ДЖИМИТЫ Æхсар

ЦАРДЫ ЦОППАЙ

Мысинæгтæ

Уый уыдис Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хæд фæстæ. Мæ фыдыфсымæр Гыдто нæ цæхæрадоны тыдта картофы дидинджытæ æмæ мæм фæдзырдта:

– Æхсарбег, хæстæгдæр ма мæм æрбацу.

Æз æм бацыдтæн æмæ йын загътон:

– Æз Æхсар хуыйнын.

Уый мыл фæхъæр кодта:

– Цавæр Æхсар дæ, æз дыл Æхсарбег ном сæвæрдтон. Уый дæ фыд коммунист у æмæ бегты нæ уарзы, фæлæ дæ искуы бахъæудзæн дæ ном бегимæ.

Стæй мын, йæ къухы цы дидинджытæ уыд, уыдон, хицæнтæ кæнгæйæ, зæхмæ æппæрста нымайгæйæ:

– Фондз картофы, авд картофы, дыууæ картофы, – калд сæ куы фæцис, уæд мын загъта: – Дæ мад ацы цалдæр бынæй скъахдзæн къæртайæ фылдæр.

Уый та куыд, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын ахæм дзуапп радта:

– Абонæй фæстæмæ дæ зæрдыл бадар: халсартæн дæр сæ уæлдай дидинджытæ куы тонай, уæд сæ тыллæг уыдзæн бирæ фылдæр.

Æз уæд фæныфсджындæр дæн æмæ та йæ бафарстон:

– Гыдто, уæ дыргъдоны та кæрдо бæласæн йæ иу къалиуыл фæткъуытæ цæмæн зайы?

Уый мын афтæ:

– Куыд адæмæн, афтæ зайæгойтæн дæр ис баиу кæнæн. Мæнæ мын æххуысхъом куы фæуай, уæд дæ кæрдо бæлæстыл дæр зайдзæн фæткъуытæ, æхсынцъыйыл – чылауитæ, фæлæ уый кæд уыдзæн?! Æз та иу къухæй зивæг кæнын райдыдтон ахæм лæмбынæг куыстытæм. Уыцы куыст та хуыйны пырсип кæнын.

– Гыдто, хæсты куы нæ уыдтæ,уæд дæ цонг цæмæн бахуыскъ?

– Уый дын афтæ æнцонты нæ фæуыдзынæн дзырд, фæлæ дын æй бæлвырд радзурдзынæн, мæнæ иумæ пырсип кæнын куы райдайæм, уæд.

1946 азы уалдзæг. Иу райсом, хурмæ куыд бадтæн, афтæ Гыдто кæцæйдæр фæзынд æмæ мæм фæдзырдта. Йæ къухы уыд кæттагæй хызын, æмæ мæм æй радта:

– Абонæй фæстæмæ дæу фæуæд.

Хызын разынд æнахуыр уæззау, æмæ æз хорзау нал фæдæн. Ныккастæн æм, æмæ дын дзы разынд цыргъ фæрæт, цыдæр зылын хырх, хæцъилы цыдæр лæхъир змæст сæнары тæфгæнаг, цалдæр зылын карды, иуæн дзы йæ кæрон уыд уасæджы къоппайы хуызæн. Фæлæ мæм æппæты диссагдæр фæкастысты цалдæр къуыбылойы гæны цъæрттæй – мах ехсытæ цæмæй быдтам, ахæмтæ, фæлæ хусæй. Цыдæртæ ма дзы уыд, фæлæ мæ ферох сты. Гыдто мыл схъæр ласта:

– Рæвдз сæ фæстæмæ хызыны бавæр, уæртæ дæ фыд æрбацæуы, æмæ ныл мæгуыры бон акæндзæн.

Æз хызын мидæмæ бахастон æмæ йæ кæфойы бын бакодтон. Рацыдтæн æмæ дурыл æрбадтæн. Мæ фыд куы ‘рбахæццæ æмæ йæ бæх бæласыл куы бабаста, уæд Гыдтомæ дзуры:

– Цы хорзыл æй ардауыс дæ хъаны?

Гыдто йын загъта:

– Уæртæ ме скъæт мæрзын, æмæ мын фаджыс хæссынмæ аххуыс кæн, зæгъгæ йын лæгъстæ кæнын, фæлæ мын нæ комы.

Уæд мæ фыд бидаркæйырдæм фездæхт ехс агурæг, фæлæ æз тигъмæ алыгъдтæн. Гыдто рацыд тигъмæ æмæ мæ сæхимæ акодта. Цардис махæй иу хæдзар уæлдæр. Æцæгæйдæр, се скъæты дуармæ уыдис дыууæ бедрайы фаджысимæ…

Уый фæстæ уыдис, æвæццæгæн, 1 Май, æмæ нæ скъолайы мæт нæ уыди. Лæппутæ къуыбыртыл хъазыдысты стыр дуры сæрæй гæпп кæнынтæй. Уыдонæй мæм иу хъæр кæны, цæмæ, дам, ма ссыдтæ, дæлæ, дам, дæм де ‘рдхорд æрцæуы, зæгъгæ. Мæстæй-иу мæ мардтой, Гыдтойы хъан-æххуырст, зæгъгæ. Иумæ-иу куы куыстам, уæд та мæм-иу хæлæг кодтой. Цыдæр диссæгтæ, дам, ын дзуры.

Æцæгæйдæр, сæ цæхæрадæтты кæрæтты æрцæйцыд. Æз йæ размæ рауадтæн, æмæ йæ куы бафарстон, кæдæм цæуыс, зæгъгæ, уæд мын загъта:

– Абон æмæ райсом мæй амоны пырсип кæнæн бонтæ, æмæ дзы фæпайда кæнæм.

Хызын мын рахæссын кодта, æмæ лæппутæ хызын куы федтой, уæд нæ фарсмæ æрæмбырд сты. Фæлæ сын Гыдто загъта:

– Æз Æхсарбеджы кæнын пырсип кæнынмæ. Уый уын æй фæстæдæр бацамондзæн, ныр ацæут æмæ хъазут.

Мах ацыдыстæм цæхæрадæтты кæрæтты уæлæмæ æмæ бахызтыстæм Петкæйы дыргъдонмæ. Мæн схизын кодта æмæ мын æртасын кодта чылауи бæласы къалиу. Уый йыл ныххæцыд æмæ мæм дзуры:

– Æрхиз æмæ мæм къуыбылой ратт.

Æз æм æй куы радтон, уæд дзы уый иу тагыл дæндагæй ныххæцыд, къуыбылой та зæхмæ æрæппæрста. Гæны кæрон бабаста къалиуыл æмæ мæм дзуры:

– Куыбылой сис æмæ гæны кæрон бабæтт дæлæ уыцы къодахыл.

Æз афтæ бакодтон, æмæ уæд уый къалиу суæгъд кодта. Къалиу ма иучысыл уæлæмæ ссыд, фæлæ йæм Гыдто хорз æххæссыд. Бацагуырдта зылын хырх æмæ дзы къалиу алыг кодта. Бацагуырдта хæцъилы тыхт æмæ дзы йæ къухы æнгуылдзтыл систа змæст къалиуы лыг бынат сæрдынмæ. Бацагуырдта æнахуыр кард æмæ бацыд æндæр бæласмæ.

Уымæй дæр ралыг кодта къалиу æмæ йæ ‘рбахаста иннæ бæласы размæ. Райста уыцы æнахуыр кард æмæ дзы къалиу йæ астæуыл дих кæнын райдыдта. Дих куы фæци, уæд ын, уасæджы къоппайы хуызæн цы кард уыд, уый фазы мидæг фæцавта æмæ йæ змæлгæ-змæлын рахæлиу кодта. Иннæ кардæй цы къалиу алыг кодта æмæ æрбахаста, уый кæрон дыууæрдыгæй ацыргъ кодта æмæ, кард цы къалиуы уыд, уырдæм æй бахаста.

– Мæнмæ хъус ныр лæмбынæг: мæнæ æз ацы къалиу тъыссын иннæ къалиуы зыхъхъыры, фæлæ мæ кард нæ уадзы. Бамбæрстай, цæмæн мæ хъæуыс, уый? Æз тъысдзынæн ацы къалиу, ды та кард фелвасдзынæ зыхъхъырæй.

Афтæ бакодтон, æмæ йæ уæд нытътъыста иудзæвгар, стæй ма фæцархайдта цыдæртæ æмæ йæ байсæрста, хæцъилы цы змæст уыд, уымæй. Гæны къуыбылой мын райхалын кодта. Иу хал дзы фæхицæн кодтон, æмæ мæм дзуры:

– Иу кæрон дзы мæнмæ ратт.

Радтон æм синаджы кæрон, æмæ йыл уый ныххæцыд дæндагæй, кæм баиу кодта къалиутæ, уымæй гыццыл бындæр. Мæнмæ та сдзырдта:

– Ныр ды гæны зил къалиуы алыварс, æцæг æй æлхъивгæ кæн, стæй йын йæ кæрон балхынцъ кæн.

Сау чылауийы къалиуыл баиу кодтам урс чылауийы къалиу. Уый фæстæ мæм дзуры:

– Ауай, æмæ уæртæ хæдзары сынтæджы бын дурыны къуымæл, æмæ дзы рахæсс.

Бацыдтæн хæдзармæ æмæ сынтæджы бын дынджыр дурынæй къуымæл рауагътон æмæ йæ рахастон. Æз ын къусмæ уадзын, уый мæм дзуры:

– Æгъгъæд у, уыйас бануаздзынæ – уый дæхицæн уагътай.

Æз нæ куымдтон, æмæ мын Гыдто уæд афтæ бакодта, дон кæстæрæй нуазгæ у, зæгъгæ. Бануæзтон.

– Амæй фæстæмæ мæм афтæ куы хъусай, уæд цардæй истытæ базондзынæ. Мæ цонгæй мæ фæрсыс, æмæ дын æй кæд ацы уалдзæг нæ фæуин дзырд..

Йæ ныхас райдыдта афтæ:

– Мæнæ Фыццаг Дунеон хæстæй фæстæмæ нæхимæ чи ссыд, уыдоны зондахаст сси бынтон æндæрхуызон. Æппæлыдысты фæсарæнты цæрджыты цардæй. Загътой-иу: «Иугыццыл ахæм цардæй ацæр!»

Уыдæттæм хъусгæйæ, æз дæр бахæлæг кодтон ахæм цардмæ. Цæмæн мæ хъæуы ахæм цард, дæ кæстæр дыл хъæр кæм кæна. (Ома, мæ фыд йæ кæстæр уыд, æмæ уый тыххæй афтæ дзырдта). Иу фæссихор Дабегимæ ацыдыстæм доны фалæмæ, Гæбисы куыройы бакомкоммæ цигантæн цы цатыртæ лæууыд, уырдæм. Иу цатыры цурæй нæм æнæдаст лæг цыдæртæ дзырдта, фæлæ йæ мах не ‘мбæрстам. Йæ къухы уыд цыдæр лæдзæггонд, фæздæг чи калдта, ахæм. Йæ иу кæронæй та йæ фæздæг, цатырмæ цыма амыдта, уыйау апырх кодта æмæ та нæм дзуры: «Фенын уæ фæнды, цæфхæдтæ бæхтæн куыд кæнæм, уый?».

Дабег ын загъта: «Нет». Уый ныл фæхæцыд æмæ нæ цатыры фæмидæг кодта. Цалдæр лæгæй архайдтой арты алыварс. Æнæдаст лæг иуы къухæй райста стыр дзæбуг æмæ йæ мæнмæ радта. Къаддæр дзæбуг кæмæ уыд, уый æркъупп кодта сырхзынг æфсæйнаг. Æнæдаст лæг мын мæ фарс æрбасхуыста æмæ мын æфсæйнагмæ амоны, цæв æй, зæгъгæ. Æз дæр æй уыцы иу цæф ныккодтон, æмæ йæ иу æрдæг кæдæмдæр къуыммæ батахт. Цалынмæ йæ агуырдтой, уæдмæ къуымы кæттаг ссыгъд. Бæстæ хъæрæй байдзаг. Æнæдаст лæг нæ æддæмæ ракодта æмæ загъта:

– Фыдбылыз сарæзтат, æмæ уæ райсом ам бакусын хъæудзæн.

Дыккаг бон мын Дабег нал бакуымдта, ды басыгътай кæттаг æмæ ды ацу, зæгъгæ. Ацыдтæн иунæгæй. Æнæдаст лæг уым нæ уыд. Куы бафарстон, кæм ис, зæгъгæ, уæд мын бамбарын кодтой, нæ барон, дам, хъæуыхицау у. Ды дæр, дам, æм барон, зæгъгæ, дзур. Раззаг бон, дынджыр дзæбуг кæмæ уыд, уый мæ цатырмæ бакодта æмæ дзæккор дзæбугæй куыд кусын-цæвын хъæуы, уыдæттæ мын амыдта: «Ды гыццыл дзæбуджы иу къуырццæн кæндзынæ зына-нæзына цæф, уымæн æмæ æфсæйнаг вæййы фæлмæн. Дыууæ къуырццы куы æркæна, уæд æй ды æркъуыр хъавгæйæ, æртæ къуырццы фæстæ – тыхджындæр цæв, уæд нал атæхдзæн æмæ ницыуал басудздзынæ», – æмæ ныххудт.

