниз, нал банцади йæ амæлæты онг йæ зæрдæйы рис. Цыппар хатты йæм уыди инфаркт. Фæстаг хатт æй æрцахста 1989 азы мартъийы мæйы…

 

* * *

1940 азы июны мæй Карагандайы лагерьтæй Мидхъуыддæгты Адæмон комиссариатмæ, Адæмон Комиссарты Советмæ æмæ бæстæйы прокурормæ сусæгæй кæй арвыста, уыцы Хъасты Надя фыста: «Кълассон тохы уавæрты кæй цæрæм, советон хицаудзинады дуджы рæстдзинад хурмæ рахæссын мæ бон кæй бауыдзæн æмæ ме ‘назымдзинад кæй сбæрæг уыдзæн, ууыл куынæ æууæндин, уæд мæм, цытæ бавзæрстон, уыдон ныббыхсыны фаг хъарутæ ницы хуызы разындаид».

Нæхи горæты ахæстоны бадгæйæ дæр, Карагандайы лагерьты дæр Надяйы уырныдта, Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариаты 1936 азы знаггадгæнджыты къорд кæй фæзынди æмæ йæ сæргъы раздæры комиссар Миркин æмæ йæ хæдивæг Шестаков æмæ уыдоны хуызæттæ кæй лæууыдысты, уый. Уыдон сæ размæ сæвæрдтой партион кадрты ныддæрæн кæныны хæс æмæ пайда кодтой хуымæтæджы мадзæлттæй: адæймаджы æрцахс, æрхъуыды кæнæн дæр кæмæн нæй, ахæм фыдмитæ йын фæкæн, стæй йын, Миркины кабинеты-иу чи райгуырди, уыцы «сфæлдыстадыл» йæ къух æрæвæрын кæн æмæ – зылынгæнæг æрмæг цæттæ.

1962 азы 30 январы фыссæг И.Эренбургмæ Надя цы фыстæг арвыста, уым дæр зæрдæбынæй дзуры, парти æмæ советон хицаудзинадыл фанатикон æгъдауæй кæй æууæндыд æмæ йæ кæй уырныдта, адæймаджы цармы чи бацыд, уыцы сырдты митæ рæхджы хурæргом кæй рауыдзысты, уый. Æрмæст иу хъуыддагæй фæрæдыди… Куыд æнхъæл уыди, афтæ тагъд нæ сæххæст йæ бæллиц… Уыцы фыстæджы рабæрæг, Надя «адæмты фæтæджы» тыххæй цы хъуыды кодта, уый дæр: «Мах, ирон бæрнон кусджытæн сæ фылдæр, уæдæ лагерьты ахст адæмтæй дæр бирæтæ, канд гуырысхо нæ кодтам Сталиныл, фæлæ йын æмбæрстам йæ митæ æмæ зыдтам, цытæ цыди, уыдæттæн æнæ уый схуыстæй уæвæн кæй нæ уыд. Æз æм мæхæдæг, баххуыс мын кæна, зæгъгæ, иунæг хатт дæр курдиат нæ арвыстон, уæвгæ та цал æмæ цал хатты ныффыстон ахæм курдиаттæ æмæ-иу мæ сæ арвитыны рæстæг цы фæдфæливæнтæ бахъуыди! Тæрхоны æвзагæй дзургæйæ мæм, комкоммæ йæ цæмæй базылынджын кодтаин, ахæмæй ницы разынди, фæрссаг базылынгæнæнтæ та – бирæ. Хорз куыстой нæ политикон æмбудæнтæ, æппынфæстаг, нæ интуици. Ау, 1937 азы партион съезды Сталин цы комедийы ахъазыд, уый бамбарынæн бирæ зонд хъуыди? Делегаттæ куы бадомдтой, ныронг цытæ ‘рцыди, уый нын бамбарын кæнут, зæгъгæ, уæд Ежовмæ фæсидтысты, йæ къухтæ баст, афтæмæй йæ ‘рбахуыдтой. «Æлдар» æм йæхæдæг иунæг фарст радта, уый фæстæ йæ къухæй ацамыдта, акæнут æй, зæгъгæ, æмæ уыйадыл хъуыддаг алыг. Æниу, 37 азы цаутæ фæсарæйнаг разведкæйы архайджыты къухтæй конд сты, зæгъгæ, ууыл рæстаг партион куыд хъуамæ баууæндыдаид?

Ам зæгъæм, Эренбугмæ фыстæг арвитыны хъуыды Надямæ куыдæй æрцыди, уый тыххæй. Фыссæг «Литературон газет»-ы дзырдта йе сфæлдыстадон пълантыл, зæрдæ æвæрдта, 37 азы амæттаг чи баци, уыдоны тыххæй кæй фысдзæн, уымæй дæр. Æмæ йæм Надя хаты: «… бафæндыди мæ дæу мæ «историимæ» – нæ бинонты трагедиимæ базонгæ кæнын». Чи зоны, Надяйы мысинæгтæ уыцы рæстæг фыст æрцыдысты; ууыл æууæндæн ис, уымæн æмæ ма партийы ХХ съезды фæстæ Надя утæппæт мæстытæ йæ зæрдæйы ныгæдæй дардтаид, уый мæ нæ уырны.

1962 азы 16 февралы йын «Литературон газет»-ы редакцийæ дзуапп радтой, дæ фыстæг æмæ дын де ’рмæджытæ сæмбæлын кодтам Илья Эренбургыл, зæгъгæ. Уыцы аз 28 апрелы та фыссæгæн йæхицæй райста дзуапп. Уый йын хъусын кæны: «37 азы тыххæй сæрмагонд чиныг фыссинаг нæ дæн».

Дисы æфтауынц, Надя куыд цардхъом, ныфсвидар æмæ зынтæн фæразон разынди, уыдæттæ.

Сæ бинонты фыдæвзарæнтæ райдыдтой 1929 азы. Ныр, æнхъæлдæн, бæрæг дæр нал рауыдзысты, Гинойыл алы хахуыртæ чи фæфыста, уыцы Хуыцауы æлгъыст адæймæгты нæмттæ. Уыцы аз 6 декабры Барахъы-фырты ÆК/б/П*-йы рæнхъытæй аппæрстой. «За имущественное обрастание», зæгъгæ, йæ ахæм аххосджыны бынаты æвæрдтой.

Уыцы рæстæг Цæгат Кавказы Иугонд паддзахадон политикон управленийы (ИППУ) кусджытæ æрымысыдысты, зæгъгæ, Цæгат Ирыстоны фæзынди революцийæн цæлхдурæвæрæг æмæ советон хицаудзинады ныхмæ тохгæнæг гæрзифтонг организаци «Адæмон парти». Уыцы организацийы сæргъы хъуамæ исчи æрлæууыдаид, æмæ райдыдтой ахæм лæгтæ агурын. Схауди Барахъты Гинойы хал – уыди партийæ æппæрст, курдиæттæй æххæст лæг, æмæ, ома, ахæм организацитæ дæр уый хуызæн лæгтæ саразынц! Æмæ, ИППУ-йы Цæгат Ирыстоны хайад 1930 азы 2 майы Ростовмæ, Бакумæ, Калакмæ, Грознамæ æмæ Махачкаламæ цы гæххæтт арвыста, уым хъусын кодта, зæгъгæ, Алагиры зылды фæзынди революцийæн цæлхдурæвæрæг организаци, йæ къабæзтæ сты хъæуты, сæ къуыртт та – Алагиры. Дарддæр кæсæм уыцы гæххæтты фыстытæ: «В числе руководящего состава находятся Гино Бараков и другие… В Кадгароне подготовлено уже 400 всадников.

Гино Бараков, бывший член ВКП (б), исключенный во время чистки вместе со своей женой. Бараков до исключения работал редактором осетинской газеты, националист, в прошлом сын царского чиновника, исключен из партии как имеющий связь с братьями-кулаками, как имевший негласно кирпично-черепичный завод, молотильную машину и как идеологически чуждый элемент. Жена его тоже исключена из партии и снята с должности прокурора СО АО как идеологически чуждая, как дочь бывшего кулака-карателя. Угол. дело № 3334. т.2, Л.д. 318-919».*

Ацы гæххæтт ныффысджыты цы схуындæуа, сæ митæ сын цæимæ абарстæуа, уый мæ сæрызонд не ‘рцахста. Зæгъын, чиныгкæсæг сын йæхæдæг тæрхонгæнæг фæуæд. Джыккайты Шамил кæй бацæттæ кодта, Гинойы уыцы чиныг «Уæлладжыры кадæг»-æн поэты цард æмæ сфæлдыстады тыххæй фыст уацы кæсæм: «Барахъты Теккойы (Фадейы) фырт Гино райгуырди 1890 азы 19 февралы Салыгæрдæны. Йæ фыд уыди зæхкусæг, дыргътæм зилæг. Йæ уæззау куыстæй дардта бирæ бинонты, фæлæ йын цæрын нæ бантыст. Баззадысты æнахъом сабитæ сидзæрæй. Фæлæ мæгуыр – фæрæзджын – Гинойы хистæр æфсымæртæ æххуырсты цыдысты æмæ æххуыс кодтой сæ мадæн».

Кулактæ кæй схуыдтой, уыцы æфсымæртæй хистæр афтыди Тихорецкмæ, куыста æфсæнвæндагыл, æмæ йæм Гино уырдæм ацыд. Уыцы рæстæджы тыххæй та кæсæм: «Йе ’фсымæры мызд фаг нæ уыд дыууæ удæн, æмæ Гинойы бахъуыд йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхын».

«Бывший кулак-каратель» схуыдтой Надяйы фыды дæр ИППУ-йы Цæгат Ирыстоны хайады кусджытæ. 1936 азы кæй фыста Надя, уыцы биографийы загъд ис: «Райгуырдтæн 1899 азы рæстæмбисцæрæг хохаг зæхкусæджы хæдзары… Байкомы хъæуæй мæ ныййарджытæ ралыгъдысты Владикавказмæ… Бирæ бинонтæ уыдыстæм, æмæ айдагъ нæ фыды мыздæй нæ бон цæрын нæ уыди. Мæ хистæр хо (уый та Надеждæ хуынди, уымæ гæсгæ Надя йæ аргъуыды ном (Еленæ) хæссын байдыдта) Ирон сылгоймæгты приют каст куы фæцис, уæд уроктæ дæттын байдыдта æмæ сси нæ хæдзардарæг». Фæлæ йæм сусæг литературæ ссардтой æмæ йæ 1910 азы æрцахстой, афæдзы дæргъы йыл слест фæкодтой. 1911 азы йын Тифлисы Тæрхонгæнæг Палатæ скодта цæрæнбонты Сыбыры фæцæрыны тæрхон. Уый фæстæ та тыхстытæ æййафын байдыдтой сæ бинонтæ æмæ сæ кæстæр æфсымæрæн ахуыр- мæ бацæуыны фадат дæр нал фæци.

Туаллæгты Æхсар куыд зæгъы, афтæмæй ИППУ-йы æрвыст гæххæтты сты, йæ ном фыст кæмæн не ‘рцыд, стæй, чи зоны, бæстыл уæвгæ дæр чи никуы уыди, ахæм æвдисæны ныхæстæ. Уыцы æвдисæн, дам, зоны, Ирыстоны æцæг фыдгæнджыты организаци кæй ис, уый. Хабары тыххæй радзурын, дам, сæ бон у Датиты Гæмæты фырт Алиханæн, Беккуызарты Иласы фырт Хуындæгæн, Дзаболаты Гассойы фырт Бечмырзæйæн æмæ æндæртæн.

Уыцы мысæггаг хабæртты бындурыл Цæгат Кавказы зылды ИППУ тел ныццавта ССР Цæдисы ИППУ-мæ, Барахъты Гино æрцахсинаг у, зæгъгæ. Гино уыцы рæстæг уыди Мæскуыйы, æнаххосæй йæ партийæ кæй аппæрстой, уый тыххæй хъаст ныффыста, æмæ йæм Центрон Конт- ролон Къамис фæсидти. 1930 азы 23 июны ССР Цæдисы ИППУ рафыс- та ордер № 4620, кæцы бар лæвæрдта Барахъты Гинойы æрцахсынæн æмæ, кæм цæры, уым баджигул кæнынæн. Уыцы бон æй æрцахстой. Ахæстоны бадти Ростовы. Уырдыгæй Гино Цæгат Ирыстоны ИППУ-мæ фыста: «Считаю свое содержание под стражей бессмысленным, которое компрометирует меня. Само подозрение меня после двенадцати лет самоотверженной революционной работы чудовищно. Оно ничем не может быть обосновано, кроме как искусственно созданным обвинением.

Думаю, что само задержание мое есть ошибка, особенно на 13 году Советской власти. Прошу поставить вопрос о немедленном моем освобождении. Бараков. 6/7 ­– 30г. Камера № 35».

Гино дзуапп нæ райста æмæ 11 боны фæстæ арвыста дыккаг фыстæг. Ис дзы ахæм ныхæстæ: «Такого человека, как я, можно обвинить во всем, чем угодно, но в контрреволюции – это бессмысленная пытка, и каждый революционер должен входить в мое положение». Йæ хъаст та йын ницæмæ ‘рдардтой, æмæ та 6 боны фæстæ фыста: «…расценивая свое задержание как величайшее оскорбление, которое только можно нанести человеку, отдавшему делу революции все, что мог и готовый отдать последнее – свою жизнь, – … в знак протеста объявляю голодовку».

Туаллæгты Æхсары уацы цыбыргондæй лæвæрд цæуы, Барахъты Надя 1930 азы 3 июлы Цæгат Кавказы ИППУ-мæ цы фыстæг арвыста, уый. Фæфыста, йæ цардæмбал Гино революцийы сæраппонд 12 азы дæргъы цы удуæлдай тох фæкодта, уыдæтты тыххæй.

Гинойы сурæт цæстыты раз сысты, революцийы размæйы азтæй йæ суанг 20-æм азты кæронмæ чи зыдта, уыцы революционерты, мидхæсты хъæбатырты, Мидхъуыддæгты Комиссариаты кусджыты æмæ фысджыты мысинæгтæ кæсгæйæ.

Ныр-ма æркæсæм, «гæрзифтонг контрреволюцион антисоветон организацийы» разамонджытæй иуыл кæй банымадтой, уый, Гино, революцийы фæуæлахизæн йæ цард æгасæй дæр нывондæн куыд хаста, уымæ.

1917 азы сæрды æмæ фæззæджы революцийы арт куыд цырендæр кодта Ирыстоны, афтæ контрреволюцион тыхтæ кæрæдзимæ æнгомдæр æрбалæууыдысты, сæ нысан уыди большвикты парти, Советтæ æмæ иннæ демократон организациты ныддæрæн кæнын. Революцийы ныхмæ сыстæг тыхтæ архайдтой, цæмæй адæмтæ кæрæдзийы ныхмæ суой. Гъе уыцы вазыгджын рæстæг мæгуыр ирон дзыллæтæ цæмæй революцийы сидтмæ рацыдаиккой æмæ контрреволюцион тыхты ныхмæ стох кодтаиккой, ууыл тынг бакуыста революцион-демократон парти «Кермен». Уыцы аз октябры мæймæ йæ чыртæ арæзт кæм не ’рцыдысты, ахæм хъæутæ Цæгат Ирыстоны бирæ нал уыди. «Кермен»-ы партийы иузæрдиондæр уæнгтæй иу уыди Барахъты Гино.

