ГУСАЛТЫ Барис

ТУГ-СТÆГ КÆРДÆДЖЫ ХАЛ

Радзырд

Далæ денджызы доны бын срæмыгътаид ныгъуылдæй науты бæллæх минæ, æви тæккæ былгæрон æрхаудаид немыцаг сармадзаны нæмыг, фæлæ йæ хæдуæлвæд дуне афтæ федзæм, фæсабыр, æмæ лæджы нæ уырныдта, ацы сахат дæр хæсты тæккæ астæу ралæууыд, уый. Зæхх дæр йæхимæ хъусæгау фенæсыбыртт, æмæ арв дæр хæсты размæйы Хуыцауы сфæлдыст-сконд арв уыд – исты дзы æрызгъæлынæй æдас, кæд ма-иу исты судзаггаг зиан æрцыд, уæд загътаиккой, арвæй дур æрхауд æмæ ацы кæртыл сæмбæлд, зианджыны æнамонд кæртыл, зæгъгæ…

Фæлæ хæсты судзаггаг зиантæ та арвæй дур æрхауæгау нымад нал вæййынц, цыма æмбæлгæ дæр афтæтæ-уфтæтæ кæны, уыйау. Æрмæст ды, Вано, – йæхæдæг йæхимæ йæ номæй сдзырдта, – дæ бинонтæм уыцы сау уац нæма арвитын кодтай:

– О, Хуыцау, дæуæй разы, æмæ табу дæуæн дæр, табу, Уастырджи!..

Уалынджы дын æм æцæгæлон зæххыл – ныр мæнæ Севастополы бынмæ денджызы былгæрон – зæрдæйыл тар мигъ бон хуры цæст куыд æхсызгонæй сæмбæлы, афтæ йæ хъустæ хæрз хæстæгæй, иу-ссæдз санчъехы уыдаид се `хсæн-нæ уыдаид, уырдыгæй йæ хъустæ уды сой ныхасыздæхт, æвзаджы хъæд куы ацахсиккой: æрдæбоны срæмыгъдгæнæгæн арфæтæ:

– Дæ мады роны срæмудзæд дæ минæ, куыдзæйгуырд хæрæджы къæлæу!

Цыдæр зонгæ хъæлæс ын уыд тамако æнæвгъауæй дымæг лæджы фæздæгæфхæрд хъæлæс. Куы ма йæ фехъуыста кæддæрты бæлвырдæй, фæлæ – кæд æмæ кæм, цы бон, цы уавæры?

А-гъа-гъа!

Керчы!

Куыддæр сæ Кавказы былгæронæй Кæфты фæндаджы сæрты Хъырымы былгæронмæ браныл æрбаппæрстой, афтæ! Уæд фæзонгæ сты, стæй сæ фæхицæнтæ кодтой алы къордтыл…

Асæмо!

Зилгæйаг!

Йæ мыггаг та…

– Хуыцауы хатырæй, Асæмо нæ дæ?

– Тæккæ уый дæн! Ды та – Вано! Тлатты Беслæны хъæуæй.

– Мæнæ Хуыцауы диссæгтæ — ’мбисæндтæ! Куыд дæ?

– Куыд дæн, æрдиаг ма мыл хъæуы, цы фæзæгъынц. Фæлæ цъæррæмыхст дæр нæма фæдæн, кæд цыфæнды диссаг у уый ацы арæх нæмыгадзагъд æмæ срæмыгъдты, уæддæр.

– Æз дæр æрмæст уæлæнгæйтты фæцæф дæн: сармадзаны снаряды… нæмыджы схъис зынг тæвдæй мæ уæраджы хæцъæфы бамидæг – мæхæдæг æй федде кодтон, бабастон æй пысырайы сыфтимæ. Цæй хостæ, фæлæ мæ, бæргæ, уæд та хæлуарæджы тынтæ куы уыдаид…

– Хъыг дын ма уæд, фæлæ мах хуызæн куыйтæ къуылыхæй нæ мæлынц, ома, хæстарыд куыйтæй зæгъын…

– Раст зæгъыс, Вано. Уæллæй, æхсæв-бонмæ-иу раст мæ хъуырмæ уазал доны дæр фæдæн, уæдæ-иу миты рагъыл дæр фæхуыссыдтæн удæст дзаумæтты, уæддæр æхснырсгæ дæр никуы скодтон. Сабыр царды сæйгæ рынчъынæй æруатон уыдаин…

