ФÆРНИАТЫ Дзибуш

АКСИНÆ

Радзырд

1

Йæ уæлæ – дæрдджын сау пальто. Къæхтыл – рæтыдхъус валенкæтæ. Урс сæр, урс дзыккутæ хауджын морæ кæлмæрзæнæй – тыхт. Æрвхуыз, фæлмæн цæстыты зынг ма æнæбары фæтæпп-фæтæпп кæны. Æрфгуытыл ма кæмдæрты – иугай бур æрдутæ. Цæсгом ранæй-рæтты мыдадзын цырагъау фæбур и. Гуыр фæразуæз, уæнтæ фæкъуыпп сты. Лæдзæгæмбалы сæр æй бахъуыд. Зымæг дард нал у. Бæрзонд хæхты тигътыл, сиучъытыл уал йæ урс нымæт байтыдта. Уæлæуæзæй бынмæ, кæмттæм, быдыртæм сæрыстырæй кæсы. Цыма сæм дæлæмæ æрхизынмæ йæ сæрмæ нæ хæссы. Уыйхыгъд сæм дардæй дымгæйы барцыл карз æртхъирæнтæ æрвиты. Уазал дымгæ æрхыты, карст хуымты, бæгънæг бæлæсты хихтыл æмæ дæлæмæдзыд къутæртыл йæ тых æвзары. Хъуырдухæны бахауд. Цыма кæугæ кæны, нытътъизы сыл, йæ цæссыг акæлы. Арв тæнкъæртт фæци. Къæвдайы дон фемæхсти.

Аксинæ йæ мидбынаты базмæлыд. Акъахдзæфы сæр æй бахъуыди. Йæ синæй чиуы. Зын ын у. Нæты, уынæргъы. Фæндаггæрон бæрзонд гæдыбæласы æнцой балæууыд. Фæлæ цы уæлдай у, бæласы цæнгтæй дæр ихын тæдзынæджы суадæттæ фæкъæртт сты.

Уæртæ фалдæр – дæргъæй-дæргъмæ агъуыст. Рагон арæзт. Йæ алыварс – фæйнæгæй быру. Аксинæ йæм æнкъардæй бакæсы. Ацы хæдзармæ куы ‘рцыди, –йæ дзыккуты иу урс æрду нæма уыд. Ныр дзы митхъæпæн сæрæй здæхы. Бон – йæ тæккæ тынгыл. Ацы райсом раджы нал сыстад Аксинæ. Сынтæг æй йæхимæ адджынæн нылхъывта. Сæууон зылдтытæ йæм кæрты æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ нал. Йе уæнгтæ йыл цыма сниудтой: «Ныууадз нæ нæ мæгуырыл». Риссынц синтæ, астæу.

– Гыцци, рынчын дæ? – йæ уæлхъус алæууыд йæ чындз Надя. Сау бостон костюм йæ уæлæ, йæ бæзджын сæрыхъуынтæ тæнæг бур сæрбæттæнæй æрбабаста. йæ хъæлдзæг сау цæстытæ, йæ худæндзаст сырхахуырст былтæ йæ тынг зæрдæмæдзæугæ кодтой.

– Цыдæрхуызон… мæ бон ницы у, – базмæлыдысты Аксинæйы былтæ, цæстытæ доны разылдысты.

– Афтæ нæ хъæуы… Хуысс… Скъолайæ тагъд æрбаздæхдзынæн, – æмæ йын йæ ныхæн апъа кодта, стæй йæ куыстмæ атындзыдта.

– Фæци мæ рæстæг, ам уæлдай уаргъ дæн, – сыстад æнæбары зæронд ус.

Бирæ хъуыдыйы сæр æй нæ бахъуыд. Йæ арм ауыгъта, дуæрттæ сæхгæдта æмæ лæууы мæнæ сосæвæндаджы былыл. Горæтмæ кæд фæзындзæни автобус? Къодахы хуызæн… цæсгом дзы нæ хъæуы? Цæй фæлæууæн ма йын ис ацы хæдзары? Фæстаг афæдз æнæ лæдзæгæмбал йæ бон слæууын нал у. Хъуджы бын дуцыныл куы ‘рбады, уæд зæнгтæ бадон вæййынц.

Иу изæр йæ сæр разылди. Йедзаг бедра къухтæй асхъиудта. Науæд айразмæ хуыцаубоны, фæсхъæу цы дукани ис, уырдæм куы ацыди. Иннæ хæттытау та нылхæдта, хæдзармæ, дам, уæз нæй. Гæды ныхас. Цалдæр раны æрбадти. Йæ фæллад-иу суагъта, стæй та-иу æнæбары араст ис. Æрæджиау æй иу зонгæ чызг æрбаййæфта. Айста йын йæ уаргъ. Кæннод цæхæрадонæй чыргъæдыдзаг картоф æрбайсын куыд зын вæййы. Æрæджы фæсхæдзар зæхх къахынвæнд скодта. Фæззæг у ныр. Нурытæ ныссадза. Бел райста… Мæры йæ тъыссы, къахæй йыл æрæнцайы. Куыннæ стæй, нал ын бакоммæ касти.

– Диссæгтæ! Мæ тых, мæ хъару цы фесты? Нырма удæгас куы дæн! – арф ныуулæфыд æмæ уазал дурыл æрбадти.

Уары. Къæвдайы бын æнцад лæууы. Ныссалди йæ ныфс. Сидзæрæй дзы баззад. Нытталынг сты дондзаст цæстытæ. Æрфгуыты æлхынцъ нал хæлы. Дæндагæй ацахсы йæ бинаг былы фыдтæ, фырмæстæй йæ æрцæйæлхъивы. Цыма кæмæндæр фыдтæрхон хæссы.

– Ацы судзгæ хъызты ам цы сцæхгæр дæ? – йæ фарсмæ февзæрди сыхæгты ус Салуме. Бæрзондгомау къæсхуыр сылгоймаг, йæхи карæн. Фæлæ уый нырма низимæ хъæбысæй никуы рахæцыд, никуы фæбынæй.

– Кæдæм рараст дæ?

– Зæрдæйæ зæрдæмæ дын æй сусæгæй цал хатты загътон? Хъыгдарыны хос йеддæмæ сын ницыуал дæн. Æнæхицау зæрæдты хæдзармæ… Ис удыбæстæджын адæймæгтæ… Уæдæ ма дарддæр цы? – æмæ Аксинæ гæдыбæласмæ æнгомдæр балæууыд. Салуме йыл ацархайдта: «Цом дæ хæдзармæ». Хæрз дзæгъæлы. Чысыл фалдæр – скъола. Ацагайдта. Удаистæй æрбахæццæ йæ чындз Надя.

– Мæгуыры бонтæ! Адæм нæ рæгъы цæуын нал ауадздзысты. Уый цы сфæнд кодтай? – йе ‘фсины дæларм йæ цонг фæцавта, фæстæмæ артдзæсты батæлфыд. Надя тилифоны хæтæл фелвæста.

– Алло! Алло! Ды дæ? Тагъддæр, нæ хæдзары фæдис! – ныффæлурс и Надя.

Йæ лæг Сиукъа раджы аивгъуыйы куыстмæ. Колхозы зоотехник у. Куыд хорз ыл фæхæст. Ацафон йæ кабинеты куы никуы вæййы. Цыма йæ машинæйыл хæдтæхæджы базыртæ конд уыд, – кæртæй йæ гыбар-гыбур æрбайхъуыст. Бензины, резинæйы тæф гом рудзынгæй æрбакалд.

Дуары хъинц… Пъолыл цырыхъхъыты къупп-къупп… Плаæы сæр-сæр, йæ фæдджитæй доны æртæхтæ тæдзынц.

– Цы хабар у? – Йæ фæтæн ныхыл йæ сау бæзджын æрфгуытæ æрбахъуынтъыз сты, йæ хурсыгъд нарст цæсгом андзыг и, аджих.

– Уартæ кæсыс, лидзы, нал лæууы… Хъыгдарыны хос йеддæмæ, дам, ницыуал дæн. Адæмы фарн зæххыл уæз кæны, цы зæгъдзысты? – Надя армы тъæпæнтæй йæ цæсгом амбæрзта.

Ногæй та тилифоны хæтæлмæ фæлæбурдта. Фермæ… Гараж… Фæдис!

Аксинæ уазæгау æнцад бадти уымæл пальтойы мидæг, хуылыдз кæлмæрзæны. Къæдзсæр лæдзæг – роцъомæ быцæу арæзт.

– Мах дæ хъæбултæ стæм, дæ фырттæ! Кæмæн нæ уадзыс!? – Æмæ Сиукъа Аксинæйы раз йæ зонгуытыл æрхаудта, йæ цæнгтæ йын йæ уæхсчытыл ацауыгъта, йæ цæссыг бауромыны тых æм нал разынд.

Аксинæ ныхъхъус и… Йæ сагъæстæ йæ дард кæдæмдæр ахастой.

