ГУЫРДЗЫБЕТЫ Барис

ХÆХТЫ ЗÆЛТÆ

Этюдтæ

НЫХАСЫ ФАРН

Ныхасы дуртæ… Ам нывæстой фарны хъуыдытæ нæ буц хистæртæ. Нывæстой… фæлæ хъæу федзæрæг… Æмæ æгомыг дуртæ дæр æрхуымæй лæууынц. Фарны ныхæстæ цæрддзугæнæг мæргьтау æрдзы хъæбысы дард кæмдæр аныгьуылдысты. Рæстæг сæ йе ’бæрæг хæзнадоны раджы бафснайдга…

Ныхасы дуртæ… Баззад ма сæ нæ рагфыдæлты дуджы хъарм – тавын сæм мæхи.

 

ФÆЛДИСÆГ

Æрдз – мæ фæндыр. Йæ хъистæ – мæ дадзинтæй уагъд. Ныййарæджы адджын ныхас, нæ сабиты кæл-кæл – мыртæ. Сæууон уддзæфы сусу-бусу, Терчы урсбецыкк уылæнты хъазт – мæ зæрдæйы зæлтæ.

Æз – фæндырдзæгъдæг. О, æрдз – ме ’нусон азæлд, мæ кæугæ, мæ худгæ фæлдисæг.

 

ХÆС

Мæ хъызт зымæджы цырен арт… Мæйдар æхсæвы мын мæ развæндаг чи рухс кодта, уыцы уарзты быркуы – Ныййарæг. Хъарм æмæ уарзæгой… … Ныр мын фæкалдтæ. Бацъынд дæ. Бамынæг дæ рухс.

О, куыд æнæхъару дæн, куыд æдых! Чи кæд бафыста мады хæрзтæ? Ме ’нæхъаруйæ, ме ’нæбонæй лæдæрсынц мæ цæссыгтæ… Æмæ цы кæны… Уый дæр хæс фидын у…

 

МАД

Барстай мын алцыдæр… Уайдзæф мын кæм хъуыд, уым дæр мæ рæвдыдтай. Ныр нал дæ, ацыдтæ, æз та, цы уыдтæн, уымæй баззадтæн. Рæдийын. Æнæсæрон – мæ ныхæстæ. Сæрхъæн – мæ митæ… Уайдзæфтæ мын судзынц мæ цæстытæ, æвдæрзынц мын мæ зæрдæ. Судзины хуынчъы мын ласынц мæ уд.

Ды нал дæ, æз – цæрын…

 

УАРЗТ

«Дæхи удхарæй ма мар, æз дæу дæн…» – Уыцы ныхæстæ мын загътай нæ хъæугæрон суадоны был мæйрухс дзæнæтон æхсæв. Стъалытæ дæр уæд мæ амондмæ бæллыдысты. Доны фæлмæн уылæнтæ, сатæг уддзæф дæр мæнмæ хæлæг кодтой.

Зæрдæ риуы къултыл фырцинæй йæхи хоста. Фæндыд æй æрвон тыгъдадмæ стæхын, уæлмонц хъуыдытæ йæ сæ уæлныхты систой. Къæлæтæрфыг мæй дæр мæм йæхи хуызæн нал каст. Æвзист æрдынау мын айдæн фестад, дæ хъоппæг цæстытæ дзы цыдæр адджын мидбылхудт кодтой.

О, уый базырджын уысмы рæстæг уыд. Ныр æцæгæлæттæ стæм кæрæдзийæн. Алчидæр нæ йæ цард йæхирдыгонау сарæзта. Кæддæры уарзондзинады цæхæртæ æртхутæг фестадысты… Уæвгæ ма зноны зынг абон дæр мынæг æрттывд кæны. Судзгæ æвзæгтæ нал уадзы, фæлæ тавы ныр дæр ма йæ хъармæй.

О, æнусон у уарзт… Æнусон!.. Уæлдайдæр – фыццаг уарзт.