1917 азы кæрон Н.Буачидзе æмæ Г.Ильины фæндонмæ гæсгæ Владикавказы Советы президиумы æмбырды бауынаффæ кодтой, цæмæй арæзт æрцæуа Терчы облæсты Советты съезд. Хицаудзинад хъуамæ сæхимæ райстаиккой кусджыты æмæ салдæтты советтæ. 30 декабры арæзт æрцыд Советы пленарон æмбырд. Раныхас дзы кодта Н.Буачидзе. Сæ тæккæ кусгæйæ уыдысты, афтæ залмæ балæбурдтой гæрзифтонг афицерты къорд. Н.Буачидзе, М.Орахелашвили æмæ президиумы иннæ уæнгты æрцахстой. Ахстытæн тынг тæссаг уыди марынæй, фæлæ сæ фервæзын кодтой керменистты революцион къорды уæнгтæ, уыдонимæ уыдысты Тогъойты Данел æмæ Барахъты Гино дæр.

Гинойы æфсымæр Харитон йæ мысинæгты куыд фыссы, афтæмæй службæ кодта, Австрийы фронты чи архайдта, уыцы Ирон батальоны. Батальон Владикавказмæ куы ‘рбаздæхти, уæд Харитон базыдта, Гино Ирон бæхджын полчъы кæй ис, уый æмæ йæ бацагуырдта. Æвдисæн фæци, Гино æмæ афицерты ‘хсæн цы дæрзæг ныхас рауади, уымæн. Гино сын карзæй дзырдта: ирон æфсæддон хæйттæ не ’рлæудзысты урсгвардионты фарсмæ æмæ нæ ацæудзысты Уæрæсейы мæгуыр адæмы цæгъдынмæ. Бирæ рæстæг нæ рацыд, уæд æфсæддонтæ лидзын байдыдтой сæ хæдзæрттæм.

1917 азы кæрон æмæ 1918 азы райдианы Алагирмæ фронтæй здæхын байдыдтой интеллигенцийы минæвæрттæ Бутаты Хъазыбег, Барахъты Гино æмæ иннæтæ, революцион хъуыдытæ сæ туджы ахъардтой. Уайтæккæ адæмы ‘хсæн сæ хъуыдытæ тауын байдыдой, иу хæдзарæй иннæмæ цыдысты. Сæ фарсмæ ма æрбалæууыдысты æндæр агитатортæ дæр. Афтæмæй сæм райгуырди большевикон партион чыр саразыны хъуыды. 1918 азы зымæджы алагирæгтæ цæуын райдыдтой партийы рæнхъытæм, уалдзæджы та сын Гино билеттæ æрбаласта. Æдæппæт баисты 32. Харитон куыд зæгъы, афтæмæй Гинойæн адæм аргъ кодтой, афицер кæй уыди, уый тыххæй дæр. Большевикты та уыцы рæстæг бирæтæ хуыдтой босяктæ. Уæд Гино систа йе ‘рттиваг пъагæттæ æмæ йæ уæлæ скодта, большевиктæ кæй дардтой, ахæм цинел, ома ныр æз дæр фæллойгæнæг адæмимæ дæн.

Алагир æмæ Салыгæрдæнмæ æмбырд кодтой революцийы знæгтæ дæр; булкъонтæ æмæ афицертæ цы æмбырдтæ арæзтой, уым адæмæн зæрдæ æвæрдтой дзæнæтон цардæй. Уыдоны фарс уыдысты бынæттон бонджынтæ дæр. 1918 азы фыццаг æмбисы Алагирмæ æваст фæзынди, 50 – 70 барæджы кæм уыди, ахæм къорд, сæ сæргъы – цалдæр афицеры. Уыцы рæстæджы Гино æмæ партийы уæнгтæй цалдæр уыдысты Барахъты хæдзары. Урсытæ сæ минæвары барвыстой Гиномæ, загътой йын: афицертæ дæм дзурынц, фæнды сæ демæ аныхас кæнын. Гино æмæ йе ‘мбæлттæ адæммæ фæхабар кодтой, æмæ уайтагъд æрбамбырд сты. Урс афицертæ Гинойы къуыммæ тардтой, загътой: «Афицер уæвгæйæ, афицерты ныхмæ æрлæууыдтæ, цæлхдуртæ нын æвæрыс, æмæ дæ хъуамæ фæндагæй аиуварс кæнæм». Гино сæм райдианы фæлмæнæй дзырдта, стæй сын цæхгæр загъта: «Сымах адæмыл гадзрахатæй рацыдыстут!» Мæнæ-мæнæ хъуамæ сæ хæцæнгæрзтæ систаиккой, фæлæ цыдæр амæлттæй фыдбылыз не ’рцыди.

1918 азы сæрды Алагиры фæзынди бæзæрхыгтæ арæзт лæг. Адæм бафиппайдтой: «уазæг»-иу бонджынтæй куы иуы бабæрæг кодта, куы – иннæйы. Уалынмæ базыдтой: «уазæг» баст у Къибиры-фырты штабимæ (уыдис Змейкæйы станицæйы), уырдæм æрвиты большевикты æмæ уыдоны фарс хæцджыты номхыгъдтæ. Уый размæ большевиктæй иу-цалдæры фехстой. Гино Алагиры партчыры бюройы фарст цæхгæр æрæвæрдта: дзырдхæссæджы исты фæкæнын хъæуы. Цасдæры фæстæ владикавказаг газеттæй иу хъусын кодта: Алагиры амардтой Терчы æфсады раздæры атаман инæлар Голощаповы. Уый фæстæ Алагиры фæзындысты Деникины æфсæддонтæ. Гино йæхи айста Даргъ-Къохмæ. Цасдæры фæстæ та активондæр большевиктæ (уыдонимæ Барахъы-фырт дæр) ахызтысты æфцæгыл Хуссар Ирыстонмæ. Гино уым дæр æнцад нæ бадти – архайдта, Хуссар Иры фæллойгæнджытæ меньшевикты ныхмæ цы сыстæдтытæ сарæзтой, уыдоны.

1919 азы сентябры мæй Алагиры Барахъты кæртмæ батылди дыууæ къорыпджын уæрдоны. Се дзаг уыдысты фысы хъуынæй. Уæрдæттæй иуы хицау къуымбил рахъил кодта, систа фæйнæг æмæ федтой: гуыффæйы бын дæлгоммæ хуыссыди Гино. Уыдис уæззау рынчын. Æрбаластой йæ партизантæ. Фæндагыл сæ æрурæдтой, гуыффæ топпы джебогъæй ныррæхуыстытæ кодтой… Фæйнæг аирвæзын кодта Гинойы. Дæс боны фæци ныккæнды рынчын, зылдысты йæм æмæ иучысыл куы фæсæрæндæр, уæд йæхи айста хъæдмæ партизанты къорд аразынмæ.

1920 азы райдианы партионтæ æрцыдысты сæ сусæг конференцимæ. Уым арæзт æрцыди партизанты къордты штаб. Гинойы равзæрстой Цæгат Ирыстоны æппæт партизанты къордты командирæй. Штабы размæ æрæвæрдтой ахсджиаг хæс: хъуамæ дæрæнгонд æрцæуа, Алагиры чи æрæнцад, уыцы 3-аг Ирон батальон. Рагацау уырдæм арвыстой, батальоны сусæг агитацион куыст чи кæндзæн, ахæм партионты.

1930 азы ИППУ-йы кусджытæ кулактæ кæй рахуыдтой, Гинойы уыцы æфсымæртæй иу, Амырхан, уыди, 3-аг батальоны дæрæн кæнынмæ чи цыди, уыцы къордтæй иуы командир Ботъоты А. хæдивæг. Адон Алагирмæ бырстой цæгатырдыгæй, скæсæнырдыгæй – Гинойы къорд, ныгуылæнырдыгæй та – Тогъойты Данелы къорд. Ныббырсты рæстæг Гинойы æфсымæр Харитон та уыди партизанты штаб æмæ Ботъойы-фырты æхсæн бастдзинад дарæг. Гинойы къорды къухы бафтыди Алагиры 3-аг батальоны къазарматæм балæбурын, байстой цалдæр пулеметы. Фæлæ сæ чъылдымырдыгæй ныццавтой салыгæрдæйнаг кулактæ. Уыдоны ныфсæй базмæлыди урсыты батальон дæр. Ботъоты А. къорд фæстæмæ аздæхт. Барахъы-фырты къорд та йæхи айста Бирæгъзæнгмæ. Уый фæстæ, Æрыдоны сæрты бахизгæйæ, Салыгæрдæны фæмидæг сты. Йæ адæмæй чи нæма æрбахæццæ, уыдоны куыд агуырдта, афтæ, Салыгæрдæны уæлмæрдты раз цы адæм æртымбыл, уыдонмæ фездæхти, æмæ дын урсытæ куы разыниккой. Гино сæ бæстастæу смидæг, афтæмæй мæ нæ фехсдзысты, зæгъгæ. Урсыты командир Цæлладжы-фырт фæхъæр ласта Гиномæ: «Ды ныр ахст дæ!» Гино йæм фæцарæхсти: «Æппындæр нагъ!» Æрцавта йæ дугъоны фæрстæ æмæ уыциу сыффытт аласта уæлмæрдты иувæрсты. Фæсте йыл гæрахæй ралæууыдысты. Йæ бæх фæцæф, йæхицæн иу нæмыг йæ худы гоппыл ауади, иннæ йæ цухъхъайы фæдджийыл.

1920 азы газет «Коммунист» фыста, зæгъгæ, Ирон ревкомы хайæдтæ кæронмæ арæзт дæр нæма фесты, афтæмæй сæ къухы бафтыди бирæ хъуыддæгтæ саразын. Газет хъусын кæны: «Комиссаром окружной милиции назначен т. Бараков». Ног царды идеалтыл куыд иузæрдион уыди, дуне цæмæй сфæрнджын уа, уый тыххæй йæ уды хъарутæй кæй ницы бавгъау кæндзæн, ууыл дзуры, 1920 азы 13 майы газет «Кермен»-ы Гино цы сидт ныммыхуыр кодта, уый. Сидты ныхæстæ кæсгæйæ, цæстыты раз сысты Гинойы, ирон æфсармджын лæджы, сурæт. Хицауы зондамонæн ныхæстæ кæнæ æртхъирæнтæ нæ хъусæм – фыдæлтыккон фæрнджын æгъдæуттыл хæцæг куырыхон лæджы фидар, домаг хъæлæс хъусæм: «Æз зæгъын ирон лæджы æвзагæй хъæбæр æмæ мæ ныхасыл хæцын кæронмæ, куыд мæ милицæйы æвзарæн бон уыдзæни, давд, стыгъд æмæ, ноджы цы æвзæрдзинæдтæ ранымадтон, уыдонæн сæ банцайæн».

Уæд ма нацитæн сæхи цæсгæмттæ уыди æмæ, фыдæлтыккон æгъдæуттæ ног цардæн фарны суадæттæ цæмæй басгуыхой, ууыл тох кодта Гино, «дзыллæтæ зæрдæйæ кæрæдзимæ» кæй æрбахæстæг сты «æмæ æмхуызонæй зæххон дзæнæтæн царды мæсыг» кæй амайынц, ууыл гуырысхо нæ кодта.

Гъе, уыцы Гинойы ИППУ-йы кусджытæ хъуамæ фыдгулы цармы батъыстаиккой æмæ йæ адæмæн фенæуынон кодтаиккой. Бацагуырдтой æвдисæнтæ, фæлæ уыдон сæ зæрдæйы фæндиаг нæ рауадысты. Сæ иу, Тлаттаты Агуыбе, афтæ фыста: «Его заслуги, поскольку я знаю, перед революцией и Советской властью немалые… Если бы Бараков в самом деле оказался более ограниченным и недалеким, чем я представлял его, все-таки я и мысли не допускаю, чтобы он стал на путь мятежа. Я уверен, что он прекрасно знает и ни на минуту не забывает, что многие в Осетии считают его виновником расстрелов бандитов и конокрадов. Он знает, что это далеко не шутки. Он не может ни на минуту забывать, что даже кратковременная перемена власти несет ему смерть. При таких условиях я и мысли не допускаю, чтобы Бараков мог даже подумать о перемене власти».

2 июля, Камера № 7,
Уголовное дело 3334, т. II Л.Д. 20-20

Тлатты-фырт коммæгæс кæй нæ разынд, уый йын нæ ныббæрстой, æмæ знаггадгæнджыты номхыгъды фыст æрцыди.

Мæнгæвдисæнты бынаты æвæрын сæхи нæ бауагътой Датиты Алихан, Беккуызарты Хуындæг, Дзаболаты Бекмырзæ æмæ Уаниты Аврам дæр. Уыдон хорзæй дарддæр ницы загътой Гинойы тыххæй.

1935 азы декабры мæй алагираг Уырымты Атæмæзы аппæрстой партийæ. Надя йæ сæрыл сдзырдта – радта йын хорз характеристикæ. Атæмæз дæр, революцион зондахастимæ фронтæй Алагирмæ чи сыздæхт, уыдонæй уыди. Гинойы марынмæ чи æрбацыд, уыцы афицерты ныхмæ карзæй сдзырдта Уырымы-фырт дæр. Урс булкъонтæ æмæ афицертæ бынæттон бонджынты æххуысæй урсыты æфсадмæ бацæуыныл кæй сразы кодтой, уыдон Владикавказ байсынмæ куы араст сты, уæд се ᾽хсæн, фæсайдтой уæ, зæгъгæ, агитацион куыст чи бакодта, уыдонæй иу уыди Атæмæз.

Уырымы-фырт уæддæр ахæстонмæ бахауди. Уый фæстæ Надяйæн йæхи дæр партийæ аппæрстой æмæ йæ Ирон педагогон институты директоры бынатæй суæгъд кодтой.

Кусынмæ нæ сарæхсти, зæгъгæ йæ ахæм æфсонæй ацух кæной, уый сæ бон нæ уыди. Ирон пединститут уæззау уавæры сæййæфта Надя. Уыцы иу рæстæг горæты куыста иттæг хорз кадртæй ифтонггонд Цæгат Кавказы педагогон институт дæр. Ирон институтмæ фæсивæд зивæггæнгæ цыдысты, æмæ тæссаг уыди, уыцы аз ахуырдзаутæ фаг куынæ райсой, уымæй. Ахуыргæнджыты сæ къæхтыл слæууын кодта Надя. Бæхуæрдæттæ-иу самал кодтой, зылдысты хъæутыл æмæ фæсивæды разæнгард кодтой Ирон пединститутмæ бацæуыныл. Æрбахуыдтой фæсивæдæй, цас сæ хъуыди, уымæй фылдæр. Сæ лæмæгъдæрты сын райстой Дыууæазыккон институтмæ. Йæ размæйы директорæн цы æхцайы фæрæзтæ радтой, уымæй уæлæмæ ма схардз кодта 200 мин сомы, уæддæр ницанæбæрæг фæхуыздæр сты сæ фадæттæ, институт уыди къуындæг агъуысты. Надя ацыди Мæскуымæ Рухсады Адæмон Комиссариатмæ. Фембæлди комиссар Бубновимæ. Уый йæ цæхгæр бафарста: «Мах æвастæй Дыууæазыкон институт цæмæн байгом кодтай?» Надя йын бамбарын кодта: «Республикæ хъырды кæны кадрты фыдæй. Дыууæазыккон институт каст чи фæуа, уыдон кусдзысты кæстæр кълæсты, уыдзысты æнахуыргонддзинад сафджытæ хъæуты». Бубнов йемæ сразы æмæ ма афтæ бакодта: «Победителей не судят».

