ЧЕРЧЕСТЫ Хъасполат

НОГБОНЫ ТЪОРТ

Мæбегæй афтæ зæгъæн нæй, æмæ уый, мæнæ иуæй-иу æнæджелбетт сиæхстау æхсæвæй-бонæй йæ каистæм къахихсыд бацис æмæ сын сæ хæдзары рудзынгæй рагудзи-рагудзи фæкæны. Цæуы сæм æгъадауыл: куы – цины, куы та – æндæр хъуыддæгты фæдыл.

Фæстаг рæстæг йæ каис, йæ бинойнаджы мад Мисурæт, уæззау рынчын у, сынтæгæй фылдæрхатт зынтæй расты – æмæ йæ уымæ гæсгæ арæхдæр абæрæг кæны Мæбег. Уæдæ цы кæна. Сиахсæн афтæ æмбæлы. Хорз сиахсы та каистæ сæхи бинойнагыл фæнымайынц, æмæ уыцы кады аккаг уæвыныл зæрдиагæй архайы Мæбег дар.

Мисурæт йæхæдæг куыд фæзæгъы, афтæмæй Мæбег йæ уарзондæр æмæ адджындæр сиахс у. Хуыцау ын цы иунæг цъæхдзаст чызг Зæирæйы балæвар кодта, уый цардæмбал у. Мисурæтæн йæ зæрдæ æрмæстдæр адоныл лæууы, йæ уæззау низыл дæр, йæ кæстæрты циныл цингæнгæйæ, уæлахиз кæны. Ам, горæты, йæ хæдзар æмæ йæ рæбыны цыдæриддæр дзаумайæ, мулкæй ис, уыдон иууылдæр йæ чызг æмæ сиахсыл бафæдзæхста. Арвæй зæххы ‘хсæн йæ уд уыдоныл лæууы. Куы амæла, уæддæр йæ ныгæнын адонмæ кæсы, æмæ сын ницы æвгъау кæны, райгонд æмæ сæ зæрдæрухс у алцæмæй дæр.

Мæнæ та иннæ хæттытау Мæбег æмæ Зæирæ сфæнд кодтой ацы Ног аз дæр Мисурæтимæ иумæ сбæрæг кæнын. Мæбег Мисурæтæн балхæдта диссаджы рæсугьд дидинджыты баст æмæ стыр тъорт.

Мисурæт зыдта, йæ чызг æмæ йæ йе сиахс ацы хатт дæр æнæ бабæрæггæнгæ кæй нæ фæуыдзысты, æмæ йын кæд цыфæнды зын уыд сынтæгæй растын, уæддæр йæхи фæхъæддых кодта æмæ ма суанг чъиритæ æмæ фыдджынтæ кæнынæн хыссæ дæр скодта. Ныр уартæ арынджы йæ конд хыссæ хæрдмæ уыцы хæмпусæй снæрсти. Бастыгъта нурытæ, æрцæттæ кодта фыдджинаг, цæттæ у йæ цыхт дæр, æмæ æнхъæлмæ кæсы, хуры скастау ын адджын цы хъæбул æмæ сиахс сты, уыдоны фæзындмæ. Уæлдай тынгдæр та фæмысы йæ хъæбулыхъæбул чысыл Зæлинæйы. Мисурæтæн уый йæ удлæууæн, йæ удыгага у.

Мæнæ байгом Мисурæты фæрныг хæдзары дуар. Мидæмæ, фыццаджыдæр, æрбазгъордта чысыл Зæлинæ æмæ уайтагъд февзæрд йæ нанайы хъæбысы. Мæбег, Зæирæ Ног азы арфæтæ ракодтой Мисурæтæн æмæ сæ лæвæрттæ – дидинджыты баст æмæ стыр тъорт – æрæвæрдтой стъолыл. Цинтæн, хъæбыстæн нал уыд кæрон дæр. Уыдонмæ кæсгæйæ, Мисурæтæй ферох сты йе ‘ппæт низтæ дæр, æмæ райдзаст мидбылхудт нал æмæ нал цух кодта йæ цæсгомæй. Уазджыты æрбацыдыл уæлдай тынгдæр та цин кодта Мисурæты гыццыл куыдз Пушок. Дæргъмæ цалдæр уыдисны бæрц йеддæмæ нæу, фæлæ-иу уазджытæм, цингæнгæйæ, хæрдмæ сгæпп кодта. Пушок хъазынæй не ‘фсæст Зæлинкæмæ.

