ГУСАЛТЫ Барис

ЦÆХГÆРМÆГУЫРД ЗАМАНТÆ

ДЫУУÆ ФЫДЫМАДЫ

– Уæддæр та цы хорз у, Аминæт, Хуыцау, цы хорз…

– Хуыцауы тыххæй! Ды дзы куынæ срæцугъай, Мерет, уæд чи! Гъы, гъы, æмæ та дæм цæмæй хорз фæкаст ацы хатт та Дунесфæлдисæг, Дунедарæг æмæ Дунеуромæг, табу Йын уа… – Аминæт йæ къæхты бынæй дæргъæццæттæ дойнаг дур систа, аракæс-бакæс æм кодта, цыма, истæмæн бабæзза – нæ бахъæудзæн, уый бæлвырд кодта, уыйау, стæй йæ цæугæдоны астæумæ бахста – йæ тъупп дæр нæ фæцыд, тырындз уылæнтæ йæ иу хъуырттæн аныхъуырдтой: цыдæр æхсызгонæй сæ хъуыд…

– Уæдæ ма дзы ахæм дзæбæх сæрдыгон изæр скæнгæ уыдзæн, ахæм, Аминæт – раст ма дзæнæтæн дæр хæлæггаг нæу, дзæнæтæн!

– Æмæ дзы, Мерет, цыма тæккæ ‘ндæрæбон схæццæ дæ хуын- хасты фæстæ уæ мæрдтæн дзæнæтæй æмæ дзы Дзæм-дзæмы суадоны былгæрон дæр мæнæ нырау афтæ бадтæ, дæ къæхтæ йæ донуайæны тъыстæй, уыцы ныхæстæ кæныс.

– Омæ дзырдæн нæ баззад, дзырдæн, Аминæт, исты хорз сахат куы акæны лæгыл, исты амондджын цыбырдым дуг, уæд афтæ нæ бакæны, афтæ, ай дзæнæт нæу йæхæдæг, дзæнæт, зæгъгæ…

– Æллæх, æллæх, Мерет, дæ «дзæнæт, дзæнæт»-мæ мæ зæрдыл кæд æмæ ‘рбалæууыд… Чи, уый зоныс? Далæ Бæдзойты рухсыбадинаг Дзæнæт. Æмæ стæй, фидиссаг додой куыд кодта чындздзон чызгæй, йе ‘нахуыры хъарæг, уыдон дæр – чысыл фалдæр тæккæ донгæрон цы бæрзæндтæ æмæ дæрдтылзылд къабузджын хæрис зад, уымæ ацамыдта Аминæт. – Уый дæр, ома Дзæнæт, æвæццæгæн, мæнæ мах кæм æмæ куыд бадæм, афтæ бадтаид, кастаид далæ уыцы стыр цыргъсæр дуртæм хæрис бæласы бын, уæд ма хæрис, ай-гъайдæр, арвмæ уыйбæрц нæ фæцыдаид, фæлæ уæддæр фаг бæрзонд уыдаид, о, æмæ, дам, афтæ додой-хъарджытæ кодта…

Фæурæдта йæ Мерет, æрхатыд æм:

– Аминæт, мæн-ма йæ бауадз афæзмын Бæдзойоны! Ды та мæнау дæ цъындатæ ралас æмæ дæ кæддæры урс æмæ рæсугъд къæхтæ…

– Цы кæддæр, цы! Ныр дæр та мын сæм ды бахæлæг кæндзынæ… сæ лæгъзмæ, сæ тугдадзинтæ мын дæ зæнгтау тæригъæддаг дымст-рæсыд кæй не сты, уымæ…

– Бæгуыдæр, Аминæт, цы мæнг зæгъыс?.. Цас æдзæхх пырындз бахордтон, кæд мын сæ дымст æрбадид, сæ цæхх мын пырындз рацъирид, сæ мидæджы цæхх, зæгъгæ, фæлæ… Хæлæг та дын сæм кæд кодтон, хæлæг: мæхионтæ дæр зырнæй зылдау нæ уыдысты, нæ.

– Зырнæй зылд годзы къæхтæ дæр вæййынц, Мерет. А, мæнæ та цы ‘рбафтыд мæ зæрдыл! Нæ чызг чи у, нæ лæппуйы чызг, дæ фыртыфырты сусæг уарзон, уый дын мын дысонизæр, йæ къæхтæ нæ тута бæласы бын хурмæ хъæрмустгонд доны бур-бурид æрхуы тасы куы ‘хсадта раст йæ уæрджыты сæрмæты онг, æмæ йын сæм кæсгæйæ куы баззадтæн – мæхи кæддæрон уæрджытæ мын мæ зæрдыл æрлæууын кодтой, – уæд дын куы сфæзмид иу фыццагон сылгоймаг-артисты ныхæстæ…

Нал та йæм фæлæууыд-баурæдта йæхи Мерет, скъоладзау сабийау йæ рахиз къух хæрдмæ ныттынг кодта æмæ йæ тилы:

– Мæн ма сæ бауадз æрхæссын – дæуæй раздæр та сæ уæ чызг нæ лæппуйæн дзырдта, уый та – мæнæн. О, дæуæй раздæр, дæуæй!

– Уартæ уал Дзæнæты додой-хъарæг æрымыс.

– Æрымысдзынæн, нæу мæ рох уый дæр, æндæр ныхæстыл фестæм, æндæра… Фæлæ уал уæддæр уыцы сылгоймаг-артисты, кæйдæр æнæхъола фарстæн цы ‘мбисонды цыргъ дзуапп ссардта, уый… Уæддæр уал уый, нæ?

– О, о, Мерет! Дæ гæккуыри ма схауæд…

– Чидæр, дам æй фарста уыцы артисткæйы, сæ дыууæйæ зондджындæр чи у, зæгъгæ, сылгоймаг æви нæлгоймаг. Æмæ, дам, уæ чи кæд федта, æмæ сылыстæг лæджыстæджы йæ хæрзконд къæхты тыххæй бауарза, – æмæ Мерет афтæ зæрдиаг хъæлдзæгæй ныххудт, цыма ахæм дæнг-гæрах дзуапмæ йæхæдæг фæрæвдз, уыйау.

– Æмæ цы мæнгæй загъта уыцы бæллæхы артисткæ, и, Мерет?

– Ницы. Фатæй йæ растдæр багæрах кодта…

– Ома бынтон раст уайдзæф нæу мæгуыр нæлгоймæгтæн уæддæр: урс дæллагхъуыртæ дæр ма дзы вæййы чызгæн, науæд йæ иу уæхскыл – мæй, йæ иннæйыл – хур, йæ цæстытæ, йæ хъæлæс, йæ дзыккутæ, стæй… Кæмæй æфсæрмы кæнæм, Мерет, ацы фæсвæды? Стæй-ма ацы нæлтæ сæ зыд-кæрæф-мондаг цæстытæ нæ риутæй дæр нал фæисынц, джауыртæ… Хорз, Дзæнæты додой-хъарæджы рад æрхæццæ…

Мерет йæ чызгау рæсугъд æрвцъæх цæстытæ хæрис бæласыл уæле дæлæмæ, дæле уæлæмæ æрхаста-схаста, цасдæр æдзæмæй фæкаст бæласы бын цæндау амад дуртæм дæр, маройгæнæгау банкъуыста йæ халасдзæфтæ сæр – уаццагтæй йын урсытæ уыд, æрдæг сау хъулæттæ, – цæмæндæр рог хъæрзт фæзмынæгау дæр ныуулæфыд æмæ, скæуынмæ бирæтæ кæй нал фæхъæуы, ахæм хъæлæсæй райдыдта, йæ дыууæ даргъæнгуылдзджын армы йæ дзаг рустыл авæргæйæ – æцæг додойгæнæг, æцæг:

– Æмæ, дам, фæцу чындзы, æмæ, дам, мой скæн, æмæ ныййар иу саудзагъд фырыхъулы хуызæн тырыны – сæ хæдзарвæндагæн сын бындар. О, куыннæ стæй! Куыннæ сын ныййардзынæн æз! Æмæ уый фыдуаг лæппутимæ ардæм сæрды иу æнтæф бон йæхи цы- найынмæ рацæуа æмæ уый дæр, уыцы фыдуаг, къулбадæг æнæнтыстты фæзмынгæйæ, уалæ хæрисы уæллагдæр цонгмæ сбыра, æрлæууа кæройнаг тæссонд къалиуыл æмæ… æмæ… Дæ-дæ-дæй! Йæ рæзинаг сау сæр, йæ фæлмæндзыкку сæр комкоммæ ‘рхæсса далæ уыцы хъæбæр, уыцы цыргъ дуртæм!.. Æмæ æз… æмæ ма мæнæн уæд цæргæ уыдзæн цы ныфс, цы боныхорзæн?!

Нæ, нæ!

Цæй чындзыцыд!

Цæй моймæдзыд!

Фæлтау мæ фыды уæзæгыл урс дадали афæлдæхдзынæн, æнæууæрст æмæ æнæвнæлд чызгæй амæлдзынæн.

Уауу!

Аминæтыл æвзонг чызджы зын уромæн худæг бахæцыд. Фыр адæргæй уа, цы уа, фæлæ нырма ныр сфæлдæхта йæ къабайы фæдджитæ уæрджыты сæрмæ, æртулæгау кодта йæ рагон, райс-бавæрды – фильдеперсовый! – цъындатæ, тымбылтæ тыхтæй сæ иуварс сæнтцъæх нæууы гæппæлыл бæстон æрæвæрдта, хъавгæ-тæрсгæйæ йæ къахфындзтæ фæтъыста доны, мæнæ цы ‘хсызгон хъæрмуст у, зæгъгæ, фæкодта, стæй сæ суанг уæраджысæртæм ауагъта æмæ… Æмæ дын фæсагъæсхуыз, фæхъуыдыдзаст, бынтон æндæр – уæззаугомау хъуыдыты ахæсты бахауæг цæстытæ баздæхта Меретмæ. Уый дæр хорзау нал фæцис:

– Циу? Цы хабар у? Æз исты ахæм, æвæтчиаг, срæдыдтæн, исты цыдæр ахæм?

– Ды – ницы. Ацы хорз, ацы дзæбæх, зæрдæхæлар, Хуыцауы уарзон æмæ адæмæн адджын дуне срæдийы уыцы æвæтчиаг хабар – сылгой- маджы удаистгæнæг, зæрдæсæттæн, тугуазалгæнæн фæдисы уавæр. Уæгъды нæ тарст Дзæнæт йæ фидæны хъæбулæн, фæлæ йын уый дуртæй… дуртæм æрхауынæй схъиудзæрдæ уыд, афтæмæй та йын… – нымдзаст Мереты тарст цæстытæм. – Ацы дуртæ лыстæг хуыры бын фæкæнæн ис раздæр, стæй та змисæй хъæццулы бын ныннордæн дæр, науæд та иуварс ахафæн дæр исты бульдозер тракторæй, фæлæ йед та… Мерет, цас сæххæст Сæрмæтыл, дæ лæппуйыл, загътай?

– Йед… Уымæй та мæ цæмæн… А, фæрс, фæрс! Афон ын у, Разитæмæ, дæ чызгмæ, цы зæрдæ дары, уый фæбæлвырддæр кæнын. Фæлæ мæ уæддæр уымæй та цæмæн…

Аминæт йæ ныхæстæ фыдджыны карст акодта, ома фæуæнггай:

– Ме-рет! Уæ лæп-пу Сæр-мæ-тыл та…

– Иу æмæ ссæдз!

– Цъыфы ныссæдз! Æфсады уын нæ уыд? Уыд! Фыдгулмæ ныхъхъа- вын æмæ йæ сæргъæвын нæ зоны? Зоны! Гъемæ сарæхсдзæн уæдæ…

– Уый армийы… Æфсады дохтыр уыд…фелсыр… Тъæпкъах кæд уыд, уæддæр хивæндæй ацыд. Фæлæ хæстмæ та… Мæн иунæгæй…

– А-гъа, хорз æй ацахстай, чердæм чъыллипп кæндзæн мæ ныхас, уый… – æрдæбон йæ равг куыд цæхгæр фæиннæрдæм, афтæ та ныр дæр йæ ныхас цъилау ныззылд æмæ сæ райдианы дистæ-тæмæстæм фездæхт. – Æцæгдæр, æцæг, Меретхан, цы дунейы хорз сконд у, цы æнæмæт-æнæхъæрзгæйæ цæринаг, æнæмастæй дæ къæбæр хæргæйæ цы дунейы тæхудиаг цард у, цы табуйаг сæрдыгон изæр – цардæй æнæфсис нæ раст ахæм сахæттæ кæнынц. Лæг, дам, артмæ кæсын æмæ доны хæл-хæлмæ хъусынæй зæрдæхъыг нæ кæны. Уæвгæ та хæхты уындæй дæр æмæ денджызы уылæнты рафæлив-бафæливты хуызтæй дæр нæ фæлмæцы.

– Стæй уарзон адæймагмæ кæсын æмæ хъусынæй дæр, – цыма афтæ зæгъынмæ уæндгæ нæ кодта, уыйау рауад Мереты хъæлæсы ахаст.