Гинойы рæстæгмæ суæгъд кодтой ахæстонæй, æмæ 1931 азы кусын райдыдта Ростовы пединституты.

Барахъы-фырты ногæй æрцахстой 1936 азы 2 октябры. Ныр та йæ схуыдтой «контрреволюцион, буржуазон-националистон, троцкис- тон-террористон организацийы» уæнг. Гино цæхгæр аиуварс кодта уыцы хахуыртæ.

Туаллæгты Æхсары æрмæгæй куыд сбæрæг, афтæмæй Гинойы хъуыддаджы уыди, йе ‘нæазымыл чи дзырдта, ахæм документтæ. Партийы иузæрдион хæстон кæй уыди æмæ æнæазым кæй у, уый тыххæй йæ сæрыл дзырдтой партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Борыхъуаты Хъазыбег, Микояны номыл Цæгат Кавказы крайкомы Курсыты ахуыры хайады хицау Леошкин, Алагиры-Æрыдоны зылды комитеты хицау Цоколайы-фырт, Дзæрæхохты Хадзы-Мурат, Дыгуры Сырх партизантæ æмæ ÆК(б) П-йы уæнгтæ Елехъоты Г., Такъоты Д., Елбайты Дз., Тандуйы-фырт, меньшевикты æмæ урсыты ныхмæ Хуссар Ирыстоны фæллойгæнджыты сыстады разамонæг Дзадтиаты Алыксандр…

Ницы адавтой уыдоны ныхæстæ дæр – 1937 азы 19 октябры «Тройка» Гинойæн рахаста фехсыны тæрхон. Уыцы бон æй изæрæй фехстой.

Надя Барахътæм чындзы æрцыди 1920 азы. Иуварсæй кæсæджы нымадмæ гæсгæ афтæ уайы, цыма Гино æмæ Надя иу цары бын фæцардысты 16 азы. Фæлæ сæ чызджытæ Азæ æмæ Дианæ банымадтой, сæ ныййарджытæ иумæ цас фесты, уый, æмæ сын 6 азы дæр нæ сыстадысты.

Гинойы куы ‘рцахстой, уæд сын хæдзар дæр нæ уыди. Гино – обкомы бæрнон кусæг – царди уазæгуаты. Æмæ йæ ахæстонмæ уырдыгæй ракодтой. Ахастой, Надя Мæскуыйы куы ахуыр кодта, уæд кæрæдзимæ кæй фæфыстой, уыцы фыстæджытæ æмæ хуызистытæ…

1936 азы декабры мæйы Крайком Надяйы фæстæмæ партимæ райста. Æмæ кусын байдыдта наукон-иртасæн институты директорæй. Дыууæ азы дæргъы йæм рæстæгæй-рæстæгмæ сидтысты Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариатмæ. Сæумæрайсом-иу æй 10 сахатмæ бацæуын кодтой. Бон-изæрмæ-иу йæ цурты дыууæрдæм кæй рахон-бахон кодтой, уыцы ахстыты куыд уыдтаид, ахæм ран-иу æй сбадын кодтой. Æхсæвы 10 сахатæй фæсæмбисæхсæвтæм та – фæрсгæ. Хъуамæ йæ лæгыл йæ къух систаид, адæмы знаг æй рахуыдтаид. Сæ къайады гæххæтт хæлд æрцыдаид. Закъонмæ гæсгæ ахст лæгимæ къайады гæххæт халæн кæй нæй, уый хорз зыдта Надя, фæлæ сæ бон уыди, æмæ йын йæ удæй хъазыдысты.

 

* * *

1937 азы 9 августы газет «Рæстдзинад»-ы фæзынди Цæллагты Муссæйы уац «Адæмы знæгтæ хæлдтой ахуырадон-иртасæн институты куыст». Уый размæ æрцахстой партийы Цæгат Ирыстоны обкомы фыццаг секретарь Г.В.Мауреры. Цæлладжы-фырт куыд зæгъы, афтæмæй уый аргъ кодта Надяйы куыстæн æмæ йæ хъахъхъæдта. «Ацы аз институты парторг Маурермæ куы бацыди институты хъуыддæгты фæдыл, уæд ыл хъæртæ кодта, – фыссы Муссæ. – Тæрсын æй кодта: «Фендзыстæм, æнæ Барахъты Еленæйæ куыд кусдзыстут, уый. Æз ын кастæн уæ фыст кæронмæ æмæ сæрмагондæй уый тыххæй сымахимæ аныхас кæндзынæн».

Ацы æрмæгæй бæрæг у, горком дæр Надяйы партийæ аппарыныл кæй нæ тагъд кодта, уый. Надя уæды онг ÆК(б)П-йы ЦК-йы номенклатурон кусæгыл нымад уыди æмæ ЦК æмæ УСФСР-йы Рухсады Адæмон Комиссариаты размæ фарст æрæвæрдта, цæмæй йын йæ куыст сбæрæг кодтаиккой, уый тыххæй. Къамис сæрвыстой Мæскуыйæ, æркасти наукон-иртасæн институты куыстмæ æмæ йæ банымадта раппæлинагыл. Уæддæр цасдæры фæстæ Надяйы, Барахъты Гиноимæ баст кæй уыди, уый тыххæй партийæ аппæрстой æмæ йæ йæ куыстæй систой.

Цæлладжы-фырты уацы ис, ацы институты директоры бæлвырд цæмæйдæр аххосджын кæм кæны, ахæм иунæг бынат: «Уый институтæй сæ куыстæй систа Хадайы-фырты æмæ Бигъуылайы-фырты, ома, «нæ арæхсынц», зæгъгæ. Фæлæ дарддæр бакæсæм: «Бигъуылайы-фырт æппæрст куы æрцыдис институтæй, уæд уый фæстæ та Барахъты Надя йемæ сарæзта бадзырд, ахуырадон куыст цæмæй ныффысса, уый тыххæй». Æмæ сгуырысхойаг вæййæм: ахуырадон куыст ныффыссыны тыххæй бадзырд арæзт кæимæ ис, уый ма æфхæрд адæймагыл нымайын хъæуы? Муссæ йæхæдæг дæр уыцы институты куыста, æмæ алцыдæр бæлвырд зыдта, фæлæ уый хъуыддæгтæ æвзаргæ нæ кæны, къуыммæ тæры директоры, аххосджын кæны институты партион организаци æмæ ахуыры хайады, ома «Къæрцхъусджын нæ уыдысты æмæ нæ уыдтой, уый йæ сæйрагдæр хæсæн, йæ лæг, буржуазон националисты сæрыл хæцын кæй æвæрдта, уый». Нæ йын дæтты йæ лæджы сæрыл сдзурыны бар. Партийы рæнхъытæй йæ куы аппæрстой, уæд Надя йæхи сраст кæныныл кæй архайдта æмæ Маурермæ дыууæ фыстæджы кæй ныффыста, уый тыххæй та йæ хоны «подхалим, æппæлой æмæ дыдзæсгом» – ома, дæ къухтæ сдар, басæтт, ныхмæ мауал лæуу. Уæды хахуыргæнджыты æрмæджытæ кæсгæйæ, абон лæгæн йæ сæрыхъуын арц сбады – æз фæраздæронæй архайдтой, сфæлдыстадон ерысы бацауыны ныфс сæм кæимæ нæ уыди, сæ бынæттæм кæмæн хæлæг кодтой, уыдоны, адæмы хуыздæрты, фесафыныл. Сæ чъизи фæдтæ кæм рæстæджы фæлмы бын фесты, кæм та нырма дуарæхгæд архивты æмбæхстæй лæууынц.

1979 азы Барахъты Надяйы райгуырды 80 азы бæрæгбоныл зæрдæбындæрæй чи бацин кодта, уыдонæй иу уыди Хуссар Ирыстоны педагогон институты доцент, филологон наукæты кандидат Мамиты Григори: «…Мæ царды æппæты амондджындæр рæстæгыл нымайын, Цæгат Ирыстоны наукон-иртасæн институты аспирантурæйы куы ахуыр кодтон, уый фæстæ наукон кусæг куы сдæн, партион организацийы уæнг куы уыдтæн, уыцы азтæ… Институты сæргъы уæд лæууыдтæ ды… Зын уавæрты нæ-иу чи бахауд, уымæн-иу загътам: «Надямæ бацу, æмæ дын зæгъдзæн, цы гæнгæ дын у, уый». Æмæ-иу ды алкæй зæрдæмæ дæр дæгъæл ссардтай. Ды-иу уыдтæ принципиалон, раст, домдтай махæй дæр, дæхицæй дæр», – фыста йæ писмойы Мамийы-фырт.

«Курын уæ, æмæ Естъайы чызг Надяйыл сæмбæлын кæнут мæ зæрдæбын салæмттæ йæ райгуырды 80 азы бон, – фыста Абайты Васо. – Надя у, Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, уыцы раззагдæр стæм сылгоймæгтæй. Æз æй канд культурон æмæ æхсæнадон архайæгæй нæ зонын, фæлæ ма у æвæджиауы хорз адæймаг дæр…

Естъайы чызг Надя наукон куыст дæр кæй кодта, уый алчи нæ зоны, фæлæ, хъыгагæн, абоны онг дæр уыдон мыхуыргонд не ᾽рцыдысты. Уыцы æрмæг мæнæн цæстуарзонæй мæ размæ рахаста, æмæ сæ æз æппынæдзух пайда кæнын æмæ йын йæ ном фæзæгъын».

1937 азы Надяйы партийæ куы аппæрстой æмæ Ирон педагогон институты куыстæй ист куы æрцыд, уæд цасдæр æгуыстæй фæбадти. 1938 азы райдианы йæм фæдзырдтой горæты Адæмон ахуырады хайадмæ æмæ йын загътой: 5-æм скъолайы немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй бакусдзынæ, æви дын Бæстæзонæн музейы наукон кусæджы бынат раттæм?

Надя равзæрста дыккаг бынат. Уыцы аз сæм сæрды ссыди Е.Г. Пче- лина. Бахæс ын кодтой Уæлладжыры коммæ археологон экспедици саразын. Экспедицимæ бакодта Барахъты Надяйы дæр. Йæ хæс уыди музейы алы хæйттæн экспонаттæ æрæмбырд кæнын. Йæ фырт Æмзор дæр ацыди семæ, æххæст кодта хуымæтæг кусæджы хæстæ.

Пчелинайы фæдзæхст куыстытæй сæрибар рæстæг-иу Надя фыста, фендджын хистæртæ кæй дзырдтой, уыцы алы диссæгтæ.

Экспедицийæ куы ‘рбаздæхтысты, уæд йæ куыстытæ æрбæстон кодта æмæ сæ бафснайдта. 1938 азы 6 ноябры йæ ‘рцахстой.

«Уæд музейы директорæй куыста Дзантиаты Инал (Иван), – кæсæм, Надя йæ этнографион куысты тыххæй кæм дзуры æмæ, «Справкæ» кæй рахуыдта, уыцы гæххæтты. – Рæстæджы домæнтæ хынцгæйæ, уый, музеймæ адæм куыд цæуынц, суанг уыдæттæ фыссæн чиныг дæр басыгъта, уымæн æмæ уым мæн тыххæй (æз уыдтæн экскурсовод) бирæ хорз ныхæстæ фыст уыди. Уый фæстæ нæ хæдзармæ æрбарвыс- та музейы секретарь Воротниковы, кæцы бадомдта, цæмæй йын мæ фыстытæ иууылдæр раттой. Цы йæ бон уыди мæ лæппу Æмзорæн, æмæ йын сæ рахаста æфснайд ранæй. Лагерьтæй куы сыздæхтæн, уæд æнæнхъæлæджы фæкомкоммæ дæн, мæ фыртæй мын 170 стыр сыфы æмæ тетрæдтæ кæй айстой, уый тыххæй лæвæрд гæххæтмæ. Æдæппæт мæм фыстытæ уыди 210 сыфы, æмæ, хохы кæй сарæзтон, ахæм цыппар картæйы. Агурын сæ байдыдтон. Собиты Иналмæ сты, зæгъгæ, уыцы иу ныхас кодтой, уый, дам сæ спайда кодта. Иналы бацагуырдтон, фæлæ æппындæр ницыуал хъуыды кодта. Ме ᾽рмæджытæ дарддæр дæр агуырдтон, æмæ дын музейы куы разынид сæ иу хай уырыссаг æвзагмæ Собиты Иналы тæлмацгондæй. Нысангонд дзы уыди, кæдæг- гæнæг Черчесты Джеорджийы ныхæстæй кæд æмæ кæм фыст æрцыдысты, уыдæттæ дæр, фæлæ дзы мæ кой нал разынд – мæ номыл мын бахъоды кодтой, схафтой йæ. Уæвгæ та Джеорджийы ныхæстæ æз кæй фæфыстон, уый алчидæр зыдта. Музейы кусæг Калоты Риммæ – мæ хæрæфырт – куыд дзырдта, афтæмæй ма хæсты фæстæ дæр цасдæр рæстæг мæ фыстытæ уыдысты музейы. Уалынмæ цыдæр фесты. Сæ агурынæй куы сфæлмæцыдтæн, уæд бавдæлдтæн æмæ, сауфыстæй мæм цы баззади, уыдон бæстон кæныныл æрбадтæн. Бирæ фыдæбон кæнын мæ бахъуыди – сыфтæ сæмхæццæ сты, ранæй-рæтты сæ фыс-тытæ ссыдысты, сбур сты. 210 сыфæй ма баззади 73!..»

 

* * *

Азæ æмæ Дианæ хорз хъуыды кæнынц, сæ мады сын куыстæй куы систой, уыцы рæстæг.

Дианæ 5-æм скъолайы ахуыр кодта. Сæхимæ æрцыди (цардысты Советты уынджы 9 хæдзары) æмæ сæ кæрты баййæфта бæхуæрдæттæ. Надяйы фæстæ наукон-иртасæн институты директорæй кусын байдыдта Алыккаты Жури. Уæрдæттæ уый дзырдмæ гæсгæ батардтой. Уыцы кæрты фæрсæй-фæрстæм цардысты Барахътæ, Дзестæ æмæ Къосыратæ. Ахст уыдысты Гино, Куыдзæг æмæ Сæрмæт. Сæ бинонты сын иу бон рарвыстой сæ цæрæнтæй. Дзаумæттæ куыд æвæрдтой уæрдоны, Дианæ сæ афтæмæй баййæфта. Советты уынджы 9 хæдзарæй сæ баластой Коминтерны (ныр Дзанайты Иваны) уынджы 12 хæдзары ныккæндмæ. Барахъты фатеры æрцарди Хъазыбегты Хъазыбег, Дзесты хæдзары – йе сиахс Ардасенты Хадзыбатыр, Къосыраты хæдзар кæмæн радтой, уый нал хъуыды кæнынц Азæ æмæ Дианæ. Сæрмæты бинойнаг ныккæндмæ нæ бакуымдта – йæ хæстæджытæм ацыди.

