БИДЖЕЛТЫ Симæ

ÆЛВÆСТ ХЪУЫДЫТÆ

 

* * *

Не ‘взаджы хъысмæты охыл æмбырдтæ куы нæма арæзтой, дзургæ дæр ыл сыгъдæг иронау уæд кодтой.

 

* * *

Стæм адæймаджы бон бавæййы зæгъын «Нæ!», й‘ алыварс иууылдæр æмхуызонæй куы фæхъæр кæнынц «О!», зæгъгæ, уæд.

 

* * *

Ныхасæй басæттæн кæмæн нæй, уыцы адæймаджы тæрныхыл дамбацайы нæмыг дæр фæцъула уыдзæн.

 

* * *

Дæ сафæг дæм йæхи февдисы дæ удылхæцæгæй.

 

* * *

Рухс фидæны сæраппонд рæстаг сырх туджы фурдтæ фæивылд…

 

* * *

Дæхæдæг дæхиуыл куы худай, уæд уый бирæты зæрдæмæ нæ цæуы: хъуамæ дыл уыдон худой!

 

* * *

Хатгай, нæ сæр цæуыл разилы, йæ агургæйæ, уый разыны нæ тæккæ фындзы бын.

 

* * *

Къуырттон каркæн йæ æйчытæй залиаг кæлмытæ куы рабырой, уæддæр сæ хондзæн йæ дуду дзибатæ!

 

* * *

Алы куыст дæр домы сæрмагонд, æмбæлгæ хуызы бавнæлд: хъазы каркау нæ ныттондзынæ!

 

* * *

Зæххон цард афтæ цыбыр у, æмæ хъæздыг нæ бафсæды йæ бирæ хæзнатыл цин кæнынæй… Мæгуыр та фынтæй йæхи хъал кæнынæй.

 

* * *

Искæмæ хæлæгæй цæсты фиутæ куы фæтайынц, уæд зæрдæ та сау æвзалы свæййы.

 

* * *

Сæрæй дуæрттæ чи гом кæны, уый хонæгæй цы кæны?!.

 

* * *

Кæйдæр къухы хъама дæу æхсарджынкæнæг нæу.

 

* * *

Къодах сæрыл æндон фæрæт асаст…

 

* * *

Кæд, знон куыд уыд æмæ цы цыд, уый дæ зæрдæмæ нæ цæуы, уæд дæ дыстæ бафæлдах æмæ бацархай дæ абоны зæрдæмæдзæугæ фæлгонцтыл.

 

* * *

Адæймаг уарзы, йæ бон цæуыл нæ цæуы, ахæм бæрзонд хъуыддæгтыл дзурын… Æрвылбон йæ бон цы у фæхуыздæр кæнын, уый рæзты та, æнæуынгæйæ, ацæуы.

 

* * *

Кæйдæр уæхскыл уæззау голлаг – рог хордзен…

 

* * *

Раст чи фæдзуры, уый йæхæдæг зылынæй баззайы.

 

* * *

Нæ цæстытæй комкоммæ цы фæуынæм, ууыл дæр нæ феууæндæм, рæстдзинадæй куы фæтæрсæм, уæд.

 

* * *

Хуыцау дæ бахизæд, æмæ мæлдзыджы æнæуынон дæр суай… Хъазыбеджы хох дыл рафæлдæхт гъеуæд!..

 

* * *

Зæрдæйы хъæдгом – цæсгомыл æргом бæрæг.

 

* * *

Уарзондзинадæй дзаг æмæ рæвдыд зæрдæ – Хуыцауæн адджын хæстæг!

 

* * *

Хъызт зæрдæйы тауинаг тыллæг нæ дæты…

 

* * *

Зæрдæйы судзгæ цæссыгтæй айнæг дур дæр тайы…

 

* * *

Дæ хъизæмæрттæ сæ бæрцæй ноджы бæрцджындæр ма кæн искæмæн дæ хъæстытæй.

 

* * *

Нæ зæрдæ нын бындзарæй чи скъахы, уый дзы, куыд арфдæр ис, афтæ арфæйагæй æвæрд æрцæуы!

 

Этюдтæ

МÆРГЪТÆ ТÆХЫНЦ ХУССАРМÆ…

Фæззæг… Нырма хъарм, нырма сызгъæрин… Нырма райсомтæ – рухс, бонтæ – бæллицмондаг!.. Нырма…

Мæ зæрдæ та бур, фæстаг сыфтæрау æнкъард кæны сæрды – амондджын сæрды – лæвæрттыл…

Аргъауы диссаджы рæсугъд сæрд!.. Мæ зæрдæйы дæ хæсдзынæн зынаргъ, уарзон сабийы фæлгонцау! Мæ уды баззайдзынæ уæларвон зарæджы зæлтау!..