– Точно, Дыкки! Æдзух ахæм изæрты цы ‘рлæууы мæ хорз зæрдыл арф къахт фыстæй… Куы йæ зоныс, æстæмтæй дæсæмтæм Беслæныхъæуы мæ мадырвадæлтæ Дзгойтæм цардтæн, цалынмæ, о, скъола фæдæн, уæдмæ – ам махмæ авд къласы йеддæмæ нæ уыд. Æмæ нæ уым дыууæ хæдзары дæлдæр Интернациональный уынджы хо æмæ ‘фсымæр цардысты, цигайнæгтæй чи сбынæттон, цæугæцард чи нал кодта, ахæмтæ. Сæ дыууæ дæр – саулагъз, хæрзкæндтæ, хæрзуындтæ. О, æмæ-иу арæх сæ лæппу уыцы иу зарæг зарыд, сæрдыгон хорз изæр скодта, зæгъгæ, уæд:

Вечер над рекою догорает,
Тихо в этот летний чудный час…
Я хочу, чтобы ты была здесь рядом,
Но тебя со мною нет сейчас.
Тихий вечер, теплый вечер,
Я такие вечера люблю!
В этот тихий теплый вечер
Для тебя, моя любимая, пою.

Цал азы аивгъуыдта, уæддæр æй нæ рох кæнын…

Мерет бахудæгау кодта:

– Кæд æй уарзгæ дæр бакодтай, мыййаг. Ома уыцы бæлвырдтæ конд лæппуйы.

– Чи зоны, æмæ уыдаид афтæ дæр: ды – уарзтмондаг æвзонг чызг, уый – бæрзонд рæхснæг лæппу, тынг зæрдæмæдзæугæ, ноджы ма зараг, уыцы цигайнаг зæрдæбынæй… А-гъа… – къахæн-фæлварæн цæстытæй та йæхимидæг батыхсын кодта Мереты: – Уæдæ, зæгъыс, ды иунæг кæй дæ, æвæгæсæг, уый охыл нæ дæ уадзинаг Донбассмæ Сæрмæты?

– Нæ мæ фæнды, æндæр мæ уадзинаг, науæд мæ уроминаг у… Нæма йæм сидынц, горæты цы госпиталь ис, кæм кусы, уым дæр, дам, ахсджиагæн хъæуы, госпиталы, уалæ уæлбыл, раздæры обкомы агъуысты чъылдыммæ…

– Нæ дæ фæнды, уæддæр-йа?

– Æмæ ис ахæм ныййарæг мадæлтæ дæр, æмæ уырдæм фæндонæй чи афæндараст кæны йæ иунæджы?

– Ис… Кæнæ та сæхи афтæ патриотонæй дарынц… Цæстмæмиджынтæй…

– Науæд та адæмы кæнæ кæрæдзи æфсæрмæй… Дæ сыхæгты иунæг схæстон, фæхæстдзау, дæуæн та… ды та йæ… Æмæ ма уæд цы цæсгомæй… Зæрдæйы тугтæ фемæхсдзысты, фæлæ иугæр… уæд…

– Æмæ Разитæ та бархионæй цæуинаг кæй у, уый дын нæ дзырдта Сæрмæт?

– Разитæ?! Куыд ома?! Æмæ дзы уый та чердæм хъæуы, цы дзы кусдзæн!

– Цæф æфсæддон, дам, дон-дон фæкæны æмæ, дам сын-иу дон уæддæр…

– Æмæ… æмæ… Омæ йыл нырма цы цæуы? Æвддæс азы…

– Æстдæс.

– Æмæ уæд Сæрмæт… Уый дæр…

– Загъта йын, æз, дам дæ иунæгæй нæ ауадздзынæн…

– А-гъа: уый – судзин, Сæрмæт та…

– Сæрмæт та – теман. Судзины-иу йæ чъылдым бакæндзæн…

– Мæнæ йæ ныййарæджы дæр зонд-фæндæй фæрсæг куыд нал ис!

– Нæ зæрдиагдæр куывд уал æмæ уал азы уыд, хæст ма уæд, æндæр исты цардамæлттæ кæндзыстæм, æмæ дын уый та… Уæрæсейы арсы къахæгау чи къахы, уый цы схуындæуа, хæрз æдылыйæ уæлдай?..

Сæ фæстæ уæлбылæй хъæр фæцыд:

– Дзыцца!

Стæй ста:

– На-на!

Сæ иу – Сæрмæт. Сæ иннæ… О, уæдæ ‘ндæр чи уа, Разитæйæ уæлдай?!

Дыууæ усы удхаудæй фестадысты, сæ къахыдарæс кæнынмæ фесты. Уæдмæ хур хæхты бæрзонддæр цъуппытыл йæ фæдисы сырх- æвзаг æртытæ ссыгъта. Тынг æвгъау уыд, о, хæсты басудзынæн ахæм сæрдыгон изæр…

 

НЫФСТАУÆГ

…И смело всем о правде говорю.
Коста

Къоста нæм æрцыдис, æмæ
Хуыцауæй дæр нал тæрсæм.
Лабæйаг ирæтты ныхæстæ Фарн дæм бадзурæд, Хетæджы-фырт!

Мæрдтæмхъуысæг хъæр дæм нæ ныккæндзынæн, кæд мæм цæуы, уæддæр, фæлæ мæм цæмæндæр афтæ дзуры мæ сонт зæрдæ, ацæргæ зæронд лæппулæджы зæрдæ, цыма мын демæ бар ис цыдæр монолог-диалоджы бацæуынæн. Ноджы ма дзы ахæм фæзилæн дæр боны фæткмæ бахауд, æмæ мæ гæнæн æмæ амалæй дæу тыххæй фыссын хъæудзæн ныстуангонд уацмыс, «Диалогтæ Къостаимæ», зæгъгæ.

Хуыцау зæгъæд, æмæ мын уый дæр сгуыхтæй бантыса…

…Махатма Ганди дæр, дам, амардис, æмæ мын нал ис, кæимæ аныхас кæнон зондæй-зондмæ, зæрдæйæ-зæрдæмæ, уый, – загъта, рахъаст кодта йæ хъысмæтæй нæ абоныккон паддзахады раздзог. Стæй ма йæм – диссæгтæй цы кæныс! – ахæм уæндон – (уæндонæй та ахæм ныфсхаст у, ахæм æхсарджын-æнæбасæттон, æмæ раст æнæхъæн дунейы паддзахæдтимæ дæр гæрзифтонг тохы бацыд Уæрæсейы æдас фидæны сæрвæлтау!) – ахæм уæндон хатдзæг скæныны хъуыды дæр æрцыд: «Я довольно глубоко изучил учение марксизма-ленинизма и убедился, что это вредное учение».

Ахæм зонд-постулат, аксиомæ цыдæр цыма ис мах цъыфдзаст, тугамæст æмæ змæст заманты (о: цъыфдзаст æмæ тугамæст), зæгъгæ, дам, «народ заслуживает то правительство (и правление), которое заслуживает»…

Фæлæ ды, хорз Леуаны домбай фырт, уыцы догмæимæ нæ дæ разы æмæ мæнæ куыдтæ фыстай дæ табуйаг тугæй:

Я счастия не знал, но я готов свободу,
Которой я привык, как счастьем дорожить,
Отдать за шаг один, который бы народу
Я мог когда-нибудь к свободе проложить!

Гъемæ, аипп ма уæд ме ‘нæфенд бафарст, фæлæ афтæ уайы, цыма ды дæхæдæг сæрибар дæ, адæм та не сты. Æмæ циу сæрибар, цы? Уартæ Парижы коммунæйы лозунг-девиз «Свобода, Равенство, Братство» рæсугъд æмæ, чи ‘мбæлы, ахсджиаг цы у, ахæм ныхæстæ сты, æрмæст сæ царды та куыд рауадзæн æмæ ныффидар кæнæн ис? Цавæр хуызы арæзт æхсæнады, æхсæн- дзарды, паддзахады, и?

Сæ алы фæлгонцтæ-хуызты тыххæй ма дæ, чи зоны, æмæ фæрс- дзынæн, фæлæ дын куыд æмбаргæ сты мæнæ ацы рæнхъытæ:

Минуты сочтены, повсюду бьют тревогу…
Уж брезжит луч зари, играя на штыках…
Лишь грянут выстрелы, и «Слава в вышних Богу» –
Победно прогремит на светлых облаках.

Ды, дæ домбай зонд дæхи бар кæй нал уыд, уый тыххæй нæ бавзæрстай 1905 азы революци дæр, стæй та, дæ амондæн, æгас нал уыдтæ, фæлæ дæ революциты номдзыддæры – Стыр Октябры – фæстæ алы нæмттæй-хæрзгæнджытæй хуыдтой: альтруист, революционер-демократ, эволюционист, уырнæг, хъæздгуыты фарсласæг, хиконд уæздан-дворянин, космополит, къуымых, уымæн æмæ не ‘мбæрстай, циу кълассон тох, уый. Æмæ афтæ дарддæр. Дæ амондæн та уымæн зæгъын дæ тæккæ цардбаргæйæ адзалы тыххæй, æмæ дын дæ хæрзæмгар, æмбай, дæ хорз зонгæ, Уырыссаг æфсады инæлар-лейтенант Фидараты Афæхъойæн куыд нæ бахатыр кодтой йæ зæры кармæ гæсгæ, стæй бынтон æназымджынæй, афтæ дæуæй дæр сæ джебогъ, мæнæ «луч зари» кæуыл хъазы, уый нæ аиуварс кодтаиккой.

Кæнæ та, чи зоны, æмæ Гаппоимæ дæхи уæды æдас фæсарæнтæм айстаис… О, фæлæ кæй джебогътæ-штыктыл хъазы хуры тын? Чи сты, чи, «кровавую зарю для радостного дня» чи цæттæ кæны, уыцы тугхортæ? Кæй «грянут выстрелы»?

О Хуыцау!

Цы хорз фынтæй хъал у поэты зæрдæ, зæгъгæ, чырыстон дины зарæг – [кæс «Евангелие от Луки», дыккаг сæргонды «Слава в вышних Богу»] – фæсгæрзифтонг тох куы ныннæра, уæд, дам, «И обновленный мир отдастся вечно миру, // С презреньем бросив нож, запекшийся в крови…»

Цас туг ма ныккалдзæн уыцы згæхæрд кард, цас, Къоста!.. Терчытæ æмæ Леуахитæ, Волгæтæ æмæ Енисейтæ. Сабыр фурд-океаны фаг… Уæддæр æй, цыма, аппарын, иуварс фехсынхъус нæма у уыцы кард адæймаг, фæлæ ма амæй-ай марæндæр фæрæз æрхъуыдыйыл дæр у!.. Атомнæй, водороднæй бомбæйæ дæр фыддæр!

Фæлæ та уæддæр æмæ уæддæр кæдмæ дзурдзæн лæгау лæг дæ фæстæ «И грудью грудь насилия встречаю, // И смело всем о правде говорю»?!

Кæд æмæ йын кæм ис суанг абон дæр бынат зарджыты заринаг сæрибарæн? Рæстадæн? Æфсымæрадæн? Хæдбарæн? Æфсымæртæн кæрæдзи уарзгæйæ цардæн?

Кæд æмæ кæм уыдзæн лæгæн йæ хъуыдытæ æмæ сагъæстæ æдæрсгæ æргомæй зæгъынæн, хъусæг æм куы уа, уæд?

Кæд уыдзæн «Кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн»?

Бирæ уыдысты æхсæндзарды, хицаудзинады хуызтæ, паддзахады бындуртæ ныры онг дæр, фæлæ дзы иу дæр – суанг демократи дæр! – куы нæма фæрæстмæ, куы нæма фæцæрæццаг. Мингай азтæ ахас-той, æнхъæлдæн, Ромы æмæ Византийы империтæ, 300 цæрæццаг азы Уæрæсейы хæдхæцæг паддзахад, 72 боны Парижы коммунæ, тæккæ иу уыйбæрц та Советон Цæдисы импери – ома, азтæй æвдай дыууæ. Бабытъайлаг Алыксандр Мæчъыдойнаджы егъау импери, Осмæны уон, Великобритани, Австро-Венгри, Колониалон системæ, Социалистон лагерь, фæлæ ма тыхамæлттæй нырмæ цæры-хæры «загнивающий империализм-капитализм»…

Фæдисы уавæр.

Фæлæ, Елбыздыхъойы загъдау, чердæм фæдис, чердæм чъыллипп?!

Нæ абоныккон разагъды фысджытæй та – Хуыцау бахизæд, Къоста, æмæ уыдон дæр æмæ суанг мæхи дæр, мæхи, дæ фæдонтæ схонон, дæ фæстæдзæуинтæ, зæрдæрухс кæмæй уай, ныфсæвæрд, мæнæ фæсмойнагæй ныммæлынæй чи тæрсы, ахæмтæ цæмæй схонон: ахæм уæлæуæз æвæрд сты сæхи цæсты – о, ома та уыцы разагъдонтæй сæ иутæ кæд æмæ ногæй табугæнæг сты тугныккалды бардуаг Революцийæн!

Зыбыты рох сæ нæ зонынджынты зондæвронггæнæн фæдзæхст у: «Революция, как и Хронос-Кронос, пожирает собственных детей».