Барахъты хæдзары дзаумæттæ куы хастой, уæд Куыдзæджы мад Джыккиан дуар фæсте фидар сæхгæдта æмæ йæ нал гом кодта, уырныдта йæ: ныууадздзысты сæ, фæстæмæ аздæхдзысты. Фæлæ дуар дзæбæх куы рариуыгъдтытæ кодтой, Жури йæм тызмæгæй куы бадзырдта, уæд æй байгом кодта æмæ институты директорæн афтæ:

– Ирон куы дæ, уæд дæ сæрмæ цытæ хæссыс? Цы цæсгомæй нæ тæрыс нæ къуымтæй?

– Дæ фырт знаг у, – загъта уый, – æмæ уын ам цæрæн нал ис.

– Знаг æй цæмæн хоныс? – загъта Джыккиан. – Куыдзæгæн адæм хорз аргъ кодтой, æмæ дзы де ‘взаг куыд тасы знаг зæгъын?

– Суæгъд кæнут хæдзар, мауал мын ныхæстæ кæн.

– Гъемæ кæд æппын æууæнк нал ис, уæд, чи зоны, æмæ ды дæхæдæг дæр знаг дæ.

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Журийæн йæхи дæр æрцахстой, знагыл æй банымадтой, æмæ Надяимæ иу ахæстонмæ бахаудысты.

Дианæ – цоты кæстæр, йæ мадыл æнахуыр æнувыд уыди. Кæстæр уæлдай буц кæй вæййы, æвæццæгæн, уый тыххæй.

Надя Мæскуыйы ахуыр кæнын куы райдыдта, уæд сабитæ афæдз æмæ æрдæгæй фылдæр рæстæг баззадысты Ростовы сæ фыд Гиноимæ. Надя иучысыл куы æрбæстон, йæ ахуыр нывыл цæуын куы байдыдта, уæд ссардта, сабитæм йæ хъус чи хъуамæ дардтаид, ахæм сылгоймаг æмæ цоты йæхимæ æркодта. Дианæ уæд хæрзчысыл уыди. Фæсахуырты-иу мад ацыди библиотекæмæ æмæ-иу нал æмæ нал зынди… Хæдзармæ зилæг сылгоймаг-иу сæ схуыссын кодта, йæхæдæг дæр-иу йæхи æруагъта. Дианæ-иу ныссабыр, ома афынæй дæн. Стæй-иу сылгоймаджы хуыр-хуыр куы ссыди, уæд æддæмæ рацыди æмæ, асинтыл бадгæйæ, æнхъæлмæ касти йæ мадмæ. Надя-иу æй фынæйæ йæ хуыссæнмæ бахаста.

Нæхи горæты та-иу, скъолайæ здæхгæйæ, йæ фæндаг æнæмæнг йæ мады куыстыл ракодта. Уым-иу ныффæстиат æмæ-иу сæхимæ иумæ æрцыдысты. Йæ уд, йæ дзæцц – йæ мадимæ афынæй кæнын, йæ фæдыл ауайын…

Мады куы ’рцахстой, уæд скъолайы уыди. Хæдзары йæ нал æрæййæфта. Æмæ йæм сæ цæрæнтæ цы афтид, цы уазал, цы уынгæг фæкас- тысты! Фæджигул дзы кодтой, æмæ йæ хъомпалтæй æрæййæфта. Йæ сабийы æууæндаг зæрдæ æмæ йæ рæзгæ буар æгасæй дæр байдзаг, бамбарæн кæмæн нæ уыди, ахæм уæззау сагъæстæй.

Гинойы куы æрцахстой, уæд-иу сæ къласы ахуырдзаутæ фæкъорд сты, æмæ-иу Дианæ хибарæй аззади. Исчи сæ-иу хъуамæ æрбаппæрстаид йæ ныхас:

– Дианæ адæмы знаджы чызг у!

Уый бирæ нæ ахаста. Иуахæмы кълас куы ныссабыр, уæд семæ аныхас кодта сæ ахуыргæнæг Клавдия Михалы чызг Фенева. Уый фæстæ йæ нал мæстæй мардтой.

Цы мæгуыр бонтæ æрвыстой Гино æмæ Надяйы цот Æмзор, Азæ æмæ Дианæ! Арæх фехъусын ахæм ныхæстæ: «Зæронд мæрдты æнцад цæуылнæ ныууадзынц? Цы ’рцыди, уыдон ферох кæнын хъæуы».

Цы зæрдæйæ фæзæгъынц уыцы ныхæстæ? Æви нæ риуты зæрдæты бæсты афтид бынæттæ баззади? Уæд цы ‘рцыди, уыдæттæ куынæ равзарæм, уæд нæ къæбæр адæн куыд хæрдзыстæм? Уæлæуыл зындоны кæй басыгътой, уыцы сыгъдæг удты цоты цæсгæмттæм дзагцæстæй æдзæстхиз куыд кæсдзыстæм? Семæ ныхас кæнын базондзыстæм?

«Адæмы знæгтæ» дыууæ кæцæй раластой, уыцы хæдзары къæсæрыл бахизын куыд стæссаг ис! Йæхи сыл чи атигъ кодта, уыдоны дæр бамбарын хъæуы.

Дианæ-иу бафтыди йе ‘мкъласон æмбал Лиляйы хæдзармæ, уый мад Прищепа Ольгæ Николайы чызг-иу æм дзæбæх сдзырдта. Иуахæмы йын йæ пъартфелы аивæй авæрдта дыууæ цъындайы æмæ йын ныффæдзæхста: «Æз дын сæ балæвар кодтон, уый макæмæн зæгъ». Ома, саби йæ цин искæмæнты куы адзура, ныхас дзыхæй-дзыхмæ куы ацæуа… Уыди, уыди уæд, ныр цырагъы рухсæй агуринаг чи фесты, ахæм хæрзаудæнгæнджытæ.

Афæдзмæ Дианæйы сæры фæзынди æвзист хилтæ. Сабийы сæры урсытæ – йæ æгомыг маройы æвдисæнтæ, уæлæуыл цардæй зындон аразджытæн æнæтæригъæд сабийы уайдзæфтæ…

 

* * *

Надя йæ мысинæгты кæны Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссар Берия æмæ бæстæйы сæйраг прокурор Панкратьевы номыл фыст фыццаг Хъасты кой. Фæлæ уыцы ныхæстæй чиныгкæсæг æххæстæй нæ базондзæн ацы Хъасты райгуырды цымыдисаг хабар. Уый дæр Надяйæн йæ æрдзæй лæвæрд стыр курдиатыл дзурæг у. Йæхи уысмы бæрц дæр азымджыныл никуы банымадта, кæй сраст уыдзæн, ууыл никуы гуырысхо кодта, æмæ йæхимæ хъусыныл нæ фæци.

Надяйæн лагерьты 5 азы фæбадыны тæрхон куы рахастой, уæд æй Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариаты мидахæстонæй иумæйаг ахæстонмæ раивтой. Æмæ сын уым фехъусын кодтой: «Фондз боны фæстæ уæ кæндзысты этапæй». Уæд сын радтой сæ хиуæттимæ фембæлыны бар. Алы фыдракæндты тыххæй ахст сылгоймæгты-иу кæрты куыстытæм ракодтой. Уыдонæй чидæр фæхæст ис химион кърандасы састыл æмæ йæ æнахуыр хуызы камерæмæ бахаста. Надя йæ мидæггаг хæдоны æмбис раскъуыдта æмæ йыл цалдæр боны дæргъы, йæ уд йæ къухы даргæйæ, фæфыста йæ Хъаст. Цалдæр боны дæргъы уымæн, æмæ сæм дуары цæсты йас хуынкъæй æдзухдæр мидæмæ кастысты. Чысылдæр-иу сæ зæрдæ истæмæ фехсайдта – уæд сæм-иу æрбалæбурдтой. Дуарæй Надяйы æхсæн-иу йе ‘мбæлттæ слæууыдысты. Хъастæн йæ рарвитын – ноджы зындæр. Надя бавдæлди æмæ хъæццулы хуыд иу ран сыхæлдта, мидæггаг хæдоны ’рдæг фæтевзæйы бын фæкодта æмæ йæ бинты хаутæй æхсныст æндахæй фæстæмæ барæтыдта. Фембæлды рæстæг хъæццул йæ сабитæм радта. Йемæ йын алæвæрдта гæххæтты гæбазыл фыст цалдæр ныхасы. Фæстаг хъуыдыйад уыди: «Большой привет передайте Гаццулу». Уырыссаг цæстдарджытæ нæ фæгуырысхо сты, Гæццул ном кæй нæу, ууыл. Номы хуызы уыцы дзырд барæй ныффыста – ома хъæццулмæ уæ хъус æрдарут. Хæдзары йæм кастысты Æмзор, Азæ, Дианæ æмæ сæ мадыхо. Хъæццул уыди Надяйы ходыгъд Цасæйы рæтыд. Ахæмтæ ма сæм уыди ноджыдæр цалдæр. Фæракæс-бакæс, фæрафæлдах-бафæлдах æй кодтой, фæлæ, Надя цы зæгъинаг у, уый сæ ничи бамбæрста. Афтæмæй сæ æрбаййæфта Цасæ. Уый цæст æнцонæй бафиппайдта, хъæццул иу ран æндæр æндахæй рæтыд кæй у. Систой мидæгаг хæдоныл фыст Хъаст. Æмзорыл уæд цыди 18 азы. Аласта йæ Мæскуымæ. Уым бацагуырдта Цасæйы кæстæр фырты æрдхорд Фортусы (уый дæр фæстæдæр репрессигонд æрцыд æмæ йæ хæдзарыл нал сæмбæлд). Надяйы Хъаст хæдонæй гæххæтмæ раивтой æмæ йæ Берияйы къанторыл сæмбæлын кодтой. Æрмæст дзы дзырд «фашист» иу ран дæр нал баззади.

Чиныгкæсæг Надяйы лæгдзинадæн цæмæй тынгдæр саргъ кæна, цыфæнды къуырцдзæвæны дæр-иу йæ ныфс кæй нæ асаст, уый хуыздæр бамбара, уый тыххæй æнæхъæнæй æрхæссæм уыцы Хъаст. Уый руаджы хуыздæр базондзыстæм Надя æмæ Надяйы хуызæн æнæазым адæмы сафджыты куысты сусæгдзинæдтæ.

 

Мидхъуыддæгты адæмон комиссариат, Бериямæ,
ССРЦ-ы прокурор Панкратъевмæ

1936 азы 18 сентябры æрцахстой мæ мой Барахъты Георги (Гино) Теккойы фырты. 21 сентябры мæм фæсидти Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты раздæры адæмон комиссар Миркин æмæ мæ бадомдта, цæмæй мæ цардæмбалыл балæвæрдтаин зылынгæнæг æрмæджытæ, уыимæ наркомы стъолыл цæттæйæ лæууыди ме ’рцахсыны тыххæй уынаффæйы гæххæтт. Фæлæ нæ ныхасы рæстæг, мæ цæсгом сыгъдæг кæй у, уый бамбаргæйæ, ме ’рцахсыны тыххæй арæзт гæххæтт аскъуыдтæ кодта (уый тыххæй фæстæдæр ноджы бæлвырддæр ныффысдзынæн). Уый фæстæ дæр ма мæм-иу фæсидти æмæ мын-иу бамбарын кодта: кæд Барахъы-фырты ныхмæ рацæуынмæ цæттæ дæ, уæд æрмæг рæвдз у. Уыцы хъуыдытæ мын загъта партийы горкомы раздæры секретарь Сæрæлмайы-фырт дæр æмæ партион контролы кусæг Бессонов дæр. Мæ мойы ныхмæ цы загътаин, ахæмæй мæм мисхалы бæрц дæр ницы уыди, æмæ сын цæхгæр бамбарын кодтон, мацæмæ мæм æнхъæлмæ кæсут, зæгъгæ. Уый фæстæ мæ мыхуыры сæ куыст скодтой, аппæрстой мæ партийæ, ацух мæ кодтой куыстæй, мæ фатерæй мæ ратардтой æмæ мæ 1938 азы ноябры мæй æрцахстой. Куы мæ ахстой, уæд мын слестгæнæг Полянский бамбарын кодта, 1937 азы райдиан мæ кæй хъуамæ æрцахстаиккой, уый.

Зылын мæ кодтой 58 статьяйы цалдæр пункттæм гæсгæ, фæлæ цыбыр рæстæджы фæстæ мæ фыфдракæнд баивтой 58 статьяйы 2 – II пункттæй.

Фыццаг хатт мæ куы базылынджын кодтой, уæдæй фæстæмæ дзырдтон æмæ ныр дæр фидарæй дзурдзынæн: иу организацийы дæр никуы уыдтæн, ахæм организацитæ ис, уымæн уæвгæ дæр ницы зыдтон.

Райдианты уыдтæн иунæг, уый фæстæ мæ банымадтой Цæгат Ирыстоны бæрнон кусджытæ Тогъойы-фырты æмæ æндæрты къордимæ.

Тархон нын кодтой фарон 14-æм июлæй 23 июльмæ. Уыимæ мын Трибунал мæ хъуыддаг фæхибар кодта, цæмæй йæм ногæй æркæсой. Ныр мын Сæрмагонд Æмбырд скодта 5 азы лагерьты фæбадыны тæрхон.

Æмæ уæ фæрсын: фыдгæнæг куынæ дæн, уæд мæ цæмæн сæвæрдтой фыдгæнæджы бынаты æмæ мын цæмæн рахастой 5 азы лагерьты фæбадыны тæрхон? Уый уымæн афтæ рауад, æмæ Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариаты Управленийы знаггад кодтой фашист Миркин, Шестаков æмæ иннæтæ. Уымæн æмæ æз ахст æрцыдтæн, партион активæй кæй дæн, уый тыххæй. Мæ хъуыддаджы æрмæджытæм гæсгæ мыл фыццаг бавдисинæгтæ балæвæрдтой 1938 азы июлы мæй. Миркин та, мæ ныхмæ йæм ницы æрмæг уыди, афтæмæй мæ йæ зæрды уыди 1936 азы сентябры æрцахсын. Слестгæнæг Полянский мын загъта: хъуамæ ахст æрцыдаис 1937 азы райдианы (æвæццæгæн, сæ пълан ахæм уыди). Миркины хуызæн фашисттæн хъуыддаг ацъапп ласын ницы давы.

Цымæ, цæмæн бахаудтæн Миркины пъланмæ? Хатыр курын, мæхицæй кæй æппæлын, уый тыххæй, фæлæ уыцы фарстæн хъуамæ дзуапп раттон. Уымæн, æмæ Миркин зыдта, æз УСФСР-йы фыццаг сылгоймаг-прокурор кæй дæн (цалдæр азы дæргъы киножурналы мæ кой дзæгъæлы нæ кодтой). Уымæн, æмæ хæххон адæмты сылгоймаг минæвæрттæй Сырх профессурæйы институт æппæты фыццаг æз каст фæдæн. Уымæн, æмæ уыдтæн, педагогон институтты директортæй чи куыста, уыцы 3 сылгоймагæй иу. Æппæты тынгдæр та уымæн, æмæ æз уыдтæн ÆК(б)П-йы активисткæ æмæ Марксы-Энгельсы-Ленины-Сталины хъуыддагыл, зæгъæн нæй, афтæ иузæрдион. Зыдта мæ социалистон æхсæнады удуæлдай æмæ æнæзæрдæхудт аразæгæй. Уый æдде ма дæн Барахъы-фырты бинойнаг…

Чи сæ хъуыди, ахæм æрмæг ссардтой, разынди сæм æвдисæнтæ дæр, уымæн æмæ, фашисттæ-миркинтæ разамонджытæ кæм свæй- йынц, уым адæмы цыфыддæрты æхсæн цъыфкалджытæ дæр разыны!