Зæирæ Мисурæтæн загъта, фыдджынтæ æз мæхæдæг ракæндзынæн, ды та уал Зæлинкæимæ телевизормæ кæс, зæгъгæ.

Мисурæт дæр дыууæ нал загьта йæ чызджы ныхасыл, не схъæр кодта, йæ сæр кæй зилы, йæ астæуыстæг æй срæхой-срæхой кæй кæны, уый дæр æмæ сындæггай йæхи диваныл æруагъта. Зæлинкæ йæ мадмæ бауад æмæ йын лæгъстæгæнæгау афтæ: «Мамæ, цалынмæ ды чъиритæ кæнай, уæдмæ уал ма нанайæн йæ тъортæй иу хай радтæм».

– Гъы, мæнæ гæды рувас, тъортмæ дæхи мондæггтæ уайынц, æмæ йæ нанайы æфсон кæныс, и… – бахудт мад.

Зæирæ тъортæй цалдæр кæрдихы ралыг кодта. Мæбег тъорты иу карст Зæлинкæйæн радта, иннæ цалдæр хайы та бахаста Мисурæтæн.

Мисурæт дзы куы скомдзаг кодта, уæд йæ сиахсæн зæрдæбын арфæтæ ракодта:

– Бузныг, стыр бузныг уын… Мæныл ныр цыппарыссæдз азæй фылдæр цæуы, æмæ ахæм адджын, хæрзад тъорт фыццаг хатт хæрын… Ацы тъортау адджын цард фæкæнут, мæ хъæбултæ…

Тъорт тынг фæцыд Зæлинæйы зæрдæмæ дæр. Ногæй та дзы бацагуырдта дыккаг, æртыккаг хай дæр… Зæлинкæ куыд зæрдиагæй хордта, уымæ кæсгæйæ, æвæццæгæн, сцыбæл Пушок дæр æмæ йæ тæнæг даргъ æвзагæй йæ былтæ астæр-астæр кодта.

Мæбег фæтæригъæд кодта куыдзæн, бафарста Мисурæты, Пушок адджинаг фæхæры, зæгьгæ.

– Пушокæн къафеттæй, печенитæй æмæ æндæр адджинæгтæй фылдæр мацы ратт, тынг бирæ сæ уарзы, – дзуры Мисурæт.

– Æмæ тъорт дæр бахæрдзæн?

– Искуыдæр ма нæ,– бахудт Мисурæт.

Мæбег дзы уæд иу карст ралыг кодта æмæ йæ радта Пушокæн.

Уый йæ уайтагъддæр уыцы зыдæй ахордта, æмæ йæ цæстæнгасæй бæрæг уыд, ноджыдæр ма йæ кæй хъæуы, æмæ йæ къæдзил ратил-батил кодта.

Фæлæ уый та циу? Тъорты иу карст куыддæр ахордта, афтæ Пушокæн йæ къæхтæ йæ бынаты фатасыдысты, ныдздзой-дзой кодта, цыдæр æнахуыр хъæрзт ныккодта æмæ, хъист-хъистгæнгæ, иннæ уатмæ сынтæджы бынмæ балыгъд. Уырдыгæй хъуыст йæ тыхулæфт æмæ нæтын. Мæбег фæтарст. Йæ цæсгом афæлурс. Тарст цæстытæй кæсы йæ каис Мисурæтмæ. Йæ дзыхы ныхас нал бады. Ризæг ыл бахæцыд. Алы уæззау хъуыдытæ йæ сæры февзæрдысты: æвæццæгæн мын, бирæ чи фæлæууыд, ахæм тъорт рауæй кодтой, фæхæццæ йæм цавæрдæр маргхъæстæ, æмæ ныр куыдз дæр йæ уд уымæн исы. Куыдз ма цы фæуинаг у, уый фæуæд, фæла мын Мисурæт æмæ Зæлинкæ дзæбæхæй куы аирвæзиккой…