Æцæгдæр, детей и творцов: цы баисты, цы, Ленины зынгзæрдæ гварди кæй хуыдтой, уыдон? Алы «партии золотое дитя»-тæ? Революци саразæг дыууæ сæйраг лæгæй сæ иу у (ноджы ма Сырх Æфсад саразæг дæр æмæ Граждайнаг хæсты уæлахизхæссæг дæр) Лев Троцкий (хъæздыг лæг Бронштейн Давиды фырт).

Октябры Стыр Социалистон Революци Ленин йæхæдæг хуымæтæг фæфæлдæхт хуыдта, фондз-æхсæз азы фæстæ та афтæ загъта: «Мы должны коренным образом поменять свои взгляды на социализм». Цы бæллæхтæ расайдта ног цардарæзт, уыдæттæ куы федта, уæд.

Коммунизмæй ныл, цæхджындæр нæй, ахæм сайд æрцыди, Къоста.

Коммунизм, дам, лекарство, которое хуже самой болезни, – загъта иу зонынджын æмæ цардвæлтæрд лæг-дингæнæг.

Нæй, нæма ис ахæм зæй дæр, æмæ уæд та ма тæссармæйы, галиумæ, хæраймаджы тæрхоны лæгты чи фæласа. Стæй уыдон дæр сæхи барвæндæй не сты ахæмтæ: æрмæстдæр АХÆМТÆ фæхъæуы, уыцы тæрхонхæссæн бынаты сæ чи сæвæры, уыдоны.

Время, дам, перемен. Уæд чердæм, кæцырдæм? Цавæр æхсæн- дзарды фæткæвæрдмæ, цы хуызæн паддзахиуæгдзинады æууæлтæм? Кæцæйты рацыдыстæм, уырдæм, фидæнмæ цæуæгау? Советон Социалистон Республикæты Цæдисмæ, дам. Фæлæ уæле афтæ куы адзæнгæл кодтой уымæ тырнæджыты хъысмæт: кæй зæрдæ нæ риссы уарзон советон бæстæйы фехæлдыл, уымæн, дам, зæрдæ нæй; мæрдтæй йæ раздахын кæй фæнды, ууыл та, дам, сæр нæй!

Файтон дæр, дам, ахъаззаг, бæхтæ дæр æфсургътæ, фæлæ, дам, бæхтæрæг нæ бæззы.

Бæхтæрæг…

Дæ заманты, Къоста, притча-æмбисонд дын радзурон. Йæ файтонæй адæмыласæг бæхтæрæг хъæр кæны иннæтæй фæдисон-фидиуæг хъæрдæрæй, сиды бæлцæттæм:

– Мемæ цомут! Эх, залетные-вороные. Гнедые-каурые в яблочках. Крылатые! С ветерком мы вас, господа, доставим от вашего пункта А до ихнего пункта Б!

Тæхынц, тындзынц йæ хæрзхаст æфсургътæ. Уалынджы гуыпп-рыпп-мыхъхъ-цæлхъ! Цæлхытæ – дæндагсаст.

Æрхызт зæхмæ бæхтæрæг æмæ бадодой кодта:

– Вот черт тебя дери! Каждый раз на этом самом месте!..

Уый дæр – зонды хос, фæлæ мæнæ куыд загътой цалдæр мин азы размæ зонды къуыбылой латинæгтæ: «Eventus stultorum magister est – Исход дела – наставник для неразумных».

Ома, дам, сæрхъиппытæ уæд та ма сæ рæдыдтыл куы ахуыр кæниккой, фæстаг зондæй зондджын куы уаиккой. Не стæм, нæ! Иу сем нæ, фæлæ нын авд семы дæр сем не сты. Æмæ та, Къоста, де ‘рра фыййауы ногæй-ногмæ бафæзмæм сæрсæфæны былæй дзæнæтæнхъæл…

Уæд, цымæ, цæмæн стæм ахæм фæстæзад ахуырдзаутæ?! Историйæн – раст нын цыма зонынджын-фендджын, æвзыгъд-фæлтæрдджын фыдæлтæ дæр нæ уыд; цыма нын ды дæр, ирæтты ирондæр лæг, гениалон поэт, мур дæр фæзминаг-райсинаг зондæй ницы ныффæдзæхстай; раст нын цыма иу фæлтæры дæр – уырысмæ, нæхимæ, иннæ ‘фсымæрон адæмтæм, дард сыхæгтæм дæр фæуæд! – уазал æмæ хæдзонд лæгтæ нæ рантысы, нæ сæ вæййы бон сихор- афон дæр ахæм разагъдонты ссарæн, далæ раг-рагон лæгау: цы, дам, кæй, дам, агурыс днем с фонарем? Æмæ, дам, «ищу человека!»

Ирон фыдæл та цы скарста цардцæрæнбонты фæзминаг зонд- ахастæй, уый – æз дзы цытæ бадардтон мæ рохст зæрдыл, уыдæттæ:

– Æхсæндзарды бындур сты кæнæ ‘фсарм, кæнæ тас!

– Æхсæны уазæг мæсыджы бын баззад.

– Æхсæны хуым – дурæппарæн.

Хæрæг дæр ма хорз куы ахуыр кодта йæ къæлæуы, кæм ын хизгæ у, ууыл: æхсæны хуымы, дам! Цалынмæ – амыдта йын – адæм сæ кæрæдзийæн афтæ кæной, ды йæ атæр, ды, зæгъгæ, уæдмæ ды дæ гуыбын бафсаддзынæ; искæй хуыммæ бафтыдтæ, бадзæгъæл дæ – уæд та дын уайтæккæ сахат де рагъ ахъаззаг ныххойдзысты…

Æмæ, Къоста, нæ цæуы хъуыддаджы, æфсарм æмæ тас æмцæдисонæй? Закон кнута и пряника? Стæй, ау, ныронг иу паддзахады цардарæзты дæр зæрдæзæгъгæ æууæлтæ-фадæттæ-фæрæзтæ нæма ис, бафæзмынæн бæззонтæ адæмтæн стыр Уæрæсейы дæлбазыр иугондæй?

Æмæ та ныр дæр, Къоста, иу исчийæн табу кæнæм, нæ иугæнæг фыййауæн æви фидар – мыггагмæйы æнæхæлгæ царды бындурæн закъæттæ чи сæвæра, – ахæм къорд исчитæм кæнæм тæхуды? Платоны философтæ, Бетъырбухы юристтæ, алкæй фысджытæ, техникон ахуыргæндтæ, историктæ æмæ та – о, о! – Олимпаг хъæзтыты чемпионтæ дæр фæуæнт!

Тæрс – нæй, фатхъæд – арæх!

Къæйных кæй дæн, уый тыххæй та – хатыр, не ‘нусты зонд Къоста…

 

БАРДЗЫРД

…Уæддæр та цы амондау хорз у, трамвайтæ цæуын кæй райдыдтой, уый. Хъуыди, куыд нæ сын хъуыдис сæ рельсджын фæндæгтæ дæр сфæйлауын – уал æмæ уал азы дæргъы сæ бынхъæдтæ бамбыдысты æмæ…

Стæй лæгæн дæр йæ уал азы ахуыр аивын мæнæ цы зын вæййы, мæнæ – трамвайты бæсты, парахат, уæрæхуат трамвайты бæсты къуындæг «маршруткæйы» сбад, ноджы ма алы хæцгæ низтæ рынау куы свæййынц, уæд алы схуыфæг æмæ ‘хснырсæг- чъыгъгъытгæнæгæй дæр тæрс, йæ низ мыл бахæцдзæн ацы зæронд, æвæгæс æнæбонæй, зæгъгæ…

Базары халсартæ – йæ уарзон тарсырх пъæмидортæ æмæ урсбырынкъ джитъритæ – фæйнæ килæйы балхæдта, цалдæр судзаг цыв- зыйы дæр – цъæхцъар кæй сты, уымæ сын нæ кæсгæйæ, – райста, стæй хъонтхоратæ æмæ басгæрдæджы фæйнæ тæнтъихæг пуцалы, ставд къори дыууæ хъæдындзы – скæрддзæн сæ, цæхх сыл, æргомдзæхх куыд нæ уой, афтæ айзæрддзæн, æнæвгъау сыл æхсырысæртæ ныккæндзæн æмæ… æмæ… Бæргæ, иунæгæй-иу куынæ бакувид, фæлæ сæ фондзуæладзыгон хæдзары йæ иу æмгар лæг нал ис, йæ иу æмгар нæ, фæлæ ма дæс-фынддæс азы кæстæртæй дæр куы ничиуал баззад, иугай-дыгай батагъд кодтой сæ фыдæлтæм – царды бирæ фыдæбæттæ æмæ мæстытæн цыдæр лæмæгъ, æнæфæразон фæлтæр рантыст…

О, о, æмæ уæд чысыл цайданы, быхсæн ын куыд уа нуазгæйæ, афтæ та йæ хойы конд арахъхъæй стæвд кæндзæн – фæрнæй фæдарæд йæ бæркадджын къухтæ, зивæг нæ зоны; кæд зноны чызг нал у, уæддæр æм Зилгæйæ суай-суай кæны, кæм ын цы сдавы, кæм цы, фæлæ сæйраджыдæр йæхи арахъхъ æмæ йæхи ахст хъæбæр цыхт, хæндыджы къуымыхцы, цæстрæвдауæн хæнкъуытæ æмæ хæрзад. Æркæндзæн тæвд арахъхъæй йæ саубын хъулæттæ чысыл сыкъайы – хæсты фæстæйæ нырмæ йæм ис, – æмæ ссардзæн Хуыцау æмæ Йе сфæлдыст æрвон хæрзгæнджыты ном, айдагъдæр æртæ сыкъайæ! – æмæ уæд цы зæрдæ- йылæмбæлгæ вæййы йæхи конд салаты – халсартæй арвистоны комдзаг! Сыл мæнæу ссадæй сау дзулы карст дæр ма, о.

Цы чысыл хъæуы æнæмаст лæджы, цы!

Раст йæ комыдæттæ ныридæгæн æруадысты, уыдæттыл, йæ цæстытыл уайгæйæ, куыд хъуыды кодта, афтæ.

Кæцы трамвай йæ хъуыд – 7-æм номыр – уый æрбацыд. Сбадт дзы, кондуктортæ ныр къорд азы дæр нал ис, улупа сын ма фидой, æмæ æртæ мæйы ‘мгъуыдæн фæндагдзон билет равдыста трамвайтæрæгмæ. Мæнæ ‘фсæнвæндаджы вагзал, стæй та… Нал фæлæууыд, бадис та кодта, рагуалдзæджы 6-æм астæуккаг скъолайы агъуыс- ты чъылдыммæйы фæскъуым цы ныв федта æмæ йæ сагъæссаг хъуыдытыл чи бафтыдта, ууыл. Ноджы ма йæм цыдæр бæлвырд бæрджытæй уæдыккон, хæсты йыл цы цау æрцыд… цы дыууæ халæмдих цауы ‘рцыд, уыдоны хуызæн фæкаст…

О, рагуалдзæджы цы тыхджын дымгæ радымдта хæхты ‘рдыгæй – фæн, уый тынг хорз дæр ма лæууы йæ сыхырна зæрдыл. Иу заманты, – горæты уæлдайдæр! – хохрæбын дæлвæзты скæны æвæджиау хъарм бонтæ, мæнæ зæрдæ ‘хцонæй хъарм агурын куы байдайы, раст уæд. Уæлхох та ма хъызт уазæлттæ вæййы. Æмæ уæд уазал уæззаудæр уæлдæф йæхи бынмæ расхойы, æмæ ахæм уады дымгæ сысты, ахæм, æмæ уалæ Парчы æнусон бæлæстæй дæр ма къорд æд уидæгтæ сфæлдахы! Сæ тæригъæддаг уынд-бакастæй зæрдæ фæрæхойынц, лæг та фæсагъæссаг вæййы, ногæй-ногмæ басæтты, æрдзы фæзындты ныхмæ бынтон æвадат, æнæбон кæй у, ууыл…

О, æмæ скъолайы бæстыхайы аууон æрзади дыууæ дынджыр æмæ зæрдæисгæ аив бæрз бæласы. Сæ иу разæй, фæндаггæронмæ ‘ввахс, тæккæ дымгæдзæвæны, йе ‘мбай æмбал та мидæггоз, фæсвæд æнæдымгæ ран, бынтон æдас ран, цæвиттон. Фæлæ дын дымгæты бардуаг Галæгон йæ кæцыдæр маст исæгау айтæ-уыйтæ куы нал фæкæнид, йæ налат хъаруджын дымгæйæ зилгæдымгæ куы ацаразид, æмæ уый та уыцы хъазгæ-худгæ-футтытæгæнгæ куы фæмидæг-фæкуыси уаид скъолайы удæнцой сабыр фæсчъылдым æмæ… Æмæ дæ фыдгул, дæ балгъитæг дæр афтæ: йæхи фыдбылызтæй ныфсæвæрдау фæдзæхст чи ‘нхъæлдта, хъалзæнгæй, уæнгтæивæзт парахатæй чи задис, æдас- æдыхстæй, дымгæты знæт футтытыл химидæг йæхи худæгæй хæсгæйæ, уый дын уæлæмхасæн цъаммар зилгæ-здыхсгæ дымгæ æд уидæгтæ куы фæуæлгоммæ кæнид, куы йæ адæргъ кæнид, йæ алæмæты рæсугъд гуырвидауц дæр ын мур дæр ницæмæ æрдаргæйæ!