– Зилгæйыхъæуккаг кæй дæ, уый бадардтон мæ зæрдыл, фæлæ дæ мыггагæй…

– Азиатæй дæн. Ды та Дзгойтæй, нæ? Кæд ма æз дæр исты зонын, уæд…

– Зоныс, зоныс! Гъемæ афтæ баныхас кæнæм: чи нæ сæмбæла сæрæгасæй Иры зæххыл, уый иннæйы бинонтæн бæлвырд хабархæссæг уыдзæн, кæд дыууæйæ дæр аирвæзæм, уæд та…

– Уæд та – кусарт мæнæй, нозт дæуæй!

– Фæуæд! Фæлæ нæ ныр ардыгæй нæхи исты хуызы айсын хъæуы. Мах дæр, мах! Науæд, дам, нæ разамынд сæ сæртæ `фснайынмæ фесты, адмирал Октябрьский сæ разæй, афтæмæй. Нæ зонын, Сосо сын радта бар, æви нæ, уый. Кæд – нæ, уæд сæм дзы уый къæдзæй бадæтдзæн. Фæлæ мах æнæ бардзырдæй куы фæфæстæмæ кæнæм, уæд…

– Цы `фсæддон цины дæ, Вано?

– Сержант.

– Уæдæ æз та хуымæтæг рæнхъон сырхæфсæддон. Æмæ мын нæй, дæуæй фалæмæ мын чи бацамона, цы гæнгæ мын у, уый. Гъемæ ацы тæккæ сахатыл ды дæ мæ Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг æмæ бардзырд радт фæстæрдæм афсæрынæн на заранее подготовленные позиции. Кæсагахсджытæ, дам, сæ бæлæгътæ-шаландæты ласынц нæхионты Кавказы былгæрæттæм…

– Æмæ дæлæмæ, денджызы донгæронмæ ныйирвæзын дæр стыр фæллойаг у, тæссаг: алы метр дæр сын мысанау бæрæггонд у немыцæн. Ды ныр кæм дæ, Асæмо?

– Цыдæр лæнкауы…

– Æз та, бомбæ цы дзыхъхъ сфæйлыдта, уым. Куыддæр дзы мæ сæр сдарон, афтæ дæ балгъитæг дæр уыйау куы фæуид. Фæлæ мæлæтæй дæр афтæ бафæлладтæн, афтæ, æмæ дзы нал тæрсын. Гъемæ æз… О, æз æй зонын мæхицæн, сыдзмыдзы куыд цæудзынæн, уый, фæлæ ды та дæ фазыл абыр далæ сындзджын къутæрмæ. Уыныс æй, йæ фарсмæ матросы лентæджын худ уæлгоммæ фæлдæхтæй…

– Уынын. Чысыл фалдæр ма дзы ноджыдæр ис…

– Гъемæ дæ ных уымæ сараз, къутæрмæ – кæд Хуыцау зæгъа, æмæ та нæ амонд ацы хатт дæр тыхджын уа, уæд уым сæмбæлдзыстæм…

– Вано, уæй, Вано! Цæмæй дæ бафæрсинаг дæн… Немыц размæ хъазуаты цæуылнæуал бырсынц, атакæйы ома?

– Кæмдæрты ма морякты тæнæг къордтæ баззад æд хæцæнгарз, æмæ уыдонæй тæрсынц, сæ полундрæ, зæгъгæ, ахæм хъæрæй. Уыдон ард бахордтой, мах, дам, нæ удæгасæй Севастополь немыцæн нæ ратдзыстæм, зæгъгæ. Фæтæрсыны бæсты мæлæт ницæмæ дарынц. Стæй цъаммар немыцы дæр, налат немыцы, кæд уыдон Хъырым æгасæй дæр сæхи бакодтой, уæддæр.

– Хъырым циу, Хъырым?! Советон Цæдисы дзаджджындæр кæрдих хай! О, æмæ мæ автомат ППШ-а та цы фæкæнон – нæ йыл джебогъ ис, нæдæр ма мæм гилдзытæ баззад…

– Уым æй уадз, æндæр ма мæн дæр æмæ дæу дæр цæмæн хъæуынц… Цæй, нæхионтæ – фæстæмæ! Фембæлдмæ уал!..