 

ДЫУУÆ АРТЫ

Иу дзырдта:

– Æз мардтæн æмæ нæ цардтæн. Сыгъдтæн æмæ басыгъдтæн. Афтæмæй та цардис æмæ нæ сыгъдис. Нæ мардис æмæ нæ басыгъд. Ныртхутæг йæхимидæг.

Иннæ ницы дзырдта… Фæлæ мардис, сыгъдис æмæ… бахсыст.

 

ÆЗ –ДУНЕ

Зарæг æмæ хъарæг – дыууæ базыры. Тæхынц иу уды быдыры. Цæрынц сæ дыууæ дæр мæ зæрдæйы. Мæ риуы – сæ хъысмæт. Хъарæг – ме ’дзард бæллицты зæхх.

Зарæг – мæ рухс хъуыдыты æнæбын суадон.

…Æз – дуне.

 

СÆУÆХСИД

(Розæ Кочысонæн)

Цыкурайы фæрдыг-стъалы… Ирон ныхасы хуры схъис-фæндыр. Ферттывта æмæ фæтар. Йæ дидин нæ райхæлд кæронмæ: хъысмæт æй фæсайдта.

О, фæтар сæууон æртæх, фæлæ баззад цæргæйæ. Иры дзыхъхъы нал байсыст йæ аив уды зæл. Ирон аивадон литературæйы фыццаг сылыстæг, фыццаг булæмæргъ. Йæ зарæг анхъæвзта. Курдиат – сæуæхсид – хæхты сæрмæ æрттивы… Æрттивы…

 

ДЗÆНÆТ

Дзæнæт. Уый, дам, мæрдты бæсты ис. Фæллой кæнын дзы нæ хъæуы, цьæх нæуу – фæллад уадзынæн, æхсыры цад – найынæн, пылы стæгæй – сынтæджытæ.

О, фæлæ йæм уæддæр ничи бæллы! Сывæллон хъомыл кæм нæ кæны, чындздзон чызг моймæ кæм нæ цæуы, усгур лæппу къахфындзтыл кæм нæ кафы, ныййарæг хъæбулы кæм нæ уыны, хъæбул мады хъæбысы кæм нæ хъарм кæны, уый цæй дзæнæт у?! Уым хъуытаз хъæлæс æмыр кæны, бумбулийау урс буар – лæзæргæ. Дардмæ уынæг хъоппæг цæстытæ тайынц, сырхварс фæткъуыйау уадултæ хус кæнынц. Нæ! Уый дзæнæт нæу! Адæймаг хуры скастмæ кæм не ’нхъæлмæ кæсы, йæ аныгуылд ын кæм не ’рттивы, хуры хæрдгæ тынтæ хæхтыл кæм нæ хъазынц, куыствæллад буарыл хид цæппузыртæй кæм нæ тæдзы, уый рохуат у, сæфты дуне.

Æз дзæнæт æндæрхуызон æмбарын. Æрвон æнæкæрон цад, хуры тынты рухс, стъалыты зынг цæстыты ныкъуылд, дзыллæты цин, сывæллоны мидбылхудт, денджызтæ, цæугæдæтты абухын, суадæтты иугæндзон сыбар-сыбур, æхсæрдзæнты хъазт, мæргъты цъыбар-цъыбур, бæлæсты сыфтæрты къухæмдзæгъд… Цард цæджджинагау кæм фыцы, гъе уый дын æцæг дзæнæт! Сывæллон рæзгæ кæм кæны, чындз-дзон чызг моймæ кæм цæуы, усгур йæ амонд кæм ары, уарзт пиллон артæй кæм судзы, гъе уый дын дзæнæт!..

 

ЦÆМÆН?..

Чидæр калмы, маргджын кæй у, уый тыххæй ныммардта. Æндæртæ йыл аудынц, марджы хъæстæ кæй у, уый тыххæй.

Царды фæтк: иутæ маргæй уды хос фæлдисынц, иннæтæ æвдадзы хосæй марг аразынц. Цин æмæ маст иу цæсты къуырфæй лæдæрсынц. Удхæссæг æмæ уддæттæг иу авдæны цæмæн рæзынц?