 

2

Йæ армы цы уисы къæцæл ис, уый йæ тых куы иу хæдзары дуарыл бавзары, куы иннæйы. Тъупп-тъупп… Тъупп. Цалдæр дуары базыхъхъыр и… Ракастысты йæм… фæрсы сæ… Нæй… нæй… Мæнæ дондзау чызг æд бедратæ æрбауайы. Баурæдта йæ. Йæ тыхст ын хъары.

– Далæ кæронæй сæ кæрты стыр æнгуз бæлас. Уыдонмæ ис бирæ уæттæ, цæрæг сæ нæй, – ацамыдта йын йе ‘нгуылдзæй.

Уый цыдис уæззау къахдзæфтæй. Фондзаздзыд къаннæг чызг– йæ фæстæ. Зæхх æй йæхимæ ласта. Æнæзонгæ хъæуыл йæ фæллад цæстæнгас хаста. Йæ мыдхуыз дзыккутыл сбадти рыг. Цæсгом – хурсыгъд, дымгæхост, мæллæг. Йæ уæлæ – фæныкхуыз кофтæ, лæзæрдтытæ ибкæ. Дон, сапоны хъæстæ рагæй нал фесты… Къæхтыл – зылын-мылын бур туфлитæ. Къухы – чумæдан. Æнгуз бæласы комкоммæ цæхгæр фæзылд. Фæйнæгæй арæзт дуар. Бахойын дзы ферох. Дуарыл бахæцыд. Хъавгæ бахызти. Фæйнæрдæм акасти. Исчи йыл куы фæтъæнг ласа: «Цы æрбамæрддаг дæ æнæ бар ракургæ?». Кæд сæм хъæхъхъаг куыдз ис? Йе ‘нахъом æмбалмæ йын куы фæкъæпп кæна. Ис сæм уæртæ куыдз, къаннæг, къуыбырхъус. Асины бын хъæдын къæртайы йæ сæр нытътъыста. Æхсыр сдæры. Сылгоймагмæ ракаст. Йæ хъуыдыйы дæр не ‘рцыд. Саби-лæппу, иу-авдаздзыд… Æфсæйнаг тæлы кæрты къуымты сцъил кодта. Йæ къæхтæ –æнæхсад. Зæвæттæ ныскъуыдтæ сты. Пырхытæ хæдон æмæ хæлаф йæ уæлæ. Сæр – æнæлвыд.

– Цæмæ нæм æрбацыдтæ? – слæууыд лæппу æрбацæуæджы раз.

Уый уыд уырыссаг ус. Сабийы иронау ныхас нæ бамбæрста.

– Хæдзары хицау кæм ис? – фæрсы йæ уырыссагау.

– Мæ фыд Гаги, хос кæрдынмæ ис. Мæнæ пецы фарсмæ сбад, – бахудти йæм лæппу æнæхин сыгъдæг цæстытæй.

– А-а… Пец дæр дзы куы ис… Кæрты къуымы. Арт дзы судзы. Йæ разы лæууынц дыууæйæ – чызг æмæ лæппу. Йæ къахыл æдæрсгæ чи згъоры, ахæмтæ. Æнæхсад, кæуындзаст. Чызг артмæ фæлæбурдта. Нартхоры æфсир дзы раскъæфта.

– Ма сæм æвнал!.. Уыдон мæн сты. Дæ ныхтыл дæхимæ хæц! – æмæ, цалх чи тылдта, уый йыл цъæхснаг уисæй балæууыд. Сывæллон ныдздзынæзта.

– Цæмæн æй нæмыс? – иргъæвы сæ æрбацæуæг.

– Папæ афтæ: чи, дам, фыдуаг кæна, ууыл-иу æрбыр! – дзуапп радта уыцы лæгхуызæй.

Иннæ лæппу… йе скъуыдтæ хæдоны ронæй зынынц цъыфæйдзаг картæфтæ. Цæхæры тъыссынмæ сæ хъавы.

– Айс ныр дæ нартхæрттæ, судзынц! – хъæр кæны хистæрмæ æмæ йæ картæфтæ арты дзыхмæ рæцугъы.

– Иуæрдæм алæуу!

– Дæ тæккæ синтыл дын дур… мæнæ! – æмæ къаннæгдæр куыддæр суджы лыггагмæ фæгуыбыр кодта, афтæ картæфтæ ронæй зæхмæ – гæр-гæр…

Иргъæвæг та сын фæлæууыд, фæрсы сæ:

– Уæ нæмттæ цытæ хуыйнынц?

– Уæртæ уый Сона, ай Боцца, æз та – Сиукъа, – фæцырд и хистæр.

– Уæ мад кæм ис?

Æртæ дæр фæхъус сты. Цыма исты сусæггаг хабар бамбæхсын сæ зæрды уыд.

– Амарди… Бæласы бын æй баныгæдтой: æз æй зонын, кæм ис, уый. Дард ран, – хæрз сабырæй дзырдта Сиукъа.

Сидзæр сывæллæтты уындæй сылгоймаджы рустыл цæссыджы гагатæ февзæрди.

Афтæ йæм фæкасти, цыма дыууæ стыр бæллæхы, дыууæ сыгъд, уырыд амонды кæрæдзи агуырдтой æмæ ацы кæрты фембæлдысты. Сидзæртæ… Сæ иу се ‘ннæйы хъæр не ‘мбары. Чи сæ кæуыл тых у, уый æрыссæнды.

– Уырыссагау уæ чи сахуыр кодта дзурын? – фæрсы та сæ.

– Æрхы был – дыууæ уырыссаг хæдзары… Цас лæппутæ сæм ис… Мах иумæ фæхъазæм, – дзуапп радта Сиукъа.

– Цæй, æз абон уæ мад уыдзынæн, нæ уæ фæнды? – бахудти сæм сылгоймаг.

– Ды мах мад нæ дæ, – ныхъхъуынтъыз и Боцца.

– Уæд та нæ исты адавтай?

– Æз къæрных нæ дæн, кæсут-ма мæм, – æмæ, Боццайы ронæй цы картæфтæ æркалди, уыдон рауыгъта, ныхсадта сæ, аджы сæ уæларт сæвæрдта.

– Ныртæккæ афыцдзысты… Бахæрдзыстут. Мæнæ уæ нартхоры хъуыдыдытæ сцæкуы сты, – артæй сын сæ æртысгæнæй систа.

Сылгоймаг йæ чумæданы сæр фегом кодта. Фелвæста дзы сапоны къæртт, сæрвасæн.

– Рауай-ма, ныхсон дæ! – фелвæста чысыл Сонайы йæ хъæбысы.

Доны къран… Æхсы йæ. Сапондонæй аирд сты зæнгтæ, фадхъултæ, гаппар æнгуылдзтæ. Йæ сæр ын фынкæй аууæрста. Сона тæлфы. Цæсгом цæхæртæ скалдта, йæ цыбыр дзыккутæ йын зулаив æрфаста.

Рацахста Боццайы. Къæхтæ сæфтæджы хуызæн ныхъхъæбæр сты. Рагæй нал фесты дзабыры хъæстæ. Зæхх, хур æмæ къæвдаты æвджид баззадысты. Донæй уайтагъд сабийы буар йæ хуыз скалдта.

– Мæнæ-ма, цы дуду лæппу ис! – баузæлыд ыл сылгоймаг.

– Разгъор ды дæр!

Сиукъа æфсæрмдзастæй усы хъæбысмæ схызти. Дон… Сапон… Фæлмæн къухтæ. Хæдзары хицау куыд æрбахызт – нæ йæ базыдта, цалынмæ сдзырдта:

– Уазæг, æгас цу!

Сылгоймаг ма Сиукъайы хуылыдз сæрыл сæрвасæн æруагъта, фестад, асырх и.

– Хатырæй уæд… Сæ фыд ды дæ? Фатер агурын, ис, дам, уæм. Хæст… Дард бæстæй фæхауæггаг дæн… фашисттæ, – къулбæрзæйæ дзуры уазæг.

– Ныхсадта нæ, аджы та нын картæфтæ фыцы, – æппæлынц сæ фыдæн цымыдис сывæллæттæ.

Гаги – æртыназдзыд куыствæллад лæппу-лæг. Къепкæ зæгæлыл ацауыгъта. Къраны размæ бауад, йæ къæсхуыр цæсгом, йæ цыбыр бецыккыл уазал дон скалдта. Фатерагурæгмæ фемдзаст… Лидзæг адæмæй… Æфхæрд, фæлмæцыд… Мингай адæймæгтæ сызмæлыдысты. Сæ уды катайы бацыдысты. Хæст… Сæхи ацырдæм æппарынц. Гагийы дзыхæй сыбыртт нæ хауд… Стæй:

– Уæлæ дын астæуккаг уат. Ис дзы сынтæг, хуыссæнтæ…

– Ой, стыр бузныг! – йæ цæнгтæ йæ риуыл авæрдта уазæг.

– Дæ ном цы хуыйны?

– Аксинæ.

 

3

Сæгхуыз егъау хъуг. Сыкъатæ, сагойы сиучъытау – цыргъ. Дæнгæл фæздон. Фæдджытæ ныттынг сты. Уыцы знæтæй кæрты смидæг. Сиукъа йæ размæ рауад. Сарайы цæджындзыл æй æрбаста.

