ДЗЕСТЫ Куыдзæг

ИУ НОГБОН ÆХСÆВ

Радзырд

 

1

Фæцис зымæгон цыбыр бон. Æрталынг. Гæмсырæн йæ кусарт сцæттæ, æмæ ныртæккæ æххуыс кæны йæ ус Косерæн.

– Пец мæхи бар уадз, акæс-ма та! – дзуры Косер йæ лæгмæ æмæ йын æртысгæн райста йæ къухæй.

– Гъо, дæумæ гæсгæ мæ акастæй тагъддæр æрбахæццæ уы-дзысты,– тызмæггомау загъта Гæмсыр, фæлæ уæддæр сыстад æмæ рацыд уынгмæ.

Кæсгæ нæ, фæлæ хъусгæ дæр ма акодта алырдæм, искуыцæй кæд машинæйы уынæр цæуы, фæлæ – никуы æмæ ницы. Йæ хъæбысы – сугтæ, афтæмæй æрбаздæхт хæдзармæ. Сугтæ пецы бын бавæрдта æмæ æнæдзургæйæ æрбадт бандоныл.

– Никуыцæйма зынынц? – афарста йæ Косер.

– Дæлæ дуармæ лæууынц, фæлæ сæ æз не ’рбауагътон,– дзуапп радта Гæмсыр ноджы тызмæгдæрæй.

– Цавæр бындз та дыл фæхæцыд?

– Æмæ уæдæ æдылы фæрстытæ цы кæныс? Искуыцæй куы зыниккой, уæд сын хæдзар амонын хъæуы!

– Омæ мæсты та цæмæн кæныс, мæсты? Абон нæ фидауы маст кæнын. Афтæмæй дæ куы ’рбаййафой, уæд та уыдон дæр фенкъард уыдзысты.

– Æз мæсты нæ кæнын, фæлæ мæ ды цы баййардтай, ды? Нырма аст сахаты йеддæмæ нæу, æмæ ма Ногбонмæ æнæхъæн цыппар сахаты ис…

– Мæ фыдбылызтæ – дæ хай, кæд дын Ногбоны зæдтæ сæ цонджы сахæттæм нæ кæсынц! Æхсæвæрафон у, мæ кæрдзынтæ ныууазал уыдзысты.

Æддаг дуары хъæр аскъуыдта ус æмæ лæджы ныхас. Уый уæлвæд къæсæрæй æрбазынд хистæр фырт Дзамбол – районы МТС-ы агроном.

– Цæй, уе ’хсæвтæ хорз, фæлæ… Баба, хыл кæнын ма сфæнд кæ, ахсæв дын дзы ницы рауайдзæн! – зæгъгæ, лæппу фæраздæр, йæ фыды цæсгоммæ куы бакаст, уæд.

– Хыл нæ кæнын, фæлæ, аипп ма уæд, кæм уыдтæ ныры онг?

– Нæ директоры машинæмæ æнхъæлмæ кастæн æмæ уый тыххæй бафæстиат дæн. Стæй уæзласæн машинæйæ рацыдтæн æмæ фыдæбонæй амардтæн.

– Уæддæр ма удæгасæй кæй æрбахæццæ дæ! Къулбадæг! Æнæ «Победæ» мын къахдзæф дæр нал кæнынц…

– Уазал у, баба, уазал! Æнæхъæн сахат афтæмæй фæцу, уый дæм ницы кæсы?

– Æз дæр ма ууыл дис кæнын, бынтон куыд нæ ныссалдтæ!

– Рауай-ма, нана, мæнæ баба хыл кæны! – ахъæр кодта Дзамбол æддаг уатмæ йæ мадмæ.

Косер æрбакаст къæсæрæй.

– Уый ныхæстæм ма хъус, фæлæ чындз æмæ сывæллон та цæуылнæ æрбацыдысты?

– Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. Хъасбол сæ йæ машинæйæ раласдзæн.

– Уыдон дæр та «Победæ»-мæ æнхъæлмæ кæсдзысты, уæдæ цы! –
йæ ныхас та баппæрста Гæмсыр.