Уалынмæ барон дæр фæзынд. Куы йæ бафарстон, кæм уыдтæ, зæгъгæ, уæд мын ахæм дзуапп радта:

– Мах стæм уæгъд адæм æмæ цæрæм, куыд нæ фæнды, афтæ, мæнæ Европæйы куыд у, афтæ.

Мæхинымæр ахъуыды кодтон, мæнæ мæм Европæ йæхæдæг æрбацыд, зæгъгæ. Барон мын загъта:

– Кæттаг не ссардтон, æмæ дæ лæвар кусын хъæуы цыппар боны. Де ‘мбалы бæсты дæр.

Æртæ боны куы бакуыстон, уæд мын барон загъта:

– Ахсæв цæугæ кæнæм, æмæ дæ бон кусын хъæуы. Уый та амоны афтæ: махимæ ацæудзынæ æмæ, кæм æрлæууæм, уым бон бакусдзынæ, стæй уæд сæрибар дæ.

Хорз, зæгъгæ, загътон, нæ ахъуыды кæнгæйæ. Рараст дæн нæхимæ, æмæ Гæбисы куыройы раз мæ размæ фæцис иу цигайнаг. Уый йæ иу къухæй хæрдмæ ацамыдта, иннæ къухæй та Елхотырдæм. Ома, дам, мæй куы скæса, уæд араст уыдзыстæм уыцырдæм. Барон уый размæ се ‘ппæтæн дæр фехъусын кодта, æз семæ кæй цæуын, уый.

Æрбаздæхтæн нæхимæ æмæ нæ дыууæ кæрты дæр уæлдай дзаумæттæ бафснайдтон. Уæдмæ мæй дæр скаст. Куы бацыдтæн табормæ, уæд чъибиткæтæ лæууыдысты иу даргъ рæнхъæй. Барон бадзырдта иу лæппумæ æмæ йын цыдæртæ фæдзырдта.

Лæппу мæ акодта æмæ мæ сбадын кодта дыккаг чъибиткæйы разæй, бæхтæрæджы фарсмæ. Æхсæв-бонмæ фæцыдыстæм. Базыдтон далæ Кæсæджы хъæутæй иу, стæй ма базыдтон, Стъараполы бынмæ куыд æхсæвиуат кодтам, уый дæр. Цас фæцыдыстæм дыккаг бон, нæ зонын, фæлæ бахæццæ стæм, уырыссагау кæм нæ дзырдтой, ахæм ранмæ. Æрбынат кодтам иу змисджын ран. Фыццаг бон нæ куыстам. Сылгоймæгтæ сæ сывæллæттимæ цыдæр æрбаисты æмæ изæры рухсæй фæзындысты. Семæ æрбахастой картæфтæ, хъæдындзтæ, суанг ма кæрчытæ дæр. Сывæллæтты акодтой кæрчытæ ахсыныл ахуыр кæнынмæ. Уыцы изæр кæрчытæн сæ сæртæ фæрæтæй акъуырдтой.

Фыццаг бон бакуыстон мæ бегарайы хæс. Бароны бафарстон, ныр кæцырдæм ацæуон, зæгъгæ. Уый ныххудт:

– Дæуæй уæгъдибар адæймаг нæй: нæй дын хæдзар, нæй дын бинонтæ, нæй дын куыст, нæй дæм æхца. Цы ма дæ хъæуы, ацу, кæдæм дæ фæнды, уырдæм. Фæлæ дæм цы дзæбуг радтон, уымæй хуыздæр никуы ницæуыл фæхæст уыдзынæ…

Афтæмæй семæ баззадтæн. Уыцы бæстæ хуыдтой хахолтæ– Украинæ. Уым фестæм 3-4 мæйы. Араст стæм дардæр æмæ бахæццæ стæм иу ранмæ, цигантæ цин кодтой, уымæн æмæ се ‘взаг уыдис иухуызон. Иу къуыри дзы куы ацардыстæм, уæд нын иу райсом барон загъта:

– Абон нæ кусæм. Кæнæм бæрæгбон, æмæ нæм уыдзæн уазджытæ.

Бон-изæрмæ иууылдæр сæ ног дзаумæтты кафыдысты æмæ зарыдысты. Мæнæн иу чызг æрбахаста дзаумæттæ: цъындайæ шляпæйы онг. Фæстæдæр æндæр чызгимæ æрбацыд, æмæ мын мæ дзаумæттæ скæнын кодтой, стæй мæ кафын ахуыр кодтой, изæры дæ кафын хъæудзæн, зæгъгæ. Уыцы бонæй даргъдæр бон мыл никуы скодта. Бафæлладтæн æмæ цатырмæ ацыдтæн, фæлæ мæм уайтагъд фæзындысты, барон дæм дзуры, зæгъгæ. Ацыдтæн, æмæ барон цавæрдæр арæзт адæймагимæ лæууы чъибиткæйы раз. Баввахс æм дæн, æмæ мæм диссаджы быд æмæ арæзт ехс радта. Æз лæууын, ехс мæ къухы, афтæмæй сæ разы, æмæ мæм æнæзонгæтæй, сæ хицау, æвæццæгæн, дзуры:

– Эй, цыган?

Æз æм нæ фæкастæн, æмæ мын уæд уый бамбарын кодта, уыцы ехс абонæй фæстæмæ мæн кæй у æмæ дзы ныр мæхи цæвын кæй хъæуы, уымæн æмæ мæм куы дзырдта, уæд æм нæ акастæн. Стæй ма бафтыдта:

– Ехс дын у мæ фыццаг лæвар, дыккаг лæвар та мæнæ ацы чъибиткæ, фæлæ дын бар ис, æмæ сæ ма райсай. Æртыккаг лæвар та дын æнæисгæ нæй, æмæ дæ уæд æртæ лæвары иумæ бахъæудзысты. Цæуылнæ мæ фæрсыс æртыккаг лæварæй?

Æз ницы дзырдтон, фæлæ йæхæдæг загъта:

– Æртыккаг лæвар абон райсомæй нырмæ демæ ис.

Æз ын загътон:

– Мемæ ницы ис.

Уæд мын уый афтæ:

– Уæдæ дын уыцы дзаумæттæ кæм уыдысты, стæй дыл сæ чи скодта?

Йæ къухтæ хæрдмæ систа, æмæ чызг йæ разы фегуырд. Чызджы мæм æрбакодта æмæ йæ мæ разы æрлæууын кодта, стæй та йæ къухтæ хæрдмæ фæхъил сты, æмæ хъазт-чындзæхсæв райдыдта . Уый уыдис бароны чызг.

Æз банхъæлдтон, æмæ мын æй лæвар кæнынц куыд бинойнаг.

Тынг фæрæдыдтæн уымæй, æмæ чызгмæ бавнæлдтон. Уыцы лæг мыл фæтъæлланг ласта, фæстаг хатт ма йыл андзæвыдтæ, зæгъгæ.Уый фæстæ мын загъта:

– Абонæй фæстæмæ у дæ бæрныгонд, æмæ йыл искæй къух куы андзæва, уæд дæтдзынæ дзуапп, цы ехс дæм ис, уымæй. Æрмæстдæр бароны бон у чызгмæ бавналын.

Кæд тынг нæ бацин кодтон ме ‘ртæ лæварыл, уæддæр мæ цард аивта хуыздæрырдæм. Алцæмæй дæр нæ чъибиткæ уыд дзаг: хæринагæй, дзаумайæ, суанг ма дыууæ авджын дурыны диссæгтæй: сызгъæринтæ æмæ æндæр цыдæртæ, адæм кæй æрæмбырд кодтой, уыдонæй. Бароны бинонтæ сæ рахæсс-бахæсс фæкодтой, стæй сæ чъибиткæйы бафснайдтой. Мæ ног цард райдыдта чъибиткæйы. Мæ хуыссæн – уæле, бароны чызг та – бынæй. Уыцы бæстæйы фæцардыстæм фондз мæйы бæрц. Æмæ араст стæм хурыскæсæнмæ. Цас фæцыдыстæм, нæ зонын, фæлæ нæ, арæнтыл хизгæйæ, кодтой æрмæстдæр нымайгæ. Барон-иу цал загъта, уал-иу ауагътой. Мæ цардæй хъаст нæ кодтон, фæлæ мæ цигантæ мæстæй мардтой, ахæм уæззау кусæг лæг æнæ усæй цæры, зæгъгæ. Иу хатт æхсæвы куыддæрæй райхъал кодтон чызджы, æмæ мæ бароныл сардыдта. Райсомæй барон æрæмбырд кодта таборы адæмы æмæ сын бамбарын кодта: ацы лæг нын не ‘гъдау халы, æмæ йын стæрхон кæнæм. Иу зæронд ус размæ рацыд æмæ загъта:

– Ды йын æй нæ балæвар кодтай æмæ фæдзур лæвар кæнæгмæ.

Ууыл ахицæн æмбырд. Фæрсын райдыдтон, хорз кæй зонын, уыцы цигайнæгты, æмæ мын уыдон загътой, уыцы лæг куы ‘рбацæуа, уæд дæ амардзысты, зæгъгæ. Æз сæ бафарстон, уæдæ, зæгъын, куыд кæнон. Фылдæр мын дзырдтой:

– Алидз.

Æмæ ралыгъдтæн. Цас фæцыдаин, уый дæу цæмæн хъæуы, фæлæ далæ горæт Ростов кæй хонынц, уырдæм æрбахæццæ дæн. Базармæ бацыдтæн, исты хæринаг самал кæнон, зæгъгæ. Уым уыдис бирæ цигайнæгтæ æмæ дзы иу – хъæздыг арæзт дзаумайæ – мæ фæстæ рацу-бацу кодта. Æз уый нæ бамбæрстон, фæлæ хæринæгтæм кæй кæсын, уый куы базыдта, уæд мæм æрбацыдис æмæ мыл цинтæ кæнын райдыдта. Стæй мæ йемæ ахуыдта базары къуыммæ. Уым бадтысты цигантæ æмæ хордтой. Æрбадын мæ кодта уым æмæ мын мæ разы хæринæгтæй айдзаг кодтой. Хæрын нæма райдыдтон, афтæмæй мæ алыварс алæууыдысты иу авд-астæй. Цалынмæ хæрдмæ стадтæн, уæдмæ мæ бæндибæстытæ скодтой, æвæццæгæн, мæхæдæг цы рæхыстæ арæзтон, уыдонæй. Мæ хæринæгтæ мын батыхтой æмæ мæ сæвæрдтой, тарантац цы бричкæ хуыйны, уым. Уым мын мæ къухтæ суæгъд кодтой æмæ мын мæ хæринæгтæ мæ разы æрæвæрдтой. Иу мын дзы загъта:

– Хæргæ кæн, дард фæндагыл дæ бахъæудзæн цæуын.

Дыууæ-æртæ боны фæстæ бахæццæ стæм иу табормæ. Мæн рахизын кодтой тарантацæй æмæ мæ сбадын кодтой æндæры. Æмæ та фæцыдыстæм иу уыйас, раст кæуылты лыгъдтæн, ууылты. Цал тарантацы аивтон, мæгъа, фæлæ иу æхсæв бахæццæ стæм, кæцæй ралыгъдтæн, уыцы табормæ. Барон лæппутæн раарфæ кодта, мæнмæ ницы сдзырдта. Фæлæ мæ бакодтой, раздæр цы чъибиткæйы цардтæн, уым, фæлæ чъибиткæ уыд афтид. Райсомæй æрбацыд, мæлæтæй тас мын кæмæй уыд, уыцы лæг, æмæ барон æрæмбырд кодта табор. Мæнмæ бадзырдта æмæ мын загъта:

– Ды дæ маринаг, фæлæ мах ныр хъæугæ кæныс, кусыс дыууæ-æртæйы бæсты, æмæ дын хатыр кæнæм. Ныр цæрдзынæ бароны чызгимæ нæ, фæлæ æндæр сылгоймагимæ.

Хъæрæй загъта:

– Цæрут иумæ, æцæг уæ фæстæ сывæллон куыд нæ уа, афтæ.

Мæнæн дæр, стæй сылгоймагæн дæр загъта:

– Куыд загътон, афтæ кæнут.

Уыцы ран дзæвгар рæстæг фæцардыстæм. Куыстон бирæ æмæ мæ æппæлыдысты, цин кодтон, фæлæ мæ рæбыны ницы уыд. Мæн та хъуыд æхца, цæмæй нæхимæ афтид армæй ма ацæуон. Уыцы рæстæджы барон æмбырд кодта лæппуты. Тыхджындæр чи уыд, уыдоны, иннæ табортæй дæр. Ме ‘рдхорд цигайнаг мын сусæгæй загъта, æхца кусынмæ сæ кæй æрвиты. Æз баронмæ бацыдтæн æмæ мæхи ныффыссын кодтон. Уый уæд ахахх кодта æртæйы. Уыдыстæм дæсæй фылдæр, æмæ нæ сбадын кодта иу сæвджын чъибиткæйы. Хицау нын нæхицæй равзæрста, цалдæр æвзаджы хорз чи зыдта, ахæм. Барон йемæ бирæ фæныхæстæ кодта, стæй араст стæм. Иу ран стыр доны был фæлæууыдыстæм цалдæр боны. Стæй былмæ æрбацыд дынджыр, уæртæ мæзджыты бæрзæндæн нау, йæ фæздæг калгæ. Мах, æнæхъæн чъибиткæйы бадгæйæ, æд бæхтæ йæ хуылфмæ бахаудтам. Фæцыдыстæм къорд бонтæ, æмæ та нæ доны былмæ раргъæвтой. Нæ хицаугондмæ цыдæр шляпæджынтæ кæдæмдæр цæуыны тыххæй æрбацыдысты. Уый фæстæ дзы иу сбадт немæ разæй, æмæ цалдæр боны фæцыдыстæм хъæдты, цъымыраты, стæй иу гыццыл доны былгæрон æрбынат кодтам. Дыккаг бон нын иннæ шляпæджынтæ æрбаластой æнахуыр сасиртæ, мæнæ махмæйы кæфойы хуызæттæ. Æмæ ма – фæрæттæ æмæ дзæкъултæ, хæринаг. Иу дзы баззадис немæ. Уыцы лæг нын загъта:

– Мæгуыртæ-гæвзыктæ, фæлæ иу-цалдæр къуыримæ иууылдæр хъæздгуытæй агæпп ласдзыстут.