Хъусын уын кæнын: иу комкоммæ æвдисæндзырд дæр мыл нæ бацыди, афтæмæй мын лæгæй-лæгмæ фембæлыны бар радтой æрмæстдæр иунæг æвдисæнимæ.

Цы раргом кодтой æвдисæнтæ? Гæцойты Владимир куыд бавдыста, афтæмæй, йæ сæргъы Бутаты Хъазыбег кæмæн лæууыди, облæсты уыцы æвзæргæнæг центрмæ мæн бакодтой 1934 азы, схуыдтой мæ Мæскуыйæ æмæ мæ сæвæрдтой Ирон педагогон институты директорæй, уый фæстæ та мæ раивтой Ирон наукон-иртасæн институты директоры бынатмæ. Дзырдтон æмæ дзурдзынæн: 1931 азæй 1935 азы онг æз цардтæн Мæскуыйы, Цветной бульвары, 25 хæдзары æмæ ахуыр кодтон Рухсады Уæлдæр педагогон институты. Ирыстонмæ мæ куыстмæ хуыдтой, фæлæ уырдæм æрвыст æрцыдтæн ÆК(б) П-йы аспирантурæ каст фæуыны фæстæ 1935 азы июлы мæй. Мæ путевкæ æрвыст уыди Крайкоммæ æмæ, обкомы фæндоны сæрты ахизгæйæ, Крайкомы культурæ æмæ пропагандæйы хайад мæн арвыста Ирон педагогон институты директоры бынатмæ. Наукон-иртасæн институты директорæй мæ сæвæрдтой 1936 азы апрелы мæй, æмæ уæд обкомы сæргъы лæууыди Маурер. Бутайы-фырт йæ куыстæй ист æрцыди 1935 азы декабры мæй.

Уыцы факттæн сбæрæг кæнæн уыди, ссарæн уыди фидаргæнæг документтæ, æвдисæндартæ, фæлæ мæ хъуыддаджы ахæмæй æппындæр ницы разынд, цы æрмæг дзы ис, уыдон та сты хахуыртæ.

Дыккаг æвдисæн Зæгæлты В. мыл бавдисæн кодта, цыма æз Хъайтыхъты М. æмæ Козырты Гоблиимæ уыдтæн Барахъы-фырты (мæ мойы) контрреволюцион организацийы. Партийæ дæр мæ цыма, мæ цардæмбалимæ баст кæй уыдтæн, уый тыххæй аппæрстой, фæлæ уын æй зæгъын: 1931 азæй 1935 азмæ æз цардтæн æмæ ахуыр кодтон Мæскуыйы, мæ мой та уыди Ростовы, сывæллæттæ уыдысты йемæ. Сæ ныффыссыны рæстæг бæрæг кæмæн у æмæ номыртæ æвæрд кæуыл æрцыди, уыцы сæдæ аст фыстæджы (фыст æрцыдысты, кæй кой кæнын, уыцы азты) сты Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариаты æмæ сæ иу ахæм дзырд нæ разындзæн, дыууæ хуызы бамбарæн кæмæн ис. Уæдæ Козыры-фырт æмæ Хъайтыхъы-фырт сты сæрибар, æмæ ис афтæ бафæрсæн: ам мæ фарсмæ цæуылнæ бадынц? Æвæццæгæн, æвдисæнтæ цы фæдзырдтой, уыдæттыл миркинтæ сæхæдæг дæр нæ баууæндыдысты æмæ мын нæ радтой æвдисæнтимæ лæгæй-лæгмæ фембæлыны бар.

Æртыккаг æвдисæн Гæцойты Иван куыд зæгъы, афтæмæй, Галаты Степаны ныхæстæм гæсгæ, æз 1933 азæй фæстæмæ уыдтæн советон хицаудзинады ныхмæ тохгæнæг контрреволюцион организацийы. Галайы-фырт фарст не ‘рцыди. Гæцойы-фыртимæ та лæгæй-лæгмæ нæ фембæлдыстæм. Ам бафиппайын хъæуы уый, æмæ уыдон сæ дыууæ дæр мæныл æвдисæн кæй бакодтой Миркинæн йæхи раз, уымæн та йе ‘фхæрæн мадзæлттæ сты, астæуккаг æнусты инквизицийы рæстæг дæр чи нæ уыди, ахæмтæ. Зонын æй: Гæцойы-фыртæн йæ къух бафыссын кодтой, куы йæ фæхъизæмарæй мардтой, уый фæстæ.

Цыппæрæм удæгас æвдисæн у Кокуаты Ф. (иннæтæй æгас ничиуал у). Уый мыл бавдисæн кодта, цыма мæ 1932 азы федта Тлаттаты хъæуы советон хицаудзинады ныхмæ тохгæнæг къорды æмбырды, æрмæст, загъта, æз уыцы æмбырды дзургæ нæ ракодтон. Уыцы æмбырды, дам, уыдысты, антисоветон къорд кæмæй рауад, районы уыцы бæрнон кусджытæ дæр. Раст у, 1926 – 1928 азты æз куыстон Рахизфарсы районы прокуроры æххуысгæнæгæй. Фæлæ мæйы кой куынæ скодтаид, уæд мæхæдæг дæр сгуырысхо уыдаин. Уæд политикон æгъдауæй цанæбæрæг рæвдз уыдтæн æмæ, уæвæн уыди, æмæ æмбырдмæ бахаудтаин æнæнхъæлæджы. Фæлæ Кокуайы-фырт рагагъоммæйы слесты рæстæг куы загъта, æмбырд июлы райдианы уыди, зæгъгæ, уæд бамбæрстон – цъыфкалæн мыл кæны, уымæн æмæ 28 азы 5 апрелы райгуырди мæ чызг Дианæ, æмæ куыстæй уæгъд уыдтæн.

Тлаттаты хъæуæй рацыдтæн февралы кæрон æмæ мæ куыстмæ никуыуал ныфтыдтæн. Цæвиттон, хор цæттæ кæныны пълантæ куыд уæрстой, уымæ байхъусыны тыххæй, дам, æз мæ дзидзидай саби мæ хъæбысы, афтæмæй 20 километры фæцыдтæн. Уыдон æнæхъола ныхæстæ сты. Тæрхоны слесты рæстæг Кокуайы-фырт куыд бавдыста, афтæмæй æмбырд арæзт æрцыди июлы райдианы, уый фæстæ та йын майы райдианы арæзт æрцыди. Уымæн йæ дыккаг бон та загъта: æмбырд уыди июлы кæрон. Уый та уымæн афтæ рауади, æмæ йæ æз бафарстон: уыдæтты тыххæй ма хорæфснайæнты фæстæ куыд хъуамæ дзырдаиккой? Æмæ уæд Кокуайы-фырт дзуапп радта: æмбырд арæзт æрцыди майы райдианы. Уымæй дыууæ боны фæстæдæр та загъта, цыма æз, хор цæттæ кæныны хъуыддаг кæй фæсыкк, уый тыххæй кæм дзырдтой, уыцы æмбырды июлы кæрон уыдтæн.

Дарддæр мыл бавдисæн кодта, цыма æз Айдары-фыртимæ ныццыдтæн Хуымæллæджы хъæумæ æмæ, кулакты фарс кæй хæцы, уый тыххæй йæм æрцахсынæй бартхъирæнтæ кодтон. Ноджы ма бавдыста: Гæцойты Иван ын куыд дзырдта, уымæ гæсгæ 1931 азæй фæстæмæ æз дæн контрреволюцион организацийы уæнг. Мæ хъуыддаджы куыд фыст æрцыд, афтæмæй та Гæцойты Иван Галайы-фыртæй базыдта, цыма æз уыцы организацийы дæн 1933 азæй фæстæмæ Æз бадомдтон, цæмæй, уыцы æмбырды чи уыди, уыдонæй 4 – 5 адæймаджы бафæрсой, фæлæ мын мæ курдиат нæ сæххæст кодтой. Азымджын кæй нæ дæн, уый сбæрæг кæныны тыххæй куы ницыуал мадзал ардтон, уæд сын загътон, поезд суткæйы дæргъы дыууæ хатты йеддæмæ куынæ цæуы, уæдæ мæм рог машинæ дæр куынæ ис, уæд дзидзидай сабиимæ Тлаттаты хъæумæ куыд фæцыдаин? Фæлæ мын мæ хъуыддагмæ ногæй куы кастысты, уæд мæм равдыстой поездæн сæрды мæйтæн арæзт æндæр расписани. О, фæлæ æз Тлаттаты хъæумæ куы нал цыдтæн, уæд куыд хъуамæ зыдтаин, расписани кæй ивтой, уый. Уыцы ног расписанимæ гæсгæ, дам, мæ бон уыди æмбырдмæ ныццæуын – ома 6 – 7 сахаты фæстæ мæ хæдзарыл сæмбæлдаин.

Хъуыддагмæ ногæй æркæсыны фæстæ мын мæ ныхмæ æрæвæрдтой Саламты Н. æвдисæйнæгтæ. Уыдон куыд амонынц, афтæмæй мæ бон уыди сывæллоны хæдзары ныууадзын æмæ æмбырдмæ ныццæуын. Фæлæ уыдæттæ иууылдæр сты слестгæнæджы зæрдаив ныхæстæ. Мæ цæсгом æй зæгъын хъæцы: æз æвзæр ныййарæг нæ дæн (бæрнон бынæтты фæкуыстон æдзухдæр, афтæмæй схъомыл кодтон 3 сывæллоны).

Æхсæнадон хъуыддæгты сæраппонд-иу бæгуыдæр ныууагътон мæ сывæллæтты бинонты æвджид, дзидзидайы – никуы. Зæгъæм, уыцы æмбырды æз докладгæнæг куы уыдаин, уæд ныццыдаин, фæлæ мæ куыд бавдыстой, афтæмæй æз уырдæм ныфтыдтæн байхъусынмæ. Цымæ уый тыххæй дзидзидай сабиимæ 20 километры куыд хъуамæ фæцыдаин? (Кокуайы-фырт куыд бавдыста, афтæмæй сывæллоны мемæ нæ ахастон). Гъе уыдæттыл æууæндæн ис? Æнхъæл дæн, æмæ сыл суанг хъуыддæгтæ барæй суйтæгæнæг тæрхон дæр нæ баууæндыдаид. Уымæ гæсгæ мын мæ хъуыддаг фæхибар кодтой ногæй æркæсынмæ. Азымджын кæй нæ дæн æмæ Кокуайы-фырты æвдисæйнæгтæ мæнг кæй сты, уыдæттæ цæмæй рабæрæг уой, уый тыххæй сæ бафарстон: 1928 азы майы æмæ июлы мæйты хор цæттæ кæныны куыст уæвгæ кодтой? Уыцы кампани уыди кулактæ кæныны рæстæг 1929 азы. Мæ хъуыддагмæ ногæй каст куы цыди, уæд мын Ирыстоны лæгмар Городниченко былысчъилæй фехъусын кодта: састы бынаты баззадтæ.

Ау, æз фыдгæнæг куы уыдаин, æмæ, хор цæттæ кæныныл кæм дзырд- той, уыцы æмбырды тыххæй исты куы зыдтаин, уæд ма уыцы факттæ сбæрæг кæныныл афтæ хъæддыхæй дзурин? Теуа мæ рахуыдтой æмæ, теуа кæй нæ дæн, ууыл сæ хъуамæ ма баууæндын кæнон? Зæрдæйæн армы æрæвæрæн нæй æмæ æз, дæлдонгæнгæйæ, тихалæгмæ чи фæлæбуры, уый уавæры бахаудтæн. Мæ хотыхтæ мын байстой – иу документ дæр мæм нæй, мæ курдиатмæ гæсгæ мын иу æвдисæн дæр нæ радтой. Уыдæттæ сæм фаг нæ фæкастысты æмæ мæ знаггадгæнæджы бынаты цæмæй сæвæрой, уый тыххæй спайда кодтой Кокуайы-фыр- тæй: йæ бавдисинæгтæ сты мæ хъуыддаджы, æмæ хурæнбæрæг у, хахуыртæ мыл кæй кæны, уый. Прокуратурæйы куы нал куыстон, æмæ Ирыстоны уæвгæ дæр куы нал уыдтæн, уæд, цымæ, номхыгъдтæй кулакты куыд æппæрстон?

Тæрхоны рæстæг рабæрæг, знаггад кæныныл мæ чи амидин кæнын кодта, ахæм адæймаг кæй никуы ис, политикон куысты кæй нæ архайдтон, цыфыддæр знæгтæ мæ кæй ницæуыл нымадтой æмæ мæ агитатор-пропагандисты хуызы дæр кæй не спайда кодтой. О, мæ хъуыддаг æгæр цъапп арæзт рауади! Рагагъоммæйы æмæ тæрхоны слесты æрмæджытæ сæ къухы уыдысты, афтæмæй 33 ахст адæймаджы курдиаттæй тæрхондон сæххæст кодта æрмæстдæр мæ курдиат – хъуамæ ЗАГС-æй бадомдтаиккой мæ чызджы райгуырды гæххæттæй рафыст. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы гæххæтт бынатыл нæ сæмбæлди… Уырны мæ, тæрхон уыцы документ куы райстаид, уæд, хъуыддагмæ объективон хуызы бацæугæйæ, абон æз уаин сæрибар.

Трибунал мын мæ хъуыддаг фæхицæн кодта æмæ йæ ногæй æркæсынмæ арвыста. Кæй агуырдтой, уыцы документ хъуыддагмæ бамхасæн кодтой, æмæ æнхъæл уыдтæн, сраст мæ кæндзысты, зæгъгæ, фæлæ Городниченкойы æнувыд архайды руаджы мæнæн æрцыди 5 азы легерьты фæбадыны тæрхон.

Æртæ æвæгæсæг сабийы ныййарæджы номæй уæ зæрдæбынæй курын: айсут мын мæ хъуыддаг æмæ кæрон скæнут миркинты фыд- ракæндтæн, æхсæнадмæ мæ раздахут. Мæ хъуыддагимæ куы базонгæ уат, уæд æй æндæр хуызы кæй нæ алыг кæндзыстут, уый мæ уырны.

Мæ хабæртты бæлвырддзинæдтæ уæм арвитдзынæн лагерæй (Карлаг), кæд мын ахæм фадат саразой, уæд. Орджоникидзейы ахæстоны администраци мын ахæм бар нæ радта, æмæ спайда кодтон æнæнхъæлæджы фадатæй.

1939 аз, декабрь, Барахъты Е.Е.

