ХЪАЙТЫХЪТЫ Азæмæт

ЧЫНДЗ-БОГАЛ

Таурæгъ

1768 аз Прагæйы, П. Галасия Доппер джиппы цы чиныг рауагъта, «Боливийы историон цыртдзæвæнтæ», зæгъгæ, уым дыккаг томы фыст ис.

Ныртæккæ мах кæй истори ахуыр кæнæм, уыцы Сим уыдис стыр Хуыцауæн æнувыд лæггадгæнæг. Уый фæсхъаймæт дыккæгæм азы рухс дунемæ рантысын кодта Эламы. Дзурынц, зæгъгæ, дам, уымæй та Скæсæны равзæрдис аланты фæрнджын мыггаг – æппæтæй уæздандæр адæмыхатт; сæ нæлгоймæгтæ диссаджы хæрзконд æмæ хъаруджын.

Уыдон уыдысты нæ разагъды сæрибаруарзаг фыдæлтæ. Æндæр адæмтимæ сæхи цы хæлардзинады тæгтæй бастой, ууыл дзурæг сты бирæ рагон цыртдзæвæнтæ æмæ таурæгътæ. Кæд ирон паддзах Алгъуызы таурæгъыл æууæндæн ис, уæд уый хыл никуы никæмæй ракъахта, хæсты цæхæры никæй баппæрста, фæлæ йæ æфсæддон кард æмæ уарт æнцой нæ зыдтой, йæ цъæх бæхы хид фæдисты уайынæй сур нæ кодта. Æппынæдзух æнæнымæц фыдгултимæ уæззау тохты ирон адæм дыууæ милуанæй цалдæр æмæ ссæдз минмæ æрхаудтой. Сæ нæргæ сахартæ æмæ гуыпп хъæутæ æртхутæг фестадысты. Цæрынæн халагъуд дæр кæмæн ныл уыд, уыдонæн сæ мæрдты сахар стырæй-стырдæр кодта.

Фæлæ, дам, арв нæрæг – нæ уарæг, фæзæгъынц. Къæвдаты фæстæ та-иу йæ зæххон хъæбултæм ракаст æмæ сын сæ тугæрхæм цæфтæ æвдадзы хосæй сæрста.

Хуыздæр уавæры нæ уыдис ногъайаг адæмы хъысмæт дæр, æмæ Сурададжы сæрты æрвдзæф бæлæстау кæрæдзимæ сæхи бакъул кодтой дыууæ адæмы. Ирæттæ сæ цæрæн бынат схуыдтой Æлдарыхъæу, ногъай та Агъымыхъо æмæ сæнары арты фæздæгæй хуыцауы æрвхуыз дæлбазыртæ ала кодтой. Дыууæ адæмы-хаттæн кæд се ‘взаг æмæ сæ дин фæйнæхуызы уыдысты, уæддæр цæстæнгас æмæ зæрдæйæ кæрæдзи хорз æмбæрстой. Афтæ лымæнтæй цардысты, æмæ сын иу хæдон дæр сауджыны пæлæзау уæрæх уыдис. Кæрæдзийы зынджы муртыл хус суджы æргъæмттæ æвæрдтой, æмæ сæ ныфсы иу мæйаг мæсыг бонæй-бон цардхъомдæр кодта.

Дыууæ хъæуæн уыдис иумæйаг стыр ныхас, æмæ та се ‘вдæлон бон уым æрвыстой. Зæронд лæгтæй чи æлдыгъы тылд фысдзарм худагæн æууæрста, чи та нæрвы æрчъиаг надта, афтæмæй нæртон таурæгътæ мысыдысты. Чысыл фалдæр фæсивæд дæр алыхуызон хъæзтытæй сæхи ирхæфстой.

Ногъайаг Нури дæс æмæ ссæдзаздзыд мызыхъхъ лæг та дурыл бадтис æмæ къамбецдзармæй гæрзытæ уадзыныл архайдта. Йæ карды ком тасмачъийау цъулатæ кодта, æмæ-иу тæнæг рихиты бын æфсæртæ æддæг-мидæг ауадысты. Сæгъдзармæй хуыд лæгуын худ-иу æлхынцъ æрфгуытыл фæарфдæр кодта, дæргъæлвæс цъæх цæстытæ-иу фæцъынддæр сты, фæлæ йæ хъуыддаг нæ цыд æмæ хъуырхъуыргæнгæ йæ кард зæххыл ныццавта.