Вано та йæхæдæг, цас рæстæмбис лæг уыд, уый бæрц уырдыг слæууыд йæ дзыхъхъы æмæ, цыма уызыны балцы фæраст уыдзæн, йæ хъуынадæф дымгæйæн фæхæссын кæнынмæ, дымгæмæ ныддарынмæ, уыйау уыцы æнæмæтхуызæй схызт уæлбылмæ æмæ, йæ ихсыдтæцъар бæмбæгджыны тæрттæ фæйнæрдæм ныттындзгæйæ, фæцæуы денджызы бæрзонд уæлбылæй æмуырдыг дæлбылмæ, немыцаг нæмгуытæ кæдæм нæма хæццæ кæнынц, уырдæм: кæд искæй бæлæгъ-чемы бабадыны амонд æрхауид уымæ дæр æмæ… æмæ…

Раздæр, æвæццæгæн, фæкуыддæрау, фæуыргъуыйау сты немыц, ай та ма дзы кæцытæй уа, йæхи барвæндонæй нæ топпыты хъæлæсмæ куыд æвæры, æви йын мæлæт ахæм удаист цардæй фæбæллиццагдæр, зæгъгæ, æмæ йæ æрæджиау, – иу æрхгонды йæхи бааууон кæнынмæ ма йæ дæс-дыууадæс санчъехы куы хъуыд, уæд æрæджиау æхсын райдыдтой иугай гæрæхтæй. Чи зоны, æмæ цалдæрæй ерысы дæр бацыдысты, чи сæ йæ сæргъæвид, зæгъгæ. Уæлахиздзауæн та – шнапсы авг…

Нæй, ничи йæ сæ акъуырдта, Уастырджи сын сæ фæттæ тæссармæ здæхта, æрмæст ын йæ телогрейкæ цалдæр раны æнæ бæмбæг фæкодтой – нæмыг-иу сæ йæ разæй бындзыггай ахаста…

Æмæ сæм, миййаг, йæ фыр тæссæй нæ фæцис фидиссаджы, худинаджы чъылдымыздахт, фæлæ сæ уый дæр куыдзы хордзæуæнмæ дæр кæй нал дардта æмæ сæ къæбутдзæфтæ кæй арæзта, æцæг фидиссæгтæ æцæг хæстон лæджы цæсты, уый нысанæн, уый!

Къорд азы фæстæ-иу æй куы фарстæуыд стæмхатт – æппындæр нæ уарзта хæсты тыххæй истытæ мысын æмæ дзурын, – уæд-иу тыхлæмæрстытæй загътаид, зæгъгæ, ау, уый та куыд, æмæ нæ тарст, куы йæ амардтаиккой уæд, уымæй! Тарст. Стæй айдагъдæр йæхицæн нæ, фæлæ йын Ирыстоны хæссинаг-даринаг сабитæ баззад: æртæ фырты æмæ иу чызг… Тæрсгæ та бынтон æдылытæ, зондцухтæ нæ фæкæнынц. Нæ, хъæбатыры охыл нæ сыстад, цы рæз схаста, уыйас, фæлæ удвæллад бацис иудадзыджы рамбæхс-бамбæхсæй, немыцæй ратæрс-батæрсæй…

Цы? Асæмо? Асæмо та цы бацис? Куыддæр, цы лæнкау-лæнкау бырыдис йæ гуыбыны цъæрттыл æмæ уырдыгæй быгъдæг уæлбылмæ схылдис, афтæ йæ дыккаг къахы дæр снайперы нæмыг бахызт – матростæ йыл бамбæлдысты, цæфты чи уыгъта, уыдон æмæ йæ фервæзын кодтой…

Ныр Вано йæхæдæг къардиугондмæ куыд бахæццæ, афтæ бынмæ ныггæпп ласта – немыцаг зылындзаст топпæхсджытæй бынтон фæаууон. Арфдæр куыд ныууад æмæ кæрдæгджын фахсыл йæхи куыд æруагъта, чысыл куы сулæфин мæ зæрдæйы фæдисон тæпп-тæппæй, зæгъгæ, афтæ йæ ауыдта… Йæ лæбæзтыл рабадт æмæ йæм æхсызгонæй! – сабидуджы уæдыккон æхсызгонæй! – кæсынтыл фæцис.