Уыцы рæстæг райхъуыст Мисурæты хуыфын. Мæбег бынтондæр старст. Зæирæмæ фæхъæр кодта, æмæ йын уый агуывзæйы дон раскьæфта. Зæронд ус уæддæр нæ банцад йæ хуыфынæй.

«Оу, мæнæ цы бæллæхы бахаудтæн», – бынтондæр скатай Мæбег. Фырадæргæй ма дзуры йæ бинойнагмæ: «Зæ… Зæирæ… Рæвдздæр ма фæдзур тагъд æххуысмæ!.. Дохтыртæм!..»

Мисурæт не ‘мбары, цы хабар у, уый æмæ йæ алыварсмæ кæсы æнæмбаргæ цæстытæй.

Мæбеджы сæры та февзардысты алыхуызон сау хъуыдытæ: «Фыдзæрдæ йæм чи дары, уыдон ныр дзурдзысты, Мæбег, цæмæй йæ каисы бынтæ, йæ хæдзар тагъддæр йæхирдæм фæкæна, уый тыххæй ын тъортыл барæй марг ныккодта, æмæ…»

Уыцы хъуыдытæ йын æнцой нæ дæттынц, афтæмæй Мæбег тарст цæстытæй нымдзаст вæййы Мисурæты фæлурс цæсгоммæ. Йæ зæрдæ æхсайы Зæлинкæмæ. Зæирæ дæр мадæй чызджы ‘хсæн дыууæрдæм разгъор-базгъор кæны. Уалынмæ чысыл Зæлинкæ, цингæнгæйæ, ныхъхъæр кодта: «Ура!… Ура!… Пушокæн гыццыл къæбылатæ фæзынд!..»

Зæирæ дохтыртæм нал адзырдта. Телефоны хæтæл фæстæмæ йæ бынаты æрæвæрдта æмæ мидæггаг уатмæ Мæбегмæ базгъордта. Уым Зæлинкæйы раз фæкомкоммæ сты æртæ чысыл къæбысмæ. Сæ иу дзы уыд бурхъус, иннæ – урсхъулæттæ, æртыккаг та – бынтон сау. Пушок фырцинæй йæ къæбылаты былтæ йæ тæнæг сыр-сырхид æвзагæй астæр-астæр кодта æмæ йæ пух къæдзил дыууæрдæм тылдта.

Мæбег æмæ Зæирæ фембæрстой хъуыддаг, дыууæйæ дæр ныххудтысты æмæ кæрæдзийæн ныхъхъæбыс кодтой. Пушокы хабар радзырдтой Мисурæтæн дæр, загътой йын, Зæлинкæима сын мæлынæй куыд старстысты, æмæ зæронд ус дæр семæ хъæрæй фæхудтис.

Зæирæ фыр цинæй арт фестади, уайтагъд чъиритæ, фыдджынтæ кæнынмæ февнæлдта. Ног азы райдайæнмæ уайтæккæ ацæттæ кодта бæрæгбоны фынг. Хистæрæн сбадын кодтой Мисурæты, æмæ, куыддæр телевизорæй Кремлы сахаты куранттæ ныццагътой, афтæ Мæбег фегом кодта шампайнаг авджы сæр, сыр-сыргæнаг сæнæй байдзаг кодта бинонтæй алкæй агуывзæ дæр, æмæ сæхи Стыр Хуыцауыл бафæдзæхсыны фæстæ зæрдиаг «æгасцуай» загътой Ног азæн. Хицæн сидт рауагътой, хæдзары цы ног къæбыстæ фæзынд, уыдоны тыххæй дæр.