Фæтæнуæхск, нарæгастæу, бæрзонд ирон лæг Хуысин йæ разы балæууыд. Кæрддзæмæй йæ фæринк кард сласта æмæ къухызмæлды руаджы бамбарын кодта:

– Мæ хæлар, тыхсгæ ма кæн, мæнæ-ма амæй афæлвар!

Хус, бæзджын æрчъиагыл Хуысины кард цыма ныдзæвгæ дæр нæ кодта, уыйау æй карста, æмæ уайтагъд къамбецдзарм гæрз бæндæнтæй агæпп ласта.

– Уый дын дзаума гъе, мах дæр дзы кæрдтæ дарæм,– сæхирдыгонау æппæлыд Нури æмæ-иу æй цыкурайы фæрдыгау куы йæ хурсыгъд риумæ балхъывта, куы та йæ нард былтæм.

Фæсивæд сыл æрбамбырд сты, æмæ æмбисонды кард къухæй-къухмæ ацыд. Чи йын йæ ком уырзæй сгæрста, чи та йын йæ хъæбæрдзинад комытæфæй бæрæг кодта, чидæр та йыл æрду бафу кодта, æмæ йæ куы адзæнгæл кодта, уæд, уый кард у, кард, зæгъгæ, дис кодтой.

Кардæн йæ кæнæг дæр Хуысин йæхæдæг у, уый Нури куы бамбæрста, уæд йæ тарбын цæсгом фæхъæлдзæгдæр æмæ арфæтыл схæцыд:

– Ды тæхудиаджы лæг дæ, ахæм сызгъæрин къухты хицау чи у æмæ ахæм диссаджы хæзна дзаума кæмæ ис. Кад æмæ радимæ йæ фæрнæй бирæ азты дар!

– Бузныг, мæ хæлар, фæлæ мæ кард афтæ тынг дæ зæрдæмæ кæй фæцыд, кæй дзы раппæлыдтæ, уый мæнæн къуди аныхæгау æхсызгон у æмæ дын æй æд кæрддзæм лæвар кæнын. Афтæ амоны ирон æгъдау, æмæ, дæ хорзæхæй, саккаг æй кæн! – зæрдиагæй йæ ныхас балхынцъ кодта Хуысин æмæ кæрддзæм йæ фарсæй райхæлдта.

Ногъайаджы дынджыр цæсгом мæймæбулкъау фæсырх. Цъындгомау цæстытæ тъыбартъыбургæнгæ фæстæрдæм иу къахдзæф акодта, йæ хъуынджын цæнгтæ риуы къæйыл фæдзуар сты æмæ уæздан дзуапп радта:

– Стыр бузныг, мæ хæлар, фæлæ афтæ ма бакæ. Дæ хуызæн уæздан лæджы йæ адджын дзаумайæ фæхицæн кæныны бар мын ме ‘фсарм нæ дæтты, æмæ бахатыр кæн…

– Ехх, ныр йе ‘взагæй куы зонин, уæд бæргæ, – фæтыхсти Хуысин, фæлæ та къухтызмæлды руаджы йæ фæнд бамбарын кодта:

– Лæг, Нури, йæ ныхасæй лæг вæййы, æмæ, мæ зæрдæ цы скарста, æз уый нал аивдзынæн. Айс мæ лæвар æмæ йæ мæ номыл фæрнæй дар!

– Уæдæ, Хуысин, ацы стыр лæвар нæ дыууæ хъæуæн лымæн-дзинады фидар æвдисæн фæуæд. Чъизи къухæй йæм чи ныхила, уый та-иу æй йæ уырджы ссарæд, – кард йæ роныл бæтгæ загъта Нури æмæ Хуысины къух йæ дыууæ армы нылхъывта.