– Дæ дзыхыл ма фæхæц! – йæхи йæм нал баурæдта ус, стæй уæд йæ фыртмæ: – Хъусгæ дæр æм ма кæ! Ай адджын цайыл дæр иучысыл бырц куы’нæ акæна, уæд ын ад нæ кæны…

– Ды та цæхджын джитъритæ дæр мыдимæ уарзыс, фæлæ ма бамбарын кæн дæ цотæн: дыууиссæдз азы размæ, хохы ма куы цардыстæм, уæд-иу Ногбонты размæ зымæгон æфцæгыл мæ нартхоры уаргъимæ куыд æрхæццæ дæн, уый…

– Омæ уый раджы уыди, бын бауай, æмæ ма адон дæр афтæ хъуамæ хæссой?

– Адоны хæссыны сæр ницæмæн хъæуы, фæлæ скъулбадæг сты æмæ ницæуылуал æрвæрсынц, æгъгъæд сæм ницыуал кæсы. Уæдæмæ хъæбæрхоры кæрдзынæй дæр сæ гуыбын куы не ’фсæдид, уæд æндæр ныхæстæ кæниккой.

– Ферох сæ кæ, баба, уыцы фыдæбæттæ, æгъгъæд сын у!

– Нæ сæ рох кæнын, нæ! – хъæрдæр æмæ мæстыдæрæй райдыдта Гæмсыр. – Раджы цы уыд, уый чи рох кæна, ахæм адæймаг, ныр цы ис, уымæн аргъ кæнын никуы базондзæн…

 

2

Æнхъæлмæ кæмæ кастысты, уыдон дæр æрбахæццæ сты: Гæмсыры астæуккаг фырт Хъасбол – индзылер, йæ ус æмæ йæ астаздзыд лæппу Валерик, стæй хистæр фырты ус æмæ чызг.

– Уæдæ та кæстæр лæппу ацы аз дæр не ссыд, и, – фæрсæгау сдзырдта Гæмсыр æмæ, Хъасбол дзуаппы бæсты йе уæхсчытæ куы базмæлын кодта, уæд ма йæ ныхасыл бафтыдта: – Гъеныр уый дæр къæбæда нæу! Ацы аз дæр та нæ фыдæнхъæл фæкодта.

– Хабаровскæй ардæм афтæ æнцон суайæн нæу, баба.

– Æмæ дзы зынæй та цы ис? Айфыццаг мæхæдæг кастæн газеты. Мæскуыйæ, дам, Хабаровскмæ иу активнæй хæдтæхæг…

– Реактивный…

– О, ахæм ног цыдæр, фараст сахатмæ ныххæццæ вæййы.

– Уый æцæг афтæ у.

– Æмæ афтæмæй дыууæ боны цыд йеддæмæ ма у?

– Нæ зонын… – æндæр дзуапп нал ссардта фырт.

– Уæдæмæ уый дæр скъулбадæг ис, æмæ уый зæгъай…

Косер «къулбадæджы» кой куы фехъуыста, уæд уайтагъд фæмидæг фырт æмæ фыды астæу æмæ сæ фæхицæнтæ кодта.

Гæмсыр цалынмæ чындзыты къухтæ иста, сывæллæттыл цин кодта, уæдмæ йæхи фæурæдта. Мидæмæ, хæдзармæ, куы бацыдысты, уæд та нал фæлæууыд:

– Цæй, аипп ма уæд, уæ мад дæр мын бафæдзæхста, фæлæ уæддæр куыд æрæгмæ цыдыстут?

– Баба, æз бæргæ раджы срæвдз дæн, фæлæ мæнæ сылгоймæгтæн нал æмæ нал æнтыст, æмæ бафæстиат стæм, – загъта Хъасбол.

Хистæр лæппуйы чызг сфæнд кодта йе стыр маст Гæмсырæн радзурын, стæй иннæты дæр сраст кæнын.

– Зоныс, дада, абон æмбисбонæй нырмæ горæты магазинты фæзылдыстæм æмæ дзы иунæг тъорт дæр не ссардтам. Уый дæм диссаг нæ кæсы?