 

Ацы Хъаст Æмзор фæласта Мæскуымæ, фæлæ дзы ницы рауади…

 

* * *

Надяйы тыххæй мæ нæ фæнды æппæлæн ныхæстæ дзурын – йæхи фыстытæ сæхæдæг бирæ цыдæртæ зæгъынц. Нæ фæллойы Хъайтарты сурæттæ нывгæнгæйæ-иу цы бæрæгбон-диди ныхæстæ фæдзырдтам, уыдонæй зæрдæцъæх фестæм. Сæдæ мадæл фысы сæрмæ уал уæрыччы райста ахæм æмæ ахæм колхозон фыййау, зæгъгæ, уыцы джиппæй фыстытæй цæст йæхи хызта – ма сæ бафиппайон, сæ сæрты асæррæтт ласон. Æмæ дын мæнæ уыцы иударон хъуыдыйад «сæдæй фысы сæрмæ-иу райстам 163 уæрыччы» Надяйы мысинæгты куы разынид! Зæрдæ дзы нынкъуысти. Ацы дзырдты аууон ацы хатт цы мидис æрæмбæхст, уый разынд, мæ хъуыды кæдæм нæ хæццæ кæны, уыцы арæнты æдде кæмдæр… Мæ садзгæ зонд æй нæ ахсы, соцреализмы фæлгæтты æлхъывд хъуыды уый онг нæ хæццæ кæны.

Надяйы мысинæгтæ «Æвдудон»-ы кæсæм: «Æртыккаг аз нæ фермæ сси, фæзминаг кæмæй акæнынц, ахæм. Сæдæ мадæл фысæй-иу радтам 163 уæрыччы. Æртæ мæймæ-иу бахъомыл сты æмæ кусартæн бæззыдысты. Нæ фермæйы хорзы кой дардыл айхъуысти, æмæ нæм уазджытæ арæхæй-арæхдæр цæуын райдыдтой, нæ куыстмæ нын кастысты» (кæс «Мах дуг», 1990 аз, №2, 51 фарс). Уый тыххæй ма ноджыдæр ныхас цæуы 61 фарсыл: «1944 аз. Нæ хайады экономист (фæбадти 15 азы) мын фехъусын кодта æхсызгон хабар: цæвиттон, канд нæ лагеры нæ, фæлæ æнæхъæн Карагандайы облæсты дæр сæдæ фысы сæрмæ мах бæрц уæрыччытæ ничи райста. Загъта: нæ бæрæггæнæнтæ ставд дамгъæтæй фыст æрцыдысты облæсты равдысты фæйнæгыл. Лагеры совхозы кæй кусæм, уый дæр дзы, загъта, фыст æрцыди. Рауади ма цалдæр боны, æмæ та мыл сæмбæлди ног хабар: рæхджы нæ æрвитдзысты, нæ лагеры бархийæ чи кусы, уыцы раззагдæр кусджыты æмбырдмæ… Æмæ мæнæ ахст адæймаджы дарæсты абалц кодтон нæ лагеры управленийы центр Долинкæмæ».

Диссаг уый у, æмæ уыцы бæрæггæнæнтæ Надя æмæ йемæ кусджыты къухы лагерьты уавæрты кæй бафтыдысты – æгъатыр карз климæт, фос сæрдыгон уыдысты хизæнты æвджид, зымæгон сын – айдагъ хос.

Надя цы уавæрты цард æмæ йæ куысты цы хъизæмæрттæ æвзæрста, уыдæттæ нæ банкъаргæйæ, аккаг аргъ не скæндзыстæм йе сгуыхтæн. Æрхæссæм ын йæ мысинæгтæй цалдæр чысыл скъуыддзаджы.

Кæсæм: «…Беркуты фермæйы цалдæр азы бакуыстон тынг уæззау уавæрты. Зæрдæзæгъгæ фыййæуттæ дзы нæ разынди, афтæмæй дзы, мин фысы кæм уыди, ахæм дзугтæ – цалдæр. Арт цæмæй скодтаиккам, уый дзы нæ разынд. Уым сæйраг артаг сæнæрттæ сты, æмæ, Шаповаловы размæ хицау чи уыди, уый бынæттон цæрджыты нæ бафарста, афтæмæй сæнæрттæ æнгом фæлтæртæй самадта, уæвгæ та фæлтæрæй-фæлтæры æхсæн хъуамæ дымгæ цæуа. Хосы цъынатæ дæр æмæ-иу сæнæрттæ дæр афтæ самадтой, дымгæтæ сæ фæрсты куыд æнхъæвзтаиккой. О, æмæ фароны сæнар ныббыгъуы, ныррыг æмæ æндзарынæн нал сбæззыд. Зымæг-зымæджы дæргъы хъарм хæринаджы хъæстæ нæ фестæм. Хус комдзаг кодтам. Нæ дзул хæрд куы фæци æмæ нын тымыгътæй æддæмæ акæсæн куынæуал уыди, уæд нын дæттын байдыдтой хæрз чысыл ссад æмæ зайæг халы сой бон цайцымæн уидыджы дзаг. Алкæмæн-иу æй йæ армы æркодтой, науæд-иу къусы къултыл баззади. Æндзæрстой æрмæстдæр хицауы барачы. Уый дæр, фыстæй-иу чи баззад, люцернæйы ахæм фæлхæрттæй. Цы муртæ ма дзы-иу баззад, уыдоныл та-иу дон схъарм кодтам. Иумæйаг барачы цардысты иннæтæ æмæ йæ хъарм кодтой сæ комытæфæй.

Æз цардтæн иунæгæй æмæ-иу куыннæ ныргъæвстаин. Æрмæст-иу фосы хъазыны рæстæг фермæты куы куыстам, уæд-иу стæфстыстæм хъарм скъæтты. Уæтæры-иу уæлдай хъармдæр уыди сæумæрайсом. Мадæл фысты-иу фæхицæн кодтам. Ахсын сæ хъуыди. Уыдон уыдысты гиссайраг мыггаг. Мадæл фысы уæз хæццæ кодта 100 киломæ, нæл фысы – 180 киломæ. Фысы къахыл фæхæст дæ, фæлæ йæ бауромын дæ бон кæцæй у – 10 – 15 метры дæ-иу йæ фæдыл аластаид. Иу æмбал йеддæмæ мын нæ уыди, æмæ сыл-иу нал æмæ нал æххæссыдыстæм. Дзугтæн холлаг дæтгæйæ ныл-иу куы сдымдта, уæд иу фыццаг хæмпус мит калын байдыдта, уый фæстæ-иу уазал дымгæ ныкъкъуыззитт ласта, æмæ-иу нæ уымæл дарæстæ ныддæвдæг сты, цыма æфсæйнагæй уыдысты – сæ зæлланг-иу хъуысти, фезмæлæн дæ нал уыди. Æхсæвы бацу лæгæты хуызæн уазал баракмæ æмæ, дæ дзаума ма ралас, афтæмæй дæ хуыссæны ныссæй…»

Дарддæр: «Хæст йæ тæккæ тынгæй куы уыди, уæд нæм этапæй æрвыстой æмæ æрвыстой, удмидæг ма-иу уыдысты, ахæм ахстыты. Сæ бон-иу нæ цæуын уыди, нæ лæууын. Истæуыл сæ бафтауын хъуыди, фæлæ сын цы куыст хъуамæ ссардтаис? Обауыл æй сбадын кæн, куыдз йæ цуры, афтæмæй. Йæ алфамбылаймæ кæсæд æмæ, бирæгъ искæцæй фæзынд, уæд, йæ бон цы у, уымæй хъæр кæнæд, куыдзы йыл сардауæд. Мæнæ дын кусæг, зæгъгæ нæм-иу æрдæгмарды æрбарвыстой æмæ дын-иу æй ивгæ дæр никæмæйуал бакодтаиккой. Дзойдзойгæнгæ-иу æй æрбаластой. Сыдæй-иу марди æмæ-иу фæстаг хисæрфæн дзулы къæбæрыл баивтаид. Уыцы къæбæр-иу бахордта, фæлæ дзы-иу йæ фарсыл ницыуал бахæцыд – хойраг йæ ахсæны нал лæууыди, йæ доныхуыпп-иу нал урæдта. Ахæмты-иу абанамæ æввахс æрцæрын кодтон, кæд сæхи æхсиккой, зæгъгæ. Фæлæ ма сæ-иу цæй адæймæгтæ уыди. Тæрхæгыл хуысгæйæ, демæ фæныхæстæ кодта, стæй азылди къулы ‘рдæм æмæ… амарди, фæци.

Гъе, ахæм кусджытимæ кусгæ дæр нын-иу рауад».

… Мысинæгтæ куы ратæлмац кодтон, уæд мæм Азæ æмæ Дианæ æвдыстой, сæ мады фæстæ чи баззад, уыцы документтæ. Надя ницы сæфта, музейтæм, архивтæм радта бирæ æрмæг – мысинæгтæ, документтæ, хуызистытæ. Æмæ мæнæ гæххæттыты æхсæнæй рахауди, Надя Карагандайы лагерьты центр Долинкæйы сæрмагонд курсытæ каст кæй фæци, уый тыххæй æвдисæндар. Йæхæдæг кадаварæй скодта уыцы курсыты кой, фæлæ, æз ацы гæххæтт куы бакастæн, уæд æй банымадтон æнæхъæнæй дæр рæгъмæ рахæссыны аккагыл.

 

СПРАВКА

Дана настоящая справка Бараковой Елене Евстафьевне в том, что она окончила обучение в 1941 г. на 4-х месячных курсах бригадиров-овцеводов, техников-осеменителей при учкомбинате Исправительно-трудового лагеря НКВД.

По проработанному курсу в объеме программы по теоретическим дисциплинам столько-то часов, и по практическим занятиям – 800 часов проявила успеваемость на отлично.

По окончании обучения, испытания выдержала на отлично и квалификационной комиссией допущена к работе в качестве бригадира-овцевода и техника-осеменителя.

Основание: протокольное Постановление Квалификационной комиссии от 17 марта 1941 г. за № 6.

Зам.начальника Управления Карлага НКВД
по кадрам подполковник (Покровский)

 

Йæ мысинæгты йæ куы дзуры – иу уысм дæр йæхи азымджыныл нæ банымадта, йæхи баууæндын кодта, дæргъвæтин командировкæйы йæ кæй рарвыстой, ууыл æмæ, фыдрæстæг æрцæудзæн, уый йæ фæсонæрхæджы дæр куы нæма уыди, уæдау ахуыры дæр – раззæгтимæ, куысты дæр – æз хуыздæр уон.

Мысинæгтæй æрхæссæн ис, хи хæдзары фосмæ æнувыддæрæй нæ фæзилынц, Надя сæм-иу афтæ кæй зылди, уымæн бирæ æвдисæйнæгтæ. Мæнæ дзы иу: «Сары-Тауы нын уыди парахат фермæтæ, фæлæ ныдз- дзæллæгтæ сты. Мæ хицау мын мæ курдиаттæ æххæст кодта, фый- йæуттæ мæм фæкастысты, æмæ сæм дзæбæх базылдыстæм. Рудзгуытыл æвгтæ сæвæрдтам, гæмттæ сæхгæдтам, къултæ чъырæй сцагътам. Фысты фаджыс, стæй æлыг иумæ змæстам æмæ уымæй бæрзонд сендзæфтæ сцагътам. Уæрыччытæн минералон уæлæмхасæнтæ фаг лæвæрд кæй нæ цыди, уый аххосæй къултæ къахтой æмæ æлыг æмæ чъыр хордтой, сæ ахсæнтæ-иу байдзаг сты æмæ дзы-иу мæлгæ дæр акодта. Сендзæфтæ куы сцагътам, уæд къултæм нал æвнæлдтой. Мæ «мадзал», æнхъæл куыд нæ уыдтæн, афтæ фæрæстмæ. Хабар ахæстæтты сæйраг зоотехникмæ байхъуысти, иннæ уæтæртæ дæр æй айстой æмæ дзы пайда кæнын райдыдтой. Уæтæр-иу куыд сфидыдта урс къултæ æмæ морæ сендзæфæй!»

Цымæ мах колхозты æмæ совхозты фермæты кусджытæ та сæдæ фысы сæрмæ цал уæрыччы райсынц, зæгъгæ мæм сдзырдта мæ зæрдæ æмæ бафарстон газет «Рæстдзинад»-ы агропромышленнон хайады кусæг Бирæгъты Андрейы. Уый мын загъта: «Цæгат Ирыстоны фысвосдарджытæй 120-125 уæрыккæй фылдæр ничи райсы сæдæ мадæл фысы сæрмæ».

…Мæ маройаг хъуыдытæ та мыл æртæфстысты. Фыдæлты фарн чи рахаста, мах онг æй чи ‘рхæццæ кодтаид, цæмæй йæ мæ фæлтæр дарддæр алæвæрдтаиккой, уыдонæй не ’хсæн сæвзæрди æгæрон быгъ- дæг быдыртæ, æмæ ныдздзæгъæлтæ стæм… Кæмыты уын агурæм уæ нæмтты фæдтæ?..

 

* * *

Барахъты Надяйы мысинæгтæ – йæ хъизæмæрттæй дзаг цардæй чысыл тæппытæ…

Ныр æй æгæр хорз дæр ма бамбæрстам – уыцы фыд заман «адæмы знаджы» ном кæуыл сбадт, уыдон закъонæй куы сраст кодтой, уый фæстæ дæр ма дæлджинæггонд цыдысты, царды дуæрттæ сын зыхъхъыргом баисты, уыцы æбуалгъы дамтæй сæ не ссыгъдæг кодта компартийы ХХ съезды фæстæйы рæстæг дæр. Æмæ иу ахæм адæймаг нæ фæци, Надяйы рæмыгъдтытæ цард чи фембырд кодтаид, чи йæ бампъызтаид.

Цымæ ма сæ хъарæджы кæнинаг ныхæстæ семæ мæрдтæм цалæй ахæсдзысты?!

Надяйы мысинæгтæ æрхæццæ сты 1944 азы онг æмæ цæхгæр фескъуыдысты. Базонæм: лагерьты йын паспорт радтой, ссæрибар, фæлæ йæм хæдзармæ цæуыны кой нæма ис. Цымæ цæуылнæ?..

Фæстæдæры хабæрттæ Азæ æмæ Дианæйы ныхæстæм гæсгæ баххæст кодтон.

Ирыстонмæ ссæуыны бар ын кæй ис, уый тыххæй Надямæ цалынмæ ардыгæй гæххæтт ныццыди, уæдмæ уал лагерьты уавæрты царди.

Дианæ ма уæд скъолайы ахуыр кодта. Ахæм гæххæттагур бацыди республикæйы Министрты Советмæ, Зиминмæ. Йæ курдиат бамбарын кодта, уый чызджы ныхас гуырымыхъхъ хуызы фескъуыдта æмæ срæцыгъта:

– Йæ цæсгом чи фæчъизи кодта, уыдоны мах ардæм нæ уадзæм!

Дианæйæн уыцы ныхæстæ – уалхъусы къæрццытæ, зæрдæйы рæхуыстытæ.

– Мæ мад æвзæрæй никуы никæмæн ницы ракодта! Уæдæ давгæ дæр никуы ницы акодта, – уæндонæй йæм сдзырдта чызг. – Уæд æй цæмæн рахуыдтай чъизидзæсгом?