Фыдзæрдæ!

Фыдвæнд, фыдгæнæг!

Фашист дымгæ, æгъатыр фашист!

Уый йын!

Дымгæтæн риугом бæрз бæлас та, тæккæ быгъдæг фæндаггæрон куыд лæууыд, афтæ сæрбæрзонд, уæрæхтæзылд къабазджынæй лæугæйæ баззад, кæд йæ хорз хъæдын зæрдæ ферхæндæг уыдаид, ферхуым йæ хæлары бæллæхæй, уæддæр…

Фæлæ дын уымæн та уадидæгæн уæд – уыцы ныв ауынгæйæ – йæ хъæдгомджын зæрдыл уыцы дыууæ цауы æрлæууыдысты, цыдæр бæрæг бæрджытæ-æууæлтæй йæм æнгæсæн хъысмæттæ фæкастысты дыууæ бæрзы цардвæндагимæ.

Кæддæрты йæм хъæуы йæ сыхаг – Къуымы Сыхы йæ сыхаг, уæдмæ дæр зындгонд фыссæг Хæблиаты Сафар уæзбын-уæзданæй бауырдыг, мæнæн, дам, мæхи иузаман Гуыриаты Мæхæмæт, уый та зындгонд журналист, куыд бакъуымы кодта, дæу та, дам, æз афтæ баййарон: зæгъ-ма мын æй, хæствæлтæрд лæг, зæгъ, лæджы æцæг хæлæггаг амонд циу йæ фыдæбойнаг, фыдтæвзарæнты царды, уый.

Цы йын загътаид ахæм сæрæмбæрзæн, къухтæтухæн, дæлæрмтты сæ кæнын дæнцæгæн, цы йын æрхастаид ахæм цæвиттойнаг, æмæ æцæгдæр лæгæн лæгæвзарæн сахат сæйрагдæр цы уыдаид. Загъта йын, æппæт адæм иударонæн цы дзуапп фæдæттынц, уый:

– Амæндты сæр – æнæниз куы уай, уæд уый. Алы хъуыддæгты та – дæ лæгдзинад æмæ дæхæдæг…

– Афтæ, афтæ, – сразы Сафар. – Фæлæ дзы æнæниздзинады мидæг Мæхæмæт иу уавæр, иу фæзилæн фæуæлдæр кодта, фæтæхудиагдæр. Æмæ, дам, уый та уый у, дæхимæ зилынхъом куы уай, дæхи къахæй, Сталин дæр, дам, фистæгæй кæдæм цыд йæ уæнгты сæрæнæй, уырдæм цæуынхъом ма куы уай, уæд уый.

Ныр та йæхæдæг сразы уыцы Мæхæмæт æмæ Сафаримæ дæр, æцæг уæд, Сафаримæ ныхæстæгæнгæйæ, уыцы цаутæ йæ зæрдыл не ‘рæфтыдысты, уыцы амонд – дæхи сыстрагъæй цынайыны амонд…

Æмæ – æцæгдæр! Дæ галифе хæлафы фадгуытæ уæраджы фæтасæнты кæм фæкъуырфытæ сты, уым сси сæ къуыртт. Æмæ уæдæ дæ буар дыууæ мæйы зæгъа, чысыл фылдæр, сапон æмæ тæвд доны хъæстæ куынæ фæуа, хид та ракæн, уæд дзы хуыздæрмæ уæдæ цы ‘нхъæлцау дæ, цæмæ дзы кæсыс мæгуыр буарæй – гæбæр бæхау дæхи ных, тугвæдтæ уадз дæ сыстхæрд гуыбын, дæлæрмттæ, къæхтыл… Уый та дын хæсты бирæ бæллæхтæ-фыдæвзарæнтæн сæ иу, се ‘лгъагдæр…

Æмæ куыд æхсызгон уыд суанг фæлмæцыд зæрдæйæн дæр ма – буары кой ма чи кæны, сæхи уыцы хъæуы хæдзарон чысыл абанаты ахъаззаг – æд сапон, æд тулдз æмæ бæрзы сыфджын лыстæг къалиутæй конд цъылынтимæ – куы цынадтой, куы ныссыгъдæг кодтой, сæ дарæс фæныкдоны удæстæй куы фæхъæстæ кодтой зынаргъ фæтæгенæй æмæ йæ куы ныллæмæрстой, къæр-къæргæнгæ хус куы бакодтой пецты фæтæн тæрхæджытыл, – стæй сæхимæ ноггуырдау куы фæкастысты, сæ уæлæдарæс сæ уæлæ куы скодтой, уæд!

Уый та дын удæгас лæджы зæххон амæндтæн сæ иу, æхсызгон амонд, уырыд, фыдвæллад хæстоны бæрæгбон…

Æртындæсæй ма æнæхъæн батальонæй немыцы æрхъулайæ раирвæзтысты, дыууадæс сырхæфсæддоны æмæ иу æвзонг лейтенант. Амæ дамбаца, фондзмæ цыдæр фондзæхстонтæ фæйнæ цалдæр гилдзимæ, йæхимæ автомат Пыпыша, иннæтæ – афтидарм: гилдзытæ сæм куы нал уыд, уæд сæ гæрзтæ асхуыстой, адонæй та ма, дам, цы кæнæм, цы сæ ‘мпъухæм, фыр æххормагæй ма нæхæдæг тыхамæлттæй куы стæм нæ къах айсынхъом, зæгъгæ.

О, æндæр кæцæйдæр сæм æрбафтыд иу ирон лæппу дæр – фыццагон ном ын уыд, æмæ йын æй бахъуыды кодта, йæ мыггаг та йын æрмæст иунæг хатт фехъуыста æмæ дзы ‘рбайрох, стæй йын æй æрымыса, уый дæр æй нæ фæндыд уый фæстæ, уый…

Хъызылбеджы мыггаг…

Йæхи йын Хъызылбегæй дæр нæ бацамыдта, фæлæ, дам, æз сырх кънйаз дæн – Кизил Бек…

Хорз, цы дунейы ис абон, уыцы дунейы ахаст ын тæрхонгæнæг уæд…

Ныр цыппæрдæсæй Бруты мæрддзыгойау хæлиуæй цæуынц. Æрбахæццæ сты иу уæрæхтæ цæугæдонмæ. Æмæ цæугæ кодта, лæугæ кодта цады донау, уый йыл нæ зынд нæхимæ дæттау, фæлæ уæддæр река кæй у, цæугæдон, уый бæрæг дардта, йæ сæрты стыр хъæдын хид кæй уыд, уымæй. Хидæн йæ могортæ ставд донуадзæн хæтæлтæй конд, йæ цæуæн рагъ та – сыгъдæг хъæдæрмæгæй… Йæ фæйнæджытæ ранæй-рæтты фегæмттæ сты, фæлæ йыл уæддæр бæхуæрдон æмæ машинæйæ бауайæн дæр уыд. Цæвиттон, хæстон нысаниуæг хаста, æндæр уæдæ цæй охыл фæзындысты æртæ æви цыппар немыцаг хæдтæхæджы сæ тæккæ сæрмæ.

Лейтенант цъæхснаг хъæлæсæй радта бардзырд:

– Все под мост!

Цавæр «под мост», цавæр, кæд æмæ уыдонæн, немыцæн, сæ бомбæты хъавд хидмæ уыдзæн! Хъызылбегмæ ма иронау сдзырдта, къудзитæм лидзгæ, зæгъгæ, æмæ йæхæдæг дæр иуварс иу пыхс къутæры аууон æрныгъуылд, йæ автомат йæ быны фæкæнгæйæ – цынæ вæййы, куы йын æй æруына немыцаг пилот, бинокльджын, æмæ йыл нæмыгадзагъдæй куы ралæууа… Æллæх, æллæх, мæлæты маргъ, зæгъгæ дæр ма бахудт йæхиуыл.

Сæ бомбæтæ-иу куы доны астæу æрхаудысты, куы хидыхъусмæ ‘ввахс, фæлæ йæ уæддæр сæ кæцыдæр акъуырдта…

Куы айстой сæхи, сæ гуыв-гуыв куы нал хъуыст, уæд сыстад, бар-æнæбары ‘рцагъта йæ рыгтæ – уæддæр та йæ уæлæ ногæхсад дарæс – æмæ, æмæ… Цæй хид ма æмæ ма цæй æндæр: ныхъхъен- тæ-ментæ ис фæйнæгæй, бынхъæдæй, æндæрæй. Æввахс æм бацыд, бакаст ын йæ бынмæ: кæйдæр къæхтæ ма дзы сыджыты ныгæдæй зындысты, æрмæст ма кæйдæр къæхтæ… цæмæндæр бæгъæмвадæй…

Кæд Хъызылбег дæр нæ бамбæхст уым, алыгъд, уый зондмæ гæсгæ, къудзитæм – æмæ йæм йæ номæй цалдæр хатты ахъæр кодта. Нæй, нæ йæм разынд дзуапдæттæг.

Мæнæ мын æвиппайды цы æххормаг у, зæгъгæ, бадис кодта æмæ йæ дыууæ дзыппæй фæйнæ дыууæ æдцъар фых картофы фелвæста. Фыдджын дæр, дзаджджын, лæплæпгæнаг уæлибæхы кæрстытæ дæр афтæ адджынæн нæ бахордтаид, уыдон куыд аныхъуырдта зыд æмæ кæрæфæй!

Дон-дон фæраст: нæхирдæм, хурыскæсæнырдæм калд – иугай сыфтæртæ кæцырдæм ласта, уымæй йæ базыдта.

Цыди быдыр-быдыр, кæм къутæр хъæдджын, кæм хихджын бæлæстæ хъæдджын, кæм бынтон быгъдæг æмæ та-иу дардмæ чысыл хъæу суыдта, зæгъгæ, – уæвгæ та нæхи быдираг егъау хъæутæ уым тынг стæм хатт уыд: селение та хонынц, аргъуан кæм ис, уый; кæд дзы нæй аргъуан, уæд та сæм деревня у йæ кадджын ном. О, æмæ та-иу дæрддзæфмæ хъæу куы ауыдта, уæд-иу фæсвæд ран æрныгъуылд æмæ кастис, хъуыста – цæуы дзы куыйты рæйын; нæ дзы цæуы – уæд немыц уым сты æмæ сæ ныццагътой: куыйтæ сыл-иу уæлдай хъæхъхъагдæр рæйд кодтой, æцæгæлон адæм сты, уый иу хъуыддаг уыд, фæлæ ма сæ сæ тæф-смагæй дæр хицæн кодтой, хъылмайау сæм каст, æвæццæгæн…

Чи-иу ын загъта бынæттон цæрджытæй, тоже драпай дальше до самой Москвы, как и те, кто побирался-шаромыжничал-французничал до тебя – много тут вас ходют-бродют, на всех картохой не напасешься, зæгъгæ, фæлæ-иу ын чидæртæ нымад картæфтæ æмæ дзулы къæрис дæр авæрдтой, дыууæ-æртæ айчы, суанг ма ‘хсыры агуывзæ дæр. Æмæ боныцъæхтыл иу горæтгондмæ ныххæццæ – æфсæнвæндаджы фæйнæ фарс æрцахста. Æфсæддон хай дæр дзы разынд, станцæгæс æмæ ‘фсæн хид хъахъхъæнджытæ.

Чи дæ, цы дæ, ис дæм документтæ-йедтæ, æмæ йæ суазæг кодтой – рæстæгмæ уал, мæнæ дæм Смершæй исчи зындзæн æмæ дæ уæд уый бæстон лыстæгæй æрфæрстытæ кæндзæн, зæгъгæ. Æрбамбæлд, дам ма нæм иу дæ хуызæн кавказаг, æмæ йæ цыма штрафбаты фыццаг скодтой, йæ командиры бардзырд, дам, кæй ницæмæ ‘рдардта, уый фæдыл.

Йæ зæрдæ уайтагъддæр фæкъæпп ласта: уый, сыгъдæгæй, Хъызылбег уыдаид! Æвæццæгæн, уæд къудзиты пыхсыты нæ бафснайдта йæ сæр, фæлæ цыппæрвадæй, куыд дарддæр гæнæн ис хидæй, афтæ лыгъд радта æмæ… æмæ ам балæууыд. Фæлæ – хæйрæг йæ зонæг, иу æмæ дыууæ кавказаджы раирвæзтаид алы æрхъулатæй…

Æнæдиссаг нæу уый дæр, æнæдиссаг: лæг цы дæсныйады ахасты бахауы, уый æууæлтæ раст йæ бакастыл дæр фæбæрджытæ вæййынц. Æмæ амæн дæр уыцы аивтæ цæсгомæвæрд, йæ тыппыр фæлмæн рустæ цыма йæ хæларзæрдæйы уагæн æвдисæнтæ сты – уайсахат дæр ыл хæстæг-хионау, рагон хорз зонгæйау баууæндис, фæлæ уыцы каконсындз, уыцы рæхойаг судзин цæстытæ, суардзæхдонау цъæхбын, ирдгæджын, ихæнриз æфтауæг, хатыр циу, хатыр, лæджы тыхст-уырыд уавæр бамбарын, искæй мастæй схъæрзын, кæмæндæр фæтæригъæд кæнын, уыдæттæ раджы кæддæр кæмæй фесты зыбыты рох, тæккæ ахæм мæлдзой цæстытæ.