– Гаги, хъуг æрхæццæ! – бадзырдта хæдзармæ. Сæ фыд фæлладæй æгæр афынæй. Фестад, йæхи ахсадта. Бедрайы дзыгъал-мыгъул ссыди. Стурмæ хæстæг балæууыд. Йæ быны дзуццæг æрбадти. Дуцы йæ. Аксинæ йæ уæлхъус февзæрд.

– Æри-ма, æз æй дæ бæсты радуцдзынæн, – бахатыд æм уазæг.

Гаги куыддæр фæуыргъуыйау. Фестад. Аксинæ сындæггай, хъавгæ бавнæлдта. Стæй тынгæй-тынгдæр. Æхсыры къæвда бедрамæ ныссæх-сæх ласта. Хъуг йæ сæр фæстæрдæм разылдта. Æнахуыр адæймаг. Йæ къах бæрзондгомау систа… Фæлæ йæхиуыл фæхæцыд. Фæстæмæ йæ æруагъта. Сабитæ уынгæй æрбазгъордтой, чи дзы йæхи кружкæйыл ныццавта, чи – къусыл. Аксинæмæ дæрддзæф æрлæууыдысты.

– Цы сæ хъæуы? – дзуры сылгоймаг Гагимæ.

– Хъарм æхсыр нуазын ахуыр сты. Сæ мадмæ афтæ хорз касти. Дæхи чызгæн дæр дзы авæр, – загъта лæг, йæхæдæг арт кæнынмæ фæци, пец æмæ аджы гыбар-гыбур ссыд.

Аксинæ сыстад. Сывæллæттæн æхсыр радта.

– Бузныг, дæхæдæг фæлмæцыд дæ, – арфæтыл ын схæцыд фысым.

Гаги ауади. Сарайы фæстæ — кæркдон. Карчы хъиау-хъиау… Сугсæттæн къуыдырыл фæрæты къупп… йæ къæхтæ, йæ дзыгъуыр базыртæ тилгæ, пецы раз февзæрди. Фыцгæ аджы йæ фæцавта; цалдæр минутмæ алæгуын, афистæг. Пæлхъ-пæлхъгæнгæ аджы фæмидæг.

Æрталынг и. Кæрты бæстастæу – стъол. Фæтæгены цырагъ судзы йæ уæлæ. Æхсæвæр сцæттæ. Карчы фыд, къæбæртæ, пъамидортæ, джитъритæ. Авджыдзаг арахъхъ.

– Сбадæм… Сымах æххормаг стут… фæндаггон, – хаты уазджытæм фысым.

– Дæ аххос нын нæу…

Фæллад бæлццонмæ дыккаг хатт дзурын нал бахъуыд. Хъарм хæринаг, хъарм артдзæст рагæй нал федта.

– Кавказы уазæгæн нуазæн авæрынц, – æмæ йæм ирон сыкъа йедзагæй авæрдта.

Аксинæ базивæг кодта, фæлæ уайтагъд фæсаст. Цы уа, уый уæд. Анызта йæ. Гаги йын йæ цæрæнбоны тыххæй кувы. Ус батæвд. Цæстыл худæндзаст абадти. Цыдæр хорз æм фæкаст. Иу ма дзы анызта. Ныхас сын бацайдагъ… Хæст… хæст… тас… уæззау рæстæг. Аксинæйы зæрдæ æрбауынгæг. Иæ цæссыгтæ асæрфта. Дзурынмæ фæкъæртт и. Фысымтæ йæм æдзынæг хъуыстой.

 

4

Аксинæйæн йæ хуыссæджы хал æрмыдул и. Цæсты уæлтъыфæлттæ кæрæдзийыл фæцæйныхæсынц. Фехъал вæййы. Нæма æрбабон и? Поездмæ сын куы байрæджы уа. Йæ цин куы фæдзæгъæл уа. Тæрсы.

Куыд уыдзæни? Ахæм дард фæндагыл фыццаг хатт цæуы Хъырыммæ улæфынмæ. Йæ лæг Сергей æмæ йæ фондзаздзыд лæппу Леонидимæ. Цы хуызæнæй æрыздæхдзысты фæстæмæ? Куыдæй æрæййафдзысты сæ хæдзар? Чи уыдзысты сæ ног зонгæтæ… Æппынæрæджиау скæсæны ‘рдыгæй арвы тæнтæ фегом сты. Сæуæхсиды сырх тæлм дзы бахудти. Дунейы гуыры нæуæг бон. Сыстын афон у. Аксинæ цырагъ ссыгъта. Цæттæ сты чумæдантæ… фæндаггæгтæ. Йæ мой Сергейы дарæс – итувæрд. Хистæр лейтенанты формæ. Йæ лæг тарф фынæй у. Дысон йе ‹мбал къамандиртæ æрбауадысты. Фæндараст ыц загътой. Аксинæ сын сæ разы фынг авæрдта. Анызтой… Леониды хъæццул пъолмæ рахауди. Куыддæр сризæгау кодта. Куыд уыдзæн сæ дард балц? Ныгуылæн Белоруссийы арæнæй Сау денджызы былмæ.

Æвиппайды дуарыл дзæхст-дзæхст… Сергей йæ адджын фынæйæ фестъæлфыд. Аксинæ дуары хæцæнмæ февнæлдта.

– Тагъддæр! Штабы хицау дæм дзуры! Цæй мидæг дæ – тæхгæ! – Сергейы раз алæууыд сырхæфсæддон. Лæг фестад. Бæстон митæм æй нал æвдæлд. Йæ дарæс тагъд-тагъд йæ уæлæ баппæрста. Уыциу сæррæтт аласта. Аксинæ сагъдауæй аззад. Йæ лæг – отпусчы… Цавæр фæдис у, цæмæ ма йæм сидынц?

Гуыпп-гуыпп… Æввахсæй-æввахсдæр… Рыпп-рыпп… Агъуысты къулты зыр-зыр ссыд… Цæстыфæныкъуылдмæ арв моторы гуыр-гуыр фестад.

Бомбæ бомбæйы фæстæ зæхх рæмудзы.

– Сау бонтæ! Хæст! Бæллæх æрцыд!..

Сыхæгтæ уынгмæ ракалдысты. Тарст адæм… Бæстæ цъиувæдис фестад. Дардæй хъуысынц сармадзанты богътæ… пулеметты къæр-къæр. Арæн æввахс у. Дæс километры. Сæуæхсидыл туджы саха рацыд, йæ быны фæци. Дуне цы зынгæй тарсти, уый ссыгъди.

– Лидзгæ! Нæ сывæллæтты бафснайæм!

– Кæдæм? Кæдæм? –фæрсы Аксинæ.

– Хъæдмæ! Бæстæ сæфы! – хъуысы сылгоймæгты æрдиаг. Фаллаг уынджы бомбæйы дзæхст фæцыд… Дыккаг…æртыккаг. Нымæц сын нал и. Зæхх ризы. Хъустæ къуырма кæнынц. Авджы дзыгъал-мыгъул. Хъæды, фæйнæджы къæс-къæс. Гæдыбæлæсты фæстæ пиллон арт сирвæзти. Фæздæджы къуыбылæйттæ… Зæхх хъæрзы цæхæры бын. Уæззау хъуырдухæны бахауди Аксинæ, артдзæсты смидæг. Цъилау зилы. Йæ хъуыдытæ авд дæлдзæхы фесты. Зонды хъæр æм нал уыд. Цы аразгæ у, цы гæнгæ?

– Сæфæм! Хъæдмæ! Кæд ма нæ сабитæ аирвæзиккой! – æрбатахт æм йе ‘мкъул цæрæг Зоя. Чумæданы, голладжы хæринæгтæ, дзаумæттæ атъыста. Къулмæ фæкомкоммæ: йæ мойы дамбаца! Куыд ын æрбайрох! Æрæфснайдта йæ. Леонид – хуыссæгхъæлдзæг. Фелвæста йæ, йæ дарæс ыл акодта. Лидзгæ! Кæцæйдæр хъуысы цъæхахст, кæуыны хъæр.

Зоя хæцы йæ чызг Катяйы цонгыл. Фæсте аззадысты уынгтæ, къаннæг цæугæдон, цъæх фæз. Смидæг сты хъæды. Хъæу зыны. Адæм фæйнæрдæм ныййарц сты. Арв æмæ зæхх æмниуд кæнынц.

– Æллæх! Мæгуыры сау бонтæ! Нæ хæдзар ссыгъд! – ныххæцыди Зоя Аксинæйы дысыл.

Зоя æмæ Аксинæ, æрыгон сылгоймæгтæ, цæуынц хъæды. Алчидæр хъахъхъæны йæ хъæбулы. Тас у калмæй. Тырты æмæ сындзы къутæртæ лæбурынц къухты уæлæрмттæм, рустæм, зæнгтæм, дарæсмæ. Кæс-ма, кæс! Схойы Аксинæ Зояйы. Парашютисттæ! Сæдæгæйттæй. Мигъы бын ныххал сты. Бынмæ сæхи уадзынц.