Хъырымы дæр мит куыд нæ рауары стæмхатт хæхбæсты рауарды хуызæн, æмæ дзы дымгæ къардиугонды æрх бæркадджынæй байдзаг кæны. Æмæ уым мит куы стайы уалдзæджы комытæфæй, уæд дзы иттæг цардхуызæй цъæх-цъæхид кæрдæг ныггуыпп ласы æмæ уыцы æнæнтыст цъæхæй мæнæ ныронг дæр баззайы, уæдмæ уæлбылы гæзæмæ кæрдæг та дзæгæрæг ныввæййы.

Хæст у, цы у, уæддæр мæнæ, Хуыцау уарзонæй цы дунейы цард сфæлдыста, адзал ын куыд нæ уа, басæттæн, байсафæн ын куыд нæ уа, афтæмæй, уый мæнæ йæхионтæ куыд кæны, мæнæ!

Бур, сау стъæлф хъулæттæ гæдыйы лæппын – йæхæдæг йæхиимæ хъазынхъом байрæзт æндæр кæмдæр цæрæнуат æмæ цыдæр æгъдауæй – кæд хæсты хъæр æмæ араллойæ – рафтыд ардæм, æндæр рæттимæ абаргæйæ, сабырдæрæй цæрæнуат къардиуы бынмæ. Мыстдзуан та, хæрдагур та, æвæццæгæн, горæтмæ ахъуызы – гæды дын нæ ахъуыздзæн, цы!

Ныр та æфсæст у, æндæр йæ минкъи зæрдæ хъазын не ’рцагуырдтаид: футæджы хус тала уа, æви лебæдайы искæй, æмæ уый фæстæ цыма бафæсвæд, æмбæхсы ома, æмæ куы иуырдыгæй рагудзи кæны, куы иннæрдыгæй, стæй йæ чысыл дзæмбыйæ – ныхтæргомæй – уæлдæф тонæгау аныхы, æмæ та ракæсы, гъы, куыд у, хорз дæ дзы атыдтон мæ цыргъ ныхтæй хъазгæ- мхасæнты, зæгъгæ.

Хъазгæ-хъазыны та раст йæ цæстытыл уайы йæ мады зæнæг, кæимæ бахъомыл, уый. Фæлæ йе ’мбал – нæй, фыдбылызарæх царды йыл исты ’рцыдаид, науæд та йæ сæ мад æдасдæр ранмæ акодтаид…

Ванойы иу тынг бафæндыд, иу тынг, гæды уымæ дæр куы фергомыздæхт уаид, куы йæм æрбакæсид фæрсæгау, стæ-ма, ды та чи дæ, цавæр дæ, ис демæ ахъазæн, зæгъгæ, фæлæ – ох-хай! – нæ йæ уыны цыма, мур дæр æй ницæмæ дары. Кæд дзы йе `мбудæнтæ айдагъдæр хиды тæф, рагæй æнæцынад буары тæф йедтæмæ ницы ахсынц, науæд та, хъыгзæрдæ цæмæй фæцис ныридæгæн, уыцы хъылма тæф-сымаг: топхосы фæздæджы…

Уæх-уæх!

Кæд дæу, уæртæ ’нæнтыст, рагбонты зымæгты хъæрмуст изæртæ – пецы акъаци сугты тыхджынæй æндаваг арт гуыр-гуырæй судзы – æмæ уыцы изæртæ зæрдыл æрлæууынгæнæг тигры тугхæстæг, кæд дæу бамбæхсын йæ амал у кæрдæджы хус халæн, уæд уымæн дæр, адæймагæн дæр исты ахъаз сты алы хæстон фидæрттæ: йæ адзал куы уа, уæд æй нæмыг бетонгонд бункеры дæр ссардзæн. Стæй…

Кæрдæджы хус хал зæххы туг-стæг куыд у, фæлæ йæ уæддæр арт æнауæрдонæй куыд басудзы, – йæ фервæзынæн райгуырæн зæххæн дæр йæ фадат нæ вæййы, афтæ Хуыцауы туг-стæг зайæгойхал та адæймаг у, æмæ…

Æмæ Хуыцауы ’вастæй цы хæсты арт ныггуыпп ласы, уым та уый у æвадат, Хуыцау йæхæдæг. Афтæмæй æнцад-æнцойæ цардыл зынг бадарæг дæр Хуыцауæн йæхи сфæлдыст адæймаг вæййы уартæ кæдæй-нырмæ, кæдæй!

