ГУСАЛТЫ Барис

ФЫЦЦАГОН ИРОН ЛÆГ-ФЫССÆГ

Мысинæгтæ

Уæуу мæнæ, Грис, Бицъо-йы фырт Грис! Бахъуыди мæ дæу тыххæй дæр та, куыд уарзондæр адæймаджы æмæ куыд æц æг фыссæджы тыххæй, мысинæгтæ ныффыссын, зындарæн æмгæртты дæр дарын чи фарæзта, йе ‘рбацыд, йæ ацыд, йе сныхас, йе ‘дзæмæй лæуды кад-намыс кæмæн уыд, цæвиттон, йæ алы æгъдауæй дæр фыццагон ирон лæг кæй уыд рахонæн… Æмæ – æц æг фыссæг.

Æгæр бирæ сты демæ ‘рвыст бонтæ, æмæ се ‘ппæт цаутæ-ныхæстæ кæцæй æрлæудзысты зæрдыл, фæлæ уал мын цы з æгъа м æ уд æрымысын, уый дæм-иу, Грис, хъыг ма фæкæсæд…

Вæййы, куыд нæ, ома, вæййы афтæ дæр, æмæ дæ бахъуыд иу б æр æг кæйдæр тыххæй исты ахадгæ ныхæстæ зæгъын, фæлæ дæхи лæмарыс, архайыс се ‘рымысыныл, æрмæст – нæй, нæй, зæрдæбынæй дзы цы рахæссай р æгъмæ, уый. Уыд з æххыл уыцы чидæр, нæ уыд – нæу уæлдай.

Иннæрдæм фæзилæн та ахæм рауайы, æмæ д æм æндæр кæйдæр тыххæй разыны уыйбæрц арфæйаг цыдæртæ ранымайын æн, æмæ стæрсыс, исты ахсджиæгтæ мæ дзы куы айрох уа бацамонын, зæгъгæ. Уыцы уавæр хауы Грисмæ дæр, фæлæ рагацау мæхи фæ- дзæхсын, цæмæй алы цаутыл ма дзурон, уымæн æмæ уыд æтт æ ‘взæрст адæмæн лæгæй-лæгмæ дзуринагыл нымайын – æндæртæм ницы уыйас цымыдисаг фæкæсдзысты, у æвгæдæр сæ нæ хъæуынц… Ирон чиныгау…

Æрмæстдæр иуæй-иутæй рауайы ахæм хоры мыггагау æвз æрст- æхс æст адæймæгтæ – сæ дзыллæйæн ном æмæ кадгæнджытæ. Стæй ма алы дæсный æдтæн дæр: бацамыдтай дзы искæцы, уæд йæ номгæнæг уадидæгæн зæрдыл æрбалæууы, æцæг, æмбæлгæ хуызы, о, дæхæдæг д æр размæцыд у. Зæгъæм: поэзи. Уæд – Къоста, Георги, Нигер, Грис, Алыксандр, Æхсар, Шамил, Камал… (Æмæ дыууæ Хазбийы, Мухарбег, Бестау, Нафи æмæ…)

Наук æ. Уæд – Вассо, Гогки, Макс, Руслан…

Музыкæ. Уæд…

Фыссæг. Уæд – Куыдзæг, Чермен, Дæбе… Æмæ – Грис, Бицъоты.

Алы цытджын нæмттæ æмæ хæрзиуджыты у æлб æх æй нымадæй нæ, фæлæ дзырдаивады б æрзонд курдиаты нымадæй уыд, у æмæ уыдзæн æцæг фыссæг, цалынмæ нæм, – кадаварæй дæр! – ирон аив дзырды бындурон ад æмæ мидис æмбарæг чиныгкæсджытæ уа, уæдмæ.

Грисæн Хуыцау йæхæдæг дæр уыд уырнинагæй табуйаг æмæ аргъуыцгæнинаг, стæй йын дзырд дæр уыд уыцы Дзырд, мæнæ рагзаманты Хуыцау цы дзырд схуындæуыд, раст тæккæ ахæм! Æмæ йæ къорд чиныджы дæр «Кæрдæджы стъалы»-йау никуы ахуыс- дзысты ирон аивадон литературæйы арвыл – хатыр м æ рæсугъд ныхасы тыххæй…

Уый кæд æмæ кæд уыдис, уый – Грис мæ æппæты фыццаг дисы куы бафтыдта, уыцы аз: уæд ын газет «Рæстдзинад» иу бонæй иннæмæ дынджыр хæйттæй мыхуыр кодта йæ уацмыс «Цæргæс тæхгæйæ фидауы». Ахæм бæлвырд фыст уыд, бæзджын-æнгом – мæнæ уырыссагау «плотное письмо» цы хуындæуы, – æмæ мæн, институты филологон факультеты студенты, стыр дисы ‘фтыдта уымæй дæр, æмæ, зæгъын, æппæт уыдæттæ йæ сæр куыд ахсы…

Стæй йæ чингуытæ кæрæдзи фæдыл рухс уыдтой. Æз ын иуахæмы йæ роман «Арвы айдæн»-ыл зæрдиаг æй æм æ арфæйагæй критикон уац ныффыстон: «Арвы айдæны – зæххон цард». Уый – æз… Уалынджы дын рацæй-рабон, æмæ йыл ныккалдтой иу бæлвырд кæйдæр сау-сауид дзыхæй, зæгъгæ, дам, йæ роман уартæ цавæрдæр Авдеевы чиныджы – «Гурты на дорогах»-ы нывтыл карст у! Афтæмæй Грис та уыцы уацмыс у æды онг йæ цæсты кæронæй дæр нæ федта…

Хуыцауы цæст та нын кæд дыууæ-æртæ фыссæгау фысджыты бауарза, уæд та нæм сæ сау чъырæй цæгъдæг зоилтæ дæр æнæ райгуыргæ – хæдæвзæрдæй! – кæм уыдзæн…

Аивады фæрæзтæ, мадзæлттæ, миниуджытæй парахат ифтонг уацмыс йе сфæлдисæгæн балæвар кæны амæндты амондджындæр сахæттæ æмæ мæстыты-мæстджындæр бонтæ. Æмæ сын Грис лæгау лæгæй быхста, фæрæзта сæ дыууæ æуу æлы уавæрæн дæр. Æмæ йæ бæрнон куыст – Хуыцауы ‘рдыг æй б æрныгонд! –æвæллайгæйæ кодта, аив дзырды раз йæхи стыр хæсджынæй нымайгæйæ. Йæ фæллой та уыд æцæг титаникон – зæгъæм, абоны онг чингуыты кад кæмæ нæма архаудта, уыдон: йæ райгуырæн æмæ уарзон хъæу Ставд-Дурты тыххæй публицистон очерктæ æмæ «Царды аууæттæ кæнæ фыссæг мæ цауылнæ рауади». Дыккаг уацмыс суанг типографимæ дæр ныххæццæ, фæлæ уæдмæ чингуыты рауагъдады ног сæйраг редактор æрбынатон æмæ йын æй уый боны рухсмæ нал ауагъта – вульгарон-социологон галиут æг æнаг цæстæй йæм æркаст, уартæ XX æнусы æртынæм æм æ ф æндзай æм азты хæрæмттæгæнæг идеологон цæстæй.

Кæд рухс-рухсид, хурвæлыст адæм фæзынд æм æ ма цыфæндыйæ дæр ф æзынинаг у ацы дунейы, уæд уыдонмæ хауы Грис дæр, Бицъоты мыггагæй.

Ирон аив дзырды хъысмæт та йæ фæндиаг уæд!..