Аксинæйы буар ихы къæртт фестад. Леонид æмæ Катя тъизынц. Сæ уадултыл, сæ тæрныхтыл сæууон æртæхау хиды æртæхтæ. Стыр бæласы бын æрбадтысты. Къæбæр ахордтой. Сывæллæттæ афынæй сты. Мадæлтæ сæ фарсмæ сæхи æруагътой. Гуымс… гæрах… Кæцæйдæр дымгæ скъæфы танкты цæлхыты дзыгъал-мыгъул… Хæр-хæр. Аксинæитæ фестадысты… Цæуынц… Тындзынц… Баизæр и. Кæдæм ма цæуой? Мæйдар æхсæв а бæстыл пъæззыйау ныддæлгом. Дзæгъæл хъæд. Марадз, бамбар æй, кæм дзы цы фыдбылыз ис, уый. Адæймаджы адзал кæм нымбæхсти, чи йын цы хаты? Сæ хъæбулты сæ хъæбысты нынныуæрстой. Цы уыдзæн райсом? Цал уынгæджы боны сæм гæппæввонгæй бады?

Æрбабон. Араст та сты. Стъæлд бæлццæттæ. Мæнæ сосавæндаг. Фенцондæр къах айсын. Сæ разы цæугæдон тызмæгæй сцæхгæр. Хид… Йæ хъæдхъиутæ ма сты. Срæмыгътой йæ. Хуыцау йæ зонæг, чи уыд. Дон – арф, фæтæн. Йе знæт уылæнтыл, йæ тæлфаг уæлцъарыл сæууон хуры фыццаг тынтæ æрттивынц, хъазынц. Хуры тынтæ! Тæлтæг дæттæ! Цымæ, кæдæй нырмæ цæрут арвы бын? Адæм цардæй, дунейæ афардæг вæййынц, уæддæр ма сымах æндæртæн ныууадзынц. Дымгæ кæцæй фæзынд? Доны уæлцъарыл, йæ комы фынк кæлы. Урсбарц уырынгтæ уылæн былгæрон дæрзæг дуртыл йæхи хойы.

Аксинæ фæныфсджын. Бахудти. Йæ цæстытæ ферттывтой. Йæ бакастæй Зояйы талынг зæрдæ барухс. Цыма уырд уыд кæнæ доны чызг, – нæ фæтарсти схъиугæ æрра донæй. Леониды йæ дæлармы æрбалхъывта. Бахызти дзы. Зоя фæхъæддых и. Йæ чызджы фелвæста. Æлыгбын, лæгъз. Къæхтæ дзы бырынц. Аксинæ фæцудыдта. Зоя фæкъæдз вæййы, фæтасы. Цыма сæ доны уылæнтæ фæстæмæ сур зæххмæ разыввытмæ хъавынц, уæлдай уаргъ нын стут, зæгъгæ.

Æмбисы онг бахæццæ сты. Тарст сабитæ сæ ныййарджыты бæрзæйтыл ныззæгæл сты. Хуылыдз кæнынц. Уазал. Арфдæр ма куы разына, уæд судзаджы мардæрцыд нæу?! Дæ-дæ-дæй! Тыхулæфт, тыхнæтыд. Дон дзыхтæм бакæлы… Йæ тæккæ бæзджын. Дæлæмæ сыл æнцади… Арвы цæлхъау æвиппайды… Дæнг-дæнг… автоматты къæр-къæр… Нæмгуытæ доны ацъыввытт, аселф ластой.

– Бабын стæм! – сирвæзти Аксинæйæ. Зоя фæдæлдон. Иу зынд ма фæкодта… Æрбатары. Йæ чызг цы ‘рбаци? Дæнг-дæнг… Доны цæллахъ.

– Уæуу, уæуу! Мамæ! – сыхъуыст Леониды æнуд цъæхахст, сæры туг фемæхст.

Комкоммæ нал. Дон-дон – дæлæмæ. Тагъддæр, йæ сæр ма зыны. Архайы къæхтæй, иу цонгæй… Фаллаг был… Бæлæстæ, пыхс… Баирвæзти. Аууон ранмæ йæхи æппары. Нæудзарыл йæ лæппуйы æрæвæрдта. Былтæ ма змæлынц. Дзых фæхæлиу… Сæр туджы къуыбылойы хуызæн.

– Русис фрау капут! – ацахстой Аксинæйы хъустæ немыцæгты чыр-чыр.

Сылгоймаг артау ссыгъди. Дуне æрмæстдæр зындзинæдтæн конд у? Хъаймæт. Йе ‘ккойæ чумæдан феппæрста. Сæр фегом. Нæ ныххуылыдз. Йæ лæджы дамбаца. Гæдыйау хъавгæ, йæ цыппæртыл къутæрты æхсæнты хъуызы… Уæртæ топпæргъæвдæй æрбацæуынц дыууæ салдаты. Цæуылдæр худынц. Сæ дыстыл, се згъæр худтыл – фашистон нысæнттæ. Аксинæ ныхъхъавыди. Кæд бирæ сты? Иунæгæй! Гæрах… Гæрах… Иу дзы фæкуырис. Иннæ, лæугæйæ, бандзыг и. Гæрах… Кæрдæгыл йæ тъæпп фæцыд. Исчи ма сæ зыны? Ничи. Æвæццæгæн, фæндаг хъахъхъæдтой. Бахъуызыди сæм. Иуы автомат дзы фелвæста. Æрбатахти йæ хъæбулы цурмæ. Нал змæлы, бабын и. Систа йæ. Чысыл ауади. Мæнæ Зоя змисыл уæлгоммæ хаудæй. Катя йын йе ‘фцæгготыл фидар хæцы. Скасти йæм. Кæуыныл архайы. Йæ хъуырыл сырх фæрдгуытæ. Бæлвырд у, йæ мады уæгъд не суагъта, стæй сæ дон кæронмæ раппæрста… Уæдæ æндæр куыд? Чысыл фалдæр – дзыхъхъ, уæрмгонд. Зояйы мард уырдæм баласта. Ингæн – дыууæйæн. Леониды йын йæ хъæбысы æрæвæрдта. Къалиутæ, кæрдæджытæ, дуртæ сыл æрæмбæрзта. Нывæрзæны ‘рдыгæй дæргъæццон къæй æрсагъта. Цæссыг къæвда фестад. Зояйы æхсæз æмæ ссæдз азы, йæ хъæбулы фондз азы топпыхосы арты басыгъдысты. Ныхъхъус и бæстæ. Аксинæмæ афтæ фæкасти, цыма æгас дуне уыцы минут йæ сæр æркъул кодта æдзард удты дурын цырты раз.

Катя сулæфы, йæ хъæлæсæй дон ракæлы. Фелвæста йæ. Лидзгæ. Мæнæуы хуымы аныгъуылдысты. Саби сцæйкæуы. Йæ былтыл ын ныххæцы. Хъæргæнæн нæй. Алы тигъ, алы фæзилæнæй цахæм удхæссæг æрбазындзæн – бæрæг нæй.

Фæндæгтыл бирæ хъылматæ, бирæ æнамонд хъуыддæгтæ æмбæхст ис. Хуымæй ахызти. Диссаджы дидинæгджын уыгæрдæн. Зæххы скъуыдæй стæррæст ластой? Аксинæйы хæд сæрмæ фæзындысты немыцаг хæдтæхджытæ. Йæ къæхты бын нæмгуыты цъыввытт фæцыд. Иу дзы дурыл сæмбæлд. Фесхъиудта æмæ цъыс- цъысгæнгæ йæ хъусы фæрсты ацыд. Хъæдмæ! Къутæры бын йæ фазыл æрхуыссыд. Цы ма бакæна? Зæнгтæ сæ зыр-зырæй нал æнцайынц. Цæнгтæ бадон сты. Йæ уд ма йæ мидæг ис? Нал æй уырны. Катя – æрдæгмарды хуызæн. Аксинæйæн йæ хъуыдытæ нызгъæлæнтæ сты. Кæрæдзиуыл нал бадынц. Сæфты фæндаг. Æвæццæгæн, йæ цард, йæ уд ацы тугуарæн бонмæ нывонд уыдысты. Цыма йын йæ сæрдзарм къуымых кардæй стыгъдæуыди – кæуын, дзыназын йеддæмæ ницыуал æмбæрста. Сыстыныл архайы. Къабæзтæ коммæ нал кæсынц. Нал æм хъардта, нал хъуыста йæ фарсмæ дзæгъæл сабийы хъизæмар.