 

НЫЙЙАРÆГ

Ныййарæг, дам куы нал вæййы, уæд дæр хæрзаудæн фæкæны йæ цотыл. Йе ’нусон хæдзармæ ацæуы иунæгæй. Цæрынмæ кæй ратты, боны рухс кæмæн балæвар кæны, уыдоны йæ талынг уатмæ нæ фæхоны. Æмæ цæры йæ туг, нæ рох кæны йæ ном.

 

ЧИ ЗАГЪТА?

Арын дзы, æнаххосæй чи фесæфт, уыцы зындгонд

революционер Арсæгты Горгайы рухс ном

Иу гоймаджы азар кæй басыгъта, уый хъизæмар йæ удæй хицæн кæны. Йæ зæрдæ салд Цæгаты зæххы ис, уæддæр ма агуры ирон хæхтæ. Амард адæймаг. Амард гоймаджы марг æвзаджы дзыхæй. Абон дзы «знаджы» ном ахаудта. Стæфсыд йæ буар – йæ зæрдæ йæм ногæй æртахт. Чи загъта, æмæ æнæмæлгæ дуне нæй? Чи загъта, æмæ ацы зæххыл кæронмæ ницы цæры?

 

ДИДИНÆГ

Знон дæр ма йæ мыдамæст базыртыл мыдыбындзытæ сæ къахфындзтыл кафыдысты. Мыдагур æм пæр-пæрæй тахтысты. О, знон дæр ма йæ цæсгомæй хуртæ æмæ мæйтæ кастысты, налхъуыт-налмасау æрттывта… Ныр фæкалд къæвдайы уазал æртæхтæм. Ничиуал æй барæвдыдта. Ничиуал æй слæууын кодта йæ къæхтыл. Амард æрдзы чызг. …Афтæ у мах цард дæр.

Иу уысмы райгуырæм, иннæйы аззайæм фæсаууон. Æндæртæ нæ бынаты алæууынц. Æнусон у цард.

 

УЫДИС АХÆМ РÆСТÆГ

Гæвзыкк ма цы вæййы?! Æнæхæдзар, мамæлайы къæбæр – нæ хæлц. Ныййарæг – мæ ныфс æмæ ме ’нцойгæнæн. Нæ сикъо хъуг – нæ дарæг. Иу бон хъалон æмбырдгæнæг фæзынд:

– Дзидза! – Нæй, мæ цæст.

– Къуымбил! – Ницы нæм ис ахæмæй, мæ хъæбул.

– Æйчытæ! – Нæй.

Нæ уыд, æмæ йын æндæр цы загътаид Дзыцца.

Нæ сикъо йæ амæттаг фæцис… Уый ма нæм уыдис, æмæ уый дæр нал уыд.

Æрталынг, фæлæ æхсæв мæ ныййарæджы цæстытæй талынгдæр нæ уыд. Æз та, фынккалгæ хъарм æхсыр мысгæйæ, бафынæй дæн.

О, уыдис ахæм рæстæг дæр. Уыдис…

 

ИС

Нæ уыны… нæ хъæуы… Æмæ йыл худынц.

Хайджын сты хъысмæты цæстуарзон лæварæй, æмæ ссæндынц кæйдæр фæллад уды фæзгъæртæ. Ис хъулæттæ. Мады гуыбыны дæр ис сау æмæ урсытæ.

Уæдæ кæцæй рацыдысты уарзт æмæ фыдæх?

Иу мады цот, æмæ кæрæдзийы бумбули тонынц.

Иутæ – сæ хъал зæрдæйæ, иннæтæ – се ’нæбон æмæ æнæхъаруйæ.

 

УАРЗТ

Уарзт, судзын дæ арты. Дæ уацары дæн æз. Фестад зынг мæ уд. Ехх! Ныр иу доны хуыпп, иу æртах!