Къуырийы фæстæ Нури, йæ ирон æрдхорды кæрты æфсургъы хуызæн лыстæг зæнгджын бæх бабаста æмæ афтæ зæгъы:

– Хуысин, ацы лæвар дын æз кæнын нæ хъæубæсты номæй æмæ дын хайыр уæд, макуы дын бастайæд, макуы дын фæкæлæд…

– Нæ, мæ хæлар, уый нæ уыдзæн, мæ дзаума дын æз уый тыххæй, мыййаг, нæ балæвар кодтон, – уазæджы ныхас фескъуынгæ фæцырд и фысым æмæ йæ цæхæр цæстытæ æфсæрмæй зæххы ныццавта.

Уазæг ын йæ уæздан ныхæстæ зæрдæйæ банкъардта æмæ йын хъæлдзæгæй хатиагау дзуапп радта:

– Ногъайаджы зæрдæ кæлых хъулæй балхæн æмæ дын дæ арм тохсийæ аныхдзæн, уыцы æгъдау нæ фыдæлтæ бæрзæндты хастой, æмæ йæ мах дæр ныллæгмæ нæ уадзæм!

– 0 мæ кæнæг Хуыцау, мæ карды хæррæгъ дæрчъы хъусы аргъ дæр куы нæ у, уæд ацы фæлмæн лæджы царм куыд астигъон, – скатай фысым, фæлæ йæ æгъдау æрцахста æмæ йын фезмæлæн нал уыдис.

Чысыл фæстæдæр дыууæ лымæны сæ ком суагътой цъысцъысгæнаг бур физонджытæй æмæ сæ дойны басастой сæрсæргæнаг сау бæгæныйæ.

– Мæнæ цы диссаджы нуазинаг, – йæ былтæ сдæргæ дис кодта Нури æмæ та-иу дзы къусы дзаг ныххырхта.

Дыккаг бон Хуысин йæ ногъайаг лымæны хæдзармæ лалымы дзаг ирон бæгæны баласта. Нуримæ цыма уæларвæй фосы Фæлвæра æртахт, уыйау фыр цинæй зæххыл нал хæцыд. Уазæджы раз сивыры дзаг къуыдырвых фыдызгъæл фæздæгкалгæ авæрдта æмæ йын къухты змæлдæй ацамыдта, ахæр, зæгъгæ.

«Кæд бæхы фыд у», – скатай Хуысин æмæ йæ фæсхъус ныхгæ куы фысыммæ бакæсы, куы та фыдызгъæлмæ. Нури дынджыр къуылдых систа æмæ адджын комдзæгтæгæнгæ уазæгæн амоны, барвæсс нын нæ хойрагыл, зæгъгæ.

Хуысинæн гæнæн нал уыд, æмæ, дзидзатæм амонгæ бæхы мыр-мыр куы бакодта, æрмæст уæд фæхъуыды кодта йæ уазæджы уавæр Нури. Амонæн æнгуылдзтæй йæхицæн сыкъатæ ацарæзта æмæ галау му-у, зæгъгæ, бауасыд, ома, дам, стуры фыд у.

Уазæг йе ‘муд æрцыд, арф ныуулæфгæ фынгмæ æнгомдæр æрбабадт, фæлæ йын комдзаг скæнын дæр нæ бантыст: кардæлвæстæй хæдзары кауын дуар сæ сæртыл æрбахастой лекъаг дыууæ абырæджы æмæ бирæгътау дзагъултæгæнгæ сæ амæттæгты уæлхъус алæууыдысты. Нури йæ номхæссæны лæвар кард фæцыхауи кодта æмæ размæ акъахдзæфгæнгæ йæ дæрзæг хъæлæс анæрыд:

– Цы уæ хъæуы, уый сисут æмæ ахæссут, фæлæ мын мæ уазæгыл абиу дæр чи бакæна, уымæн ацы сауфистонджын кард йæ зæрдæйы ныссадздзынæн!

«Чи куыдз, чи хæрæг, дамкъайы рæйд кæнын ныл чи уæнды?» – дзырдта тыхгæнджыты тызмæг æнгæс, æмæ сæ хъуынджын худты бын цыппар цæсты туджы малтæ фестадысты. Куыддæр сæ хотыхтæ залиаг кæлмытау фехситт кодтой, афтæ сыл Хуысин фынг фæфæлдæхта æмæ чъырттымæнгæс абырæджы къухтæй хъама стыдта. Аннæуыл Нури кард ныззыввытт ласта, æмæ фистоны онг йæ хурхы ныссагъди. Уынгтæ хъæр, хъæлæба систы. Лекъаг абырджытæ хæдзæртты дæрæнгæнгæ джигул кодтой, сабиты скъæфтой. Сылгоймæгты зæрдæхалæн цъæхахст, знæт куыйты рæйд æмæ тарст фосы æмбуйæ хъустæ арыдтой. Чи зоны, дарддæр ма цы фыдбылызтæ æрцыдаид, фæлæ Æлдарыхъæуæй иры фæдисæттæ æрбафсæрстой æмæ тыхгæнджыты сæ хъæлæсы ахастой.