– Уæу, мæнæ царциаты диссаг! – йæ армытъæпæнтæ ныццагъта Гæмсыр.– Ау! Æмæ дзы бирæ куы вæййы?

– Бæгуыдæр дзы вæййы, фæлæ бæрæгбонмæ алчидæр фелхæны, æмæ дзы нал уыд.

– Æмæ уæдæ ныр æнæ тъортæй нæ бабын стæм?– æцæгхуызæй фæрсы Гæмсыр.

– Æз ма фыр мæстæй кæугæ дæр скодтон, ардæм дæр нал куымдтон, фæлæ мæ уæддæр ракодтой, – зæгъта чызг æмæ йæ цæстытæ доны разылдта.

– Гъе, æмæ, зæгъын, амæй ма бæллæхдæр исты уыдзæн? – зæгъгæ, Гæмсыр йæ цæст ахаста бинонтыл фæрсæгау.

Лæппутæ схудтысты. Чызг дæр ныр фембæрста, Гæмсыр хъазгæйæ кæй дзырдта, уый.

– Ды та, дада, иууылдæр худгæ фæкæныс!– зæгъгæ, чызг азгъордта иннæ уатмæ.

– Уыимæ дæр та фæхыл дæ, баба,– хъазгæйæ сдзырдта Дзамбол.

– Æмæ ма æндæр кæимæ фæхыл? – фæрсы Хъасбол.

– Мæнæн алывыд акалдта, скъулбадæг, дам, стут, æнæ «Победæ» къахдзæф дæр нал кæнут.

– Æмæ цы! Раст нæ зæгъын? Айфыццаг де ’мбæлттимæ ам æхсæв-бонмæ куы фæбадтыстут æмæ дын афтæ куы загътон, иучысыл уал дæхи æруадз, кæннод хуыссæгхъæлдзæгæй дæ куыстмæ куыд бацæудзынæ. Æмæ ды афтæ: «Мæнæ машинæйы цæугæ-цæуын афынæй кæндзынæн». Цымæ зымæгон æфцæгыл, дыууæ путы нартхор де ’ккой, афтæмæй, астæумæ миты лæгæрдгæйæ та цæугæ-цæуын куыд фынæй кæнис? Науæд а фæззæджы горæты сымахмæ куы уыдтæн, уæд дын кæсын, æмæ дæ чызг цæуылдæр тъизы. Бацыдтæн æм, зæгъын, цы кæныс? Æмæ, дам, скъоламæ цæуын, æмæ, мæ къæхтыл цы скæнон, уый нæй. Афтæмæй йæ разы цыппар фæлысты дзабыртæ. Зæгъын, адонæй цæуылнæ исты скæныс? Æмæ мын сæ ранымадта: сæ иутæ сæрдыгон туфлитæ сты, иннæтæ зымæгон батинкæтæ, æртыккæгтæ – хæдзары мидæг дарынæн, цыппæрæм фæлыст та, дам, быдыры куы фæкусын, уæд сæ скæнын. Кæсут уымæ! Æз та, зæгъын, дæ цахъхъæнæй дæс азы дæргъы сæрдæй-зымæгæй уыцы иу фæлыст дзабыртæ фæдардтон. Сайыс, зæгъы, дада, иу фæлыст дзабыртæ дæс азы нæ фæлæууынц. Нæ сайын, зæгъын, ныртæккæ дæр мæ уæлæ сты, фæлæ æддæмæ нæ зынынц. Уайтагъд мын мæ цырыхъхъытæ ласыныл фæхæцыд. «Кæм сты, уæдæ?» – фæрсы мæ, мæ цъындатæ мын куы раласта, уæд. Æз ын мæ гом къæхтæ равдыстон, зæгъын, афтæ бæгъæмвадæй цыдтæн, дæу цахъхъæн куы уыдтæн, уæд. Фæтæргай та мын уæддæр. Кæсут æм ныр! Тъорт не ссардта æмæ фæкуыдта…

– Æвæдза, раст зæгъы баба… – райдыдта Хъасбол йæ фыды ныхасмæ гæсгæ. Уый йæхæдæг дæр ма æрæййæфта уыцы цард сæ ралидзыны агъоммæ, йæ цæстытыл ма дзæбæх уадысты революцийы размæ царды нывтæ. Æмæ ныр дзырдта, уæд куыд уыди æмæ ныр куыд фендæр цард.