Куывд скæнын кодта, нæ фаг фæкафыдыстæм, фæзарыдыстæм. Райсомæй нæ акодта доны былмæ. Уым нын байуæрста, цыдæриддæр æрбаластам, уыцы дзаумæттæ, стæй нæ акодта, доны былгæрæттæ-былгæрæттæ цæугæйæ, уæлæмæ. Иучысыл куы ауадыстæм, уæд бел райста æмæ донмæ ныххызт. Иуцъус дзы куы ацархайдта, уæд махмæ дзуры:

– Федтат, уæ куыст цы уыдзæн, уый?

Дарддæр райста, белæй къаддæр чи уыд, ахæм къуырфдæр дзаума æмæ дзы донæй систа змисы змæст. Стæй йæ фæстæмæ ныккалдта. Афтæ бакодта къорд хатты. Фæстагмæ систа змæст æмæ йæ кæфойгонды ныккодта, доны йæ æрдæгмæ аныгъуылын кодта æмæ йæ ратил-батил кæнын райдыдта, йæ къухæй дæр-иу æй иуæй-иу хатт азмæста. Уæлæмæ нæм схызт æмæ нын, кæфойы цы змис баззадис, уый фенын кодта. Дарддæр нын бамбарын кодта, кæй кæм æрлæууын кæна, уым иу санчъех дæр иуварс ма ацæуæд, кæннод, дам, ам баззайдзыстут. Алкæй дæр нæ æрлæууын кодта хицæнæй.

– Кусын райдайут, æцæг кæрæдзимæ хъæр ма кæнут. Исчи уæм куы æрбацæуа, уæд йемæ ныхасы ма бацæут. Алчидæр уæ змис æмбырд кæнæд хицæнæй. Уымæн æмæ уæ мызд уыдзæн уымæй аразгæ.

Афтæ райдыдта нæ америкаг цард. Цалдæр мæйы фæстæ нын бамбарын кодтой, нæ куыст сæ зæрдæмæ нæ цæуы, зæгъгæ, æмæ, дам, уæ мызд уыдзæн æмбис къаддæр. Нæ хицау нын загъта, мæ бон уын ницы у, æмæ, дам, сбунт кæнæм. Сбунт кодтам: цалдæр боны нæ куыстам. Æмæ нæм уæд æрбацыд шляпæджынтæй иу æмæ нын загъта:

– Баныхас кодтам хицауадимæ, æмæ уын уæ бакуысты мыздмæ дæтты æхца æрмæст фæндаггаг ардыгæй уæхимæ.

Уыйадыл гæвзыккæй æрхæццæ стæм нæ табормæ. Нæ бакаст хорз уыд, æмæ иууылдæр æнхъæл уыдысты, дуне мулк сластам, зæгъгæ. Ме ‘мбал сылгоймаг дæр цин кодта, фæлæ мæ бафæрсын нæ уæндыд, цы лæвæрттæ йын сластон, уымæй. Иу бон мæм цигайнаг зæронд ус æрбацыд æмæ, дам, æри, дæ усæн цытæ æрбаластай, уыдон – æз æм сæ ратдзынæн, зæгъгæ, стæй, дам, мæхи лæвæрттæ дæр æри.

– Цавæр лæвæрттæ уæ хъæуы, куы ницы бакуыстам, уæд?!

Уый фæстæ мын сапон дæр нал лæвæрдтой мæхи æхсынмæ. Æз дæр ралыгъдтæн. Цыдтæн иу доны былтыл æмæ æнхъæл уыдтæн, æнæкæрон у, фæлæ ‘рбахæццæ дæн, кæм ныффæтæнтæ ис, уырдæм. Уый та разындис Сау денджыз. Сахары-иу хаттæн айхъуыстон уырыссаг ныхæстæ. Иу бон хæрæндонмæ бацыдтæн æмæ, мæ хæлафы даргъ фадыгæй æхца куыд истон, афтæ мæм дыууæ æнæдаст лæджы æрбацыдысты æмæ мæ фæрсынц:

– Ды цигайнаг дæ?

Æз сын загътон, кавказаг дæн, зæгъгæ. Мах дæр, дам, Кавказæй стæм, Батумæй. Фæбадтыстæм хæрæндоны æмæ мын сæ хъизæмæртты тыххæй бирæ фæдзырдтой, стæй мын загътой:

– Мах кусæм иу хъæздыг румынагмæ, цæмæй нын æхца бафида нæхимæ ацæуыны фаг. Кæд дæ фæнды, уæд махимæ рацу. Æртæ боны йеддæмæ нæ нал хъæуы кусын.

Хъæздыгæн арæзтой æнахуыр къултæ йæ уæрмæн, цæмæй йæ фæрстæй дон ма хъара мидæмæ. Ацыдтæн семæ. Змæнтын хъуыд ставд змис фæнычы хуызæн рыгимæ, æмæ уымæй кодтой къул. Се ‘ртæ боны куыст сын æз иу бонмæ сызмæстон. Уæд нæ румынаг æндæр лæгмæ акодта. Уымæ дæр уыд ахæм кусинаг. Цыппар бонмæ йæ фестæм. Цы ‘хца нæм æрæмбырд, уымæй нæхи адастам, балхæдтам ног дзаумæттæ суанг шляпæйы онг. Фæстагмæ цы лæгмæ куыстам, уый нын, футт-футт чи кодта, ахæм наумæ, теплоход æй хуыдтой, балхæдта билеттæ суанг Батуммæ.

Уым нæ æртæйы дæр пъæлицæйæгтæ акодтой сæ кусæн бынатмæ. Уым ме ‘мбæлттæм сæ къамтæ æвдисынц æмæ сæ аластой кæдæмдæр. Мæн баппæрстой иу агъуысты. Разынд дзы алыхуызон адæм, цигайнæгтæ дæр. Цалдæр боны фæстæ цигайнæгты сæ барон акодта. Уыдоны ацыды фæстæ æртæ боны рауад, æмæ мæм пъæлицæйаг иу лæджы æрбакодта æмæ йæ фæрсы сæхи æвзагыл. Уый йæ сæр разыйы тылд кæны, æмæ йæ пъæлицæйаг ауагъта. Сахаты фæстæ фæзындысты иу-цыппар-фондз æнæдаст лæджы, семæ уыд, уырдыгæй цигайнæгты чи акодта, уыцы барон дæр. Уый сын загъта, æз Батуммæ Румынæй кæй æрбацыдтæн. Уыцы лæгтæ бацин кодтой æмæ мæ уырдыгæй федде кодтой. Иу хъæумæ мæ аластой, табор кæм лæууыд, ахæм быдырмæ. Дыккаг бон мæ сæвæрдтой чъибиткæйы æмæ мæ æндæр таборы балæууын кодтой. Иу ныхасæй, мæнæ мæ фыццаг хатт куыд бахæццæ кодтой, афтæ та ныр дæр мæ зонгæ таборы балæууыдтæн. Бацин мыл кодтой, афтæ дзæбæх арæзтæй мæ куы федтой, уæд. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста. Фæзындис мæ хæрзгæнæг, лæвæрттæ мын чи кодта, уый. Æмæ мын адæмы раз загъта:

– Ды уыдтæ цыппар-фондз лæджы аргъ куысты мидæг, фæлæ хорздзинад кæй не ‘взарыс, уый тыххæй амæй фæстæмæ уыдзынæ æрдæг лæг, уый дæр фондз бонмæ.

Бадзырдта баронмæ æмæ йын бирæ цыдæртæ фæдзырдта. Барон ацыд, æмæ мын цы чъибиткæ балæвар кодта, уый баластой, цы чъибиткæйы цардтæн, уырдæм.

Уыцы лæг мын загъта:

– Дæ лæвар чъибиткæйы ма цæрдзынæ фондз боны.

Стæй фæдзырдта, мемæ иу цатыры чи куыста, уыдонмæ æмæ сын загъта:

– Суд ахицæн, æмæ æххæст кæнут нæ тæрхон.

Чъибиткæ уыд цæттæ, æмæ мæ ме ‘мбæлттæ систой хæрдмæ æнцонæй. Иннæ чъибиткæйæ сæм дзæбугтæ æмæ сырх-сырхид æфсæйнæгтæ слæвæрдтой æмæ мæ мæ дыууæ цонг æмæ мæ дыууæ къахæй уым байтыгътой. Куыд дын æй бамбарын кæнон, мæ уавæр цавæр уыдис, уый. Фондз боны афтæ ауыгъдæй фæдæн. Зылдис мæм, мæ ус кæй хуыдтон, уый. Фондз боны фæстæ мæ райстой уыцы ранæй, æмæ дын уый дзуапп дæ фарстæн: «Дæ цонг цæуылнæ кусы?».

Сырхзынг æфсæйнаг кæм бахъыгдæрдта, ахæм ран мæ уыцы лæг ныххойын кодта, ома, дам, дзы æрдæг лæг рауайа. Уый фæстæ та мæ уыцы лæг радта æндæр табормæ, амæн, дам, йæ цонг бахус кодтам, æмæ, дам, æй аласут уемæ Турчы бæстæм, пысылмон кæй у, уый тыххæй. Турчы мын бынæттон таборы барон загъта:

– Кусыны лæг нæ дæ æмæ ацу дæ дард хæдзармæ, мах уырдæм тагъд нæ бахæццæ уыдзыстæм. Æз рараст дæн хъæмæ, афæдзы бæрц фæцыдтæн, фæлæ уый у ацы радзырдæй диссагдæр, æмæ абон дзырд нæ фæуыдзынæн. Æндæр хатмæ банхъæлмæ кæс.

Мæнæй ма рох дæр фæцис, фæлæ мæм, уалдзæджы бæлæстæ дидинæг калын куы райдыдтой, уæд фæдзырдта æмæ мæ раздæр ахуыдта Петкæйы цæхæрадонмæ. Уым мæ схизын кодта, рагуалдзæджы чылауийыл къалиу кæуыл баныхæстам, уымæ. Къалиуыл мæ бахизын кодта æмæ йæ бастыл фæхæцыд, мæн та бынмæ æрхизын кодта. Æз æргæпп ластон. Уый уæдмæ йæ дæндæгтæй фæхицæн кодта хæцъилæн йæ кæрон æмæ мæм дзуры:

– Райхал хæцъил кæрæй-кæронмæ.

Æз хæцъил куы райхæлдтон, уæд басты бын разындис тымбыл, уый уыдис дыууæ къалиуы кæм баиу кодтам, уыцы бынат. Стæй мæ Гыдто фæстæмæ схизын кодта, æмæ йæм къалиутæ мæ уæзæй тасын кодтон. Уый сын сæ дидинджытæ тыдта, кæмæй æмбис, кæмæй æппындæр нæ. Уæд, дам, чылауитæ уыдзысты стырдæр æмæ адджындæр.

Афтæ фæархайдтам æппæт бæлæстимæ дæр, пырсип кæуыл скодтам, уыдонимæ. Уыцы бонты мын цытæ фæдзырдта, уыдон иууылдæр нæй ныффыссæн, фæлæ дзы уæддæр фыссын цыдæртæ.

Гыдто мын райдыдта йæ дарддæры хæтæнты тыххæй ахæм цауæй:

– Турчы циганты таборы кой дын кодтон, æмæ мæ иу бон, цæугæйæ, иу ракъахта, æмæ сын схъæр кодтон, ирон кæй дæн, уый. Уыйадыл мæ тæрынвæнд скодта æмæ мын загъта:

– Ацу дæ хæдзармæ.

Æз ма таборы фæстиæттæ кодтон, фæлæ мын уый загъта:

– Кæд дæ фæнды, уæ дæ æз аласдзынæн иу ранмæ, ирæттæ кæм ис, уырдæм.

Æз сразы дæн, æмæ мæ уый фæласта суткæйы бæрц иу хъæумæ. Уыдис дзы тъæпæнсæр хæдзæрттæ. Сæ уæлæ хæмпæл зад. Цалдæр хæдзармæ мæ баласта, фæлæ дзы иуы дæр ничи разындис. Стæй мæ быдырмæ аласта, уым уыдис сæнæфсиртæ сагъд. Ссардта иу зонгæ лæджы æмæ йемæ бирæ фæныхас кодта, федтон æхца дæтгæ, йæ роны йын сæ атъыста. Барон мын загъта:

– Ам æнцад бад, – æмæ уыцы лæджы кæдæмдæр аласта.