 

АЛАНЫ УРСХЪУЫР УАСÆГ

…Сæумæрайсом. Урсхъуыр уасæг æфтуанхъæдыл йæ базыртæ бацагъта æмæ цъæхснаг хъæлæсæй ныууасыд: «Хъу-хъри- хъу-хъу!..Райхъал ут! Рай-хъал!»

Чысыл Алан йæ цæстытæ аууæрста, хъæццул иуварс фехста æмæ тыргътæм разгъордта. Йæ мад Замирæт йæ размæ рауад. Фелвæста йæ йæ хъæбысмæ æмæ йын йæ сæр фæлмæн æрсæрфгæйæ, мидбылхудгæ, сдзырдта:

– Куыд раджы та фестадтæ, мæ къона, куыд?

– Æмæ мын дæхæдæг куы фæзæгъыс, хуры скаст хуысгæйæ кæй æрæййафа, уымæй лæг никуы рауайдзæн, – фæцырд æм Алан.

– Афтæ, афтæ, мæ къона, – йæ хъæбысы йæ æрбакæнгæйæ, загъта мад.

– Цом, дæ дзаумæттæ акæн, хъарм æхсыр ануаз æмæ – скъоламæ.

– Цæуын, æна! – йæ фæстæ разгъоргæйæ, сдзырдта Алан.

Мад ын уайтагъд фынг авæрдта. Алан йæ дзыхмæ къæбæр дæр нæма схаста, афтæ та иннæ хæттытау хъарм дзулы кæрдих баскъæфта йæ урсхъуыр уасæгæн. Нæ дзы ферох сты дон æмæ нартхоры нæмгуытæ дæр. Уасæг зыдæй ныхъуырдта йæ хæринаг, не ‘нцад йæ хъуыр-хъуырæй:

– Хъо-хъо-хъо! – Хъæуы- ма- мæ! Ноджы-дæр!..Ноджы-дæр!..

Чысыл фæстæдæр Алан йе ‘мбæлттимæ бадтис райдзаст къласы. Дзаг цæстытæй каст ахуыргæнæджы рухс цæсгоммæ. Цыппæрæмтæм цæуы Алан. Хорз скъоладзауыл нымад у. Сыгъдæгзæрдæ, æмбалуарзаг. Абон сæм фыццаг урок ирон литературæйæ ис. Ахуыргæнæг сын уый размæ куыд загъта, афтæмæй абон фысдзысты сочинени: «Хæдзарон фосæй, кæнæ маргъæй фылдæр кæй уарзыс?».

Уайтагъд ахуырдзаутæ базмæлыдысты. Тетрæдты сыфты сыбар-сыбур, скъоладзауты сусæг рафæрс-бафæрс сиу сты. Чи фыста йæ куыдзыл…чи йæ гæдыйыл…чи та?..

Арф хъуыдыты аныгъуылдис Алан дæр. Тыхсы. Нæ зоны, кæуыл ныффысса, кæмæй раппæла… Йæ куыдз Милайыл ныффыссид, фæлæ æгæр дзæгъæлкъах у. Уæдæ сæ хъулон сæныкк та тынг æнаккаг у. Йæ гæдыйыл ныффыссид, æмæ уымæй дæр куыд раппæла, кæд æмæ зивæггæнаг у, уæд. Бон-изæрмæ пецы сæр хуыссын йеддæмæ ницы зоны. Мыстытæ сæ хæдзары къæбæрты муртæй «хоккейæ» фæхъазынц.

Цы акæна, цæмæй райдайа, нæ зоны Алан. Рæстæг та размæ згъоры. Фæлæ уалынмæ йæ цæсгом фæрухс. Йæ цæстыты раз фæстад йæ урсхъуыр уасæг. Уайтагъд тетрады урс сыфыл пъеройы фындз афæд кодта:

«…Æз æппæтæй фылдæр уарзын мæ урсхъуыр уасæджы. Уымæн æмæ уый у хъæбатыр æмæ рæсугъд. Ничи йыл тых кæны нæ сыхы уасджытæй. Суанг ма цæргæсæй дæр нæ тæрсы. Уыимæ, кæрчыты хъахъхъæны хорз. Æгас сых дæр æй уарзынц тынг бирæ…».