Æмæ уæд цæмæн, уыцы æрыгонæй цæмæн уыйау у – кæд ыл цыдаид иу-æхсæз, авд æмæ ссæдз азы, зæгъгæ, йæхи бафарста. Хуыздæр дзуаппæн уый банымадта: йæ хицау чи у, комкоммæ йæ командиргонд ома, уый фæзмгæйæ суыдаид ахæм! Уый зæрдæ йыл ма фæхуда, уый цæстыты йæхи ма бафтауа, цы куыст ис йæ бæрны – Советон Цæдисы номæй! – уый аккаг разына!

Смершы афицер «Смерть шпионам»-ы!

Æртыккаг бон æм фæзынд шпионты цæгъдæг-марæг. Фыццаг уал уæлæнгай рафæрс-бафæрс, стæй цæхджындæрæй-цæхджындæр, цывзыджынæй-цывзыджындæр ракъах-бакъахтæ, алы гипотетикон уавæртæ-фадæтты йæ ‘вæргæйæ:

– Æмæ дын, размæ, атакæйы, зæгъгæ, куы уыдаид бардзырд, уæд та уый дæр æдылы командиры æдылы бардзырдыл банымадтаис, и, и?!

– Нæ банымадтаин. Уый размæ-иу сæ куыд нæ банымадтон, афтæ: къорд хатты бацыдтæн хъазуаты. Фæсфронты уырыты туг æмæ зонд не сты мæ ирон туг æмæ зонд.

– Уый кæмæй зæгъинаг дæ? Кæй хоныс уырытæ?

– Комкоммæ никæмæй. Фронты ахæм иумæйаг фидис сфидар не ‘хсæн.

– Æмæ ирон туг æмæ зонд цы хъауджыдæр сты иннæ адæмыхæттыты туг æмæ зондæй?

– Ницы. Фæлæ алчи йæхи тыххæй дзуапп дæттæд. Мах дæр уыцы Иунæг Хуыцауы сфæлдыст стæм, уæлдай хæрзтæй нæ нæ фæхъулон кодта…

– Æмæ дæу дæхи хуызæн ирон кæй айед кодта… ауæй, уый та куыд?

– Цавæр ирон?

Æмæ Хъызылбеджы мыггаг загъта, уый мыггаг уыд, уый та ма йын цы базонын хъуыд, схъæлхудтгæнгæйæ ма афтæ дæр куы бафтыдта йæ ныхæстæм, фамилия Красного Князя, зæгъгæ, уæд.

– Æмæ мæм цы ссардта уæййагæй? Уыцы иронхуыз базаргæнæг…

– Ома йын ды радтай контрбардзырд, хиды бынмæ нæ, фæлæ – къудзитæм. Ды йæ цæмæй зыдтай, немыцæн сæ хъавд, сæ нысан хид кæй у, уый? Сæхæдæг дын æй фехъусын кодтой рацийæ?

– Цытæ дзурыс, цытæ?! Стæй немыц кæд базыдтой иронау, æз та немыцагау?!

– Цытæ хъусыс æмæ цытæ уыдис… уыдаид, уыдон! Ды хатиагау дæр зондзынæ…

– Ничи мын ницы загъта. Мæхиуыл сæр нæй?.. Ироны фаг сæр.

– А-гъа, дæуыл, ирон хуымæтæг салдатыл, ис зондæй йæ хъус- тæм дзаг сæр, советон афицерыл та, уыцы уырыссаг лейтенантыл та сæрау нывыл сæр нæ уыд, нæ?

– Зонд хистæр æмæ кæстæрæй куыд нæу, афтæ ‘фсæддон цинтæм гæсгæ дæр нæу… Стæй адæмыхатмæ гæсгæ дæр!

– Æмæ та дæумæ дæр уыцы æгоммæгæс, хивæнд адмиралау суанг Сталины бардзырд дæр нымаинаг æмæ æххæстгæнинаг не ‘ркастаид, и, и?!

– Цавæр адмирал?

– Сау денджызы флоты командæгæнæг. Немыцы ма ‘хсут, уый хæст нæу, провокаци у, зæгъгæ, уыд Иосиф Виссарионович æмбал Сталины карз фæдзæхст, фæлæ сæ уый, уыцы адмирал æхсын кодта немыцы хæдтæхджыты Севастополы сæрмæ æмæ сæ цалдæр æрæппæрстой:

– Гъы, æмæ уый провокаци уыд æви хæст?

– Æмæ – цы? Дуне кæд бынты-бын кæндзæн, уæддæр бардзырд бардзырд у, æмæ йæ æнæмæнгæй æххæст кæнын хъæуы! Бамбæрс- тай, ирон туг æмæ ирон зонд? Уыцы адмиралæн та сомихаг сты йæ туг дæр æмæ йæ зонд дæр! Уыцы мичманæн – Сталин адмиралæй мичман акодта, галæй бындз акæнæгау. Дæуæн та дæ фæндаг цæуы дон-дон штрафбатмæ! Уым къутæры бын нал бабырдзынæ!..

Хуыцауæй дæр, чи зоны, кæцыдæр рæстæг айрох вæййы, табу Йын, табу, Хуыцау кæй у, уый. Фæлæ та ныр дæр нæ фæсаджилзонд, хæрам æрцæуа рæстад зондыл, уый Йæ уæдæ куыд хъуамæ, цы хуызы хъуамæ бафæндыдаид, куыд?!

Особист æй цы блиндажы ракъах-бакъах кодта, йæ ‘нахъинон фарс-тытæй цы хурхгæнд, уый уыдис æфсæнвæндаджы сæрты æфсæн хиды тæккæ цур. Хæдтæхджыты уæззау гуыв-гуывмæ дыууæйæ дæр æддæмæ рауадысты.

– Мæ разæй хиды бынмæ!

– Нæ цæуын!

– Уый æфсæнæй, цугун æмæ ‘ндонæй конд у, уымæн бомбæтæй тас нæу уæ хъæдын хидау!

– Нæ цæуын!

Уый йæ дамбацайы хуымпъырмæ куыд февнæлдта, афтæ йæм йæхæдæг та Пыпыша-автомат фæцарæзта. Уæд дын уый дæр хиды бынмæ нæ балыгъд, фæлæ, хицæнæй цы афтид дыууæ цистернæйы лæууыд, уыдонæй иуы бын рельсыл æрбадт: шпалытыл дæлгоммæ нæ ныххуыссыд – тæппудау фæтæрсын йæ сæрмæ не ‘рхаста… Ницыуал æм сдзырдта, цистернæтæ афтид сты, цы сты, уымæн йæ бæрджытæ немыц нæ зонынц æмæ ныр та сæ мысан уыдон уыдзысты, зæгъгæ, фæлæ, иуварс цы змисы обау амад уыд – хæмпæлгæрдæг ыл схæцыд, уый фæстæ бадæлгом. Цыдæр хæрздæф кодта змис, цыдæр – æркаст кæрдæджытæм, æмæ-иу фыццаг заман асыччы мæнæуы ссады сæр кæй байтыдтой, уый – ма ссыст уа, ма схъуынадзæф уа ссад…

Иу хæдтæхæг уал æркалдта, æрызгъæлста станцæйыл йæ бомбæтæ – атахт, йæ фæдыл иннæ дæр афтæ, æртыккаг, цыппæрæм… Зæхх сæ куыд урæдта, куыд нæ афазтæ, хохаг кæмтты хуызæн куыд нæ фæауæдзтæ – мæгъа, мæгъа. Станцæ сыгъд, вагæттæ сæ сау фæздæгæй арв саумылазон кодтой, хатгай-иу фæздæджы астæуæй арты сырх-сырхид æвзæгтæ дæр сирвæзтысты.

Цистернæтæ дыууæйæ дæр, цы уыдысты, уымæй басмахътыл æнæфенкъуысгæйæ лæууыдысты, фæлæ йæ слестгæнæг мæрдон дæргъæй рельсыл бадæлгоммæ: куы йæм ныццыд, уæд ын йæ зæрдæсæр цæхгæрмæ сагъдæй æфсæйнаджы схъис федта. Цы йын йæ бон уыд, йæ дзагъыр цæстытæ йын æрæхгæнын æмæ йын, рухсаг у, рухсаг зæгъынæй уæлдай…

Уый та дын скъолайы фæсчъылдым æрзайæг бæрзбæлæсты лæвар мысинæгтæ. Хъысмæтæй иу хиды бын дæр, иу пыхс къутæры аууон дæр æмæ уыцы бæрзау иу фæсвæд ран дæр нæ бамбæхсдзынæ, нæ – уый та дын йæ уæлæнгай философи нæуæдздыууæаздзыдæй. Цы чындæуа: йæ салат – халсарты арвистон – та иунæгæй хæргæ ‘рцæудзæн…

О, цæрынхъус ма цас дæ, зæгъгæ, уæд ыл æргом басæттид: фылдæр-фылдæр ма, кæд уæ нæ фæнды æмæ Иунæг Хуыцауæн зын нæ уыдзæн, уæд æдæппæт дыууæ -‘ртæ азы ма. Ома йæхи цæстæй ма йæ фена, ацы фæсарæйнаг бæллæхы хæцæнгæрзтимæ ерысы хæст цæуыл ахицæн уыдзæн, стæй уыдзæн ног хицау бæстæйæн, æви та абонон баззайдзæн йæ тухийаг, иуæй, дзыллæтæн арфæйаг, иннæмæй, бирæтæн та æлгъыстаг бынаты.

Ирæттæ куыд раппæлынц æхсарджынтæй, афтæмæй лæджыхъæды миниуджытæй хъулон хайджын у, фæлæ йыл Максим Горькийы ныхæстæ ‘рцæудзысты, «безумству храбрых поем мы песню», æви кæцырдæм фæзилдзæн йæ хъысмæты дышлæ-астæухъæд, – иунæг Уæллаг йæ бæлвырдтæ зонæг.

Æндæр йæхæдæг та цардыл нæ ныддæвдæг, цытæ дзы федта æмæ бавзæрста, уыдонæй йæм дзы зæрдæзæгъгæдæр æмæ фыддæр ницыуал æнхъæлмæ кæсы, цы хъысмæты ахаст зоны, уымæй…

 

УАРЗИНАДЖЫ КЪУХ

Нигер адæмыл йæ цæст кæрæй-кæронмæ, стæй та фæрсырдæмты ахаста, бафарста, фæлæ комкоммæ – никæй:

– Куыд у – райдайæм? Ис нæм йед… Кворум?

Райхъуыст алырдыгæй хъæлæстæ:

– Ис! Ис!

Нигер, иуварсырдыгæй иппæрдæй чи бадт, уыцы лæппулæгмæ фæрсæгау бакаст. Уый йæ сæрæй дыууæ хатты æркувæгау кодта, ома, дам, бар уын ис райдайынæн.

– Уæдæ нæ абоны ныхасы сæр у «Ныры дуджы кълассон тох æмæ аив литературæйы хæс». Райдианы цыбыр раныхасы бар – развæд скæныны бар – ис Барахъты Теккойы фырт Гинойæн…

– Бахатыр-ма кæн, Иван, фæлæ, цæмæ гæсгæ нæ зæгъæм, абон ам немæ цæуылнæ сты Куыдзæг, Къоф, Æрнигон, Æбаты Шамил æмæ… – Хадзыбатыр фæкъуыхцыйау. – Кълассон хæст-тохы тыххæй та æмбал кæмæн нæй, уыцы ‘мбал Иосиф Бесойы фырт Сталин загъта, зæгъгæ, социализм иу уæлахизæй иннæмæ куы бырсы, уæд кълассон тох та карзæй-карздæр кæны…

Йæ бынатæй фестад Хъазыбег:

– Иван, æз та афтæ бафæрсинаг дæн, æмæ ам, ирон советон фысджыты ‘мбырды мæнæ ай, Ардасенты Хадзыбатыр, Куыдзæг, Къоф, ома Къоста Фæрниаты, стæй ма уый Фæрнион дæр у, иннæ ахæм Илас Æрнигон, æцæгæй та Тогызты Газакк æмæ Шамил Æбаты, ам цæуылнæ сты, уымæн йæхи æнæзонæг цы скодта, цы? Адæмы знаджы сиахс, ам, советон фысджыты ‘мбырды цы архайы, æз та йæ уымæй бафæрсинаг дæн.

Хадзыбатыр æм базылд:

– О, æз Куыдзæджы сиахс дæн æцæгæйдæр. Фæлæ йын æз йæ хо Лидæйы куы куырдтон, уæд Куыдзæг адæмы знагыл нымад нæма уыд… мæнæ дæу хуызæтты чъизи дзыхæй, фæлæ йæ адæм уæд зыдтой ирон фысджыты хуыздæртæй…

– Цавæр мæ чъизи дзыхæй?