– Тæрхонгонд ын уыди, – загъта та Зимин. – Ахæстæтты, лагерьты фæци…

Уый фæстæ та Дианæ Хъулаты Хъуыбадыйы хæдзары къæсæры раз æрлæууыд… Йæ бинойнаг æм ракаст, байхъуыста йæм æмæ загъта: «Зæгъдзынæн ын дæ курдиат». Фенхъæлмæ кастысты, фæлæ – ницы.

Дианæ йæхи цæттæ кодта скъола фæуыны фæлварæнтæм, афтæ йæм фæсидтысты Мидхъуыддæгты Адæмон Комиссариатмæ, бамбарын ын кодтой: рæстæгæй-рæстæгмæ дæм-иу фæдзурдзыстæм æмæ дын-иу исты куыст бахæс кæндзыстæм. Аивæй йæм бартхъирæнтæ кодтой, ома, куынæ сразы уай, уæд Цасæйы цоты хъуыддæгтæ хорз нæ уыдзысты. Азæ æмæ Дианæ уæд сæ фыды хо Цасæмæ цардысты. Уый йæ уды фæллойæ хаста йæ сидзæр сывæллæтты, ныр та адон дæр – йе ‘ккой.

Царды маст йеддæмæ ницы федта Цасæ. Æхсæрдæс азы йыл куы сæххæст, уæд æй аскъæфтой. Скъæфджытæ йыл хибар ран нæ хæст кодтой æмæ йæ йе ’мбал чызджыты æхсæнæй раскъæфтой. Чызджытæ ма йæм бæргæ фæцарæхстысты, фæлæбурдтой йæм æмæ йыл ныххæцыдысты. Фæлæ сын æй уæйгуыты хуызæн лæппутæ байстой, чызджыты къухы ма аззади Цасæйы юбкæ. Бричкæйы йæ авæрдтой æмæ афардæг сты. Хъæуæй тынг нæма адард сты, уæд сæ Цасæйы æфсымæр фæсте асырдта. Мæнæ сæ ныр баййафа, зæгъгæ, афтæ йæ скъæфджытæй иу рахста. Барæг йæ саргъæй куыд фæкъул, зæхмæ уæззау хауд куыд ныккодта, уый ауынгæйæ, Цасæйы æрдиаг бæстæ ныццарыдта.

Уæдмæ иннæ фæдисæтты уынæр дæр æрбайхъуысти. Нал аирвæз- дзысты, уый бамбæрстой скъæфджытæ æмæ Цасæйы рауагътой. Чызг ма базгъордта йе ’фсымæрмæ, йæ хъæбысмæ ма йæ бæргæ æрбайста, йæ туджы саха бауромыны фæлтæрæнтæ ма бæргæ акодта… Йæ къухты йæ уд систа йæ хистæр æфсымæр… Цасæ йæ ингæны уæлхъус дзырд радта, мой кæй никуыуал скæндзæни æмæ йыл цæргæ-цæрæнбонты сау кæй фæдардзæни… Дзурджытæ-иу ыл уыди, фæлæ ком никæмæн лæвæрдта.

Æфсымæры мардыл ссæдз азы куы рацыди, уæд та йæм фæзынди усгур… Уымæн дæр та уыцы дзуапп радтой, фæлæ уый се ’нцон- дзырдтæй нæ разынди. Загъта сын æртхъирæнгæнæджы хъæлæсæй: «Цалынмæ мын разыйы дзуапп раттат, уæдмæ æнцой не ‘ркæн- дзынæн!..». Ахъуыды кæнут æмæ, туг цæмæй ма ныккæла, ууыл бацархайут». Цасæ бинонтæн загъта: «Ме ‘ннæ æфсымæр дæр ма мæн тыххæй мæрдтæм бацæуа, фæлтау мæ ницыуал хъæуы». Аст азы куы ацардысты, уæд Цасæ халерæй мæлæтдзаг рынчын фæци. Йæ мой йæ уæлхъусæй нæ ацыди. Цасæ мæрдтæй раздæхти, лæг йæхæдæг фæрынчын æмæ нал сыстад.

О, æмæ ныр уымæн йæ цоты æфхæрын куы байдайой… Æмæ сын Дианæ æргом «нагъ» зæгъын нæ бауæндыди, æмæ йын бæрнон кусæг бахæс кодта: «Уæ къласы ахуырдзауты номхыгъд нын сараз. Советон цардарæзт-иу фау æмæ сæ-иу афтæмæй ракъах. Дæуыл ничи фæгуырысхо уыдзæн». Дианæ фембæрста, цытæ дзы домдæуы, уый æмæ комкоммæ афарста: «Ме ‘мбæлттыл хъуамæ цъыфкалæн кæнон?» Цалдæр боны фæстæ Мæскуымæ лидзæг фæци. Уый уыди 1945 азы. Сæхимæ сыздæхти дыууæ азы фæстæ.

Надяйæн Ирыстонмæ ссæуыны бар чи лæвæрдта, ахæм гæххæтт Азæйы курдиатмæ гæсгæ сарæзта Чъерджиаты Хазби.

Надя ахстæй суæгъд 1943 азы, Ирыстонмæ та сæфтыди 1946 азы. Йæ райгуырæн зæхмæ цæуыны бар ын чи лæвæрдта, ахæм гæххæтт ыл куы сæмбæлди, уæддæр æй нæма рауагътой. Лагеры хицау ын йæ цотмæ фыста: «Хорз кусæг у æмæ уал уадз æмæ акуса…». Азæ йæм ныффыста: «Ды ма хорз кусджытæ ссардзынæ, фæлæ мах мад никуыуал ссардзыстæм».

Надя Ирыстонмæ сыздæхти, кусын райдыдта пединституты.

1948 аз Дзæуджыхъæу сси фæдзæхст горæт. Æмæ, уый размæ ахæстæтты чи бадт, лагерьты чи фæцис, уыдонæн ам цæрыны бар нал уыди. Надяйы йæ куыстæй рарвыстой. Æгуыстæй бирæ нæ абадт, афтæ йыл сæмбæлди мæнæ ацы гæххæтт:

 

ПОДПИСКА О ВЫЕЗДЕ

Гражданке Бараковой Елене Евстафьевне, проживающей ул.Джанаева, 12. Проживание на территории г.Дзауджикау Вам не разрешено. Объявляя об этом 4 отделение милиции Дзауджикау 29 – 5 – 48 г. предлагает Вам в десятидневный срок выехать за пределы указанной территории.

Невыезд в срок повлечет за собой привлечение к уголовной ответственности.

Начальник 4 отделения

 

Надя ацыди Алагирмæ, фæлæ уым ницы куыстыл фæхæст ис æмæ сæ хæдзармæ сыздæхти.

Иуахæмы Барахътæм æрбацыди Арсæгты Горгайы бинойнаг Самадалашвили Аннæ, уыди тарстхуыз, хабæрттæй дæр сæ нæ афарста, йæ зæгъинаг комкоммæ загъта:

– Надя, ахсын та байдыдтой æмæ, дæ хорзæхæй, дæхи исчердæм айс.

Надямæ цыма йæ ныхас нæ бахъардта – йе уæхсчытыл схæцыд æмæ афтæ бакодта:

– Кæдæм ацæуон? Цæмæй ацæуон?

Аннæ систа йæ хызынæй æхцаты чысыл гуцъула:

– Мæнæ дын 200 сомы, æндæр дын мæ бон ницы у. Æвæстиатæй цæугæ кæн.

Горгайы фæстæ даринæгтæ баззади æртæ лæппуйы æмæ чызг.

Надя бабæрæг кодта Æлборты Барисы. Ома, уый та цы зæгъы? Цы йæ зæрды ис? Æлбортæ дæр зыдтой, цы бæллæх та сæм кæсы, уый. Æмæ Барисы бинойнаг Христинæ Надяйы æрбацыдыл бацин кодта.

– Мæнæ Барисы дæр демæ акæн, æмæ ардыгæй уæхи айсут.

– Куыд ацæуон? – бакатай кодта Надя. – Ницæмæй рæвдз дæн. Нæ мæм – чумæдан, нæ – билет…

Христинæ сын балхæдта билеттæ Сталинабадмæ*, радта Надяйæн чумæдан, скодтой йын фæндаггæгтæ.

Надя æмæ Барисимæ Сталинабадмæ ацыди Тотраты Аслæмбег дæр. Уый дæр æрæджы суæгъд ис. Надя æрфысым кодта Агънаты Алиханмæ – уый хо Фатъимæты тыххæй æрæджыты фыста газет «Московские новости». Удхор слестгæнæг Боярский йæ ахæстоны йæ сæрыхъуынтæй сауыгъта, афтæмæй йæ уд систа чызг.

Ам бæмбæджы куыстгæнæг совхоз «Сталинабадский»-ы Надя ссардта машинкæйыл мыхуыргæнæджы бынат. Уæд, 1948 азы, уæззау рынчын фæци, æмæ, куыстхъом кæй нал у, уый тыххæй йын гæххæтт сарæзтой. Исты амæлттæ кæнын æй хъуыди, æмæ байдыдта фос хæссын, хаццоны райста зæххы гæппæл, тыдта дзы-иу æхсынæн. Афтæмæй амæлттæ кодта, йе ‘хцайы муртæй йæ чызджытæн дæр æрвыста.

 

* * *

Гино æмæ Надяйы цоты хистæр Æмзоры æмгæрттæй горæты ничиуал баззади, уæддæр уымæ Советон Æфсады рæнхъытæм нæма сидтысты. Уæд æфсæддон комиссариатмæ бацыд æмæ сын загъта: «Хæстмæ мæ акæнут, цæттæ дæн Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ». «Адæмы знаджы» фырт дæ, зæгъгæ йæ фæстæмæ рарвыстой. Иу курдиат иннæйы фæдыл æрвыста, хъуыддаг кæмæй аразгæ уыди, уыцы уæлдæр бынæтты бадджытæм. «Фæсчъылдымы куыст дæр кадджын у, æмæ уым дæхи равдис», – дзуапп лæвæрдтой Æмзорæн.

Мад ма сæрибар уыди, Æмзор уæд сфæнд кодта фæскомцæдисы рæнхъытæм бацæуын. Загътой йын: «Дæ фыдыл бахъоды кæн, æмæ дæ райсдзыстæм». Сæ коммæ нæ бакасти, æмæ йæ нæ райстой. Æмæ ныр дæр йæ зæрдæ тынг нæ дардта, йæ курдиат ын сæххæст кæндзысты, ууыл. Фæлæ йæ тынг фæндыди, йæ ныййарджытæ знæгтæ кæй не сты, сæ бæстæйыл иузæрдион цот кæй схъомыл кодтой, ууыл сæ куы баууæндын кæнид, уый.

Æмзоры фæнд сæххæст ис 1942 азы 27 мартъийы. Фыстæджытæ дзы истой хæдзармæ, бакастысты сæ-иу æмæ сæ æрвыстой Карагандайы лагерьтæм Надямæ.

1942 азы 7 июны Æмзор фыста: «Уæ бонтæ хорз, Цасæ, Азæ, Дианæ æмæ Надя! (Йæ мады йæ номæй хуыдта). Салæмттæ уын фронтæй. Ныр мæйæ фылдæр архайын нæ Райгуырæн бæстæ ссæрибар кæныны хæстыты. Уыцы рæстæджы дæргъы уæ иунæг фыстæг дæр нæ райстон. Адæймаг ам хæдзарæй цы фыстæг райсы, уый йын цины бæрæгбон басгуыхы, æмæ мæ уыцы цинæй æнæ хай кæнут… Азæ, куы мæм фыссай, уæд-иу бацархай фыстæджытæ бæстондæр æмæ даргъдæр фыссыныл, цæмæй мын-иу æрæгмæдæр каст фæуой…

Цæй, кæд ма кæрæдзи фенæм, уæд уæм фæзагъд кæндзынæн – æнæзиан хæст никуы вæййы… Куы сæмбæлæм, уæд уын бирæ диссæгтæ радзурдзынæн…

Р.S. Гæххæтт, кърандас æмæ къонверт сты, кæй райстам, уыцы трофейтæй. Æвæдза, цы «Фаберы» кърандæстæ уын балæвар кæнин!»

Æмзор фæмард 1942 азы 22 июны Харьковы облæсты Раевкайы хъæуы цур. Йæ сау гæххæтт ын райста Гинойы хо Цасæ. Лæппу чысылæй фæстæмæ йæ фыдыхомæ хъомыл кодта æмæ йæ йæ ныййарæг мад хуыдта.

Надя куыстхъом куы нал уыди, уæд пенси райсыныл зилын байдыдта. Бахъуыди йæ гæххæтт. Цасæ æрмæст уæд раргом кодта Æмзоры сæфты хабар. Арвыстой йын мæнæ ахæм гæххæтт:

 

ИЗВЕЩЕНИЕ

Ваш сын Бараков Амзор Георгиевич, уроженец г.Орджоникидзе, СО АССР в бою за Социалистическую Родину, верный воинской присяге, проявил геройство и мужество, был убит под с. Раевка.

Похороны в сел. Раевка Харьковской области.

Настоящее извещение является документом для возбуждения о пенсии.

 

Фидаргонд у артиллерион полчъы мыхуырæй.

 

Надя йæ пенсийыл зылди 1949 азы. Пенсийы хъуыддаг уыцы гæххæттæй аразгæ куынæ уыдаид, Цасæ уæд, æвæццæгæн, хабар нæма рахъæр кодтаид.

1982 азы 4 сентябры газет «Социалистическая Осетия»-йы мыхуыр уыди, 1936 азы Цæгат Кавказы адæмты спартакиадæйы æппæты рогдæр уæзы боксæй чемпион чи сси, уый – Г.Кандиашвилийы уац «Последний бой». Афтæ райдайы: «Ацы аз мартъийы мæй æз уыдтæн боксæй Цæгат Ирыстоны фыццаг бынат бацахсыныл ерысты тæрхонгæнæг. Æрдæгрог уæзы архайæг боксертæй мæ иу йæхимæ æркæсын кодта. Рингы афтæ цæрдæг змæлыди, хи хъахъхъæнынмæ размæ бырсыны архайды алы мадзæлттæй афтæ арæхстджын пайда кодта, æмæ йæ ныхмæ лæууæджы бон æппындæр ницы баци. Зæрдæйы рис бавзæрстон, афтæ тынг мын æрлæууын кодта мæ зæрдыл ме ‘взонг азты æрдхорд боксер Барахъты Æмзоры. Уый хæсты размæйы азты уыди Цæгат Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы хуыздæр боксертæй, фондз азы дæргъы уыди Цæгат Ирыстоны æмæ Цæгат Кавказы иугонд командæты уæнг».

Æмзор бирæ уарзта чингуытæ кæсын, зæгъы Кандиашвили, ахуыр кодта хорз, хъазыди футболæй, баскетболæй, уарзта музыкæ. Хæсты размæ кусын райдыдта 2-æм астæуккаг скъолайы физкультурæйы ахуыргæнæгæй. Йæ бæллиц уыди тæхæг суæвын. Хæст нæ райдыдта, уæд, чи зоны, спорты чысыл сгуыхтдзинæдтæ нæ равдыстаид. Кандиашвили республикæйы спорты комитеты раз æрæвæрдта фарст, цæмæй фæсивæды æхсæн арæзт цæуой Барахъты Æмзоры мысæн турниртæ. Фондз хатты уал арæзт æрцыдысты Æмзоры номарæн ерыстæ боксæй. Йæ мад æмæ-иу сæм йæ хоты дæр æрхуыдтой.