Бадын къудзийы рæбын, æмæ мæм иу сылгоймаг хæстæг æрбацыдис, фæлæ мæм ницы дзуры, къухæй мын цыдæртæ амыдта. Бамбæрстон, кæдæмдæр мæ кæй кæны, уый, æмæ йæ разæй араст дæн. Тигъмæ бахæццæ стæм. Кæцырдæм цæуон дарддæр, уый нæ зыдтон æмæ йæм цигайнагау сдзырдтон. Уый фæстæмæ лидзынмæ фæцис. Æз йæ фæстæ тæхын æмæ йæм хъæр кæнын иронау:

– Фæлæуу-ма, кæдæм лидзыс?

Уый æвиппайды фæлæууыд æмæ мæм æрбазгъордта, йæхи мыл æрбаппæрста, цинтæ кæнгæ, ирон дæ, ирон дæ, зæгъгæ, афтæмæй.

Æз нæма бамбæрстон хабар, афтæмæй уый зæххыл атылд æмæ йæхи хойын райдыдта. Тыххæйты йæ слæууын кодтон æмæ йын йæ къухтыл ныххæцыдтæн. Афтæмæй йæ мæ разæй фæкодтон, ды разæй цу, зæгъгæ. Бацыдыстæм иу кæртмæ, æмæ мæ аууоны æрбадын кодта.

Ам бад, макуыдæм ацу, зæгъгæ, мын бафæдзæхста, йæхæдæг цыдæр фæцис. Изæры, барон мæ цы лæгмæ баласта, уый æрбацыд, йемæ сылгоймаг бирæ сывæллæттимæ. Йæ фыццаг фарст уыдис:

– Ирон дæ? Кæцæй дæ, кæмæй дæ?

Дзуапп ын куы радтон, уæд мын афтæ:

– Кæд ирон дæ, уæд цигайнагау цæмæн дзурыс?

Æз дæр ын загътон:

– Æмæ сымах туркагау цæмæн дзурут?

Уый бахъуыр-хъуыр кодта æмæ загъта:

– Цæмæн мæ хъуыдысты ацы капеччытæ, мæхицæн сæрниз цæмæн скодтон, мæнæ мыл цигайнаджы сайд куыд æрцыд!

Уыцы изæр мæм не сдзырдта. Бахæрын мын кодта, хуыссæн мын бакодтой, сæ хæдзарæй уыд дæлбазыргонд, æмæ уым. Æхсæвы мæм сæ хæрæг æрбавнæлдта æмæ мын мæ хæлафы фадыг феууылдта. Райсомæй йæ фæрахаф-бахаф кодтон æмæ йæ афтæмæй скодтон. Бахæрын мын кодтой, æмæ ацыдтæн быдырмæ кусынмæ. Хæдзары хицау Ахмæт мæ бафарста, цы куыстмæ рæвдздæр дæ, зæгъгæ.

Æз ын загътон:

– Мин таборы мæнæй хуыздæр стыр дзæбугимæ ничи архайдта, æмæ мын мæ къух баронты бароны судмæ гæсгæ бахус кодтой, куыд æй уыныс, афтæ. Ныр та алы куыстмæ дæр мæ ныфс хæссын.

– Кæд афтæ у, уæд ма дæлæ уыцы сæнæфсиры къалиу бабæтт, дæргъмæ цы бæндæн цæуы, ууыл.

Æз систон дыууæ цыбыр бæндæны къоппæй æмæ сæ мæ роны атъыстон. Систон къалиу æмæ йæ мæ уæрагмæ бæндæнмæ балхъывтон, цыбыр бæндæн ыл æрбавæрдтон æмæ йын йæ иу кæрон, дæндагæй хæцгæйæ, иннæ кæрон къухæй æрæлхынцъ кодтон. Иннæ гыццыл бæндæн бабастон дæлдæр.

Ахмæт ныххудт æмæ мын, ме уæхск æрхойгæйæ, загъта:

– Мæн ахæм бинойнаг хъуыд.

Æз æй нæ бамбæрстон, фæлæ бон изæрмæ фæкуыстон. Изæрæй мæхи ныхсадтон. Ламазы фæстæ мæм Ахмæт бадзырдта. Бадт цыдæр æнахуыр стъолы раз, йæ разы дыууæ стыр тæбæгъы дзидзайы хæйттимæ. Ахмæт мæм дзуры:

– Кæд, ацы тæбæгъы цы ис, уыдон бахæрай, уæд дæ уадзын ам, кæд – нæ, уæд афардæг у, æз уыцы лæгæн ратдзынæн йе ‘хца фæстæмæ.

Æххормаг лæгæн къусы дзаг цы бахæрын хъуыд. Иу ныхасæй, ныууыгъта мæ, стæй мын загъта:

– Куыд хæрыс, афтæ куы кусай, уæд, чи зоны, æмæ дын цæуыны фаг æхца æрæмбырд кæндзынæн. Æцæг мæ ныр æхца ма агур.

Бацин кодтон, фæлæ кусынмæ куы ацыдыстæм, уæд иу лæг æрбацæйцыд нæ рæзты, стæй та – фæстæмæ. Бирæ фæлæууыд кæронæй, стæй Ахмæтмæ бадзырдта æмæ йын бирæ цыдæртæ фæдзырдта зæхмæ амонгæйæ. Ахмæт йæ къухтæ тылдта, фæлæ йæм ницы дзырдта.

Бон ахицæн. Изæры тигъмæ бадтæн, æмæ мæм Ахмæт фæдзырдта йæ агъуыстмæ. Æрбадын мæ кодта, æмæ мæ цард уыцы минутæй фæстæмæ афæлдæхт бынтондæр, суанг ма, æнæкъух кæй дæн, уый дæр ферох кодтон. Ахмæт мын, сабыргай дзургæйæ, бамбарын кодта, абоны лæг ын цытæ дзырдта, уыдон. Уый йын радзырдта:

– Ахмæт, дæ уазæг иу бон дæ чызджы фæндагыл адæмы раз йæ быны куы скодта, хорз æмæ ма йæ бынæй тыххæй алыгъд, уæд æй дысон дæ фарсмæ куыд æрбадын кодтай?

Ахмæт мын загъта:

– Ам бад, цалынмæ æз æрбацæуон, уæдмæ.

Æмбисæхсæв æрбацыд æмæ мын бамбарын кодта, цæмæй, дам, ма фæхудинаг уон, уый тыххæй хъуамæ мæ чызгимæ бацæрай.

Къуырийы фæстæ, дам, иумæ цæрын райдайдзыстут, æмæ цæрдзынæ, цалынмæ уын лæппу райгуыра, уæдмæ.

Æз схъуыр-хъуыр кодтон:

– Афтæ куы загътай, фæндаггаг мын ратдзынæ, уæд уый куыд у?

– Æмæ мах ам минтæй куы цæрæм, уæд дæуæн цы уыдзæн? Къуыри дын дæттын, æмæ кæд дæхи дасыс, уæд дæ бар ис. Райсом та дын дæ хæлаф аивдзыстæм.

Æз райдыдтон хъуыдытæ кæнын фæлидзыны тыххæй. Цалдæр æхсæвы-иу сыстадтæн, фæлæ та-иу кæрты сылгоймæгтæй исчи разынд. Чи-иу йæхи гæрстæ æхсæг скодта, чи та фыс æлвынæг. Иу æхсæв афтæ дæр бакодтон: сыстадтæн æмæ сабыргай рацыдтæн кæртмæ, рахизæны та сылгоймаг архайдта хæсгардимæ фысы уæлхъус. Æз ын йæ къухæй хæсгард райстон, фенон æй цыргъæй, зæгъгæ, æмæ дзы фысы сæрæй иу чъепп фæкодтон. Радтон хæсгард, хорз цыргъ у, зæгъгæ. Райсомæй уыцы фысы федтон æнæ ‘лвыдæй. Уæд мæ ныфс нал бахастон лидзынмæ. Къуырийы фæстæ Ахмæт æрæмбырд кодта сыхаг лæгты æмæ хорз фæбадтысты. Чи мæ бабын кодта, уыцы лæг дæр уыдис уым. Мæн та сын уырдыглæууæг скодта, абонæй фæстæмæ мæ сиахс у, зæгъгæ.

– Стæй дæ ныр кусын хъæудзæн дыууæйы бæсты, дæ ирæды аргъ бакусынæн. Мыздмæ ма æнхъæлмæ кæс, цалынмæ мын бындар фенын кæнай, уæдмæ.

Цæрынтæ байдыдтон, мæнæ мæм æппæты разæй цы сылгоймаджы рарвыста, нæхимæ йæ ракæн, зæгъгæ, уыимæ. Æцæг мæ уæгъд рæстæг зылдтæн хъæугæрæтты, кæрдæджытæ агургæ. Æрхъуыды кодтон мæ раздæры цард цигантимæ, зæронд цигайнаг усы ныхæстæ. Уый мын тынг зæрдиагæй амыдта алцытæ. Иу хатт мын загъта: дæ бынмæ цы чызг хуыссы (цатыры), уый дæ хуыссын нæ бауадздзæн, æмæ уын цæмæй цот ма уа, уый тыххæй пайда кæн кæрдæджытæй. Фенын мын кодта цалдæр кæрдæджы, æмæ, дам, уыдонæй пайда кæн, кæд дæ мæлын нæ фæнды, уæд. Ома нын баронты хицау афтæ загъта:

– Цот уын куы фæзына, уæд уæ мæлæт.

Хъæуы алыварс разынд ахæм кæрдæджытæ. Цардыстæм иннæты хуызæн, фæлæ афæдз нæма рацыд, афтæ Ахмæт мæсты кæнын райдыдта æмæ мын загъта:

– Къуырийы фæстæ дын усæн уыдзæн мæ кæстæр чызг.

Уыимæ дæр фæцардтæн цасдæр, æмæ дын цы кæнон дæргъвæтин ныхæстæ. Ахмæтмæ-иу исты куы сдзырдтон, уæд мыл-иу йæхи сцагъта:

– Уæдæ ма цæй пысылмон дæ?!

Уый йæ цæмæй зыдта, ам мын цас цот ис, уыдæттæ. Афтæ мæ бадомдта, цæмæй йæ чызджытæй искæмæн бындар фæзына. Фæцардтæн цыппаримæ дæр, фæлæ никуы æмæ ницы. Йæ кæстæр чызгимæ фæцардтæн æртæ азы. Кæрдæджытæ сæ куыст кодтой. Дарддæр цы уыдзæн, уый не ‘мбæрстон. Сæнæфсир цæхæрадæттæ кæй уыдысты, уый иу райсом æрбацыд æмæ мæ йæ фарсмæ сæвæрдта уæрдоны, дæлæ дæ фыды бидаркæйы хуызæн, æмæ фæцыдыстæм дыууæ боны. Кæдæм бахæццæ стæм, уым уыдис сæнæфсиры быдыртæ. Уый фæныхас кодта цыдæр лæгимæ, стæй мæм бадзырдтæ ахæм ныхæстимæ:

– Ам дæ уадзын, æмæ мæ сæнæфсиртæм куыд зылдтæ, афтæ куы зилай, уæд æхцайы ленк кæндзынæ.

Уæд ын æз загътон:

– Дæ бон мын кæд баххуыс кæнын у, уæд мæ уыцы доны фале фæкæн.

Уый мын загъта:

– Ды уыцы доны фале куы фæуай, уæд Кавказы балæудзынæ. Мæнæн та Ахмæт афтæ нæ загъта.

Уыд зымæгмæ хæстæг, æмæ мæ кæй бар бакодта, уыцы лæг цин кодта, мæн, дам, ахæм лæг куы хъуыд рагæй дæр, къухæй дзæбæх чи арæхсы, зæгъгæ. Чи мæ баласта, уый мæ феппæлыд. Ай, дам, иу къухæй дæр фондз лæджы бæрц кусы, зæгъгæ. Цин кодта: йæ зæххытæ йын ссæдз бонмæ бацæттæ кодтон зымæгмæ, афтæмæй йæм йæ сыхаг æрбацыдис. Бирæ йын фæлæгъстæ кодта, мæ хуыммæ дæр æй рауадз, цы улупа дзы дарыс, уый дæр ын æз бафиддзынæн, зæгъгæ, фæлæ уый не сразы. Уæд мын мæ ног хицау загъта:

– Ахсæв дæм исчи куы æрбацæуа, уæд дуар макæмæн бакæн: уыдон вæййынц къæрныхтæ, æмæ дæм бирæ æхца ис, зæгъгæ, стъигъынмæ æрбацæудзысты.

Æцæгдæр, æхсæвы дыууæ хатты дуар æрбахостæуыд. Райсомæй мæм хицау æрбацыд æмæ мæ цыппарцалхоны гуыффæйы, дыууæ быны кæмæн уыд, уым дыууæ быны æхсæн бахуыссын кодтой. Уæле та сæвгæдтой сæнæфсиры чыргъæдтæ, æмæ араст стæм кæдæмдæр. Изæры цыдæр хидмæ бахæццæ стæм, æмæ нæ хидыл нал уагътой, æрæгмæ у, зæгъгæ. Мæ хицау семæ фæныхæстæ кодта, æмæ нæ ауагътой. Райсомæй уыдыстæм хидæн йæ иннæ фарс. Бацыдыстæм цыдæр базармæ, æмæ уым равдæлон кодтой чыргъæдтæ. Байгом кодтой дыккаг бын, æмæ æз дæр зæхмæ æрхызтæн. Мæ хицау уымы хицауæн загъта: мæнæ дæм æвæрын мæ чыргъæдтæ, уæй сæ кæндзæн мæнæ ацы лæг. Мæнæн та загъта:

– Хорз лæг дæ, фæлæ дæ ардыгæй уалдзæгмæ куыд дарон нæхимæ?! Мæнæ дын дæ фæллой, æмæ сæ ауæй кæн æхцайыл фæндаггагæн. Ницы хъаст дæ кæнын, фæлæ дæ хиды ацырдыгæй фæкодтон, цæмæй дын уæхимæ æнцондæр цæуæн уа.