Æвиппайды та бæстæ кæмдæр гуыпп-гæрах фестад. Арвы цыппар фисыны æнкъуысынц. Аксинæ рабадти. Цъæх дари фæлыст хъæдты сæрмæ, дидинæгджын фæзты æрцауындзæг топпыхосы фæздæг. Булæмæргъы зарæджы бæсты рæгътæй хъуысы дæнг-дæнг… Бомбæты рæмыгъд. Æмбисбонæй акъул и. Аксинæ Катяйы хъæлæсы хæринаг уадзы… Тыххæйты… Фæхъуыртхъом и. Цæугæ. Кæм –цъымара, кæм – æрх. Бирæгъбадæн цъассытæ. Цард-цæрæнбонты хуры цæст нæ федтой. Къахавæрæн дзы рæстмæ нæй. Аксинæйы æккой чумæдан – уæхсчытæм баст. Йæ хъуырыл – автомат ауыгъд. Саби куы иучысыл ауайы, куы йæ был æруадзы. Йæ хъæбысмæ йæ сисы. Йæ хид кæлы. Сæрыхъуынтæ – пичъи. Къæндзытæй байдзаг сты. Сылгоймаг фæллад галау æнцайы. Ныскъуыдтæ сты йæ уæлæдарæс. Дыууæ стъæлд уды. Сæ фæллад сæ тулдзы бын фæдонзоныг кодта. Хуыссæджы хай баисты. Сæрдыгон цыбыр æхсæв сæ боны къухтæм тæрсгæ-ризгæйæ радта. Боныцъæхтыл та – размæ.

– Кæдæм цæуæм? – фæрсы йæ Катя, йе ‘ккой бæхбадт кæнгæйæ.

– Нæхимæ.

– Омæ цас цæуæм, цас? – дис кæны æнахъом саби.

Фыдвæндаг сæтты Аксинæйы хъару. Цæйбæрц фаг суыдзæн йæ тых, йæ ныфс? Кæцы къахдзæфыл фæзæрдæдзæф уыдзæн? Ацы дзæгъæл сывæллон кæм баззайдзæн? Цæуынц. Бон аныхъуыры мæйдар æхсæвы. Йæ дæлфæччи йæ атъыссы. Стæй та мæйдар æхсæв хурдзаст боны амбæхсы кæмдæр йæ фæсрон.

Къахвæндаг пыхсбынты бæрзонд къуылдыммæ схызти. Далæ бынæй – хъæу. Цæй хъæу! Нал дзы уыди хæдзар, уынг бæрæг. Аксинæмæ афтæ зыны, цыма тæригъæды уæзæй йæ сыджыт дæр дзыназгæ, ниугæ кæны, дур дуры бын риссы æмæ хъæрзы. «Ам кæмдæр сты. Куы нæ бафиппайой» – æмæ тындзы, фадхъулты туг кæлы. Уаргъы бын ныкъкъæдз и. Хур мигъты аууонæй нæ зыны. Мæнæ йæ разы февзæрд сосавæндаг. Чи у йæ хицау? Чи йыл цæуы? Моторы гуыв-гуыв æрбаввахс и… Уæзласæн машинæ. Гуыффæйы – сырхæфсæддонтæ. Цæфтæ. Урс кæрдæнтæй бæстытæ. Уæртæ сты. Мæнæ, гъе, нæхиуæттæ. Фæндаджы астæумæ æргæпп ласта. Шофыр фæурæдта.

– Кæдæм? Трофей дæм цæй тагъд бафтыд? – ацамыдтой Аксинæйы автоматмæ.

– Мæ бон акъахдзæф нал у. Мæ чызг амæлдзæн, уæ Хуыцаумæ скæсут, – лæгъстæйаг сын фæци.

– Сбад. Сæфæм, ирвæзæм – иумæ!

Машинæ анкъуысыд. Фæллад адæймаг æнцонæй сулæфыд.

– Павлик, мæ фыртыхстæй дæ нал базыдтон. Сергейы ротæйы æфсæддонтæй куы дæ. Сæударæй нæм дуар ды куы ныххостай. Цы фæци нæ лæг, нал æй федтай? – афарста Аксинæ, йæ рахиз цонг урс хæцъилæй баст кæмæн уыд, уыцы цæф хæстоны.

– Хорз нæ рауад. Сармадзаны нæмыг уыд æви бомбæйы схъистæ – дыууæ зæнджы дæр… ныгæнæг дæр æй нæ фæци, – йе ‘нкъард цæстæнгас иуæрдæм азылдта æфсæддон. Аксинæ ныууынæргъыдта… Цæссыг цæстытæ ахгæдта…

Æрбазынд дæргъæй-дæргъмæ хид. Дыууæ немыцаг салдаты дзы лæууынц. Машинæйы раз фæцæхгæр сты. Сæ хæцæнгæрзтæ шофырмæ фæцарæзтой.

– Хенде хох! Москау капут! – дзуры бурдзалыг салдат.

Шофыр рахызти. Къухтыл хæрдмæ схæцыд.

– Уыцы ус, мæрдтæм ма дæ хъæуы де ‘хсæнгарз! – ацахстой Аксинæйы хъустæ тыхст адæймаджы дзурын.

Уысмы бæрц нæ рауад. Хæцæнгарз йæ къæхты бын æвæрд. Сабыргай, хъавгæ… Автоматы къæр-къæр. Лæгсырдтæ асхъиудтой, шофыр рулмæ басæррæтт ласта. Нылхъывта йæ. Тæхгæуадæй уайы машинæ. Цæлхытæ хæрдмæ фесхъиуынц. Цæф хæстонты оф-оф райхъуысы. Чи гуыффæйы фæйнæгыл ныддæвдæг и, чи – йе ‘мбалыл. Тындзынц. Сахат… Дыккаг… Ноджыдæр… Фæстаг цæлхытæй иу атахти. Машинæ йæ фазыл быры. Уæртæ вокзал. Æрлæууыди. Тас фæсте аззад.

– Цы фæуыдаиккам æнæ дæу! – йæ къухтæ кæрæдзиуыл цæгъды шофыр.

– Дæу фæуæд… мæнæ ма дын йе ‘мбал дæр, – æмæ йæм автомат дæтты, стæй ын йæ мойы дамбаца дæр чумæданæй систа.

Аксинæ æмæ Катя тыххæй-фыдтæй вагонмæ схызтысты. Поезд араст скæсæнырдæм.

 

5

Гаги æвзæр фысым нæ фæци йæ цæрджытæн. Цæхх, кæрдзын сын æдзæстхизæй сæ размæ хаста. Аксинæйæн йæ фæллад ссыд. Сылгоймаг куыд кæны, афтæ йæхимæ базылд. Фæндаггон хæррæгътæ акалдта. Ног дарæс скодта. Уадултыл туджы уадындзтæ фæзынд. Цыбыр бурдзалыг сæрыхил тæмæнтæ скалдта. Иу изæр æхсæвæры фынгыл ныхас ныхасы къахта.

– Ус цæуылнæ курыс? – бахудти Аксинæ Гагимæ.

– Афæлвæрдтон… Кæйдæртимæ нæм кой рауад. Æртæ сидзæры… Йæ ныфс сæм ничи бахаста, – æрæнкъард и фысым.

– Уанцон нæу, исты ма сын дзидзи дарын хъæуы?

– Уый та куыд? Ды сразы уаис? – сирвæзти Гагийæ, фырæфсæрмæй цæсгом асырх и.

– Ахъуыды кæнин… Райсом куыстагур цæуын. Афтæ бадгæйæ раст нæу, – дзуры Аксинæ.

– Кæм агурыс?

– Колхозы, фермæты, хъæуы. Хуыйæгæй куыстон æрмадзы, фæлæ уый ныртæккæ никæй хъæуы…

Гаги ницы сдзырдта. Æхсæвæр фæци. Сывæллæттæ сæ хуыссæнтæ бацагуырдтой. Катя Сонаимæ диссаджы хæлар баци. Хъæццулы бын йæ фарсмæ абырыд. Гаги къæлидоры Аксинæйы æрурæдта.

– Мемæ цæр.

– Куыд цæрон? Лæвархор уазæгæй? – фæкъæмдзæстыг сылгоймаг, лæгмæ ныккасти, цыдæр зын ын уыд йæ цурæй ацæуын.

– Куыд вæййы, афтæ! – æмæ йыл йæ цæнгтæ æрбатыхта, уаты дуæрттæ сæхиуыл рахгæдтой…

Хъуыддаг бамбæрста æппæты фыццаг Салуме, сыхæгты ус. Гаги йын æй ской кодта:

– Нæ нæуæг æфсины уынæг нæм цæуылнæ æрбауайыс?

Салуме хабар уынгты айтыдта. Зонгæтæ, хиуæттæ æрбамбырд сты. Цинтæ, арфæтæ. Æнæ фынг æрæвæргæ ма дзы цы хос уыд. Урсбоцъо хистæр фысы сæр æмæ бæрзæйæ скуывта. Аксинæ кæд æрхæндæг уыд, уæддæр бабуц и, мидбылхудт ыл тынг хорз фидыдта.

Бонтæ згъордтой… Мæй… Дыккаг… Æртыккаг. Иу халасрайсом кæрты дуар æрбахостæуыд. Хъæусоветы писыр, æрыгон чызг, Гагийы къухы гæххæтт фæсагъта. Районы æфсæддон къамиссариатмæ, дам, дын ныртæккæ цæугæйæ у. Æд фæндаггаг, æд дзаумæттæ. Фæстиатгæнæн нæй. Цом, цы гæнæн ис. Хæст. Рабæлццон Гаги.