Гæмсыр нæ хъуыста йæ фырты ныхасмæ. Æрмæст-иу хицæн дзырдтæ ауадысты йæ хъустыл, æмæ уыдон дæр ныгъуылдысты йæхи хъуыдыты бын. Йæ зæрдыл та æрлæууыдысты рагон царды нывтæ…

…Зымæгон изæр. Хæххон сæгæйдзаг хæдзар. Хæдзары бæстастæу къонайыл хуылыдз бæрз цъыхырытæ цъысцъысгæнгæ фæздæг калынц. Æхсæвæрафон. Мад æмæ йе ’нахъом лæппу бадынц арты фæйнæ фарс æнкъардæй. Кæдæй нырмæ æнхъæлмæ кæсынц сæ фыдмæ. Хъуамæ изæрæй æрхæццæ уыдаид… Фæлæ мæнæ æрхæццæ йæ уаргъимæ фæсæфцæгæй. Йæхи хуызæнæй йæм ницыуал ис. Йæ рихитæ æмæ йæ зачъетæ ихын къæцæлтæй ныхъхъандзал сты. Салд æрчъитæ нæ комынц ласын.

Мад цуайнаджы афыхта нартхор… Цæкуытæ… Цы диссаджы адджын уыдысты!

Бирæ нал ацард фыд. Гæмсыры ныууагъта фыййаухъомæй. Фыдцард ноджы фæфыддæр. Азтæ, сæ иуæй иннæ мæллæгдæрæй, ныддаргъ сты кæрæдзи фæстæ.

Мад дæр ма тыхтæй-амæлттæй йæ фыртæн ус æрхаста, стæй йæ удхары царды таг аскъуыд…

«Ау! Æппын куыд ницы амал хъуамæ уыдаид хуыздæр цæрынæн?» – хъуыды кæны Гæмсыр уæды царды тыххæй æмæ йæхиуыл дæр куыддæр дызæрдыг кæнын байдыдта. Цыма йæ нал уырны… Æниу, цы фадат уыдис? Стыр дурцæндты ’хсæн нарæг зæххы гæбæзтæ азæй-азмæ ноджы къаддæр кодтой, æмæ цард та зæххæй цыди.

Цыдысты азтæ. Германы хæст. 1917 аз. Октябры революци. Советон хицауад. Быдыры бæстæм ралыгъд.

Дзаджджын æмæ парахат саумæр зæхх. Цас фендæрхуызон цард! Æмæ уый диссаг куыд нæу, фæлæ ма ноджы цас гæнæнтæ ис, цас! Цæйбæрц бирæ хорз мадзæлттæ ма ис цард ноджыдæр фæхуыздæр кæнынæн, фæлæ зæфцы фыдæй къуылымпы цас кæны!

Фæстаг хъуыдытæ фæуæлахиз сты рагон царды нывтыл, æмæ Гæмсыры раз æрлæууыдысты йæ абон æмæ йæ райсом.

– …Иу къахвæндаг йеддæмæ нæ хъæумæ никæуылты уыд æрбацæуæн, ныр та дзæбæх сосæвæндагыл дæ тæккæ хæдзары раз рахиз машинæйæ, – йæ ныхас дарддæр кодта Хъасбол. Уыцы ныхасмæ Гæмсыр йæ сæрыл бæрзонддæр схæцыд æмæ бакаст йæ фыртмæ.

– Дæумæ гæсгæ, уый дзæбæх фæндаг у, и?

– Ома, дзæбæх, зæгъгæ, фæлæ уæддæр, хохы куыд уыди, уыимæ абаргæйæ…

– Хохы кой мауал кæ, фæлæ, мæнмæ гæсгæ та уый хуыйны фæндаг нæ, фæлæ дзыхъхъытæ-мыхъхъытæ.