Уыдон ацыдысты фæстæмæ. Базары хицау мæ фæрсы мæ гæххæттытæй, чи дæн, кæцæй дæн, уыдæттæй. Æмæ йын цы загътаин?

Уæй кæнын нæ зыдтон, æмæ мæм æрбакодта иу цыдæр мæллæг лæппуйы, æмæ уый цыдæртæ хъæр кæнын райдыдта. Уый фæстæ чыргъæдгай райдыдта уæй кæнын. Гыццыл-иу чи æлхæдта, уымæн дæр-иу чыргъæд балхæнын кодта. Æмбис уæй фестæм, æмæ мæ роны æхцатæ бæрæг дарын байдыдтой, афтæ æртæ пъагонджыны мæ фарсмæ алæууыдысты æмæ мæ семæ акодтой. Бирæ мæ фæрафæрс-бафæрс кодтой, зыбыты бæгънæг мæ скодтой, кæд ма йæм мидæгæй искуы æхца ис, зæгъгæ. Мæ дзаумæттæ куы скодтон, уæд мæм æрбакодтой иу пъагонджыны, уыдонæй, дæлдæр чи уыд, ахæм æмæ йын загътой:

– Акæн æй, кæцæй йæ ракодтай, уырдæм, æмæ уæй кæнæд йæ чыргъæдтæ.

Ракодта мæ уынгмæ, æмæ æнæнхъæлæджы мæ дзыхæй цæмæ схаудта, æнæрай фæут, цы мæ ракæн-бакæн кæнут, зæгъгæ.

Пъагонджын мæм æрбалæбурдта æмæ мæ ратил-батил кæны: исты ма зæгъ, исты ма зæгъ, зæгъгæ, мæ баййардта. Æз ын фæкодтон, цы дын зæгъон, зæгъгæ. Уый та мæм фæлæбурдта, æмæ цæуджытæ æрæмбырд сты, ома пъагонджынæн аххуыс кæнæм. Уый ныххудт æмæ сæм дзуры:

– Ирон у, мæ бæстаг.

Адæм фæхæлиу сты. Уый мæ фæрсы, кæцæй дæ ракодтой, уый мын бацамон, зæгъгæ, æмæ рæвдз цом.

Бæргæ рæвдз бахæццæ стæм, фæлæ афтид къуым баййæфтам: уæйгæнæг дæр, чыргъæдтæ дæр – нал. Ссардта базары хицауы, æмæ йын уый радзырдта: уæйгæнæг, дам, æхца мæнмæ лæвæрдта, æмæ йæ æз арвыстон, мæнæ ацы лæджы ацу æмæ балхæн, зæгъгæ. Ууыл та гæвзыккæй агæпп кодтон.

Æбадтыстæм уым æмæ бирæ фæныхæстæ кодтам. Уымæ диссаг каст, æз дзургæ-дзурын иуæй-иу ныхæстæ цигайнагау куы дзырдтон, уый. Куы базыдта, æнæ капекк дæн, уæд мæ хæрæндонмæ акодта. Стæй базармæ бацыдыстæм, æмæ хицауы фæрсы, чи мæ баласта базармæ, уымæй. Уый йын загъта:

– Иу ирон иннæ былæй, цигантимæ баст чи у, ахæм, йæ цæрæнбынат ын нæ зонын. Кæд ма сæнæфсиртæ ацы аз æрбаласа, уæд ын фехъусын кæндзынæн, рох мæ не стут.

Уæд пъагонджын ирон базары хицауæн загъта:

– Дæ хорзæхæй, ацы лæджы хъæуы, ахсæв кæм арвита, ахæм бынат. Кæд дæ бон у, уæд мын мæ курдиат сæххæст кæн.

Уый йæ къухтæ хæрдмæ фæкодта æмæ загъта:

– Дæ курдиат мæнæн æххæст кæнинаг у æмæ уыдзæн æххæст.

Ирон ацыдис, æмæ изæры базары хицау мæн æрбахуыдта иу уатмæ. Стъолыл – цыдæр хæринæгтæ. Дуæрттæ, рудзгуытæ сæхгæдта æмæ сæхимæ ацыдис. Æз бахордтон æмæ æхсæв-бонмæ фæхъуыды кодтон мæ цардыл, уæлдайдæр та – мæ цигайнаг цардыл. Райсомæй мæм æрбацыд ирон пъæлицæйаг, æцæг æй нал базыдтон: уыдис мæнæй мæгуырдæр дзаумæтты. Æцæг ыл уыдис нымæт худы хуызæн шляпæ. Акодта мæ иу цалдæр километры, æмæ, дам, ам цæрæм цыппар ирон хæдзарæй, зæгъгæ. Изæры мæ акодта æндæр ирон хæдзармæ, ома хæдзар, зæгъгæ. Уартæ нæ хæдзар уый раз галуаны хуызæн зынид, ахæм ныллæг уыд. Бинонтæ сæхæдæг дзæвгар, æмæ ма мæн дæр семæ ныууагъта. Нæлгоймаг хистæр мæм ницы дзырдта, фæлæ мæ зæронд ус фæрстыты бын фæкодта. Мæ мыггаг ын куы загътон, уæд йæ къух ауыгъта æмæ загъта:

– Сымах мыггаджы мах мыггаджы хуызæттæ нæ уыд, фæлæ ды ардæм кæцæй æрбафтыдтæ?

Цы йын загътаин?! Цыдæртæ йын фæдзырдтон, фæлæ мын уый мæ иу ныхасыл дæр нæ баууæндыд. Иу къухæй, дам, сæнæфсиры куыст куыд кодтай? Стæй, дам, дын цот та куыд нæ рацыд, кæд дын уал бинойнаджы уыд, уæд?

Дис кодта ууыл дæр: цавæр ирон, дам, дæ ам йæхицæн æххуырст скодта?

Æз сын бамбарын кодтон:

– Уый хорз лæг уыдис, фæлæ йæм æхца нæ уыд æмæ мын сæнæфсир рарвыста мемæ, дыууæ бæхы цас фæрæзтой, уыйбæрц чыргъæдты. Дарддæр хабар зоны, ардæм мæ чи æрбакодта, уый æмæ йæ фæрсут. Мæн та хъæуы нæхимæ цæуын æмæ æххуырсты дæр цæуын, цыфæндыйæ дæр ацæудзынæн.

Уыцы ныхæстæ куы загътон зæронд усæн, уæд мæм нæлгоймаг разылд æмæ мын загъта:

– Кæд, дæ къæбутыл цы гæлæбу ис, уый уыныс, уæд Кавказы хæхтæ дæр фендзынæ. Арæнтæм кæд бахæццæ уай, уæд ма дæм дзы кæд исты разына сæ цъуппытæй, æндæр арæнтыл хизыны кой мауал скæн. Фæлтау дæхи цигайнаг схон, æмæ ма кæд уыдонимæ ацæуай.

Мæнæн мæ хуыз фæлыгъд уыцы ныхæстæм, æмæ мæм сылгоймаг дзуры:

– Цæмæн дæм фæкастысты нæ лæппуйы ныхæстæ хъыг, уый цал азы тох кæны æмæ йæ нæ уадзынц, дæу та чи ауадздзæн?

Цы йын хъуамæ загътаин. Бирæ бинонтæ уыдысты æмæ тарстысты, ома сæ æз та ма кæцырдыгæй хъуыдтæн. Уый сын бамбарын кодтон, æмæ пъагонджынмæ фæхабар кодтой.

Уый æрбацыд æмæ мæ бафарста:

– Цы куыст кæнын у дæ бон?

Æз ын загътон:

– Алцы куыст дæр.

– Уæдæ дæ æртæ боны фæстæ акæндзынæн æндæр ранмæ. Кæнæ ам цæр æнæ кусгæйæ, æз уæ хæринаг хъуаг нæ ныууадздзынæн.

Æртæ боны фæстæ æрбацыд иу лæгимæ афицеры дарæсы, уый иронау нæ дзырдта. Фæлæ уыдис цыдæр стыр хицау æмæ мæ цалдæр боны фæстæ аласта æндæр хъæумæ. Кæд сахар уыд, уæддæр æй нæ базыдтон. Хъæумæ хæстæг – иу хæдзар, мæнæ махмæйы хуызæн, стыр кæрты рæбын. Кæрт уыд сындз телæй æхгæд. Афицер, чи мæ æрбаласта, уый загъта уымы афицерæн:

– Мæнæ дын «вечный охранник». Цæрдзæн ам. Йæ усы йын райсом æрбаласдзысты. Хæринаг хъуаг сæ ма уадз.

“Охранник” хъахъхъæнæг кæй амоны, уый бамбæрстон, фæлæ усы хабар нæ бамбæрстон. Мæ дыууæ усы сты Кавказы, æмæ мын дзы кæцыйы æрбаласдзыстут, зæгъгæ, сæ бафарстон. Уый мын загъта:

– Тасолтан дын æрбарвитдзæн.

Тасолтан-номæй рахуыдта, мæнæ фæстагмæ цы бинонтæм уыдтæн, уыдоны лæджы.

Фыццаг машинæйы афардæг ис, æз иннæ афицеримæ баззадтæн. Уый разил-базил акæны æмæ мын ме уæхск æрхойы, молодец, молодец кæнгæ. Цыдæр къоппытæ систа æмæ дзы сæ мидæг цы уыд, уыдон æфсæйнаг тæбæгъы æрæвæрдта цъупдзагæй. Стæй дзæкъултæй систа цыдæр тæнæг, дæлæ мæ мад хæнкъæлтæ цæмæй фæкæны, ахæмтæ, гыццыл тыппырдæртæ. Бахордтам сæ, уыдысты дзидзайы фыхтæ дуне цæйдæртимæ. Стæй та цымдтам цай цыдæр кæрдæгæй. Фæбадтыстæм, цалынмæ талынг кæнын нæ райдыдта, уæдмæ. Талынг кæнын куы райдыдта, уæд мæ ракодта æддæмæ. Йæ къухы суджы æхсидавтæ. Иу дзы мигæнæны атылдта æмæ йæ ссыгъта. Дуарыл уæлейы ауыгъд уыдис фæтæгены цырагъ, фанар дæр æй хонынц, ахæм, æмæ йæ æхсидавæй ссыгъта. Ацыдыстæм æхгæд къуыммæ, æмæ та уым дæр бæрзонд хъилыл ауыгъд цырагъ ссыгъта. Афтæ цыппар къуымы дæр. Агъуысты мын радзырдта:

– Уыцы цырæгътæ куы судзой, уæд сæм хæстæг чи бацæуа, уый маргæ у. Ахæм у нæ закъон.

Фæамыдта мын, мæ куыст цы уыдзæн, уыдæттæ. Æз, дам, сымах уадздзынæн ам бон, æхсæв та уыдзынæн уемæ. Сымах цæрдзыстут бинонтæй, æз уæ ницы хъыгдардзынæн. Хицау уын скæндзæн гæххæттытæ, куыд бинонтæ стут. Афтæ уый баныхас кодта Тасолтанимæ.

Æз ын цы зыдтон, цæуыл баныхас кодтой æнæ мæн. Дыккаг бон æрбацыдысты пъагонджын ирон, Тасолтан æмæ йæ чызг. Тасолтан мæм бадзырдта æмæ мын загъта:

– Нæ мады зæрдæмæ фæцыдтæ куыд æмбаргæ адæймаг. Æмæ Кавказмæ нал ацæудзынæ, фæлæ дын мæнæ нæ лæппуйы руаджы дæ мæлæты бонмæ ам хæдзар. Нæ мады номæй та дын мæнæ чызг.

Æз æй бафарстон, ацы пъагонджын чи у æмæ мын цæмæн æххуыс кæны, зæгъгæ.

Уый мын загъта:

– Уый у мæ лæппу. Ацы чызг та – йæ хо. Æххуыс та дын уымæн кæны, æмæ ам мах гыццыл стæм æмæ, кæрæдзийæн куы не ‘ххуыс кæнæм, уæд уый у не сæфт. Ды та цæрдзынæ паддзахы хæдзары, æмæ дын мызд дæр хорз фиддзысты. Афтæ мын инæлар загъта, уый уын чызгимæ гæххæттытæ дæр скæндзæнис. Дæхи фæзминагæй равдис. Махæй дæр рох нæ уыдзынæ.