– Мæ хъæбултæ, стæй уыцы кæйдæр саби, Катя, де уазæг фæуæнт. Кæрæдзийæ сæ-иу ма фæхицæн кæн, – йе ‘нахъом фынæй рæзгæтыл ма хуыссæнмæ баузæлыд, къухмæрзæнæй йæ цæссыгтæ асæрфта æмæ тигъæй фæаууон.

Аксинæ даргъхъæдджын бел райста æмæ колхозы быдырмæ картоф къахынмæ араст и. Уый уыцы райсом цæмæй зыдта, Иры бæстыл, ацы æнæзонгæ хæдзары йыл бонтæ æмæ азтæ ныддаргъ уыдзысты. Сæ уæззау уаргъы бын йæ арммæ райсдзæни лæдзæг. Хуымон галау ныффæллайдзæни. Æмæ иу къæвда бон ацы къæсæртыл, йæ тых, йæ хъару цы хæдзары ныууагъта, уырдыгæй лидзыны къахыл ныллæудзæни.

 

6

Сиукъа артдзæсты цавддурау лæугæйæ баззад… Кæсы Аксинæмæ. Сау хуыз ыл бафтыди. Цыма йæ цæстытыл, йæ цæсгомыл тар æхсæв ныффæлдæхти.

– Зын заманы куы нæ фæтасыдтæ. Хъуыды ма кæныс, цы бонтæ, цы ‘хсæвтæ уыди зæххыл? Дæ тухæнтæ кæд фæуиккой дзырд? – нырхæндæг и Сиукъа.

Кæддæры царды нывтæ фæстæмæ здæхынц. Æрхастой йæм йæ сабион бонтæ. Хъуыдытæ ныскъуыдтæ сты. Кæрæдзиуыл сæ тухы, æмпъузы. Цæстытыл уайы…

Сыхæгтæй Салумейы хуызæн хæлар ничи разынди. Йæхи лæг, йе ‘фсымæртæ цыппарæй, йæ тиу – хæстæй сæ кой, сæ хъæр нал райхъуысти. Баззади йæ зæронд æфсинимæ. Уайтагъд бамбæрста уырыссаг сылгоймаджы мæгуыры бон. Тæригъæд у. Йæхи дзы иуварс никуы аласта.

Быдыры куыстмæ дæр иумæ цыдысты. Картоф къахынмæ, нартхор тонынмæ. Аксинæйæн йæ ныфс, йе скаст Сиукъа уыд. Рæзхæссин разынд. Се ‘ппæты сæрты акасти. Боцца, Сона, Катя – кæстæртæ. Ницыма сæ бон у. Фæззыгон фæлмæн райсом Аксинæ картоф къахыныл балæууыд. Тындзы йæ хайыл. Хуым дард ран нæ уыд. Фæсхъæу. Сывæллæттæ йæ фæдыл æрхæццæ сты. Фæлмæн сыджыты бел йæ хъустæм асадзы. Урсбын ставд картæфтæ рагæр-гæр ласынц. Сабитæ æзлæгдæрæй фæлæбурынц, уидзынц. Бедрайы гыбар-гыбур ссæуы. Атухæнтæ кодтой. Стæй куы къуыбæрттæ æхсынæй хъазынц, куы хъæбысæй хæцынц. Сæ кæл-кæлæй нал æнцайынц. Уæрдонвæндагмæ азгъордтой. Лæгъз ран сын хъазын бацайдагъ. Цæндæй хастой лыстæг дуртæ. Хæдзар арæзтой. Йæ цуры æртыгуыр сты. Йæ алыварс ын сагътой къæцæлтæ – быру. Уыцы уысм кæцæйдæр æрбайхъуысти цæлхыты гыбар-гыбур, æфсæйнæгты дзыгъал-мыгъул. Далæ дæлдæр Салуме йедзаг картофы чыргъæд голладжы куыд фæцæйуагъта, афтæ:

– Аксинæ! Сау бон мыл! Кæйдæр бæхтæ фæтарстысты! Дæ сывæллæтты дын марынц! – ныцъцъæхахст ласта ус.

Аксинæ фæзылди. Фыдбылыз. Æрра бæхтæ тæхынц. Бричкæйы ничи бады.

– Сиукъа! Иуæрдæм! Нæ уынут!

Дымгæ йын йæ хъæр зыгъуымырдæм аскъæфта. Сылгоймаг асæррæтт кодта. Сæрæй къахы ныхтæм пиллон суагъта. Цавæрдæр тых æй йæ уæлныхты фелвæста. Фæндагыл февзæрд. Сабитæм згъора æви бæхтæм! Бæхтæ мæнæ… цалдæр секунды… – йæ хъæбултæ сæ цæфхæдты бын къабазгай ныууыдзысты. Хъæр сыл кæны, йæ цæнгтæ тилы, хæрдмæ хауы, æвзиды сæм. Йæ хъæлæс ныффаз. Нæй, ницы. Айтæ-уыйтæ нал… Разæй дышлæйы хъæдыл йæхи ныздыхта… Ацауындзæг ыл. Уымæл зæхмæ йæ къæхтæ быцæу фæцаразы. Иуæн дзы йæ бæрзæйы гæрзыл фæхæст. Фæсвæдмæ йыл анцад. Бæх фæуыцыр, фæзылд. Иннæ фæкалд, фæфæрсыл. Уæдмæ Салуме схæццæ, уæлбыл чи куыста, уыдон дæр æрбакалдысты. Ногифтыгъд æрра байрæгтæ. Раирвæзтысты. Æрсабыр сæ кодтой.

Аксинæ иудзæвгар зæххыл хаудæй баззад. Йæ зæрдæ йе ‘муд нал цыд. Сиукъаитæ йæ уæлхъус слæууыдысты. Уыцы минут цы?..
Фæстæдæр сæм бахъардта, сау ингæнæй сæ кæй байста, уый. Уыдоны бæсты дзы йæхæдæг кæй фæцæйхаудта…

Цæстыты раз слæууыд…

Хæст… Хæсты дзæхст фæцыди Иры зæххыл дæр. Аксинæйы æрæййæфта уыгæрдæны. Хос карста Гагийы цæвæгæй. Сабитæ йемæ. Къуыбыртыл ратæх-батæх кодтой. Тыдтой дидинджытæ. Хъулонбазыр гæлæбутæ ахстой. Къуырриццытæ. Аксинæ цæвæджы комыл дæрзæг цигæс æрсæрфта, йæ сывæллæттæм цæст дарын дзы нæ ферох. Æнæрхъуыдыйæ йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдз æрбалыг. Туг акалд. Дугъысыф ратыдта. Йæ дзыппæй урс хæцъил фелвæста. Бæтты йæ. Уыцы минут мигъы бынæй ратæррæст ластой знаджы къорд хæдтæхæджы. Бомбæты гуымс-гуымс… Моторты гуыр-гуыр æмæ къæс-къæсæй зæрдæ ризы. Бынты сæхи æруагътой. Пулеметты къæр-къæр хъæдбынты ныццарыдта… æхсынц фæндаггæтты, донбыл фыййæутты, быдыры кусджыты. Сывæллæттæ фыр тæссæй Аксинæйы цурмæ æрбазгъордтой.

– Æрхуыссут!

Нæудзарыл æрхаудтой. Адæргæй сæ кæрæдзийы бын бырынц. Аксинæ сыл дæлгоммæ ныххуыссыд. Йæ къабæзтæ сыл байтыгъта, карк къæвда бон йæ цъиуты йæ базырты бын куыд бакæны, афтæ. Йæ быны сæ нуæрды. Сиукъайы сæр йæ роцъойы бын тæлфы. Сæ хъуыргъуындæг цæуы. Сæ сæрмæ пулеметы къæр-къæр ссыд. Мæлæт йæ цæвæг райста. Хъуамæ ныккала лæджы туг. Скæуын кæна искæй мады. Бахуыйа йыл саутæ. Йæ цæстытæй йын сараза цæссыджы култæ. Нæмгуыты æхситт… Аксинæйы фарсмæ сæ тив-тив ссыд. Йæ цæсгомыл уымæл сыджыт æрбакалд. «Ух-х, цъаммартæ, бабын стæм!» Уæдмæ сæ комкоммæ фæзындысты сырх стъалыджын хæдтæхджытæ… Хæст… Уæлдæфон хæст. «Дунейы фарн, бирæгъты хъæлæсы нæ ма баппар,» – скатай Аксинæ. Чысыл фæстæдæр тыхгæнджытæ мигъты фæсчъылдым æрбатар сты.