– Алы хъæумæ асфальт фæндаг ацаразын æнцон нæу паддзахадæн…

– Æмæ дын чи зæгъы асфальт? Æнæ асфальт хорз фæндаг нæ вæййы? Стæй паддзахады кой цæмæн кæныс? Æз æй банымадтон æмæ, нæ хъæуы цы хъомыл нæлгоймæгтæ ис, уыдонæй алкæмæ дæр хауы фондз кæнæ фылдæр-фылдæр дæс метры. Цас диссаг дæм кæсы уал метры саразын? Стæй афтæ арæзт куы фæуа, уæд паддзахадмæ дæр бадзур: йæ апп ын мах сарæзтам, йæ цъар та сымахæй фæуæд, и?

– Афтæ бæргæ хорз уаид…

– Бæргæ нæ, фæлæ кусын хъæуы, кусын! Уæлæ-ма нæ цырагъмæ скæс! Йæ цæст фæныкъул-фæныкъул кæны æмæ хаттæй-хатт йæхи феныны фаг дæр нал фæрухс кæны. Уый та дын нæ электростанцæ…

– Хъæдын цырагъæй дæр та фыддæр у? – йæ ныхас баппæрста Дзамбол.

– Хъæдын цырагъы кой мауал кæ… Мæнæ амæн исты мадзал хъæуы. Фондз азы размæ фаг уыди, фæлæ ныр нал æххæссы. Æз фарстон, зæгъын, цæмæн афтæ мæнг рухс кæны, æмæ, дам ын дон нæ фаг кæны, йæ уаргъ та æгæр бирæ сси. Æмæ, зæгъын, уыцы дон кæцæй рауагътам, уый фарсмæ иннæ комы дон дæр йæ тæккæ фæрсты куы цæуы. Уымæн та, дам, къанау къахын хъæуы. Æмæ уый цас диссаг у? Æгас хъæу лæгæй, усæй иу-æртæ боны куы ауаиккой, уæд сын фæуаид куыст.

– Нæ сæ ’вдæлы колхозонты дæр, быдыры куыстытыл дæр не ’ххæссынц, баба, уыдоны аххос нæу,– загъта Хъасбол.

– Уæдæмæ скъулбадæг сты, æмæ уый зæгъай. Науæд уыдон ма ’вдæлæд, дæуæн дæхи дæр не ’вдæлы?

– Æз та дзы цы дæн?

– Куыд цы дæ? Горæты стыр заводы кусыс, æмæ дын иу-дыууæ километры дæргъæн æфсæн хæтæлтæ зын ссарæн сты?

– Уыдон та цæмæн?

– Нæ хъæумæ дон рауадзиккам комæй, æмæ адæмы цард фенцондæр уаид…

– Æгæр дæрдтыл ахæцыдтæ, баба! – йæ ныхас та баппæрста Дзамбол.

– Фæлæуу! Дæумæ дæр мæ хъæуы… Фæрсгæ дæ кæнын: нæ разы ацы фынгыл нæхи колхозы конд сæн цæуылнæ ис?

– Мæн дзы фæрсыс?

– Уæдæ кæй? Агроном нæ дæ? Нæхи цæхæрадоны цалдæр къутæры ныссагътай сæнæфсиртæ, тынг хорз æрзайынц, фаг сты харынæн дæр, фæлæ дæм уый æгъгъæд кæсы? Колхоз цæуылнæ кæны сæнæфсиры куыст? Колхозонтæй алкæй цæхæрадоны дæр цæуылнæ ис сæнæфсир сагъд?

Куыдфæстæмæ хъæрдæр кодта Гæмсыры ныхас. Йæ дыууæ фырты ныхъхъус сты. Йæ ныхас нал фæуд кодта. Йæхæдæг у колхозы мыдгæс. Æртæ азы дæргъы колхозы мыды чыргъæдты нымæц дыууæ хатты фæфылдæр кодта. Фæлæ ма цас гæнæнтæ ис, цас! Тæккæ хъæугæрон хуссарварс æртиссæдз гектары бæрц зæхх дзæгъæлы сæфы, хус какон сындзæй урс-урсид дары, сæрвæтæн дæр ма ницы ахъаз у. Дыргъдонæн ма хуыздæр цы уа!