Нурийы кæрты дыууæ абырæджы марды, æвæццæгæн, нæма æруазал сты, афтæ та Æлдарыхъæуæй райхъуыст фæдисы хъæр. Æвæццæгæн, лекъ ирæттæй сæ маст истой æмæ тæргæбæхтыл уайгæ хъæзæй æмбæрзт хæдзæрттыл зынг æфтыдтой. Уынгты кæй ардтой, уыдоны æхсаргæрдтæй дыууæрдæм цъыкк ластой.

Хуысинæн йæ иу къухы æхсаргард, иннæйы арц, афтæмæй йæ зыгъар бæхыл тыхгæнджыты æхсæн цъилау зылд. Æфсургъ знæгты зæвæтдзагъд кодта, дæндагæй сæм лæбурдта. Йæ фæтæн риуæй-иу кæй скъуырдта, уый-иу æд бæх асæрбихъуырой кодта.

Уалынмæ Ногъайы фæдисæттæ дæр, Нури сæ разæй сæхъис архъан тилгæ, сæ уадсур бæхтыл æрбахæццæ сты, æмæ тыхгæнджытæн быдыр снарæг. Къуырийы фæстæ дæр ма сын сæ тугвæдтæ æххормаг рувæстæ сдæрдтой.

Афтæ, сæрибары сæрыл тохты, Ногъай æмæ Иры хæлардзинады иумæйаг мæсыг болат æндонау æхсысти, æмæ сæ ныфс сæ хъарутæ бонæй-бон фидардæр кодтой.

«Ногъай не стыр дзуары кувæндон бæлас у, æнтæф бон нын аууон дары, къæвда бон та нæм æртæх нæ уадзы», – æппæлыдысты уыцы дуджы нæ фыдæлтæ се ‘нæмаст сыхæгтæй.

Уæдæ ногъайаг адæммæ дæр бирæ рагон таурæгътæ, кадджытæ æмæ æмбисæндтæ ис, мах фыдæлтимæ сын цы æнгом бастдзинæдтæ, уыдис, уый тыххæй. Дæнцæгæн æгъгъæд у мæнæ ацы æмбисонды хъуыдыйад дæр:

«Ирон адæмæй лымæн кæмæн нæй, уый хуыцауы хорзæхтæй дæр æнæхай у».

Рæстæг æххормаг къамбецау тар бонты æууилгæ размæ хылди, уæдæ цы уыдаид. Фæскъæвда зокъотау ир æмæ ногъайы хъæутæ цас фылдæр кодтой, уыйас зæхх та кадавардæр кодта, æмæ адæм куы бабирæ сты, уæд ыл кæрæдзийы тонын байдыдтой. Фыццаг дыууæ адæмы æхсæн, стæй хъæуæй хъæуы æхсæн дæр сарæх сты арæнтæ, æмæ алчи йæ зæххы гæппæл цæсты гагуыйау хъахъхъæдта. Мулк тыхджынæй-тыхджындæр кодта æмæ дыууæ къухæй хæрамдзинады марг адæмы æхсæн зæрста. Тугæй дымст мисындзæгау арæнмæ æнæбары дæр фæныхил, æмæ та-иу зæхх сырх хъулон адардта.