Сиукъа нæ рох кæны…

Адæймаджы зæрдæ йæ риуы кæмæн ис, уымæн йæ цæссыг ма æркæла, уый гæнæн нæй. Фашисттæн Иры бæстыл сæ кой, сæ хъæр нал и. Фæлæ сæ фæд алы къуымы дæр ныууагътой. Цыппар æнахъом сабийы пецыл сæхи ныхасынц. Нæй, нæ сæ ‘ндавы. Цы дзы бандзарой! Æххормаг сын у. Се скаст Аксинæмæ у. Ау, æхсæвæрæн ницы амал ис? Ницы. Аксинæ сывæллæтты йæ хъæбысы æрбатухы. Сæ гыццыл къухтыл сын йæ хъарм комытæфæй фу-фу кæны. Агъуысты къуымты уазал смаг йеддæмæ никуы ницы ис. Гаги сын цы лæувæздон хъуг ныууагъта, уый немыцаг салдæттæ уынджы сæргæвстой. Кæрчытæн, хъазтæн сæ пакъуы скалдтой. Дзæргъ æд хъыбылтæ йæ хуыдоны хуыссыд. Афицер сыл дамбацайы нæмгуытæ банымадта… Цæхæрадоны быру басыгътой. Нартхоры къутумæ сæ бæхты бауагътой. Гæвзыкк, æххормаг ныууагътой сæ фæстæ. Мæгуырдзинад уынгты дзойтæгæнгæ хилы. Хæдзары къултыл, йæ царыл урс-урсид халас сбадти. Фæтæгены фæстаг цъыртт фæуынмæ хъавы. Æнæавг цырагъ гæзæмæ рухс кæны.

– Схуыссæм, – æмæ фондзæй дæр иумæ батылдысты. Уазал. Саударæг ус катайы бацыд. Йæ зæрдæйы судзгæ хъæдгæмттæ ниуынц, уырауынц, йæ хуыссæджы хал кæдæмдæр фæлыгъди. Стонг сабитæ йæ бынмæ бырынц.

– Уæлæмæ, фынæймæ нæ не ‘вдæлы! – боныцъæхтыл дуар æрбахоста Салуме.

Аксинæ фестад. Сиукъайы бауыгъта. Лæппу хуыссæнæй рахызти. Пиджачы йæхи æрбатыхта. Къæхтыл – цырыхъхъы зæрæдтæ. Арæвдз и. Дуармæ февзæрд.

– Иннæты ма райхъал кæн, не ‘фсин сæм йæ хъус фæдардзæн, – æмæ сæхимæ ауади Салуме.

Уынджы йæм æнхъæлмæ каст лæгуæрдон. Аксинæйы кæртыдуар байгом. Уырдыгæй дæр ахæм дыдзæлхыг уæрдон ратылди. Салуме анцади. Йæ хæд фæстæ – йæ сыхæгтæ. Сæууон уæлдæфы райхъуыст цæлхыты гыбар-гыбур. Сиукъа згъоры. Куы Салумейы цур февзæры, куы Аксинæйы. Митвæндæгтыл æрбадымы дзæгъæл дымгæ. Салд райсом æмæ æххормаг бон сæ рæбыныкъæдзтыл рабадтысты. Стонг! Уый адæймаджы цы нæ зындон ранмæ баскъæры. Цы нæ уынгæджы бон ын æрцауындзы йе ‘ккой. Хатт фесафы лæджы цæсгом. «Къæбæр мын авæр», – бахойын ын кæны искæй дуар. Йæ разæй скодта тыхст сылгоймæгты дæр.

Æрхæццæ сты æхсынæны хуымтæм. Æндзалмы стæвдæн хæтæл. Фæззæджы æнæкарстæй баззад. Ныр æй адæм артагæн ласынц. Æхсæнмæ-æхсæнты дзы ис хуыскъæлы хиталджытæ. Сæ быны – хуыскъæлтæ… Æрулæфыдысты. Салумейы рифтаджы – арты фых милабырынкъ картæфтæ. Æртæ дихы сæ фæкодта. Сиукъа зыдæй фæлæбурдта. Цæй катайаг хуыз ын ис. Йæ цæсгом рынчын зæронд лæджы цæсгомау нынцъылдтытæ, смæллæг, йæ царм сбур и, æвзонгдзинады тыбар-тыбур цыдæр фæци. Кæрдынц хæтæлтæ. Уæрдæтты сæ амайынц. Фароны картофдæтты агурынц картофы бындзгуытæ. Къахынц хуыскъæлтæ. Салд зæххы хъыррыст фæцæуы. Бел зæххы тыххæй-фыдæй нынныхсы. Адæймаг царды сæрыл цардимæ уæхскуæзæй хæсты бацыди. Аксинæ æмæ Салуме ногæй сæхи лæгуæрдæтты баифтыгътой, хъæумæ. Уаргъ фæуæззау и. Уыйхыгъд ахсæв пецы судздзæни арт, уыдзæни æнæбары æхсæвæр.

Сиукъа æрымысыд уыцы бон…

Сусæны мæй. Мæнæугæрдæнтæ. Зæрæдтæ, устытæ, æрыгон чызджытæ, лæппутæ райстой æхсырфытæ, цæвджытæ. Хуым кæрдынц фæсхъæуты, фаллаг фæрсты. Аксинæ сулæфт нал зоны. Æхсырф, цæвæг систы йæ хæцæнгарз. Найгæнæн мусы машинæ иу куырис иннæйы фæстæ ныхъхъуыры. Сиукъа, Боцца, Катя æмæ Сона дæр Аксинæйы фæдыл уым балæууыдысты. Карст, ссывд хуымты уыгътой æфсиртæ. Адæм сыгъдæг мæнæу голджытæм æвгæдтой. Сæ кæмттæ сын бастой. Кæрæдзи сæрыл сæ рæдзæгъдтæй амадтой. Цалдæр цæды бæхтæ-бричкæтæ фæзындысты. Голджытæ сыл æвæрынц.

– Фыццаг чырæ хорисæн пунктмæ! Чи фæцырд уыдзæни?

– Æз, ныртæккæ сæ схæццæ кæндзынæн, – зыгуымæйдзæгтæй æрбауад Аксинæ.

Цыдæр гæххæтт æм авæрдтой. Райста ехс. Раззаг бричкæйы сбадти. Рохтæ æрбалхъывта. Бæхтæ бацырд сты. Иннæтæ – сæ фæдыл. Усæй, лæгæй йæ фæстæ нымдзæгъд кодтой. Цымæ мæйдар æхсæвы зын фæндæгтыл йæ размæ рухсы тын æрхауди, уыйау бахудти Аксинæ. Сиукъа афтæ æнхъæл нæ уыд…

Сиукъа, Боцца, Катя æмæ Сона хъæдæй æрхæццæ сты. Сæ къухты – къаннæг рифтæгтæ. Сатæг æхсæрæй – дзаг. Кæрты астæу тымбыл бадт æркодтой. Аксинæ сæ уæлхъус алæууыд. Фæллад, тызмæг æнгас, цæуылдæр мæсты. Йæ хъæлæсы уаджы йын фæхатыдтой тасы мыртæ. Рагæй сæм ис хъуг, фыстæ, сæгътæ, хуытæ, кæрчытæ. Холлаг сын хъæуы зымæгмæ. Аксинæ донгуырæны хосы мæкъуыл ныккарста. Чидæр ын æй адавта.

– Æхсæртæ дын æрхастам…

– Кæм уыдыстут?

– Хъæды!

– Абон быдырмæ куы цыдтæн, уæд уын куыд бафæдзæхстон? Скъоламæ уæ мачи байрæджы кæнæд! Сымах та æндæр ранмæ акъуырттат! – фæцъæхахст сыл ласта… Кæцæйдæр цъæхснаг уис раскъæфта… Æвæццæгæн, адæймаджы уд зындоны рыстæй куы сриссы, уæд хаттæй-хатт искæуыл йæ пырх акалы, кæд ын фенцондæр уаид. Сабитæ фыртæссæй асæррæттытæ ластой. Чи – цæхæрадонмæ, чи – æмбæхсгæ. Се ‘хсæртæ кæрты баззадысты.

Сиукъайы хъустыл ма уайы…

Рæстæг уад у. Аз азы фæдыл афардæг. Æрталынг. Сабитæ стъолы алыварс бадынц. Ахуыр кæнынц сæ уроктæ: чи – фысгæ, чи – кæсгæ. Чидæр тыргъы къæсæртыл схызти. Фаллаг уатæй хъуысы сабыр ныхас. Афтæ мынæг хъæлæсæй никуы никæимæ фæдзуры Аксинæ. Сиукъа сыстад. Кæд исты æнамонд хабар æрбахастæуыд. Цыма йыл тæрхъусдзармæй уæфсытæ уыд, йæ къæхты уынæр нæ райхъуыст. Рудзынджы цурмæ балæууыд.

– Хæст раджы фæци. Æгас ма чи баззад, уыдон æрыздæхтысты. Дæ фыццаг лæг, стæй Гаги дæр рухсаг уæнт. Кæмдæр бабын сты. Айразмæ дæр дын загътон: нæ цард баиу кæнæм, – ауади Сиукъайы хъустыл.

Уый уыд колхозы мыдгæс Гуга, йæ ус амарди.

– Айæппæт сидзæртæ уадзгæйæ не сты. Сæ фыд йæ адзалы фæндагыл куы араст, уæд сæ мæнæн ныффæдзæхста, – дзуры сындæгтай Аксинæ.