– Ахæм! Ды йын схуыдтай, Бæдойы-фырт, йæ ахъаззаджы сатирикон радзырдтæ «Рапорт» æмæ «Бирæкрат» контрреволюционтæ. Стæй, уырыссæгтæм цы ‘мбисонд ис, уымæ гæсгæ ды дæхæдæг дæр «От сумы и от тюрьмы не зарекайся»: дæумæ дæр иу цырддзаст Гино раиртасдзæн адæмы знаджы миниуджытæ… Цавæрдæр адæмы…

Гино фесхъиудта, фæтæррæст ласта:

– Мæн та дзы, Ардасены-фырт, нымудзджытимæ чердыгæй фæцавтай?!

– Æмæ уæдæ Фæрнион абон кæм ис, уым цæмæн ис? Чи йыл æрымысыд æмæ ныккалдта алы антисоветон тугтæ? Уый дын цавæр критикон æвзаг у: «Саст дамбацайы хуызæн», «Кæйдæр къæссайы комыл хæцæг»?! Стæй æвæджиауы раст зондыл хæст у Къоф, ды та йын йæ ныхæстæ «Хъуамæ алкæмæн дæр бар уа йæ хъуыдытæ æргомæй зыгъынæн», зæгъгæ, антисоветон дымгæмæ ныддардтай. Дæ критикæ Æрнигоны, Хетæгкаты Дауыты, уæлдайдæр та Арсенийы тыххæй у вульгарон-социологон, критикæ нæ, фæлæ ‘ргом нымудзæнтæ, о. Афтæмæй та дæхæдæг замманай фыссæг дæ, ахъаззаг. Фæлæ – тæрс: милицæйы кусгæйæ дæр бирæты тæригъæды бацыдтæ, æмæ иу фыдбон куы скæна, дæуæй дæр та мастисæн бон, уæд дын дзæвгар цыдæртæ æрымысдзысты, урс паддзахы æфсады афицер кæй уыдтæ, суанг уый дæр…

Нигер хорзау нал уыд, мæстæлгъæдæй загъта:

– Хадзыбатыр, уанцон æртхъирæнтæ дын не сты! Раст дæ ирон фыдуацхæссæг Кассандрæ рауад…

Цыдæр зæгъинаг ма уыд Иван, фæлæ, залмæ ‘рбацæуæн дуармæ дза- гъыр цæстæй кæсгæйæ, удаистæй, тарстхуызæй кæсгæйæ баззад: æрвцъæх худджын дыууæ лæппулæджы дзы, æфсæддонты фадыварц фæзмынгæйæ, ‘рбацыдысты, сæ каст президиумы иуварсæй бадæгмæ скодтой, уый йæ рахиз къухы амонæн æнгуылдзæй Хъазыбег æмæ Гиномæ ацамыдта.

Гино хъуыддаг бамбæрста æмæ ма уæддæр сфæрæзта:

– Мæн та цæй тыххæй?! Æз…

Иуварсæй бадæг сыстад, æгъуыз, фæллад хъæлæсæй загъта:

– Дæ прокурор ус Еленæйы дæр уым баййафдзынæ. Æмæ дын æй уым зæгъдзысты, циу, цы хабар у, уый. Диссаджы, æмбисонды ныхæстæ дын бакастæн дæхимæ: «Цæй зын у æнæмбаргæ уарзинаджы къухæй фесæфын». Чи у, кæй хоныс уарзинаг, афтæмæй хуырым, æнæмбаргæ, уый та… – Базылд æрбацæуджытæм:

– Акæнут сæ!

Куыд сæ фæцæйкодтой, афтæ сæ фæдыл адзырдта:

– Дæ иннæ диссаджы æмбисонды ныхæстæ та дын бынтон хорз бадынц мах хъуыддаджы: «Аив ныхасæй сусæг хъуыдытæ нæ хъæуы æмбæхсын, сбæлвырд сæ кæндзыстæм». Нæ зонын, кæд сæ Иосиф Виссарионович æмбал Сталинæй райстай æфстау, – фыццаг хатт удæгас адæймаджы худтæй бахудт фысджыты ‘мбырдмæ бæрæг ранæй сæрмагондæй æрвыст лæг. – Мæнæ йæ ахæм ныхæстæ нæ фыд, нæ ахуыргæнæг æмæ нæ фæтæгæй æфстауæй: «Мы будем судить и карать не только за дела, не только за слова, но и за мысли!»

Цыппар лæджы дуаргæронмæ куыддæр бахæццæ сты, афтæ Нигер фæкодта:

– Фæлæуут-ма, цъус-ма бахъæцут! – æмæ, цы стъолы уæлхъус бадти, кæрдæгцъæх хъæдабæ хъуымацæй æмбæрзт, уый бынмæ нывнæлдта æмæ дзы систа дзæкъул, морæхуыз, йæ мидæг цыдæртæ кæй ис, уый йæ дымстæй бæрæг дардта. Æвдисы йæ ‘рвыст бæрнон лæгмæ:

– Ам цытæ ис, иудадзыг, æнæсцухæй, æппынæдзух мемæ цытæ хæссын, уый дын зæгъон…

– Ма мын æй дзур, зонæм æй: дæ мидæггаг дзаумæттæ дыууæ фæлыстæй.

Иван хæлиудзыхæй аззад, йæ саулагъз цæсгомыл дæр ма фæбæрæг, куыд афæлурс, уый:

– Куыд?! Цæмæй йæ зоныс… зонут, уым?..

– Нæ куыст ахæм у, Иван Васильевич, нæ куыст! Социалистон паддзахад нын мызд уый охыл фиды.

– Æмæ мæнмæ ницыма раиртæстат ахæмæй, цæмæй мæныл дæр «адæмы знаджы» сырхзынг гакк сæвæрат? Æз, кæй фæмидæгæй чындæуыд, уыдонæй цæмæй æвзæрдæр… цæмæй хуыздæр дæн?

– Ахæм гаккæвæрджытæ уæхæдæг стут… мах цæстмæ. Ноджы ма ерысдзаутæ стут, чи уæ фæраздæр уа банымудзынмæ, зæгъгæ.

– Ау, æмæ мæныл иу тугтæмысæг, цъыфтæкалæг нæй?!

– Æгæр дæр ма! Фæлæ дæу æмæ Арсенийы тыххæй хъæддыхæй загъд у, ма сæм æвналут, зæгъгæ. Сымах Юли Цезары усау стут: «Жена Цезаря вне подозрений», – æмæ, дуаргæрон къæсæрыл чи афæстит уæдæй нырмæ, уыдонмæ адзагъул кодта. Феддæдуар сты сæ амæттæгтимæ.

Нигер йæхицæй бар-æнæбары мидбылхудт ралæмæрста:

– Кворум нæм нал ис æмæ… Кълассон тох куыд рæзы, уый та тæккæ ‘рдæбон нæхи цæстытæй федтам. Иу хъуыддаг ма хорз, æмæ Хетæджы-фырт Къоста нæ рахæццæ абонмæ, æндæра…

Арсени дуарæй йæ сæр æрбадардта, сусæг хъæрæй æрбадзырдта:

– Нигер! Ис дзы!

Цыфæндыйæ дæр чидæртæ сæ худын нал баурæдтой, зыдтой йæ, Арсени та Ирыхъæуы нозтдзуан кæй уыдис, уый… Æмæ дын æрвыст лæппулæг æнæнхъæлæджы куы ‘рхатид:

– Иван… Æз дæр, йарæби, ирон лæджы фырт дæн гæнæн æмæ амалæй, æмæ уемæ куы фемвынг уаин. Цыфæнды дæр-иу дзурут – æз ницы фехъуыстон ирон сидтытæй уæлдай.

Нигер æм, стыр цымыдисагæй кæсгæйæ, лæууыд…

Бонтæ рауад, мæйтæ, азтæ – дуне та дыккаг хатт хæсты цырен арты сыгъд, уæлдайдæр артæндзарæг йæхæдæг – Герман, æмæ йæ амæттаг Советон Цæдис. Фæлæ ныр 1944 азы райдиан, арты судзгæ-араугæ ‘взæгтæ хæстæгæй-хæстæгдæр немыцæн сæхимæ кодтой, советон бæстæмæ та дарддæрæй-дарддæр.

Æмæ сусæг-æргомæй адæмы ‘хсæн билцъ уагъта ног ныфс: бирæ, æнæкæрон бирæ тугныккалды фæстæ фæуæлахиз уыдзыстæм мæнгард хæлар-знагыл, æмæ уæд… уæд нæ цард æцæгдæр нывылæй-нывылдæргæнгæ цæудзæн, аргъæутты-аргъаудæр коммунизм нал уыдзæн кæмдæр, дард фæсхох – «не за горами-долами»… Стæй йæ призрак дæр по Европе нал бродить кæндзæн… призрак нал уыдзæн æмæ…

О, фыдæлтæ, о: мæгуыры зæрдæ фыдæй-фыртмæ фынтæй хъал. О, Къоста, о: мæгуыр лæг никуы ныххуыссы æнкъардæй, йæ зæрдæ хъал вæййы… хуызджын-нывджын фынтæй… Йæ уæлкъæй фиутæ ауыгъдæй фены…

– Арæх скæны, Арсени, Цыппурсы мæй дæр мæнæ нырау фæлмæн, хъæрмуст бонтæ. Ды йæ мæнæй рагæйдæр хъуыды кæндзынæ…

– Æнæхъæн цыппар æмæ ссæдз азы раздæр дæуæй, Саулæппу…

– Æмæ зæрдæ агуры искуы хуссарварс ацы зæрдæхæлар хурмæ сбадын æмæ иу рыст удæй иннæ уынгæг удмæ æууæнчы ныхæстæ акæнын. Æндæр «некому руку подать в минуту душевной невзгоды»… – Иван фæрсаг-къахæгау баздæхта йе стыр цæстытæ Коцойы- фыртмæ, стæ-ма, кæй ныхæстæ ‘рхаста, уыдон уый зоны, зæгъгæ.

– Цы ‘вгъау уыдис уыцы Лермонт дæр афтæ æрыгонæй фæцæуынæн мæрдтæм иу чепухайы къухæй… Æцæгдæр мартышкæйы!

– Уæх, Арсени, уæх, Габоци, æмæ дзы нæхи Фæрнион, фыццаг ирон роман сфæлдисæг, аз хистæр йеддæмæ дзы куынæ уыд Юрийы фырт æвзонг Михаилæй – æмæ уый та чи барвыста йæ тæккæ цардбаргæйæ мæрдтæм?! Æмæ сæ иуæй иннæ ныфсдæттæг æрдхæрæны фыссæджы та? Нæ хуыздæрты ‘вæрынмæ рæвдз не стæм, фæлæ ерысдзаутæ нæ сау дзыхтæй сафынмæ. О, цæуæм, мæнæ уым хурварс æруадзæм нæхи – уыцы хæдзары кæддæрты Малиты Георги цыбыр рæстæг ацарди…

– Уæд та иу рог уад скæнин мæ зонгæтæм Ирыхъæумæ? Куыд кæстæр, афтæ дæу арвитин, фæлæ дæ нæ зонынц лæгæй-лæгмæ æмæ сæхи смæгуырау кæндзысты, схусрæбын, банымудзынæй тæрсгæйæ…

– Уый – изæрæй, ныр та уал, цалынмæ хур нæ фæкъул æмæ йæ рæвдыд нæ бамынæг, уæдмæ исты уæлæнгай, удулæфæн дзыбандытæ акæнæм…

– Куыннæ стæй, Иван! Æз дæ иу ахæм цæмæйдæр бафæрсинаг дæн, æмæ ма цæй уæлæнгай, цæй удулæфæнтæ… æнæ цъæхæй.

Куыд фæцæйцыдысты иу фæтæн фæйнæгæй конд бандонмæ, афтæ Нигер фæлæууыд, йæ бухайраг худыл уæлдæр схæцыд æмæ фæбæгъгъæтт кодта йе стыр цæстытæ, дзургæ та ницы скодта, адарддæр кодта йæ цыд. Арсен рахизварс æруагъта йæхи, Нигер йæ дæлварс… æмæ йæм баздæхт гуырæргомыздæхтæй:

– Цæмæй мæ бафæрсинаг у ацы зæронд усгур, зæгъгæ, мæ сæры арфы ныссагъд, фæлæ уал æз мæ цыдæр зæгъинаг зæгъон, Габоци. Латинагау дзырд «арс» аивад амоны, æмæ хорз у дæ райст-бавæрды ном дæр Арсен-Арсени, фæлæ бынтон адджын ирон тæф та Габоци кæны…

– Омæ мæм дзур мæ дзызæйлаг номæй дæр, чысылæй фæстæмæ мыл ныддæвдæг, ныйичъи.