Афтæ райдыдтам уыцы хæдзары цæрын. Иу хатт мæ афицер (лейтенант, дам, мæ хон) йемæ кæртмæ рахуыдта. Уым дæгъæлæй байгом кодта æнахуыр дуар, дæлæ уæ уæрмы дуары хуызæн, хæрдмæ йæ схъил кодта. Бынмæ ныххызтыстæм, æмæ ма уым цалдæр раны хъилы руаджы байгом кодта царгонды дуæрттæ, цæмæй рухс ма уа, уый тыххæй. Уым уыдис асыччытæ, къоппытæ, голджытæ, стæй стыр агæй конд мигæнæнтæ. Голджыты размæ бацыд æмæ йæ сæр тилын байдыдта. Цы кодтай, зæгъгæ, йæ куы бафарстон, уæд мын, зæхмæ ацамонгæйæ, уымæл змис равдыста. Уыцы голджыты та уыдис топпыхос. Хус ран змис алæгъз кодтам æмæ голджытæ уырдæм хæссын райдыдта. Мæн хæстæг нæ уагъта, ома, иу къухæй цытæ кæндзынæ, зæгъгæ. Æз æм нæ байхъуыстон. Уый цалынмæ иу голлаг хаста, уæдмæ-иу æз дыууæ ахастон. Стæй йын загътон:

– Ды сæ амайгæ кæн, æз та – хæсгæ.

Афтæ сæ бафснайдтам хус ран. Дарддæр æрзылдыстæм æппæт лæгæттыл дæр, фæлæ алы ран дæр хорзыл банымадта. Хæдзары бирæ цыдæртæ фæфыста иу бæзджын чиныггонды. Афтæ зылдыстæм алы бон дæр уæрмытыл. Уыцы стыр кæрты та уыд бирæ уæрмытæ. Хæринаг зестæй конд къоппыты мидæг (консервтæ сæ хуыдта). Мæ бинойнаг разынд дæсны хæринаггæнæг æмæ нын кодта бон дыууæ хатты тæвд хæринæгтæ. Иу хатт нæм æрбацыдысты дыууæ афицеры æмæ нæхионимæ фæзылдысты. Уыдон сæхи чингуыты цыдæртæ фыстой. Куы цыдысты, уæд уыдон дæр стъолыл бæзджын тетрады фæфыстой дуне цыдæртæ. Куы ацыдысты, уæд мæ хицау уыцы чиныг райста æмæ мын загъта:

– Дæ мызд-улупа дын кодтой. Стæй, дам, мæнæ чызгæн дæр хъæуы фидын, хæринагæй уæ кæй æфсады, уый тыххæй.

Афтæ бонтæ цыдысты. Иуахæмы æрбацыд, инæлар кæй хуыдтой, уый бирæ æнахуыр бричкæтимæ. Уыдысты иугай бæхтимæ, сæ гуыффæтæ чъибиткæты хуызæн бæзджын кæттагæй. Иу дзы уыд æндæрхуызон, стæй дыууæ бæхимæ. Мæ хицау инæлармæ бæзджын чиныг дæтты, уый йæм дзæвгар фæракæс-бакæс кодта. Цыдæртæ ма дзы фысгæ дæр ракодта. Хицауимæ бирæ фæныхæстæ кодта, стæй мæнмæ бадзырдта æмæ мын загъта:

– Цу-ма, уæртæ уыцы бæхты сифтындз тарантацы.

Æз бацыдтæн æмæ дыууæ бæхы аивтыгътон тарантацы, цигантæм куыд кодтон, афтæ. Уый ницы дзырдта. Фæлæ дисæй мард. Йæ къухтæ-иу кæрæдзиуыл ныцъцъыкк ласта. Сыстад æмæ мæ хицауимæ агъуыстмæ ацыд. Раздæхтысты, æмæ мæ хицауæн, чызгмæ амонгæйæ, сабыргай цыдæртæ дзырдта, фæлæ дзы æз ницы бамбæрстон.

Цалдæр боны фæстæ бричкæты сæвгæдтой голджытæ æмæ къоппытæ. Стыр æртæ авджы та сæвæрдтой тарантацы. Уымæн йæ хуылф уыд дыууæ дихы. Разæй дзы дыууæ адæймагæн – хуыссæн бынæттæ. Голджытæ уыдысты, дыгай путтæ кæм цыд, ахæмтæ. Агъуыстмæ мæм бадзырдта инæлар. Уым уыд мæ хицау дæр. Инæлар мын загъта:

– Æз мæ салдæттыл не ‘ууæндын, æмæ мæнæ цы фыстытæ бакастæн, уый амоны: ды алцыдæр зоныс, æмæ, чиновниктæ цы ныффыстой, уый бакæндзыстæм. Дæ бинойнагæн йæ гæххæттытæ сты цæттæ, ныртæккæ сæ лейтенантмæ ратдзынæн. Дæуæн дæ гæххæттытæ сты конд æмæ уыдзысты хызыны. Дзургæ дæр дæм уый тыххæй бакодтон, æмæ дын уыцы хабар фехъусын кæнон. Ныр та мæм байхъус лæмбынæг. Ды цæуыс мемæ, дæлæ æмбисонды обæуттæ кæм ис, уыцы бæстæм. Ды скъæрдзынæ мæ тарантацы бæхты, дæ фарсмæ баддзæн афицер, афтæмæй. Иннæ афицер та уыдзæн мидæгæй мемæ. Æмæ дæ зæрдыл бадар: дæ фарсмæ цы афицер баддзæн, уымæн йæ бон у дæу амарын, истæуыл дыл куы фæгуырысхо уа, уæд. Кæд нæ хъуыддæгтæ хорз ацæуой, уæд тагъд раздæхдзыстæм. Дæуæн алидзæн никæдæм ис, уымæн æмæ дæ гæххæтт ис мæнмæ. Уым нæ хъуыддæгтæ куы нæ рауайой, уæд нæ ацæуын бахъæудзæн дарддæр.

Иу бон ма фестæм нæ бынаты, уымæн æмæ зылдыстæм нæ уæрдæттæм. Алкæй дæр фæндыд цæлхытæ фылдæр сæвæрын, фæлæ дыууæ цалхæй фылдæр æвæрын нæ уагътой афицертæ. Æз райхæлдтон цыппар цалхы æмæ сæ бафснайдтон, зынгæ куыд никæцæй кæной, афтæ. Гуыффæйы бын, фæстаг дыууæ цæлхыты астæу. Инæлар мæм хæцыд, дæ цæлхытæ цæуылнæ сæвæрдтай, зæгъгæ, фæлæ йын лейтенант бацамыдта, цыппар цалхы кæм уыдысты, уый. Инæлар бахудт æмæ лейтенантмæ дзуры:

– Ай æцæг цигайнаг куы у. Йæ гæххæтты дæр цигайнаг фыст у, афтæ загъта Тасолтан. Уый тыххæй йæ ракодтон бæхтæ скъæрæгæй.

Араст стæм нæ дард фæндагыл. Иуæй-иу ран цыдыстæм, донæн нæм-иу йæ кæрон кæм нал зынд. Цалдæр боны фæстæ ныххæццæ стæм нæ бынатмæ. Инæлар æмæ йе ‘мбал афицер ацыдысты кæдæмдæр æмæ уыцы æхсæв нал фæзындысты. Дыккаг бон æрбацыдысты машинæйæ. Семæ уыд цалдæр афицеры диссаджы дарæсы. Фæзылдысты нæ уæрдæттыл æмæ дзы иуæй-иутыл цыдæр донæй бапырх кодтой. Уыдон ацыдысты, мах та араст стæм иу стыр доны былтыл, æнахуыр бæлæстæ кæм зад, ууылты. Бахæццæ стæм иу змисджын зæхмæ, æмæ уым разындис, кæцæй рацыдыстæм, уым цы уæрмытæ уыдис, ахæмтæ. Уым равдæлон кодтам, бæрæггонд чи æрцыд, æрмæстдæр уыцы бричкæтæ. Уыдис дзы тынг тæвд, æмæ инæлар афтид бричкæты фæстæмæ рарвыста. Мах та, дам, цæуæм дарддæр. Бирæ фæракал-бакал кодта йæ гæххæттытæ æмæ сын се ‘мбис радта, фæстæмæ чи здæхт, уыцы афицертæй иумæ. Иннæтæ йæ хызыны бафснайдта. Мах араст стæм доны былтыл дæлæмæ. Иннæтæ та – уæлæмæ. Цас фæцыдыстæм, нæ зонын, фæлæ иу бæстæм бахæццæ стæм, æмæ нæ цæлхытæ сæттын райдыдтой, уымæн æмæ нæ фæндагыл къæдзæх дуры муртæ арæх уыдис. Мæн бахъуыд цалцæггæнинаг цæлхытæм зилын. Афтæ бахæццæ стæм нæ бынатмæ. Æцæг пысылмæттæ, дам, ам цæрынц. Иу сылгоймаг дæр дзы йæ цæсгом не ‘вдыста. Ныхасмæ дæр нæ лæууыдысты. Уым нын нæ ласинæгтæ цингæнгæ бафснайдтой. Нæ хицау нын æртæ боны фæллад уадзынæн радта, фæлæ æз арæзтон даргъ къæбæлтæй цыбыртæ, ома фæстаг цалхы къæбæлæй-иу рауад раззаг цалхы къæбæл. Уæдмæ лæгтæй иуæй-иутæ хъуыр-хъуыр кæнын райдыдтой.

Уæд нын хицау-инæлар загъта:

– Мæ бон уын у фенын кæнын пехуымпар æмæ дзуæртты ингæнтæ. Стæй диссаджы ламазгæнæн бынат.

Ацыдыстæм, æмæ, ныллæг хæхтæ кæм уыд, ахæм ран федтам пехуымпары ингæн, йæ фарсмæ та – дыууæ дзуарæн къаддæр ингæнтæ. Инæлар нæ акодта иу фæндагыл, æппындæр кæм ницы задис, ахæм быдыртыл. Æз, дам, уын Мæзджыт-харам фенын кæнон йæ зындгонд дуримæ. Суткæ æмæ æрдæг фæцыдыстæм æмæ бахæццæ стæм, Дзæм-дзæмы суадон кæм ис, уыцы сахармæ. Мæккæ йæ хуыдтой. Суадоны раз разынд иу стыр æнахуыр хæдзар, йæ алыварс – стыр æхгæд кæрт. Уыцы хæдзарæн йæ бындуры иу къуымы æвæрд уыд, мæнæ диссагæн цы дуры кой кæнынц, уый. Адæм куыд дзырдтой, афтæмæй дур лæууы зæххæй метры бæрц уæлдæр. Дзæм-дзæмы донæй нæхи дæр, нæ бæхты дæр байсæрстам. Рараст стæм. Ныр цыдыстæм – дон дæр нæм зынд. Стæй фæндаг дæр фæхуыздæр. Куы схæццæ стæм, уæд мын инæлар мæ гæххæтт фенын кодта, æмæ йæ радта лейтенантмæ. Радта мын, раздæр цы бæстæйы, Мысыр æй хуыдтой, уыдоны æхцатæй, стæй, Мæккæ кæй хуыдтой, уыдоны æхцатæй дæр. Инæлар мын загъта:

– Хорз арæхсыс æмæ мæнæ лейтенантмæ бакус æхца, цалынмæ фæндаггаг бакусай, уæдмæ. Стæй дæ Тасолтан дæр рох ма уæд, ирæд дзы дарыс. Ныр дæм гæххæтт ис, æмæ ссардзынæ, Кавказмæ чи цæуа, ахæм табор, семæ арæнтыл ахиздзынæ. Иунæгæй ма ацу.

Цас рæстæг рауад, чи зоны, фæлæ-иу нæм чи æрбафтыд, уыдоны-иу фæрсын райдыдтон, кæд уæ исчи циганты табор федта, зæгъгæ. Фæлæ никуы æмæ ницы. Иу æхсæв, мæ бинойнаг кæй хуыдтон,уый афтæ куы зæгъид:

– Ме ‘фсымæр уыд ам æмæ зоны циганты таборы рæсæнуат, фæлæ йæ мæнæн нæ загъта. Дæумæ та мæ фыдимæ сты мæсты, бындарæй сæ фыдæнхъæл кæй кæнæм, уый тыххæй. Уæртæ лейтенанты бафæрс, кæд ын таборы хабар ракодта.

Цы æфсонæй йæ бафæрсон, уый нæ зыдтон æмæ æрхъуыды кодтон. Бацыдтæн æм йæ агъуыстмæ æмæ йемæ дзурын райдыдтон инæлары тыххæй. Куыд хорз лæг у, уыдæттæ йын дзырдтон æмæ, зæгъын, куы ‘рбацæуа, уæд мын бацамондзæн циганты табор кæм æрбынат кодта, уый.

– Нæ йæ бафæрсдзынæ. Уымæн æмæ, дæу цы хъæуы, уымæй мæн хъуамæ фæрсай.

– Æмæ йæ ды цæмæй зоныс, цигантæ кæм æрбынат кодтой, уый? Ардыгæй куы никуыдæм цæуыс.

– Хъус уæдæ. Мæнæ дæ бинойнаджы æфсымæр уыд ам, æмæ, дам, Комтийы ис циганты табор.

Комти та цы у, зæгъгæ, йæ бафарстон, æмæ мын уый ацамыдта йæ чъылдыммæ, уæртæ уым ис Комти, зæгъгæ.

– Цæуын æм хъæуы иу суткæйы бæрц.

Æз ын загътон, акæн мæ, зæгъгæ, фæлæ мын уый бамбарын кодта, нæ дыууæйæн цæуæн кæй нæй, уый. Лейтенант мын загъта:

– Æз дын ссардзынæн æмбал, æцæг ын ратдзынæ Мæккæйы æхцатæ.