Ир æмæ ногъайы фæсивæды æхсæн кæрдæджы хал æмæ хъуыны цъуппыл дæр хъаугъатæ, хъæлæбатæ куы сарæх сты, уæд се ‘фсармджын хистæртæ, дарддæр цы уыдзæн, зæгъгæ, катайы бацыдысты. Ныхасмæ æрæмбырд сты æмæ бирæ уынаффæты фæстæ æрцыдысты ахæм хатдзæгмæ: «Арсы хъыбылтæ куы байрæзынц, уæд сын иу лæгæт скъуындæг вæййы. Нæ иутæн ардыгæй цæугæ у». Фæлæ уыцы фæндыл барвæндонæй куы ничи сразы, уæд фидарæй бауынаффæ кодтой:

– Иннæ хуыцаубон нæ цуанæттæ милмæ фехсæнт, дыккаг хуыцаубон нæ дугъæттæ дугъы рауайæнт, æртыккаджы та нæ богæлттæ хъæбысæй рахæцæнт æмæ, уыцы ерысты чи рамбула, уыдоны адæм сæ бынаты фæрнæй цæрæнт, чи фæхæрд уа, уыдоны адæм та – фæндараст.

Ацы фæндоныл се ‘ппæт дæр сразы сты æмæ кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой. Лæгæвзарæн бон Хъазæнлæгъзмæ уый бæрц дзыллæ æрæмбырд, æмæ, арвæй дур æрхауд, зæгъгæ, уæд, æвæццæгæн, зæххыл нæ сæмбæлдаид. Тæрхоны лæгтæ адæмы дыууæ дихы фæкодтой, æмæ се ‘хсæн милмæ æхсджытæн даргъ, фæтæн «уынг» рауад. Ногъай æмæ Иры æвзæрст дыууæ рæстдзæвины йæ иу кæрон фæрсæй-фæрстæм куы ‘рлæууыдысты, раст уыцы рæстæг сæ сæрмæ арвы цъæхы зилахаргæнгæ дыууæ цæргæсы февзæрд.

– Нæ, фæлæ ма уалæ уыцы дыууæ тугдзыхы æрысхойæнт, – схор-хор кодтой æвдисæн адæм æмæ, тæрхонгæнджытæ семæ куы сразы сты, уæд дыууæ цæхæрцæст лæппуйæн фехсыны бар радтой.

Сахъгуырдтæ сæ къæрид худты хæррæгътæ фæчъилгæнгæ сæ галиу къæхтæ размæ авæрдтой æмæ фæйнæ маргъы милмæ систой. Æрдынбостæ атонын æввонг айвæзтысты. Цымыдис адæм сæ улæфт баурæдтой æмæ цавддуртау сæ мидбынат бандзыг сты. Уалынмæ дыууæ фаты фæцъыввытт ластой æмæ æхситгæнгæ арвы талынгтæм сфардæг сты. Чысыл фæстæдæр дыууæ цæргæсы пакъуы калгæ фæуырдыгмæ сты æмæ уалынмæ дуртау сæ тъæпп зæххыл фæцыди.

Адæм се ‘муд æрцыдысты æмæ хæрæгсаст, хæрæгсаст хъæргæнгæ рæстдзæвин фатæхсджыты сæ уæлныхты систой, фæлæ диссæгтæ нырма фæсте уыдысты, æмæ сæм дыууæ адæмыхатты сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой.

Ирон адæмæй дугъы уайынмæ Хуысины хал схаудта, Ногъайырдыгæй та Нурийы, æмæ дыууæ лымæны сæхи æнувыдæй цæттæ кодтой. Сæ уадсур цæргæстæм цæкуыйæ зылдысты, цæмæй сæ хытъынтæ сæлвасой, уый тыххæй сæ бон дыууæ хатты цъити доны дардтой. Дугъы даргъ фæндагыл сæ фæлтæрдтой.

Тæрхоны лæгтæ дæр æнцад нæ бадтысты. Дугъæтты гуыргъахъ фæндагыл сбæлвырд кодтой доны сæрты гæпгæнæнтæ, цæхгæр фæзилæнтæ, къуыппытæ æмæ дзыхъхъытæ. Банысан кодтой, барджыты хъузæттæй чи кæй онг æххуыс кæндзæн, уыдæттæ, æмæ та афтæмæй амондæвзарæн бон æрхæццæ.

Хъузæттæ сæ астæутæ нарæг балвæстой æмæ сæ бынæттæ бацахстой. Цымыдис адæм чыртæ-чыртæй бæрзæндтæй кæсынмæ цыдысты. Дугъы фæндаджы сæр дыууæ барæджы фæрсæй-фæрстæм лæууыдысты, æмæ сæ хъал бæхтæ сæ быны кафыдысты.