– Нæ йæ зонын, Габоци, дæумæ искæдбон ахæм удхор хъуыды ‘рцыдаид, уый, фæлæ мæнмæ та Хуыцауы æлгъыстау кæсæм мæнæ мах, куы амондæмхиц, куы фыддзыхты апиринæгтæ, фыссæн сисы цагъартæ-уацайрæгтæ. Фыссыс, фыссыс, дæ туг халыс, дæ зæрдæ цъæхснаг дудгæ рыстæй риссын кæныс, стæм хатт дын Хуыцау дæ хъусы йæ рæбинаг æвæрæнтæй ахæм дзырд дæр бацæгъды, æмæ нал- хъуыт-налмас, дзындзытæ йæ цуры – хуымæтæг къала, æрхуы. Æмæ дыл уæд хуртæ æмæ мæйтæ дыгæйттæй скæсы, ныббуц вæййыс дæхицæй, Хуыцау мæ уыны, æндæр мын ахæм хъæздыг фæлыст дзырдтæ йæ цæст куыд бауарзы, зæгъгæ. Мæнæ нын ды, Арсени, нæ ирон литературон æвзаг дæр ма куы сфидауын кодтай, куы сбонджын-сфадатджын дæхи æрхъуыдыгонд дзырдæй: æмдзæвгæ…

– Омæ йæ мæнæн дæр мæ рахиз хъусы Хуыцау æрбаулæфыд, не Скæнæг-не Сфæлдисæг, Иванджери!

– Табу Йын, табу! О, фæлæ та уæддæр лæджы æрæййафы уыцы сагъæс, мидхъынцъым, зæгъгæ, ныр, цымæ, мæ уд цы лæмæрстон тых лæмæрстæй, цы йæ ‘вдæрзтон, цы, сау тухитæй йæ цы мардтон, мингай азты дæргъы чингуыты сæрæвæрæн чингуытæ – нæдæр «Библи», нæдæр «Хъуыран», нæдæр индийаг «Ведæтæ» – адæймаджы хуыздæрмæ куынæ аивтой, уæд. Нæ иу – Каин, иннæ – Абель. Иу нæ – зæд, иннæ – дæлимон, иблис, шайтан, – фæлварæг цæстæнгас та афæстит кодта Арсены æфхæрдхуыз цæсгомыл. – Националист мæ схуындæуаид, фæлæ йæ уæддæр зæгъон, зæгъгæ, цы хъал ныввæййын ирон лæджы хорзы коймæ æмæ куыд бамæгуыр вæййы мæ саби зæрдæ иу æвзæры тыххæй – мæнæ æвзæрты цæгъдæн бон йæ цирхъ хæргæцыргъ кæнынмæ та чи фæразæй уаид, ахæмы…

О, æмæ уартæ Гоголы зонд дæр уыйадыл нæ фæцудыдта, уыцы мастæй: нæдæр йæ «Ревизор», нæдæр йæ поэмæ «Мертвые души» кæй ницы сахадыдтой цардæвæрды æууæлтæ уæд та ма чысыл фæнывылдæр кæныныл… Уæд, Габоци, цы удхарæй марæм нæхи абоны онг, цы?!

Арсен дæр æм æргомыздæхтæй сбадт, рыст, æрдæгхурхгонд хъæлæсыуагæй дзурæгау фæкодта:

– Рагæй фæудхайраг дæн æз дæр, Иван, уыцы сындзджын, зын- аныхъуырæн сагъæстæй, рагæй! Æмæ мæ царды фыддæртæм æрцыдтæн – мæхи уæдæ мæ хъалæй басхуыстон трамвайы бынмæ, мæ хъалæй, мамæлайы къæбæртæ хæрæгæйæ, сысткъудийæ! Цы загъд-заман мæм фæкодта уæд Зæнджиаты Дæкка… Кæд прокурор у, уæддæр зæрдæрухсгæнæг ирон хорз лæг…

– Уæх, Габоци, Габоци æмæ Арсени, Арсени!.. Цы зæрдæрыст мын бавзарын кодтай уæд, цы! Уæдæмæ лæгхортæ стæм, Хуыцауы рæстæй дæр не ‘взаргæдæрты дæлдзинæггæнæг, æнауæрдонæй сæ сафæг. Æхсæст хоры мыггаг къада куыройы ссæгау. Кад æмæ намыс та сын сæ ингæнтæм… Йед.. Уартæ хæсты размæ немæ ‘мвынг абадынмæ бар чи ракуырдта, уыцы лæппулæджы нал хъуыды кæныс?

– Куыд æй нæ кæнын – тынг хорз дæр ма… Иу бæрæг кæцæйдæр нæм æрвыст.

– Уый дæр… Бирæгъты ‘хсæн, æвæццæгæн, куыдзау дардта йæхи, æмæ йæ бахордтой… æбæрæгæй йæ фесæфтой: йæ кæстæр æфсымæр мын ракодта хабæрттæ… Мæнмæ, дам, цы ‘хсæв æм æрбацыдысты, уыцы изæр радта ацы гæххæтт, дæу, Нигер, нымудзæджы курдиат оргæнтæм… Базыдтон æй, чи уыд, уый, фæлæ йæм зулаив цæстæй дæр никуы бакастæн. Диссæгтæ! Цæфæй æмæ йæ хъæбатыры æвдисæн хорзæхтимæ сыздæхт хæстæй.

– Æмæ дыл уæддæр цытæ ‘рымысыд уæд?

– Нæ йæ зонын, загътаин сæ искуы хорз зонгæты цур, æви не срæдыдаин, фæлæ, дам, мæнæйуый ныр та афтæ дзуры, зæгъгæ, кæмтты нарджытæй зарджытæ дæр æмæ, дам, хъарджытæ дæр уымæн нал хъуысы, æмæ ирон адæмыл дæр уыцы æмбисонд æрцыд, иу кæйдæр уавæры, дам, бахаудысты: йæ къæхты бынтæ йын хъыдзы кодтой, фæлæ йæ худын та нæ уагътой; фæлдахгæ фыднад æй кодтой, æмæ йæ кæуын та нæ уагътой…

– Никъалайы заман дæр æмæ уымæй размæ дæр уыдис дзырдыскъæфтæ, фæлæ ныр куыд тæрсы лæг исты ахæм æргом хъуыды зæ- гъынæй суанг дæ хæлары цур дæр, афтæ, нæ зонын, искуыдæрма уыдис уыйбæрц нымудзæг дзыллæтæ. Мæнæ мыл мæ «Фæзыхъæуы» тыххæй Гино цытæ ныххуырста – куыдзахсджытæн фагæй фылдæр æфсон æмæ бындур мæн дæр «поставить к стенке», фæлæ иу кæмæдæр уый фаг мæлæтдзаг цæф нæ фæкаст æмæ ма сæм рæхуыст дæр бахæццæ кодта уартæ æртын æвдæм азы, ды Тазеимæ Хъырымы куы уыдтæ, уæд.

– Цавæр рæхуыстаджы æрмæг ма дæм сфæйлыдта уыцы патриот- хæрзгæнæг?

– Æз, дам, дæн кълассон знагæй æнæвгъау æппæлæг, арвмæ йæ систон æмæ йæ дæлдæр нæ уагътон, цыма мæм æндæр – цъаммар, æцæг тугцъир-тугнуаз! – æлдары фæлгонц нæй, уыйау! Леуаны фыды тыххæй ныхæстæ мын схуыдта æнахъинон æппæлд кълассон знагæй.

Ахæм цитатæ сæм барвыста мæ радзырд «Æнхъæл нæ уыдысты» -йæ: «Афæдзæй фылдæр рацыди, афтæ амарди Леуаны фыд – кънйаз Иосеб Амилатари. Уый уыди стыр ахуыргонд лæг, æфсæддон куысты лæуд. Стыр кадимæ арвыста уый йæ цæрæнбонтæ. Кад паддзахы раз, кад æгас Гуырдзыстоны, кад йæ зæххыл цæрæг мæгуыр хизанты астæу». Фæстаг ныхæстæн сæ быны дыууæ хатты уыцы бæзджын сырх-сырхид кърандасæй бахæххытæ кодта… Раст цыма мæ антисоветон тугæй сахуырста!

Нигер йæ сæр уæззаугай банкъуыста, куыддæр бахудызмæл:

– Зондджындæр дзырдхæссæг дыл бынтон уæззау къæй бафæлдæхтаид, æз дын-иу цæмæй тарстæн, ахæм – мæнæ дын дæ «Саломи»-йæ æрмæстдæр иу хъуыдыйад куы ‘рхастаид, уæд: «Нæ коммунисттæ нæ фесæфтой! – дзырдтой иутæ…» Æмæ æцæг афтæ уыд, æцæг… Бæргæ, чысылнымæц адæмтæ-иу фыдæлты хорз зонд куы дариккой сæ зæрдыл, зæгъгæ, фырытæ куы фæхæцынц, уæд зондмидæг далыстæ та хизгæ фæкæнынц! Диссаг у цыфæндыйæ дæр, куыд сын аирвæзтыстæм нæ дыууæ дæр, уый… – Нигер фæуыргъуыйау, фæхъуыдыдзаст. – Ды дæр, Арсени, уырдыгхъæдæй бахус дæ, æз дæр удмидæг мард дæн, æндæр цы. Лæгдзарм кæддæриддæр тæнæг у, былар æфтауæг æлдар та, коммунист-большевик куы фæуа, уæддæр фыдлæг у. Æмæ сæ æз, идиот, фыр тæссæй иуахæмы мæхи мидæггоз Гуыркъуымты комы мæ райгуырæн Сындзысæр бафснаинаг дæр ма уыдтæн, афтæмæй, цъитийы скъуыды куы аирвæзтаис, йæ цъайы, уæддæр дæ ссардтаиккой…

Арсен уырдыг слæууыд, зæронд лæджы архайдау цадæггай, уæле бынмæ цъус æнæсдзургæ-æнæсымæй фæкаст Нигермæ, стæй йæ, æнхъæл дæр куыд нæ уыд Иван, ахæм фарстæй куы бафæрсид:

– Рухсзæрдæ, рухсзонд Саулæппу! Никæд мæ бауырндзæн, æмæ ды, мæнæ ды, Къостайы фæддар, уый буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдаид, ды уыцы поэт «в стол», «подспудно», сусæгфыстæй ницы ахæм крамолон ныффыстаис, уый. Никæд æмæ ницы хуызы…

– Цыдæр хорз куыдзы, науæд смудæг куыдзы зæрдæ дын ис, Габоци! Цæмæн дæ бахъуыд исты сусæгтæ зонын – дæ зæрдæ-йæн дын рæхойгæ уæз куы кæндзысты, уæд? Искæдбон дæм сæ искæуыл баууæндын куы ‘рцæуа, дæ фæсмойнаджы фæндагыл, уæд та, уæд?

– Ох-хына, Иван дæр нæ æмæ Нигер дæр нæ, фæлæ дæм æз кæдæй-уæдæй дæ æргъæу чырыны æфснайд аргъуыды номæй сдзурон: Владимир. Æмæ, Владимир, æз бирæ бонты фаг нал дæн, зæхх мæ æнæрхъæцæй æлвасы йæхимæ, фæлæ ма æз нырæй фæстæмæ дæр сæдæ азы куы фæцæрон, уæд æцæгдæр куыдзы фæстагæй ацы ‘лгъыст æмæ алæмæты дунемæ фæкæсон, кæд мæ дзыхæй, сусæггаг цы у дæу тыххæй, уымæй мæ хъыпп-сыпп дæр куы сирвæза, уæд! Æвронгæй дæр æмæ нозтджынæй дæр, хъалæй дæр æмæ фынæйæ дæр. Сындзытæй арты мæ куы сыгъдæуа, уæддæр, гъе! Мæ зæрдæ дæу уарзыны фаг куынæ у, Хуыцауыардыстæн.

– Йæх-йæх, Габоци, мæ фыды хай фæуай… Цытæ-иу фыстон раздæр æмæ цытæ фыссынмæ ‘рхаудтæн куыдфæстагмæ, мæ царды фыддæрты… Фæсайдтон мæхи дæр æмæ адæмы дæр мæнæ ахæм ард бахæрдау ныхæстæй:

Æз цагъайраг нæ дæн,
Æз нæ хæссын къæлæт…

Дæн! Æгæр дæр ма! Æмæ йæ тæккæ абоны онг дæр ма хæссын уыцы тугамæст къæлæт, æндæр уæдæ нæ фæуин фыст нымад бонтæм ирон нæртон æвзагæй цыппар мин рæнхъæй дæр фылдæр былалгъон, зæрдæхæццæгæнæн ныхæстæй нывæст цыдæр: «Ирыстоны фæллойгæнæг дзыллæты ныхас адæмты фæтæг æмбал И.В. Сталинмæ». Кæд сæ чи фехъуыста «фæллойгæнæг дзыллæтæй» мæнæ адæттæ-уыдæттæ:

Нæ зынаргъ фæтæг, нæ ахуыргæнæг,
Нæ рæвдауæг фыд, нæ ирд стъалы,
Бæстæты рухс хур, дзыллæты амонд –
Нæ уарзон æмбал цытджын Сталин…

Æмæ нæм æцæг кæд ис, æцæг, мæнæ ахæм хистæртæ, Коцойы- фырт, мæнæ афтæ кувджытæ, уæд нæ фыдæлтæ сæ ингæнты къæйтæ не сфæлдахдзысты, мах уын афтæ куы ныффæдзæхстам: «Иу лæг дзыллæйæн фæтк нæу», зæгъгæ, уæд нæ сымах та, не ‘нхъæлцау фæдонтæ, цæмæн фидиссаг, худинаг æмæ фæсмойнаг кæнут, æндæр уын уый цавæр æмæ кæцон дымысдæр куывд у:

Нæ уарзон фæтæг, цытджын Сталин,
Нæ рухс бæрæгбон нæ буц хистæртæ
Фыццаг нуазæн Дæ номыл исынц,
Æмæ сæ дзырдтæ ныхъуыры зæрдæ:
О, нæ ныфсдарæн Сталин!
О, нæ царддæттæг Сталин!
О, нæ цæстырухс Сталин!
О, нæ хуры хай Сталин!