Æз сразы дæн. Иу къуырийы фæстæ мæм лейтенант бадзырдта. Æз æй бамбæрстон, æмбал мын кæй ссардта, уый. Ме ‘хцатæй иу бамбæхстон, паддзахы ныв дзы къабайы æмæ кæлмæрзæны кæй уыд, уый тыххæй. Уыцы лæг мæм хорз фæкаст æмæ йыл баууæндыдтæн. Радтон ын æхцатæ. Акодта мæ сæхи цæрæнбынатмæ. Æмбисæхсæв араст стæм нæ фæндагыл. Цыдæр къуыбырты сæрты дæр-иу ахызтыстæм, уый сæ хуыдта хæхтæ. Уагæр ма Кавказы хæхтæ куы фенид, уæд уыдон та куыд схонид. Бахæццæ стæм табормæ, æмæ сæ барон разындис æрыгон лæппу . Циганты бафарстон, хистæртæ уæм куы ис, уæд уый баронæй куыд сæвæрдтат, зæгъгæ. Фæлæ мын ницы дзуапп радтой.

Ме ‘мбал мæ баронмæ бакодта, æмæ мæ уый фæрсынтæ райдыдта. Æз, цæмæй йæ бауырна, цигайнаг дæн, уый тыххæй мæ ронæй фелвæстон мæ гæххæтт. Уый йæ куы айста, уæд æм кæсгæ дæр не ‘ркодта, афтæмæй йæ зæхмæ аппæрста, цигайнæгтæм гæххæтт нæ вæййы, зæгъгæ. Барон мын бамбарын кодта, иу-ссæдз боны фæстæ кæй цæудзыстæм Кавказы бæстæм Батумыл кæнæ Бакуйыл. Фæтарстæн Батумы койæ æмæ баронæн загътон:

– Бакуйыл куы цæуат, уæд мæ-иу ам ма ныууадзут. Æртæ лæджы бæсты дын кусдзынæн дынджыр дзæбугæй иу къухæй дæр.

Уый мæ бакодта, цалхы чъилтæ кæм кодтой, уырдæм. Радта мæм дзæбуг, æмæ цигайнаг райста тæвд даргъ æфсæйнаг. Гыццыл дзæбугæй æртæ къуырццы æркодта, уæд æй æз уыциу цæф ныккодтон, æмæ æфсæйнаг дыууæ дихы фæцис. Уый ныххудт æмæ загъта, сабыр цæф æй хъуыд, зæгъгæ. Æз ын афтæ зæгъын:

– Æртæ къуырццы фехъуыстай, æви нæ?

Уый мын загъта:

– Хъæуыс мæ. Ныр ацæут уæхимæ, æз дæ ссардзынæн.

Фæстагмæ ма мын загъта:

– Дæ гæххæтт дæ бабын кæндзæн.

Бонтæ нымайын райдыдтон, уæдæ кæд æрбацæудзæн, зæгъгæ. Фæлæ уый нæй æмæ нæй. Тасолтан хабар зыдта, фæлæ мæм нæ хыл кодта, уымæн æмæ зыдта, арæнтыл хизгæйæ, цигайнаг уæвгæйæ, гæххæтт куы равдисай, уæд ам кæй æрбалæудзынæн.

Хуыздæр цæстæй мæм райдыдта кæсын, йæ лæппу дæр нæм арæхдæр цæуын райдыдта. Фæлæ мæм циганты барон æрбарвыста, цæугæ кæнæм, зæгъгæ. Лейтенантæн уыцы хабар æхсызгон кæм уыдаид, фæлæ мын ме ‘хца бафыста, феппæлыдис мæ. Æхца дыууæ дихы акодта æмæ дзы иу дих сылгоймагæн радта, суанг ма балцы æхцаты æрдæг дæр. Афтæмæй таборы иунæгæй балæууыдтæн. Таборимæ цæуынтæ байдыдтам. Ахæм фæндæгтыл никуы цыдтæн. Фæндæгтæ-иу уыдысты лæгъз, ам та – къуыбыртæ æмæ дзыхъхъытæ. Иухатт арæнтыл мæ гæххæтт мæ ронæй æрхаудта, æмæ фæцæйбын кодтон, фæлæ барон сгарæг æмæ ме ‘хсæн алæууыд. Куы раирвæзтыстæм, уæд мын ме ‘хцайæн се ‘рдæг бацагуырдта, кæннод, дам, афонмæ къалатийы бадис, зæгъгæ. Дыккаг бонæй фæстæмæ та мын хæринаг дæр нал лæвæрдта, æхца дæм ис, æмæ дæхæдæг истытæ ‘лхæн, зæгъгæ. Кæй чъибиткæйы бадтæн, уый мын бамбарын кодта:

– Бароны ном кæд хæссы, уæддæр ын амоны, уæртæ дыккаг чъибиткæйы цы зæронд ус цæры, уый.

Бахæццæ стæм арæнтæм. Амы адæмыхатты персайнæгтæ хуыдтой, æмæ уым æрбынат кодтам. Кæсагхæрдæй дзы æфсæст уыдыстæм, æмæ барон цин кодта. Фæлæ йæ цин бирæ нæ ахаста: арæнтæм хæстæг æрбынат кодтат, зæгъгæ, нæ тæрыныл систы. Доны былтыл – уый уыд Хъаспы денджыз – цæуынтæ байдыдтам æмæ Бакумæ хæстæг æрбынат кодтам. Уым дæр нæ хуыздæр хæринаг – кæсаг. Устытæ дзы фыхтой хъæрмхуыпп. Мæнæн дæр дзы цалдæр хатты бахæрын кодтой.

Дуканийы мæ иу лæг бакъуымы кодта, ды цигайнаг куы нæ дæ, уæд семæ цæмæн дæ, зæгъгæ.

Æз æм мæ гæххæтт равдыстон, æмæ мын афтæ:

– Аппар æй, адæм зонынц, цигайнæгтæм гæххæтт кæй нæ вæййы, уый. Дæхиуыл ма ардау адæмы.

Æз дуканигæсмæ фæцæйлæвæрдтон æхца, æмæ мыл уый ныхъхъæр кодта:

– Ам, ахæм æхцатæ кæмæ ис, уыдоны ахсгæ кæнынц æмæ сæ ауындзынц.

Цы ‘лхæнынмæ хъавыдтæн, уыдон мын балхæдта. Стæй мын хæрæндоны бахæрын кодта. Куы анызтам цыдæр хъæбæр нозт, ай, дам, сомихы нозт у, зæгъгæ, уæд ын куы зæгъин, ирон кæй дæн. Уый мæ фарста:

– Мæнæ ацы хæхтæн сæ кæцырдыгæй ирон дæ?

Æз æй не ‘мбæрстон, æмæ мын уæд загъта:

– Цы хъæуы цардтæ, уый-ма мын зæгъ. Æз, ардыгæй райдай, Дербентæй райдай, Грознайæ райдай, Старапъол æмæ суанг Бетъырбухы хъæутæ дæр зонын.

Æз ын куы фæкæнин, Зилгæйæ, зæгъгæ.

Уый мын ме уæхск æрхоста æмæ мын афтæ:

– Мæнæ ам исты куыстмæ бацу æмæ билеты фаг иу къуыримæ бакусдзынæ. Билет балхæндзынæ, поезды сбаддзынæ æмæ Тлатты хъæуы станцæйы рахиздзынæ, уæ хъæуы тæккæ раз.

Æз ын загътон:

– Ам мæ æнæ гæххæттæй кусынмæ чи айсдзæн?

– Уæдæ дыргъы куыст кæнæ зæххы куыст зоныс? Ам ныртæккæ сæнæфсир зымæгмæ цæттæ кæнынц, фæлæ ды сæнæфсиртæн иу къухæй цытæ кæндзынæ? Райсом мемæ цом, æмæ дын хъалагъуры бынат искуы ссардзынæн, – ууыл цыдæр æрбаци.

Дыккаг райсом табормæ хæстæг лæууыд, æмæ сæм бацыдтæн. Уый мæ цыдæр мишинæйы сбадын кодта æмæ иу-дæс-фынддæс километры фæстæ рахызтыстæм. Фистæгæй ма ацыдыстæм иу-фондзсæдæ метры æмæ уым иу кæрты дуар бахостам. Ракаст нæм сылгоймаг æмæ нын загъта, йæ лæг куысты кæй ис, уый. Иугыццыл ма ауадыстæм, æмæ дзы – стыр сæнæфсир цæхæрадæттæ. Уым архайдтой адæм. Ме ‘мбал цалынмæ, кæй агуырдта, уымæ лæууыд, уæдмæ иу зæронд лæгæй райстон хæсгард æмæ, асиныл лæугæйæ, сæнæфсиры къалиутæ лыг кæнын райдыдтон. Фæлæ кард къуымых уыд, æмæ æрхызтæн зæхмæ. Кæсын, æмæ мæм иу лæг йæ къух тилы . Уый цæугæ-цæуын цыдæртæ дзырдта. Æз дæр йæ фæстæ бахæццæ дæн ме’ мбалмæ. Уыдон кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнынц, стæй мæм разылд æмæ мæм дзуры:

– Ай дыл къух куынæ ис, уæд кæдæм сбырыдтæ? Хæсгард та ратт йæ хицауæн, фæлæ йын æй цæмæй сцыргъ кæнон?

– Куыд æй сцыргъ кæндзынæ? – дисы бацыди.

Рахæссын кодтон сигæц-цыргъгæнæн æмæ йæ мæ дыууæ уæраджы ‘хсæн балхъывтон. Хæсгард иуырдæм, иннæрдæм дауын райдыдтон, стæй йæм æй радтон, æмæ дзы къалиу ацъыкк ласта, уæд ме ‘мбалимæ бацыд, æз, асиныл лæугæйæ, кæм лыг кодтон, уыцы бынатмæ, хæрдмæ скаст æмæ мын загъта:

– Цæй-ма, фенын мын кæн, куыд лыг кодтай, уый.

Æз асин æндæр ран сæвæрдтон æмæ, мæ сæрæй рагъхъæдыл æндзæвгæйæ, бахсæстон мæ алыварс къалиутæ. Уый дисæй амард æмæ ме ‘мбалы фæрсы, чи дын у, зæгъгæ.

Уый йын бамбарын кодта, билеты фаг мæ ‘хца кæй бакусын хъæуы, уый. Сразы ис мæн æхсæдæгæй райсын æмæ мын загъта:

– Райсом дæ паспортимæ ‘рбацу æмæ кус, хæсгард дын ратдзыстæм.

Афтæ та мæ хъуыддагæй ницы рауад, махмæ, дам, куыстмæ æнæ паспортæй нæ исынц, зæгъгæ. Уæдмæ таборы барон фæдис самадта, нæ лæг алыгъдис, зæгъгæ. Изæрæй мæм барон æрбацыдис зæронд усимæ, æмæ ус баронæн загъта:

– Уадз æй, цалынмæ Дербентæй ахизæм, уæдмæ, уым нын тæссаг нал уыдзæн, æмæ йæ уæд арвитдзыстæм, кæцырдæм æй фæнды, уыцырдæм.

Уым ма фестæм цалдæр боны, стæй денджыз-денджыз рараст стæм лæгъз фæндагыл. Схæццæ стæм уыцы Дербентмæ, фæлæ нæ уым лæууын нæ бауагътой, æмæ уæлдæр ацыдыстæм. Куыд бамбæрстон, афтæмæй ацы табор ам лæууыд кæддæр, æмæ дзы ахуыр кодтой хорз æфсæйнаг кæрдтæ аразын. Уый æфсонæй мын барон загъта:

– Дæ куыст нæ нал хъæуы ам. Мах араздзыстæм хæсгæрдтæ, хъаматæ æмæ æндæр лыстæг дзаумæттæ, ды та дæ хъару ‘взар æндæр таборты.

Афтæ иунæгæй аззадтæн Дагестаны хæхты астæу. Дыууæ ‘хсæвы ма уым фæдæн зæронд усы сусæгæй, уый фæстæ базыдтон, нæхирдæм фæндаг кæм ис, уый æмæ уырдæм æрбацыдтæн. Цæуынтæ байдыдтон æмæ иу бон бацыдтæн фæндагмæ хæстæг иу дуканимæ, исты хæринæгтæ самал кæнон, зæгъгæ. Мæ туркаг æхцатæй иу уæйгæнæгмæ балæвæрдтон, уый йæ йæ дзыхы акодта, æмæ йæ дæндæгты къæс-къæс ссыд. Цыдæр мын ацамыдта æмæ, цыма хæринагмæ бацыд, афтæ цыдæр фæцис. Æз дæр катайы бацыдтæн, кæд та уый дæр пъæлицæйагмæ азгъордта, фæлæ банхъæлмæ кастæн. Фæзындис иу æнæдаст ацæргæ лæгимæ. Ме ‘хца мын фæстæмæ радта. Æмæ мæ уыцы лæг сæхимæ акодта. Бахæрын мын кодта цыдæртæ, стæй бæзджын цай, ай, дам, хъалмыхъхъаг цай у. Куы дзы схуыпп кодтон, уæд мæм афтæ фæкаст, цыма нæхи сарайы бадын, æмæ дæлæ Гæбисы куыройы раз цы дидинджытæ зайы, уыдонæй фыхтой цай, æцæг доны бæсты уыд ног дыгъд æхсыр. Уый мæ ницæмæй фарста, афтæмæй мæ даргъ бандоныл цыдæр нымæттыл бахуыссын кодта. Уый фæстæ мын афтæ зæгъы:

– Æри мæм ныртæккæйы æхца, æз æй моллойæн бакæсын кæнон, цы фыст дзы ис, уый.