– Цы дын фæуыдзысты, цы? Кæйдæр сывæллæттæ. Сидзæрдонмæ сæ ратт. Искæд бон дæ сæ уæрагæй скъуырдзысты, – амоны йын Гуга.

– Кæд мæ фыдæбон бамбарой, уæд хорз… Кæнноддæр…

– Дæ райсомыл дæ ахъуыды хъæуы. Дæхи галау сифтыгътай. Цы уынгæджы фæдæ? Дæ уд цæуыл хæрыс? Стæй, Катя – бынтон æцæгæлон чызг… Уый та ма дын циу?

– Катя… йæ фыд Финляндийы хæсты фæмард. Йæ мад Зояимæ хæларæй фæцардыстæм… Мæхи хъæбулимæ сæ иу ингæны баныгæдтон… Цæй, уыдæттæ зонын дæу ницæмæн хъæуы. Идæдз усы хæдзармæ цæуын аив нæу. Афардæг у! – фæцæхгæр и Аксинæ. Лæджы бандоны къæс-къæс ссыд. Сыстад. Пъолыл цырыхъхъыты уынæр хъуысы. Сиукъа фæстæмæ йæ бадæны абадти.

Сиукъа куыд ферох кæна уыцы æхсæв…

Тъæнджы мæй. Сиукъа уæд институты фæстаг курсы касти. Æрвылаз дæр, куыддæр сæ каникултæ райдайынц, сæ хæдзары батæлфы. Никуыцæй зыны ацы хатт. Фыстæг дæр дзы нæй. Уынæг дæр æй нæ фæци. Аксинæ скатай. «Цы хабар у, бабæрæг æй хъæуы». Йæхи арæвдз кодта. Райсом сæударæй сыстад. Хъарм дарæс скодта. Салдаты четæн дзæкъул – йе ‘ккой. Царв, цыхт, дзидза, дзаджджын чъиритæ, дыргътæ, арахъхъы дурын. Кæддæрау йæ зæрдæ йæ хæдзармæ
нал æхсайы. Боцца æфсады ис. Катя æмæ Сона дæсæм кълас фесты. Фермæйы хъугдуцджытæй кусынц. Æхсæв сæхимæ сты. Дзоныгъвæндагыл дзæвгар фæцыди. Бæстæ уыд æнкъард, æгуыппæг. Асæст арвæй иугай миты гæлæбутæ хаудта. Стæй куыдфæстагмæ тынгæй-тынгдæр райдыдта. Исты амæлттæй сосæ фæндагмæ куы ныфтид. Дымгæ райхъал, рæгътыл ниуы, доны былтыл тъизы. Митфæлдзæгъдæн здухы. Бæлццоны цæсгом ныцъцъыкк ласы, нырриуыгъы йæ. Размæ! Кæм и Сиукъа! Хъæд æрталынг и. Æгæр, афтæ тагъд? Гæппы бæрц йеддæмæ нæу зымæгон бон. Цæуæг, змæлæг нæй. Ссæнды размæ. Хъæдæй рахызти. Цыма фæрухсдæр. Доны сæр-сæр хъуысы. Цæст рæстмæ нал ахсы фæндаджы ныв. Мæнæ цæхгæрмæ фæд. Балбирæгъты фæд. Судзгæ катай зæрдæ ‘хсыны. Сæрыхъуын арц сбадт. Сур хид акалди. Буары дыз-дыз ссыд. Ныффæллад. Тымыгъ йæ сонт къуыззиттæй не ‘нцайы. Цæугæ! Æндæр хос дзы нæй.

Аксинæ размæ куыд асхъиудта – нæ йæ фæхатыдта. Кæдæмдæр кæй хауы, уый фембæрста, цæстытæ атар сты. Цы йыл æрбамбæлд? Ус базмæлыд. Къухтæй сгары. Астæуæй дæлæмæ аирвæзт ихджын доны. Рабырыди малæй. Дзæкъул æккойæ нæ ахаудта. «Адзал мæ цы ран æрæййæфта. Сиукъайы нал фендзынæн уæдæ?» Уæлæдарæс асалдис. Буар ихы къæртт фестад. Æнгуылдзтæ коммæ нал кæсынц. Æфсæрыкъæдзтæ кæрæдзийыл сæхи хойынц. Цæйдæр уынæр йæ хъустыл ауад. Куыдзы рæйын. Аздæхти уынæры ‘рдæм… Цæуы… Уæртæ цырагъы рухс. Уый хъæдгæсты хæдзар у. Кæддæр ма йæ федта.

– Уæ, хорз адæм, уæ куыдзы мæм ма рауадзут!

– Мидæмæ, чидæриддæр дæ! – фегом агъуысты дуар, разгъордта дзы адæймаг.

Уый уыди уырыссаг зæронд лæг. Рагон хъæдгæс. Адæм æй хуыдтой фыды номæй, Кузьмич. Куыддæр Аксинæ къæсæрæй фæмидæг и, афтæ:

– Гыцци, кæцæй, уый цы хуызæн ныддæ!?– фестад йæ бадæнæй.

– Диссæгтæ! Сиукъа! Дæу агурæг куы рараст дæн! Офф-офф, доны аирвæзтæн! – аджих Аксинæ.

– Уазæгуаты уыдтæн, кæддæр дын цы Надяйы кой кодтон, уыдонмæ. Пединституты ахуыр кæны. Ныр та нæхимæ, дæумæ цæуæм. Уæртæ йæ фен, пецы фарсмæ слæууыд. Ам ныл æрталынг и, – ацамыдта йын Сиукъа Надямæ.

Надя æфсæрмдзастæй йæ сæр бынмæ æруагъта.

– Мæ чындзаг! – æмæ Аксинæ йæ уазал армы тъæпæнæй Надяйы фæлмæн хъарм рустæ хъавгæ, узæлгæ æрсæрфта.

 

7

Дуар фегом. Джихтæгæнгæ æрбахызти Катя. Фермæйы хъугдуцæг, чындздзон чызг. Йæ хъæддых уæнгтыл æнгом бады игæрхуыз къаба. Кæддæр ын йæ мад Зоя цы сырх фæрдгуытæ балхæдта, уыдон – йæ хъуырыл. Иунæг хæзна, иунæг зæрдылдарæн, йæ ныййарæгæй йын цы баззад, уый. Искуы æрæвæрын сæ йæ цæст никуы бауарзта. йæ фæлмæн сæрыхъуынтæ – уæхсчыты онг. Урсцъар цæсгомыл – иугай сау стъæлфытæ. Цыбыргомау схъæл фындз. Æмбаргæ сабыр цæстытæ фезнæтхуыз сты. Аксинæйы æнкъардæй ауыдта. Сиукъамæ цыдæр сцæйдзырдта, фæлæ уæдмæ Сона артдзæсты уыциу мидæг сси. Уæнгджын чызг. Усгур лæппутæ сæ фыны арæх кæй уынынц, ахæм. Дзыккутæ ехсбыдæй уæнтыл æппæрст. Дæргъæлвæс цæсгом æрбатар и. Катяимæ дæс къласы каст куы фесты, уæд къуырийы фæстæ сæ гуырыконд фермæмæ сарæзтой. Йæ хæд фæстæ къæсæрæй йæ сæр æрбадардта Салуме дæр.

Хъæрæй дзургæ, йæ худын тыххæй уромгæ, фæзынди Боцца. Колхозы шофыр.

Бензины тæф йемæ æрбахаста. Ставд уæнгтæ, ставд сырх бæрзæйы хицау. Сæр – булкъдаст. Куы бахуды, уæд йæ цæстытæ сæхи кæмдæр арф ран амбæхсынц. Йæ риуы дзыпмæ нывнæлдта. Сырх туманты гуыппар дзы сласта. Аксинæйы æртты сæ фæсагъта.

– Мæ мæйы мызд. Туман дзы мæхицæн ныууагътон – кæйдæр чызгæн къафеттæн! – æмæ худæгæй бакъæцæл.

– Кæсыс дæ цыкурайы фæрдгуытæм! Ацы сидзæрты мæтæй дыл хур бон хур куы нæ каст, уазал бон дæ арт куы никуы батавта, уæд сæ дæ сæр кæдæм сафыс! – бауырдыг æм и Салуме.

– Лидзгæ кæны, нал лæууы! – фыдоххуызæй йæ кæстæрты ‘рдæм йæ сæр банкъуыста Сиукъа.

– Кæдæм? Æнæхицау зæрæдты хæдзармæ, – фæцырд и Надя.

– Цæй, никуыдæм, афтæ æнæуи, – фæтыхсти Аксинæ. Йæ бандонæй сыстад. Йæ хуылыдз кæлмæрзæн æмæ палто раласта.

– Не схæссæг, гыцци! – æмæ йыл фæйнæрдыгæй сæхи æрбаппæрстой.

Аксинæйы цæсгом фæрухс и, мидбылхудт ыл ахъазыд, йæ цæнгтæ байтыгъта æмæ йе нæныййаргæ хъæбулты йæ домд риумæ æрбалхъывта, кæддæр сæ тъæнджы мæйы халас цары бын йæ хъарм хъæбысы куыд нуæрста, афтæ.