Хуыцаубоны сæхимæ уыдис Алан. Дæллаг сыхы лæппутимæ сын бацайдагъ футболæй хъазт. Хъазт куыддæр йæ тæмæны бацыд, афтæ хæдзарæй райхъуыст йæ мад Замирæты цъæхахст:

– Алан!.. Разгъор-ма рæвдздæр! Уæртæ нын цъиусур нæ кæрчыты бабын кодта!..

Уыцы рæстæг сæ цъиуджын карк цæхæрадоны уыд. Кæрдæгыл хызта цъиуты. Уыдон бур гæлæбутау зындысты дардмæ. Фæхæст сыл тугдзыхы цæст.

Цъиуты мад ма сæ йæ базыры бын бæргæ анорста, фæлæ йын сау бырынкъджын маргъ йæ сæр хойын байдыдта. Йæ сæры туг фемæхстис цъиуты мадæн. Йæ дзых ма фæстаджы фæхæлиу-фæхæлиу кодта.

Аланы урсхъуыр уасæг дæр уæд цъиуты мады фарсмæ бæргæ уыд, фæлæ тугдзых маргьы куыддæр ауыдта, афтæ сыхæгты быруйы сæрты агæпп кодта æмæ къудзиты бын абырыди.

Бæргæ ма базгъордта Алан. Фæлæ уæдмæ карк, йæ туджы мæцгæ, амард. Йæ чысыл дзибаты йын Алан нымæтхуды æвæрдта, афтæмай, кæугæйæ, дзырдта, урсхъуыр уасæг кæм бамбæхст, уыцырдæм:

– Тæппуд! Тæрсаг чи у, уый! Йæхи сæр бафснайдта, мæнæ ацы гыццыл дзибатæ та дæу аххосæй сидзæрæй баззадысты…

Æхсæвы æрæгмæ бафынæй ис Алан. Мæт кодта, тыхстис, куыд цæрдзысты ныр гыццыл дзибатæ æнæ мадæй, ууыл.

Дыккаг бон сын ахуыргæнæг æрбахаста сæ фысгæ куыстытæ. Ахуырдзаутæ иууылдæр цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты сæ бæрæггæнæнтæм. Алан та æнкъардæй рудзынджы ‘рдæм сарæзта йæ цæстæнгас. Уæззау хъуыдытæ ленк кодтой йæ сæры…

Раппæлыд ахуырганæг Аланы куыстæй. Сæвæрдта йын иттæг хорз

бæрæггæнæн. Æрмæст ыл Алан нæ бацин кодта. Нæ аивта йæ æнкъард цæстæнгас.

– Алан, цæмæн афтæ æнкъард дæ? – бафарста йæ ахуыргæнæг. – Æви дын раст бæрæггæнæн нæ сæвæрдтон?

Ницы дзуры Алан. Æрмæст йæ тыппыр рустыл гæргæрæй згъордтой хъарм цæссыгтæ. Æмæ, кæугæйæ, дзырдта:

– Æз… Æз мæ сочиненийы цы уасæгæй æппæлыдтæн, уый æппындæр хъæбатыр нæ разындис… Уый… Уый тынг тæппуд у… Мæнæн фондз нæ, фæлæ дыууæ æвæрын хъуыд… – Æмæ та Аланы цæстытæ ногæй айдзаг сты мæты цæссыгтæй.

Ахуыргæнæг йæ мидбылты бахудтис, скъоладзауы сæр фæлмæн æрсæрфта æмæ йын рæвдаугæ хъæлæсæй загьта:

— Алан! Уæддæр дын иттæг хорз бæрæггæнæн æвæрын. Уымæн æмæ дæ сочинени сыгъдæгзæрдæйæ ныффыстай… Басастæ дæ рæдыдыл дæр.