Дзырдта Гæмсыр, æмæ цæстытыл уад: рæсугъд даргъ сырх автобус асфальтцъар хъæууынгты ленкгæнæгау фæуайы. Фæйнæрдыгæй хæдзæртты къултæй, æмбондты сæртæй разындысты ставд цупал сæнæфсиртæ æмæ цыкурайы фæрдгуытау тæмæнтæ калынц хурмæ. Æрæджы дæр ма æрмæст нартхор æмæ картоф конд цы цæхæрадæтты уыд, уырдыгæй сæ къабæзтæ радаргъ кодтой сырхварс фæткъуытæ æмæ бурбын кæрдотæ…

Косер зыдта йæ лæджы ахаст æмæ сфæнд кодта уыцы «хъуыддаджы» ныхас фæцыбыр кæнын. Йæ дыууæ чындзы къухты фæйнæ тæбæгъы фæсагъта – уæливыхтæ æмæ гогыз, йæхæдæг та – сæ разæй, афтæмæй бахызт къæсæрæй. Тæккæ уыцы рæстæджы Гæмсыр кодта сæ хæдзары кой. Сæ дыууæ зæрондæн фагæй уæлдайдæр ма у, фæлæ бинонтæ се ’ппæт куы æрæмбырд вæййынц, уæд нал фæфаг кæны, æмæ ног хæдзар аразын хъæуы, зæгъгæ.

Косер къæсæргæрон йæ къух бæрзонд сдардта, йæ мидбынаты ныллæууыд, афтæмæй. Лæппутæ сæ каст скодтой сæ мадмæ. Гæмсыр йæ усы куы ауыдта, уæд цæхгæр фæурæдта йæ ныхас.

– Цы хабар у?

– Табуафси, докладгæнæг, ныхасы бар!

– Гъы, дæ хорзæхæй!

– Алцыдæр ранымадтай, фæлæ ма дæ иу цыдæр ферох. Дæ разы ма дæ зачъетæм бакæс. Иунæг сау æрду дзы нал ис. Æмæ дæ фæрсгæ кæнын: кæдмæ цæринаг дæ, мæлынмæ никуы хъавыс?

Гæмсыр ахæм фарст æнхъæл нæ уыд æмæ куыддæр æгуыппæгæй аззад. Хистæр лæппу йæ худын нал баурæдта. Уалынмæ иннæтæ дæр ныххудтысты. Гæмсыр йæ цæст ахаста йæ бинонтыл, йæ мидбылты бахудт æмæ дзуры:

– Сымахардыстæн, гъе уый мæ, æцæг, ферох, мæ хъуыдыйы никуы ’рцыд…

– Уæдæ, цалынмæ Ног аз Мæскуыйæ расидой, уæдмæ уал зæронд азы афæндараст кæнут! – загъта Косер æмæ чындзытæн æрæвæрын кодта сæ тæбæгътæ.

Гæмсыр куывта, фарон чи ’рцыд æмæ ныртæккæ чи фæцæуы, уыцы азæн; куывта, зæронд аз йæ фæдыл цы Ног аз æрбакæны, уый амондæн. Бинонтæ хъуыстой æмæ зæрдиаг «оммен» кодтой Гæмсыры бæллицтæн. Астаздзыд Валерик дæр хъуыста хистæры куывдмæ, æмæ йæ цæстытыл уади, мæнæ сывæллæтты журналты цы нывтæ вæййынц, уыдон: даргъбоцъоджын зæронд лæг стыр урс кæрцы мидæг бæрзонд наз бæлæсты хъæды æрбацæуы, арф миты лæгæрдгæ, худæнбылæй æмæ йæ фæдыл æрбакæны Валерикæн йæхи йас лæппуйы. Сабийæн йе ’фцæгыл – даргъ лент æмæ йыл фыст: НОГ АЗ – НОГ АМОНДИМÆ!