Цæмæн дын æрцыд кæрон?.. Æз нæма бафсæстæн дæ рæвдыд, дæ цинтæй… Нæма мæ фæнды дæуæн фæндараст зæгъын: куыд хъуамæ ферох кæнон уыцы дидинджыты фæз!.. Сæрибар арвы бын булæмæргъы зардмæ йæхи Хурмæ чи ивæзта, уыцы дидинджыты фæз!..

Ныр та… Фæззæг… Цъиутæ тæхынц хуссармæ… Уыдон дæр мæнау агурынц сæрды хъарм… Сæрды уарзт.

Уыдон дæр мæнау мысынц йе ‘нæкæрон буц лæвæрттæ æмæ тæхынц æнæнцой сæ зонгæ дзæнæт бынæттæм.

Базырджынтæ!.. Сæрибар мæргътæ!.. Æз та хуымæтæг зæххон адæймаг, йæ уацайраг… Ахæссут мæн дæр уæ тыхджын базыртыл!..

 

ФÆСМОН

Сæрдыгон изæр… Æнкъард, æрхæндæг зæрдæты ахасты фæлм йæхи хæлуарæджы тынтау æрцауыгъта хæдзары къуымты…Нæй йын асурæн… Риу судзы цыдæр æнахуыр рыстæй…

Дæ хуызист… Мæ бакомкоммæ… Æз дæм кæсын, мæ зынаргъ… Мæ уды цæджындз…

Фæллад цæстæнгас… Арф хъуыдытæй æнцъылд, бæрзонд ных… Сау-сауид сæрыхъуынтыл – зымæджы хъæлæс… Æз дæ ахæмæй базыдтон…

Цал азы дыл цæуы ацы хуызисты? Дыууиссæдз?.. Къаддæр?.. Нæу мæ бон уый раиртасын… Нæу мæ бон бахизын дæ кары къæсæрыл… Не ‘хсæн – тæссаг, мæнгæфсон хид: мæ ныфс нæ хæссын ууыл цæуын. Ды зыдтай цард… Мæнгарддзинады масты тад… Гадзрахаты згæ хъамайы цæф… Уымæн сты дæ цæстытæ тарвæд фæззыгон арвау.

Кæм дæ афонмæ?.. Æз дæ мысын, куыд фæмысы цагъайраг сæрибар Дуне!.. Æз дæ мысын, мæ зæрдæйы цæрыс… Рисгæ… Заргæ…

Æз дæ уарзын!.. Нæ алы фембæлд цыкурайы фæрдгуытау бафтыдтон мæ хъуыдыйы сызгъæрин æндахыл æмæ сæ, иугай халгæйæ, фехъусын дæ кæддæры алы ныхас… Дæ кæддæры фæлмæн мидбылхудт ногæй срухс кæны хурау ме ‘нкъард, хъызт уазал хæдзар…

Ды ацыдтæ… Дард… Æз дæ нæ урæдтон… Цæмæн?.. Æнхъæлдтон, ацы хатт дæр ныббыхсдзынæ ме ‘рыгон тентекк, æнæрхъуыды митæн…

Кæм дæ, нæ зонын, фæлæ мæм афтæ фæкæсы хатгай, цыма ды дæр мæнау мысыс нæ кæддæры фембæлдтыты адджын бынæттæ… Мæнау дæ цæстыхаутыл æрттивынц зæрдæрæхуысты цæссыгтæ…

Цы фæллад цæстæнгас у!.. Куыд нæ уыдтон раздæр, мæ цуры куы уыдтæ, уæд се ‘нæкæрон цардвæллад?.. Куыд не ‘нкъардтон сывæллонау дæ сонт уды рыст?

Мæн хъуыд æрмæстдæр уæнгрог цин!.. Домдтон дæ æппынæдзух уарзты сырхзынг æхсидав ныхæстæ… Мæн хъуыд æнæнтыст уалдзæг!.. Нæ мæм хъуыст дæ уды саумарой хъарæг, дæ зæрдæйы дудгæ рис – нæ мæ хъуыдысты.

Ныр бамбæрстон: уæд уарзтон æрмæстдæр мæхи! Буц кодтон мæ саби уд. Уæд, кæддæр, хъуыды кодтон айдагъ мæхиуыл.

…Дæу бауарзтон, куыддæр фæхицæн стæм, афтæ! Фæсмон кæнын… Фæлæ…

Фæлæ асаст кæрдзын. Мæгуыр сидзæр уд ма туглæсæнтæ кæны…

Æрмæст та Хур, цыма ницы ‘рцыд ахæмæй, худгæбылæй скаст рæдыдхъуаг дунейыл.