О, сонт хъæр! Æрлæуут! Уæд æнæдон мæ цард. Цы нæ вæййы – мыййаг куы бахуысса мæ уарзты цæхæр… Кæм ма ссардзынæн йæ арты рухс Прометейæн. Фæлтау судзæд. Зынгхуыст артдзæстæй дыдзы рухс – хуыздæр. Мæн нæ, уæддæр æндæрты удтæ рæвдаудзæн.

 

ХУРТÆ

Мæ рагфыдæлтæ рабадтысты се ’нусон зæппæдзтæй. О дунейы фарн, бузныг дæн дæуæй! Уддзæф мæм зырзыргæнгæ æрбахаста сæ хъæлæс: «Æгас цу, нæ фæдон!» – Уæ бон хорз! – дзуапп дæттын æз дæр. Хъоппæгцæст суадон – сæ цины цæссыгтæ – суагътон дзы мæ дойны.

Рагфыдæлтæ æмæ сæ фæдон лæууынц сæ иумæйаг къæсæрыл. Уынынц кæрæдзи хуртæ.

 

ХОРЗДЗИНАД

– Лæппу, зæхх рæвдыд уарзы, йæ зæрдæхудты макуы бацу– дзырдта-иу мын Дзыцца. Раст уыд. Барæвдыдтон æй. Ныр мæм зад æфсиртæ сæ цæстытæ ныкъулынц, сæ сæртæй мын ныллæг æркувынц. Мæ зæрдæйы хъарм мæм здæхы дзаг æфсиртæй. Хорздзинад нæ рох кæны зæхх…

 

ДОНХÆРИС

Нæ кæрты астæу – бæлас. Дзыцца-иу йæ сыфтæртæй фæлыст къалиуты бын арæх бадтис. Фæлæ йæ бандон афтидæй баззад… Донхæрис æрхуымæй лæууы. Цæуыл у цымæ йæ мæт? Æвæццæгæн, йæ иунæгдзинадыл. Кæд, мыййаг, Дзыццайы мысы?

 

РÆСТДЗИНАД

Ссæстой дæ къæхты бын, сыгътой дæ сондоны арты… фæлæ нæ амардтæ. Рæстдзинад! Кодтой дыл хахуыртæ, æвæрдтой дын дæ дзыхыл цъутта, дæ бæрзæйыл – æфсондз.

Нæ баззадтæ æгомыгæй, нæ бафынæй дæ. Уæлахиз дæ абон – фæндараст кæн.

Æхсæв арвыл мигъ ничи фиппайы, фæлæ арвыл судзæд иунæг стъалы – уынæм æй не ’ппæт дæр.

Рæстдзинад! Рæстдзинад – йæ ном.

 

АДÆЙМАГ ÆМÆ КАЛМ

Адæймаг, дам, кæддæр йæ зæрдæйы дзæбæхæн фæцагайдта калмы. Куыд æм не ’рбамæсты уыдаид! Фæхай йын кодта йæ маргæй.

Уæдæй абонмæ калм – æнæуынон. Удхæссæг фестад. Æмæ йæ сурынц. Æмæ йæ судзынц.

Цæмæн? Æрмæстдæр, йæхи кæй хъахъхъæдта, уый тыххæй. Æмæ уæд ’цæй мидæг ис йæ аххос?

Адæймаг æмæ калм… Сæ дыууæ дæр – ацы сау зæххы цæрæгойтæ. Алкæмæ дæр – йæхи марг. Чи сын бакæсдзæн сæ хъуыдыты сусæг чиныг?

 

ГÆЛИР ФÆНДÆГТÆ

О, уыцы чызг! Кæддæр æй бæстырæсугъд хуыдтон. Аууонау зылд мæ фæстæ. Уый уарзондзинад уыд, æвæццæгæн, æз та йæ не ’мбæрстон.

Уарзондзинад – уый арт у, пиллон арт. Æз та йыл æнæнымдæй ихдон ауагътон. Йæ фæндаг ын ахгæдтон.