Гъемæ ахæм цъæлхъæртæ, дымысдæр ныхæстæ кæд «придворный поэт» чи уыд фыццаг заманты, уый сисы бынæй рацыдаиккой, æндæр ма æз дæр поэт дæн, æз дæр ма Владимир дæн, Иван æмæ, сæйраджыдæр, Нигер дæн, и, Габоци-Арсени?! Мæ мидæг ма цы уд тæлфы, уый поэты уд у æви цагъайраджы?! Ноджы ма уыцы цыппар мин рæнхъæй фылдæры мæнау цы фаджысхор фыссæггонд-поэтгонды рæнхъытæ ис, уый куы зонис. Æмæ сæ мæ бон нæу бауромын, цæмæй сæ рæхджы аивадон уацмысы номимæ джиппы ма рауадзой. Æгæуæг фæуон! Æдзæссыг!..

– Бирæгъыл, дам, мæ уды рæбинаг уидаг Иван, мæгуыры бон куы акæны, уæд йæ рагъы нуæрттыл куыйты бын дæр атулы. Фæлæ ма уæддæр, мæнæ дæхи цæсты дæр æнæкъæмдзæстыг, сæрбæрзонд поэт куы уыдтæ, фæзминаг дæ ныфс-дæ хъаруйæ, уæд цы ахæм сфæл- дыстай, æмæ ма суанг мæ дзыхæй сирвæзынæн дæр тæссаг чи у… Ма мæ ауадз мæрдтæм, уый æнæ базонгæйæ, уымæ зæрдæхсайгæйæ…

– Хорз. Æрбад фæстæмæ. Мæнæ мæхи Сындзысæры, хæхбæсты цъассы бафæсвæд кодтон ме ‘дылыйæ, зæгъгæ, куы басастæн, уæд, æнхъæлыс, мæ ницæйаг цардæн фæдæн удаист? Нæ, æрдæгфыст мын цы фыдбоны уацмыс уыд, уымæн бацыдтæн мæлæтдзаг тасы, куы нал мын æй бантыса кæронмæ снывæндын æмæ йæ исты амалæй, махæй сæрибардæр æмæ ирон лæгдæр чи уыдзæн, уыцы фæстагæттæм арвитын, цæмæй ныл бынтон сæ зæрдæ ма фæхуда, ма нын фæтутæ кæной нæ ингæнтыл, зæгъгæ. Кæронмæ фыст та мын кæд æмæ фæцис нæ рагфыдæлты кæддæры Хъырымы, мæхи-иу ме ‘мбæлццон Тазейæ куы фæиппæрд кодтон æмæ-иу Аю-Даг хохы сæрмæ куы схылдтæн, уæд. Хъус, уæдæ, мæ намысджын хистæр, мæгуыр æмæ домбай Габоци; дæ зæрдæ – уæрæх гом, дæ урс дзых – æмыр æхгæд:

Иуæй иннæ бон уырыддæр –
Афтæ, гъе, мæ цард æрвитын.
Тайын, ‘руайын æмæ джитын.
Бон, æхсæв – мæлæтмæ сидын.
Зилы сагъæсæй мæ рыст сæр…
Æрдз мын ракодта лæвæрттæ.
Цардмæ рауадтæн ныфсджынæй.
Риуы арт сыгъди цырынæй.
Загътон, хиздзынæн фыдрынæй
Æз сымах – нæ митæвæрдтæ…
Фæлæ никуы æмæ ницы:
Хъуыры сцæнд сты мæ фæндтæ.
Нæй, нæ сын фæци цæуæнтæ
Цардмæ, афтæмæй мæ уæнтæ
Дудынц, утæхсынц фыднизы.
Ой, цы мыртæ уыд мæ риуы!..
Ой, цы хæзна уыд мæ сæры!..
Фæлæ арв зымæг нæ нæры
Булæмæргъ хъызты нæ цæры –
Уæд æрмæст ыстонг сырд ниуы…
Бонтæ уайынц æмæ згъорынц,
Мæн мæ сау ингæнмæ хонынц…
Цæй, хæрзбон, хæрзбон, мæ сæнттæ!..
Цæй, хæрзбон, хæрзбон, мæ фæндтæ!..
Цом, цом ингæнмæ, мæ тыхст сæр!..
Цом, цом ингæнмæ, мæ зæрдæ!
Ам ныл аудæг нæ уыди,
Ам нæ зард бæсты нæ цыди, –
Уым ныл саудалынг æртыхсдзæн!..

Арсен ын йæ дыууæ къухæй йæ дыууæ къухы уæларм авæрдта, йæ лæмæгъ хъарутæй йын сæ æрæлхъывта:

– Ива-а-н! Æфсæрмы нæ кæнын уынджы адæмæй, зæгъгæ, уæд нырдиаг, ныббогъ-богъ кæнин! Ныр уый нæ агуырдтон мæхицæн: раст сæ цыма комкоммæ мæныл дæр ныффыстай. Карздæр ардхæрд циу, уымæй ард бахæрин, ацы уацмыс дунейы стырдæр литературæйы аккаг кæй у, æппæт поэзийы мидæг ма амæй трагедиондæр уа, уый зын зæгъæн кæй у. Трагедиондæр æмæ йе сфæлдисæгæн та топпы хъæлæсмæ йæ бацæуæнтæ æхсæдæг. Ноджы ма дæ «ам»-тæ: «Ам ныл аудæг нæ уыди, Ам нæ зард бæсты нæ цыди»… Уæд кæм ам? Советон социализм кæм фæуæлахиз «окончательно и бесповоротно», уым! О, цал азы æмбæхстæй йæ дарыс ныр?

– Мин фарастсæдæ æртын æстæм азы сæрдæй нырмæ – æхсæз азы æмæ ‘рдæг. Кæд фендзæн дунейы рухс, уый та… уымæн та йæ зонæг Иунæг Стыр Хуыцау…

– Нæ, нæ! Дæ удæгасæй – нæ! Уæд уый рухс дунемæ куыддæр рантысид, афтæ дзы ды та рухс дунейæ æцæгдæр æвæстиатæй ингæны балæууис, йæ саудалынджы хъæбысы – кæд ма дын дæ мард дæр радтой, уæд… – æмæ, æнхъæл ын куыд ничи уыдаид, афтæ цырдгомау фестад. – Иван! Владетель мира! Мæнæ зындгонд дзырдбаст «Мертвые сраму не имут» æз афтæ ивын: «Гении сраму не имут», уымæн, æмæ уый цъаммайраг тыхбегарайæ фыссы æлгъаг ныхæстæ фæтæгмæ. Фæтæг… Фæдæг… Арвæн, дам, æрмæст иу фæдæг куы уаид, æмæ, дам æй айдагъ æз куы дæин… Сыст, Иван, æмæ нæ ных сарæзтам Стыр уынджы тигъыл пъадвалмæ – сæ хæринаг дæр хæрзад у, нозт дæр сæм, зæрдæ цы зæгъа æмæ цы бацагура, уый разыны. Абон – мæ хардзæй.

– «Æхцайы чырын» ссардтай?

– А-гъа, мæ радзырды сæргондæй мæ хорз æрбахстай де ‘рттигъæй! Айфыццаг мын Дæкка авæрдта иу дзаджджын хуынды фаг…

Хур цæхгæр фæуырдыг кодта. Зæрдæ хъарм æрымысыд. Æмæ хъарм уыд ныккæнды рестораны – кæд дзы тамакойы фæздæг мигъау сбадт, уæддæр сын фехсызгон, æрмæст ма Арсен уырыссагау фæкодта: «Хоть топор вешай»…

Стæй, сæ алывæрсты бадæг лæгтыл йæ цæстæнгас куы ахаста, уæд багуыбыр Нигеры галиу хъусмæ æмæ йын дзы афтæ сабыргай дзырдта, раст цыма, хæстæг сæм чи бадт, иу ахæм лæджы кой кодта, æвзæры кой; кæнæ та Иваны сразæнгард кæныныл архайдта æввахс бадæг адæмæй кæйдæр фæнæмынмæ æмæ сын сæ ныхæстæ куы фехъусой, зæгъгæ, уымæй тарст, афтæмæй та бынтон дæрдтыл уыд йæ ныхас:

– Нигер, тæккæ ацы пъадвал-рестораны уавæрау у нæ алфамбылайы уæлдуне дæр: кæд ын йæ хъылма уæлдæфæн фæразыс, быхсон ын дæ йæ хурхгæнæг-хуыдуггæнæг æууæлтæн, уæд дзы фыдæвзарæн куыддæртæй цæрынхъом уыдзынæ, науæд нæм ма трамвайтæ дæр куы ис…

Нигер æм, йемæ разы кæй у царды фадæтты тыххæй, ахæм цæс- тытæй бакаст, æрмæст трамвайы коймæ тардзæсгом фæцис.

Фиппаинаг. Æмдзæвгæ «Иуæй иннæ бон уырыддæр» фыццаг хатт мыхуыры рацыд æрмæстдæр 1961 азы, Гуытъиаты Хъазыбег Нигеры уацмыстæй цы 3 томы бацæттæ кодта, уым.

 

ХЫЛ

Скъолайы уæрæхтæ кæрты дæлварс Хæблиаты Муратбеджы хъæздыг дыргъдонæй фæззыгон кæрдотæ давынæй куыд здæхтысты, афтæ та сног сæ быцæу…

– Кæй фылдæр уарзыс загътай, кæй?

– Кæй фехъуыстай, уый – Ленины, Владимир Ильичы.

– Ау, куыд æй уарзыс Сталинæй фылдæр, Иосиф Виссарионовичæй?!

– Афтæ! Хъæуы йæ, æмæ йæ уарзын…

– Æмæ Сталины та нæ хъæуы? Гитлеры чи абырста, сбынæй кодта? Дæ Ленин?

– Æмæ паддзахы чи раппæрста йæ бæрзонд къæлæтджынæй? Адæмы тугцъиры? Де Сталин?

– Уый Ленин нæ, фæлæ Керенский расхуыста!

– Фæуæд. Æмæ Керенскийæн йæхи та усы къабайы чи фæлидзæг кодта? Æмæ Атлантæйыл та, æнæхъæн цыппæрдæс капиталистон паддзахадыл та, чи фæуæлахиз? Æмæ Граждайнаг хæсты та Колчак, Деникин æмæ Врангелы чи ныддæрæн кодта? Æмæ Сырх Æфсад уæвгæ дæр чи сарæзта? Ленины разамындæй Троцкий, Лев Давидович. Æмæ йæ де Сталин раздæр Советон Цæдисæй фæсырдта, стæй йæ уартæ Мексикæйы амарын кодта. Уыцы лæгмар Рамон Меркадерæй та, террористæй, Советон Цæдисы Герой скодта.

– Не скодта! Сталин уæдмæ æгас нал уыд.

– Ленин та уæдæ абон дæр ма æгæстæй дæр æгасдæр у!

– Æз дын дæ Ленин дæхирдыгæй фæкæндзынæн! Цыппар туджы æмтъеры змæстæй гуырдзы!

– Æз та дæ Сосо-Мосойы, гуырдзиаг хæрæфырты, ирон лæджы фырты, адæмы ‘взаргæты цæгъдæджы, маршæлтæ æмæ инæлæртты, фысджытæ æмæ сын сæ чингуытæ кæсджыты марæджы!

– Кæс-ма ацы кулачы байзæддагмæ, кæс!

– Ды дæ дзырдхæссæг-нымудзæджы хъæвдын!

– Æз дын дæ мордæйæн!..

– Бавзар-ма!

Дыууæ æвдæмкъласон лæппуйы кæрæдзимæ фæлæбурдтой. Сæ фындзты туг акалд. Ныййазæлыд историйы урокмæ дзæнгæрæг. Тымбыл къухтæй сæ фындзты туг сæ дзыхты алыварс расæрф-басæрф кæнгæйæ къласы фæмидæг сты. Сæ бирæзонæг æмæ дæсны ахуыргæнæг Уырызмæг сын дзурдзæн Стыр Октябры Социалистон Революцийы уæлахизы тыххæй, йæ ахадындзинадыл æппæт дунейы адæмты царды. Ацы дыууæ «уасæджы» йæ исты ахæмæй куы бафæрсой, алы амæттæгты тыххæй, уæд сын йæ дзуапп джиппы уагъдæй цæттæ у: «Лес рубят – щепки летят».

Ахæм æнхъизгæ рæстæджыты, дам, суанг стыр лæгтæй дæр туджы зæйты айдагъ амæттаг æхсныфтæ рауайы… Æмæ, дам, ныр уæхи авдкъласон сæртæй хъуыды кæнут революцитæн сæ пайда æмæ сæ зиантыл.

30.11.2022 аз