Æз æм æй радтон. Куы райхъал дæн, уæд мын мæ разы æрæвæрдта зæгæлы хуызæн, æцæг ыл сæр нæ уыди. Систон æй, æмæ ратас-батас кодта. Лæг мын афтæ зæгъы:

– Уый де ‘хца у, æмæ дын цас æрласа барæныл, иу ахæм æхца дын æз фондз хатты фылдæрæй ратдзынæн нæхи ‘хцайæ.

Æз ме ‘хцатæ стъолыл æрæппæрстон, æмæ дзы уый равзæрста æртæ кæнæ цыппар, æвзаргæ та сæ кодта дæндагæй. Изæрæй куы бахордтам, уæд мын мæ къæхтæ ныхсын кодта иу чызгæн. Ламаз куы скодтон, уæд мыл уыцы чызг скодта цыдæр халаты хуызæн æмæ мæ агъуыстмæ хуыссынмæ бакодта, ам æхсæвиуат бакæн, зæгъгæ. Иу цалдæр боны фæстæ мæм лæг рахаста гæххæтт, тетрады цъарæй бирæ стырдæр, кæцыйы уыдысты цыдæр хæххытæ æмæ хъæутæ: Далаково, Зилгæ, Брут, Заманхъул, Кæрдзын, Елхот, Мыртазатæ. Фæракæс-бакæс æм кодтон, фæлæ йæ не ‘мбæрстон, цæмæ йæ æвдисы мæнмæ, уый. Куы йæ бафарстон, уæд мын радзырдта:

– Æз ацы хъæуты вæййын дыууæ-æртæ азы иу хатт æмæ адæмæн сæ архайæн гæрзтæ цалцæг кæнын. Мæнæ ацы зæгæлæй æз цал хъуывгъаны, цал тасы баныхасдзынæн, уый ды æмбаргæ дæр нæ кæныс. Бафæрс ма-иу дæ хъæуы, Абыкуыр уын цал тасы баныхæста, уымæй. Абыкуыр та мæнæ æз дæн. Ныр зивæг кæнын райдыдтон, фæлæ мын æххуыс кæны мæнæ мæ гыццыл чызг Рай. Тæригъæд ын фæкæнын, уæззау хызын куы фæхæссы, уæд. Сымахмæ дæр нæ тагъд хъæуы. Аргуыданы, стæй мын Елхоты ис хæрз фысымтæ. Ныр мын Зилгæйы та ды куы суаис фысым, уæд мæ гыццыл чызг цин кæнид. Дæ разæй æппындæр куы нал цæуы. Мæнæ райсом сахарæй пост чи ласы, уый фæстæмæ куы раздæха, уæд дæ аласдзæн æмæ дын билет райсдзæн поездмæ, сбадын дæ кæндзæн æмæ дын бамбарын кæндзæн, Тлатты хъæу – Беслæны станцæйы дæ цæмæй рахизын кæной поездæй. Уырдыгæй дæм Зилгæ зындзæн. Æцæг мын зæгъ, кæцырдыгæй цæрыс, уый. Хосонты зоныс, уæд уыдонæй амон.

Æз ын бацамыдтон: хъæумæ бацæуæны æртыккаг хæдзар фыццаг уынджы. Иу цалдæр боны фæстæ нæм фæзынд машинæ æхгæд гуыффæимæ. Хорз ыл сæмбæлд Абыкуыр машинæйы хицауыл, æмæ бирæ фæныхæстæ кодтой, мæнмæ амонгæйæ. Хицау мæ сбадын кодта фæсте æмæ мыл æфсæйнаг дуар æрбахгæдта. Абыкуыр мæм уый разæй æрбацыд æмæ мын загъта:

– Билеты фаг æм æхца радтон, æмæ дын раздæр куыд загътон, афтæ уæхимæ балæудзынæ.

Уыцы лæг нæ фæсайдта æмæ мæ æцæгæй дæр Беслæны станцæйы рахизын кодтой, æмæ нæхимæ ‘рцыдтæн.

Дис кодтой иууылдæр æмæ кæрæдзимæ дзырдтой:

– Йæ цонг не змæлын кæны, уæд уый цы у, цæмæн афтæ кæны? Ме ‘фсымæрæй фæстæмæ мыл иууылдæр цин кодтой. Ничи мæ ницæмæй фарста. Æцæг сын сæ ныхæстæ хъуыстон:

– Ау, æмæ Амырыкы куы уыд, уæд цæй гæвзыккæй æрбацыд?!

Цы сын дзырдтаин… Мæ дыууæ бинойнагæй мыл ничи атигъ ис, æмæ, куыд уыныс, афтæ цæрын, фæлæ мæ хъуыддæгтæ рæстмæ нæ кодтой.

Æрмæстдæр цалдæр азы фæстæ Абыкуыр фæзынд стыр чызгимæ. Бирæ цинты æмæ хъæбысты фæстæ Абыкуыр загъта:

– Цалынмæ ам уæ хъæуы кусын, уæдмæ мæ чызджы уæхимæ цæрынмæ бауадзут, уымæн æмæ æз баззайын, бон кæмæ фæкусын, уыдонмæ.

Рай, афтæ хуыдта йæ чызджы, цард ам махимæ, æцæг-иу ныууад дæллæгтæм дæр. Цас боны бакуыстаид Абыкуыр ацы хъæуы, фæлæ мын иу бон афтæ:

– Мыртазатæм цæуын æнæ Райæ æмæ фæзилдзынæн тагъд.

Фæзынд дыууадæс боны фæстæ, æмæ сæхимæ ацыдысты. Æцæг йæ кусæн дзаумæттæн сæ фылдæр ам ныууагъта – иннæ аз нæ ардæм хъæуы, зæгъгæ. Уæд-иу мæ зæрдыл æрлæууыдысты, æнæхъæн афæдзы дæргъы мын уыцы Рай мæ къæхтæ куыд æхсадта æмæ мæ разæй куыд нæ цыд. Ныр ме ‘мбæрц сырæзыд æмæ цæхæртæ калы. Цымæ, фарстон-иу мæхи, Абыкуырмæ цы пълæнттæ ис йæ чызджы тыххæй.

Уыцы хъуыды мæ сæрæй нæ цух кодта. Фæзынд Абыкуыр, куыд загъта, афтæ, афæдзы фæстæ. Бынтон æндæрхуызон дардта уый йæхи, æмæ йæ бафарстон, цæмæн хъуыр-хъуыр кæныс, зæгъгæ. Уый мын бамбарын кодта, мæ чызг, дам, æнæхъæн аз нывыл хæргæ дæр нал кæны, чындзы ацу, зæгъгæ йын йæ мад бакой кодта, æмæ, дам, мæн цигайнаг йеддæмæ ничи хъæуы. Дæуæн та дæхи цот уымæй хистæртæ сты…

Цы йын загътаин, фæлæ йын уайдзæфгæнæгау бамбарын кодтон, йæхæдæг аххосджын кæй у: цæмæн-иу ын æхсын кодта алы ‘хсæв мæ къæхтæ, цæмæн ын æфснайын кодта алы æхсæв æмæ райсом мæ хуыссæн, мæ дзаумæттæ. Ныр дæ чызджы фæндон зоныс, мæнæн дæр æй бамбарын кодтай, фæлæ мæнмæ ницы ис, сымахмæ та ирæдæн бирæ мулк хъæуы бафидын йæ бæсты.

Абыкуыр тобæ-тобæ кæнын райдыдта æмæ сдзырдта:

– Мæн дæуæй ницы хъæуы, æрмæстдæр Рай уæд амондджын. Гъе, афтæмæй Рай бацис мæ бинойнаг. Иууылдæр æй райдыдтой хонын Райкæ.

Æз Гыдтойы афарстон:

– Æртыккаг ус дын уыд?

Уый мын куы зæгъид:

– Æз дын мæ хабæрттæ цыбырæй фæдзырдтон, фæлæ дзы ме ‘мкъæйттæй æвддæсæн сæ нæмттæ хъуыды кæнын, иннæты нæмттæ мæ ферох сты. Цот мын нæ уыдис иуæй дæр, уымæн æмæ, о, куы дын дзырдтон (кæрдæджытæй хосты тыххæй). Фæлæ цæмæй мæ ныхæстæ фæуон, уый тыххæй ма мæм иу чысыл байхъус. Скъоламæ цу æмæ хорз ахуыр кæн, науæд дын царды размæ фæндаг нæ уыдзæн. Мæнæ мемæ цы куыстытæ кодтай, уыдон дæр дæ ахсджиагæй бахъæудзысты кæддæриддæр. Дæ зæрдыл сæ бадар, æцæг. Зæгъ-ма, цæмæй бæласыл фæткъуытæ хорз æрзайа, уый тыххæй цытæ кæнын æмбæлы?

Æз ын радзырдтон, йæхæдæг мын цытæ амыдта, уыдæттæ. Хорз сæ бахъуыды кодтай, фæлæ дын мæхи тыххæй цы радзырдтон, уыдон дæ зæрдæмæ ма айс, адæмы хуыздæрты фæзм, æмæ дæ лæг рауайдзæн. Дæ фыд ныр дæр ма ахуыр куы кæны…

Мæ фыд Дæхцыхъо ахуыр кодта Грознайы агрономты сæрмагонд скъолайы. Гыдто цард уæд Райкæимæ æндæр хæдзары. Арæх-иу мын дзырдта:

– Æхсарбег, мæн фæзм, æмæ дæ царды фæндаг уыдзæн дæргъвæтин.

Æз уый фæндагыл нæ ацыдтæн, фæлæ мыл йæ ныхæстæ иууылдæр æрцыдысты. Тынгдæр дзы бахъуыды кодтон, афтæ мын куы загъта, Æхсарбег ном ма дæ искуы æхсызгонæй бахъæудзæн, зæгъгæ.

Иу заман уыдтæн Мæккæйы, æмæ мæ фыдæбæттæ нæ Иунæг Стыр Хуыцауы номыл куы фесты, уæд мæ изæры фарстой:

– Цы ном дын саккаг кæнæм: Абдулла, Соломон æви куыд? Æз сын загътон:

– Гыццылæй мыл ном сæвæрдæуыд – Æхсарбег, æмæ ныр та мæ ном у Æхсар.

Уæд æмбырды уынаффæйæ баззадтæн Æхсарбег-хадзыйæ.

Гыдто райгуырдис 1871 азы Гисойы хæдзары, уыд Хъуыссæты хæрæфырт. Уыдис ын æфсымæр æмæ дыууæ хойы. Иннæ хабæрттæ зонут, фæлæ ма уый фæстæ, йæхæдæг кæй нæ дзырдта, мæнæн дæр уыцы хабæрттæй мæ бон у зæгъын.

Цардис ам нæ сыхы иунæгæй, æмæ йæ мæгуыр хуыдтой, кæд æй йæ дыууæ бинонтæ дæр рох нæ кодтой, уæддæр. Йæ цæрæнбынат цæмæй заууатмæ ма ‘рцæуа, уый тыххæй нæ хъæуы фарсмæ цы цæрæнбынат уыд, Гæны завод, уырдыгæй æрбакодта дыууæ сылгоймаджы, иу – хистæр, иннæ – зынгæ кæстæр, мæ цæрæнбынатмæ мын базилут, зæгъгæ. Фæкуыстой цалдæр боны, æмæ сæ иу нал æрбацыд. Сыхæгтæ сусу-бусу кæнын райдыдтой, амæн йæ мад цæуылнæ æрбацыд, зæгъгæ. Чызг куыста дарддæр æмæ-иу уым æхсæвиуат кæнынмæ дæр баззад, Гыдтойæн райдыдта хæринаг кæнын. Йæ куыстытæ куы фæцис, уæддæр ма-иу æрбацыдис. Стæй дын Гыдтойæн иу хатт куы фехъусын кæнид, лæппу нын уыдзæнис, зæгъгæ.

Атардта йæ, мæнæн, дам, сывæллон уæвæн нæй, зæгъгæ. Цигантимæ фæцардтæн, бирæ устытæ мын уыд, фæлæ мын сывæллон никæмæй рантыст. Уый уæддæр æрбацыд иннæ сылгоймагимæ…

Мæнæн Гыдто загъта:

– Уыцы лæппумæ-иу фæкæс.

Куыд рауад ацы хабар та… Æз райдыдтон иу заман скъолайы ахуыргæнæгæй кусын, æмæ иу лæппу уыд Гыдтойы цоты халдих. Æз афæрстытæ кодтон кæйдæрты, æмæ, дам, уыцы лæппу у хæсгæ.

Æмæ уæд æндæр куыддæрты базыдтон, уыцы лæппу æцæгæй Гыдтой кæй у. Лæппуйы æфсадмæ куы акодтой, уæд æм чидæр ныффыста, ды, дам, Джимитæй куы дæ, уæд дæхи Мысыкаты мыггагæй цæмæн фыссыс?

Лæппу æфсадæй хъæумæ нал сыздæхт…

 

 

Фæсныхас: Джимиты Æхсар у Зилгæйы размæцыддæр лæппутæй, куыста къорд бæрнон бынæтты дæр, фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ дзæвгар цаутæ æмæ хабæрттæ кæй дары йæ зæрдыл иттæг ирдæй, нывæфтыдæй.

Абон уал «Мах дуг»-ы буц уазæг у, фæлæ йын бынтон куы схиуон уаид йæ хæстæг æрвад фысджытæ Хайырбег æмæ Кларæйау, уый нæ тынг æхсызгонæй фæнды.