Ахуыссыд…

Æмæ ныггæлиртæ сты нæ фæндæгтæ…

 

АДÆМЫ ФЫДÆХ

Лæг – тарæрфыг, æнкъард, мæрдонхуыз. Цы йыл æрцыд?

Уæле, дам, бардзырд рацыд: æнæном фыстæджытæ, хахуыртæн тых нал ис.

Уый та йæ цард ахæм хъуыддæгтæн снывонд кодта. Ныр судзы дывыдон арты, йæ рагон хотых сызгæ, никæйуал æвдæрзы, асаст йæ хъару.

Æмæ цы арт бандзæрста, уым басыгъд, цы байтыдта, уый æркарста, цы æркарста, уый ссивы – адæмы фыдæх…

 

ЧИ МЫН РАТДЗÆН ДЗУАПП?

Æмæ, дам, дуры гуыбыны уд нæй? Ис, ис… Уæдæ йыл дидинæг цæмæн æрзад? Уæдæ йыл цæмæн разад цъæхдзæст кæрдæг? Æрдз æгомыг нæу. Алкæмæн дæр дзы йæхи хъæлæс, йæхи уд, йæхи æвзаг ис. Æрмæст алы зæххон хайджын нæу ахæм алæмæттаг лæварæй.

О, ис нæ астæу зайæгойтæй ныллæгдæр удтæ. Цæмæн сын радта дунейы фарн дæргъвæтин цард? Цæмæн? Чи мын ратдзæн дзуапп?

 

ÆНУСОН ФАРСТ

Уарзт кæм ис, уым æхсиды цард дæр, фæлæ ма æрдз цæмæн радта йемæ маст æмæ фыдæх? Цæмæн сфæлдыста калмы? Дидинджытæ ссæндынмæ?

О дунейы фарн! Уарзт æмæ хæрамдзинад, туджджын æмæ тугагур цæмæн цæрынц иу арвы бын?

 

ФÆТК

Æрдз – фæндыры иугæндзон зæлтæ, æгæрон сусæгдзинæдты дуне, мæ хъуыдыты æвидигæ суадон…

Алчидæр дзы йæхирдыгонау басæтты йæ дойны. Æз дæр… Цы дзы ныффыссон? Мæ раст уды сыгъдæгдзинад? Мæ удфæлдæхт монцты тох? Цыфæнды, куыдфæнды куы зæгъон, уæддæр æппæты удтæ нæ бахъарм кæндзынæн. Кæйдæр цур уæддæр хъулонæй баззайдзынæн.

Уый царды фæтк у.

 

НЫЙЙАРÆГМÆ

Æз рæзыдтæн – цин кодтай. Æз-иу фæкалдтæн, ды мæ-иу слæууын кодтай мæ къæхтыл. Кодтон рынчынтæ –ды хъæрзыдтай. Рæдыдтæн æз – барстай мын.

Хæс дыууæрдæм у. Ды æруатон дæ. Мæ бон дын баххуыс кæнын ницæмæй у. Удыл тайгæ зынæй лæууын дæ разы. Фынгæн мын цы къухтæ дардтай, – лæууынц дæ фæрстæм уæгъдæвæрдæй. Мæрдон хæрв дæ цæсгомыл йæ кæлмæрзæн æрæмбæрзта. Цæмæй дын бафидон дæ бирæ хорздзинæдтæ? Удмарæг хъуыдытæ æхсынынц мæ буар. Дæ уды фæлмæн базыртыл мæ рустæ никуыуал андзæвдзысты. Цæуыс дæ мæрдон чырыны де ’нусон хæдзармæ. Ме ’нкъард хъуыдыты æрхæндæг зæлтæ хъуысынц риуы арф лæгæтæй. Чызг мойаг ссардзæн. Усгур лæппу бацагурдзæн йæхицæн цардæмбал. Фæлæ… Æз кæм агурдзынæн дæу, ныййарæг. Маст æмæ хъизæмар, хъизæмар æмæ маст…