 

* * *

Гино æмæ Надяйы хистæр чызг Азæ медицинон институт иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци æмæ йæ баурæдтой ординатурæйы. Фæлæ, «дæ ныййарджыты ахсты хабар басусæг кодтай», зæгъгæ йæ 1950 азы аппæрстой партийы уæнгтæм кандидатæй. Асхъиудта ординатурæйæ дæр. Кусынмæ йæ арвыстой Тюмены облæстмæ.

Азæ афтæ загъта:

– Горæты уынгты-иу куы фæцæйцыдтæн, уæд мыл-иу цал æнæзонгæ адæймаджы бацин кодтой, мæнæ Гинойы чызг, зæгъгæ. Æмæ цæй æмбæхсæн уыди хабарæн.

Дианæ уыцы рæстæг куы æрымысы, уæд фæзæгъы:

– Мæнæ Азæйы Сыбырмæ куы ахастой…

Дианæ дæр ахуыр кодта медицинон институты. Советты уынджы 9 хæдзарæй сæ куы ратардтой, уæд сæ цы ныккæндмæ ныппæрстой, уым иунæгæй баззади. Суджы къæцæл дæр æм нæ уыди, уазалæй фæрынчын æмæ æруатон. Цасæ йæм-иу фæкасти, æндæр æм цæуæг нæ уыди – уый тыххæй дæр ахсгæ кодтой, æмæ йæхи чи сæфта. Йæ æнувыд æмбал Ляля-иу æм бæргæ æрбауадаид, фæлæ Мæскуымæ ахуыр кæнынмæ ацыди. Иубон æй Ляляйы мад (кæддæр ын уый радта цъындатæ) æмæ йæ фыд бабæрæг кодтой. Хуыссæны йæ куы баййæфтой, уæд фæстæмæ фæзылдысты. Бедрайы дзаг дурæвзалы æрбахастой æмæ йын арт скодтой, йæ размæ йын хъарм хæринаг рахастой.

Æмæ та Дианæмæ фæзынди Паддзахадон Æдасдзинады Министрады минæвар æмæ та йын бамбарын кодта, йе `ххуыс сæ кæй хъæуы, уый. Бакой йын кодтой: кæмæй дын зæгъæм, уый-иу аивæй ракъах æмæ йын йæ ныхæстæ бынатыл сæмбæлын кæн. Дианæ цæхгæр загъта: «Æз уыцы митæм нæ сарæхсдзынæн, мацы мæ домут». Уый фæстæ та йæм сæхимæ фæсидтысты æмæ уым фæныхас кодтой йемæ. Сæ иу ын загъта: «Нæ коммæ куынæ кæсай, уæд царды дæ фæндæгтæ сæхгæндзынæ». Иннæ йæм бартхъирæн кодта: «Дзæбæх ахъуыды кæн… Чи зоны, институт дæр каст мауал фæуай». Дианæ та сын цæхгæр «нæ» загъта. «Æппындæр дзы зынæй ницы ис, – баздæхти йæм æртыккаг, æви цыппæрæм. – Зæгъæм, лæппуимæ фæзонгæ дæ… Иу хатт, иннæ хатт фембæлдзыстут. Æрæууæндыди дыл. Ды сæ уымæй базондзынæ, мах – дæуæй». Дианæ хъæрæй ныддис кодта: «Цытæ мæ домут?! Уый, æвæдза, æнæхъæн сенсаци уаид! Лæппутимæ æмбæлынтæ куы райдаин!.. Æз нырма никæимæ уыдтæн лымæн… Æз ирон хæдзары чызг дæн. Ирон ахуыр мæ скодтой…»

Уый фæстæ дæр та йæм æрбарвыстой цалдæр хуынды гæххæтты. Нæ сæм бацыди. Уæд та йæм сæ минæвар хæдзармæ фæзынди æмæ тызмæгæй загъта: «Нæ коммæ куынæ бакæсай, уæд-иу хъаст ма ракæн!»

Йæ гæрстæ ныхсадта Дианæ, йæ хæдзар бафснайдта, дуар сæхгæдта, дæгъæлтæ сыхæгтæм радта æмæ сын загъта: «Нæхимæ куынæ фæзынон, уæд уыдзынæн, мæ мад кæм ис, уым».

… Надя фæрынчын æмæ фæцыди йæ хистæр чызгмæ Тюмены облæстмæ. Йæ цуры бирæ нæ фæци, афтæ Азæйы бахъуыди курсытæм цæуын. Иунæгæй йæ куыд ныууагътаид йæ мады æмæ йæ аласта Мæскуымæ. Уырдæм сæ размæ æрбацыди Дианæ. Уый уыцы рæстæг Воронежы облæсты куыста дохтырæй.

 

* * *

Надя Ирыстонмæ сыздæхти 1953 азы. 1955 азы та йæ реабилитаци скодтой. Йæхиуыл фæхæцыди. Йæ хъæстытæ фыста бæрзонд бынæтты бадджытæм. Цалдæр фыстæджы арвыста Н.С. Хрущевы номыл дæр.

Зылдис йæ цардæмбал Гинойы хабæрттæ сбæрæг кæныныл. Паддзахады Æдасдзинады Комитеты æрыгон кусæг ын загъта: «Барахъы-фыр- ты маргæ нæ акодтой». Æндæр ын бæлвырд дзуапп нæ радта. Æмæ чысыл цæуылдæр фæлæууыд Надяйы зæрдæ, раирд сты чызджыты цæсгæмттæ. Сæ иу мадмæ æдзынæг ныккасти æмæ йын афтæ:

– Æмæ нæ фыд кæд ног бинонтæ скодта, уæд та?

– Æнæниз, сæрæгас нын уа, йæ уд дзæбæх уа, æндæр ын бинонтæ дæр куы уаид, – дзуапп сын радта Надя.

Репрессигонд чи æрцыд, уыдоны хъуыддæгтæм æркæсынмæ сæрмагондæй Мæскуыйæ чи ссыд, Ирыстоны контрреволюцион центртæ кæй нæ уыд, уыдæттæ чи бæрæг кодта, уый – Зайцевимæ дæр фембæлди Надя йæ цардæмбалы хъысмæт базоныны тыххæй.

– Уымæн уæвæн ис, æмæ фыр надæй амардаид? – комкоммæ йæ бафарста Надя.

– Уæвæн ис, – уыди Зайцевы дзуапп.

Гинойы хъысмæтыл-иу бинонтæм ныхас куы рауад, уæд-иу Горгайы бинойнаджы ныхæстæ æрымысыди Надя. Аннæ йын иуахæмы афтæ загъта: «Цы тæхуды бакæнын, сæ лæгты чи баныгæны, уыцы устытæм! Уыдоны мæрдтæ сæ ингæнтыл сæмбæлдысты».

Партийы обкомы агитаци æмæ культурæйы хайады куыстæй куы систой Гинойы, уый фæстæ афæдз дæр æххæст нал фæци сæ хæдзары. Уый размæ йæ йæ уд исынмæ дæр не ‘вдæлди. Ныр йæ фыстытæ æрбæс- тон кодта, мыхуыргондæй дзы иу экземпляр аласта Хуссар Ирыстонмæ, уым сæ кæд рауадзиккой, зæгъгæ. Йæ уацмыстæ уæд дунейы рухс нæ федтой. Йæ чыз- джытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы экземпляр фесæфти. Гинойы куы æрцахстой, уæд сæ кæй рахастой, уыцы къухфыстытæ тæразыл барстæй уыдысты 6 килойы. Надя Мæскуыйы куы уыди, уыцы азты кæрæдзимæ цы 108 фыстæджы ныффыстой, уыдон дæр ахастой. Надя куы сраст ис, уæд цалдæр фæлтæрæны скодта, кæд ма уыцы къухфыстытæй исты йæ къухы бафтид, зæгъгæ, – рæнхъырдæг дæр ын нал радтой.

Æппæты фæстаг хатт ма бинонты Гиноимæ цы баста, уыдон уыдысты, ахæстонæй-иу кæй ралæвæрдта, уыцы цалдæр гæххæтты гæбазы. Нымадæй дзы-иу уыди цалдæр хъуыдыйады, ома, цы мын балæвæрдтат, уый мыл сæмбæлд. Æртæ хатты йæ цыбыр фыстæджытæ афтæ фескъуыдысты: «Привет Налхарыну». Ома, дам, нал хæрын… Æртæ фæлтæрæны скодта Гино, хойраг йæ дзыхма нал хаста.

Аскъуыди йæ царды таг, ахауди йæ къухæй йæ фыссæн сис, бамыр ис йæ зæлланггæнаг хъæлæс.

Барахъты Надя музейтæ æмæ архивтæм цы æрмæджытæ фæлæвæрдта, уыдон рæстæджы рыджы бын фæуой, уымæн æвгъау сты. Йæ ном джиппы уагъдæй гæххæттыл баззайа, зæгъгæ, Надя уый охыл никуы райста йæ къухмæ фыссæнгарз – ног цард саразыны сæраппонд йæ цард нывондæн чи хаста, адæм уыдоны хабæрттæ базоной, цъаммар заманты тыххæй рæстаг ныхас зæгъа…

Партийы ХХ съезды фæстæ йын уыцы хъуыды æнцой нал лæвæрдта, уымæн æмæ ма рæстдзинад уæддæр дардтой æмбæхсæнтæ æмæ æфсæн дуæртты фæстæ. Йæ мысинæгтæ искуы мыхуыры фæзындзысты, ууыл йæ зæрдæ кæд тынг нал дардта, уæддæр фыста. Азæ æмæ Дианæ куыд зæгъынц, афтæмæй-иу йæ фыстытæ редакцитæн бахъардта, фæлæ сын мыхуырмæ фæндаг нæ радтой…

1977 азы Надя ныффыста мысинæгтæ Центрон Æххæстгæнæг Комитеты уæнг Калоты Зауырбеджы тыххæй. 1989 азы «Мах дуджы» 8-æм чиныджы мæ публицистикон уацы ныхас рауади, Калоты Зауырбеджы ном мæрдтæм куыд счъизи кодтой, уый фæдыл. Æнхъæл уыдтæн, æмæ репресситы дуджы аууæттæй иу къуым срухс кодтон, зæгъгæ. Фæлæ бакастæн Барахъты Надяйы мысинæгтæ, æмæ ма Зауырбеджы цардæй цы зæрдæрисы хабæрттæ рабæрæг, цы!..

Карагандайы лагерьты фæбадыны фæстæ 1946 азы Ирыстонмæ куы сыздæхт, Надя уæд базыдта: Зауырбеджы номыл уынг ныр хуыйнын райдыдта «Армянская», электростанцæ æмæ радиостанцæ дæр нал хуыдтой йæ номæй. Мæхæдæг газет «Власть труда»-йы бакастæн: Ног Бæтæхъойыхъæуы уыди Калоты Зауырбеджы номыл колхоз, уый дæр аивтой. Йæ бинойнаг Мартæ иуахæмы Надямæ бамарой кодта: «Де ‘фсымæрæн дын мæрдтæм йæ хъæлæс куы айстой!» Зауырбегыл знаджы ном сбадти йæ амæлæты фæстæ.

Надяйы зæрдæ сфæйлыдта уыцы хабар, фæлæ цы йæ бон уыди – йæхæдæг дæр ма «адæмы знаджы» ном хаста. 1955 азы йæ куы сраст кодтой, уæд ахъуыды кодта: «Уæддæр, цымæ, Зауырбеджы цæмæй зылынджын кæнынц?» Мидхъуыддæгты Министрады архивты хицау разынди, йæ рæстæджы Зауырбег Мæскуыйы рабфакмæ фæндаг кæмæн сарæзта, ахæм ирон, булкъон. Надя куыд фыссы, афтæмæй уый, Калоты кадджын лæджы чи базылын кодтаид, ахæм æрмæгæй ницы ссардта обкомы, облæххæсткомы æмæ иннæ куыстуæтты протоколты, уынаффæты æмæ æндæр документты. Уæдæ ныр Зауырбеджы ном дæр ссыгъдæг уыдзæн, зæгъгæ, куыд ахъуыды кодта Надя, афтæ йæм иуахæмы сабаты æрбацыди Зауырбеджы кæстæр фырт Георги (Додик). Ома, Калотæй горæты чи цæры, ды уыдоны хистæр дæ æмæ дын хъусын кæнын нæ фыды хабар: культурæйы министры уынаффæмæ гæсгæ Зауырбеджы стæгдар хъуамæ Ирыхъæуы Къостайы уæлмæрдæй къахт æрцæуа æмæ йæ баныгæной æндæр ран. Къостайы ингæнмæ базилын хъæуы, зæгъгæ сын ахæм æфсон ссардтой. Надя йæ хъустыл нæ баууæндыд, уыйбæрц нынкъуысти йæ зæрдæ уыцы æбуалгъ хабарæй.

– Гъемæ мæ кæд хистæрыл нымайыс, уæд дын зæгъын: ингæнмæ æвналгæ дæр мачи бакæнæд! Уыцы хъуыддаг мæхимæ исын, дыццæджы цæуын Æгкацы-фыртмæ.

Дыццæджы Надя бахызти партийы обкомы фыццаг секретары кусæн уаты къæсæрæй. Йæ фатеры хабæртты тыххæй куы аныхас кодтой, уæд ын Зауырбеджы ингæны кой скодта. Æгкацы-фырт ын зыстæй йæ ныхас фескъуыдта:

– Дæхи хабæрттæ кæн! Кæйдæр хæдзары хъуыддæгтæ та ма дæхимæ цæмæн исыс?

– Зауырбег мын æрмæст фыдыфсымæр у, зæгъгæ, уæд, чи зоны, ацы ныхас нæ ракодтаин, – загъта Надя. – Фæлæ, кæд мæхицæй бирæ хистæр уыд, уæддæр иузæрдион хæлæрттæ уыдыстæм. Стæй йæ чи ныгæдта, уыдон дæр, æвæццæгæн, хъуыды кодтой, Къостайы фарсмæ йын æвæрæн ис æви нæ, ууыл.

Æгкацы-фырт фæкъæмдзæстыг æмæ сабырдæрæй загъта:

– Дæ хорзæхæй, бахатыр кæн. Калоты чызг кæй дæ, уый мæ æрбайрох.

Фыццаг секретарь телефонæй адзырдта кæмæдæр æмæ йын бафæ- дзæхста:

– Æвæстиатæй базон, Калоты Зауырбеджы стæгдар скъахут, зæгъгæ, чи бауынаффæ кодта, уый! – хæтæл куы æрæвæрдта, уæд ма мæстыйæ афтæ бакодта: – Уыцы æнæчетар уынаффæтæ чи кæны, уый тыххæй нæм ныхас уыдзæн бюройы æмбырды. Мæрдтимæ нæма стох кодтам! Уый ма нын баззад…

Уый уыди культурæйы министр Чъерджиаты Хазбийы уынаффæ. Хазби та æххæст кодта, уæлдæр бынатæй йæм чи æрдзырдта, уый фæдзæхст.

Надяйы фæндыди Илья Эренбургæн сæ бинонты трагеди фæдзурын. Бæргæ, куы йын бантыстаид!