Гæдыйы лæппынæн – Хуыцауы фыдæхæй нырма ирвæзт царды æнæмæлгæ нысанæн – хорзæй баззай загъта æмæ, йæхи фæстæрдæм къулгæнгæйæ, – ма ахауа размæ, куы стырындз уа æмдзæхгæр уырдыджы, уæд – згъорæгау кодта денджызы донгæронмæ: сæ фæрстæ сау ахуырст бæлæгъæй йæм цалдæрæй сæ къухтæ тылдтой, рæвдздæр размæл, зæгъгæ…

Асæмоимæ та лæгæй-лæгмæ кæрæдзи федтой æрмæстдæр фæсхæст – цыппор æвдæм азы, фæззæджы. Æмбæлгæ та фæкодтой Эммаусы Бесæгъуыры зианы, сæ иумæйаг зонгæйы – йæ хæстон цæфтæ йæ уæддæр æмæ уæддæр йæ домбай фыдæлтæм батагъд кæнын кодтой… Хæсты арты-иу куы сæ иу фембæлд йемæ, куы сæ иннæ, стæй йæ сæ нывонд куывдмæ ’рхуыдтой: кусæрттаг уæныг Асæмойæ уыд, хæрд-нозт та – Ванойы ‘рдыгæй…

Бирæ цыдæртæ фæмысыдысты, стæй дын æм фæстагмæ Вано куы бауырдыг уаид æнахуыр уырдыгæй:

– Зæгъæм, Асæмо, æмæ та нæ сæр дæр – нæ арыд сæр дæр! – бахъуыд ног хæсты, фехъуыст та «Вставай, страна огромная!», уæд куыд? Рабæт- дзынæ та дæ гæрзтæ?

– Æмæ ды та дæхæдæг, Вано? Ды мæнæй чысыл хистæр куы дæ – дæ авд æмæ дыууиссæдз азы цыма дæхи фесты…

– Дзуттаг дæ, æви цы: фарстæн фарстæй дзуапп цы дæттыс?! Æз – о, рабæтдзынæн сагой дæр, æртæ, кæнæ цыппаркъухон, кæд та æппæтæн хотыхтæ нæ фаг кæна, уæд. Лæгæн, дам, йæ кармæ, йæ асмæ ма кæс… О, æз йед нæ дæн, цыдæр уарзт-мастæй ифтыгъд йед… патриот, фæлæ нæ Ир дæр, нæ Хъырым дæр, нæ егъæутты- егъаудæр бæстæ дæр алы Октябрьскийты райгуырæн зæхх нæу, айдагъ уыдоны, фæлæ, сæйрагдæр, мах у, мах – дæуау хуымæтæг сырхæфсæддонтæ æмæ мæнау Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг сержантты! – Вано кæм лæууыд, уым зæхх йæ сау туфлиджын къахæй æркъуырдта. – Мæнæ ацы фыдæлтыккон зæхх дæттинаг никæмæн у, стæй никæимæ у уаринаг дæр – афтæ!

– Уæллæй, Вано, фæсаджилзонд уон, уый гæнæн мын нал ныууагътай. Далæ дын мæ дæлсыхаг Хъулаты хорз Болайы ныхæстæ сфæзмон: хорз, дам, нæ уыдтæн хæсты ирон хъæбатыртæй æз, фæлæ, дам, немыцы тæрсынæн Сталинграды бынæй суанг Берлины бынмæ уыцы уæззау фондзæхстон кæй фæхастон, уый ницы кад тæры уæ цæсты, фæсфронты уырытæ?! Гъемæ та æз дæр мæ ППШ-а, цалынмæ дзы гилдзытæ уа, уæдмæ ’мпъухдзынæн ног знаджы горæттæй иуы бынмæ…

Ныр – цом, рухсаг зæгъæм Бесæгъуырæн.

Август, 2020 аз