Уалынмæ райхъуыст æууæнчы лæгты ерысмæ сидæг сыкъаты æхситт. Æфсургътæ мырмыргæнгæ фыццаг сæ фæстаг къæхтыл алæууыдысты, стæй уаритау сæхи размæ фехстой. Æвзыгъд барджытæ, цыма бæлæттæ ахстой, уыйау размæ агуыбыр сты æмæ сæ хъусты фæрсты дымгæ къуыззитт кодта. Дыууæ хайуаны цыма сæ хæс æмбæрстой, уыйау сæ быцъынæг размæ тыдтой, фæлæ дзы иу иннæмæн гæпп нæ лæвæрдта. Сæ сæфтджыты бынæй зæххы къуыбæрттæ фæстæрдæм халæттау тахтысты, æмæ сæ фæдыл рыг мигъау сыстад. Адæмæй иутæ дурты сæр сæ къахфындзтыл слæууыдысты, аннæтæ обæутты сæр лæугæйæ сæ хурсыгъд къубæлттæ размæ айвæзтой, афтæмæй сæм æдзынæг кастысты. Иу гæппы бæрц-иу кæй дугъон раздæр кодта, уыдон-иу фыр цинæй хъæргæнгæ сæ мидбынат скафыдысты, аннæтæ та-иу сæ былтæ æруагътой.

Фæндаджы дæргъæн кæрон нал уыдис. Бæхтæ сæ фындзыхуынчъытæй уадындзтау æхситт кодтой. Сæ комы фынк къоппæй калдис. Фæхæрдгæнæны сæ гæпп фæуæззаудæр, æмæ хъузæттæ сæ куысты тынджы бацыдысты. Дугъы кæрон æрхæстæг. Барджытæ ма сæ худтæ дæр аппæрстой æмæ æзфæраздæронæй сæ удтæй арт цагътой, фæлæ дыууæ бæхы цыма дзырд бакодтой, кæрæдзийы ма фегад кæнæм, зæгъгæ, уыйау фæрсæй-фæрстæм уæззау улæфтгæнгæ æмгæпп кодтой.

Райдайæн кæмæн уа, уымæн кæрон дæр вæййы. Хъузæттæ сбирæ сты, æмæ нысануатмæ фæллад бæхты æд барджытæ сæ уæлныхты хæссæгау бæргæ кодтой, фæлæ та ацы ерыс дæр хъысмæт хæрæгсастæй алыг кодта. Дыууæ барæджы рæвдз æргæпп кодтой сæ бæхтæй æмæ кæрæдзийы ныхъхъæбыс кодтой. Адæмы хор-хорæн кæрон нал уыд.

– 0 хуыцау, ма нæ фенамонд кæн!

– 0 аллах, батæригъæд нын кæн!– куывтой иры æмæ ногъайаг адæмты хистæртæ æмæ та-иу Æрджынарæджы комыл сæ цæстæнгас ахастой. Иу схæцæн ма, æмæ иутыл амонды хур йæхи стигъ кæндзæн, иннæты та барæвдаудзæн.

Ногъайы богал Байрамхан ахæм мæнтæгрæмудзæг уыд, ахæм, æмæ йын йæ цонг чи фæтасын кодтаид, ахæм хъуынджынриу толппар лæппу, æвæццæгæн, Терк-Турчы бæстæты дæр нæ уыди. Сардзины дæргъæн, ставд хъамбулджын лæг цыма хæдуагъд уыдис, уыйау йæ цæнгæтхуыз буар сойдзæстытæ æвæрдта. Æхсырфæй даст, насы хуызæн тымбыл сæр хурмæ æндонау æрттывта. Ныллæг къуыпп ных æмæ хъамыл æрфгуыты бын цыма знæт стай бадти, уыйау йæ донхуыз цæстытæ сæ къуырфыты зылдысты. Йæ дзыхæй бындзытæ ахсæгау гуылмыз фындзы бынмæ бинаг был куыройы кæхцау æрзæбул, æмæ халамæрзæны дæндæгтау йе ссыртæ зындысты. Ахæм уæйыгæй ногъай сæ сины сæртыл хæцыдысты æмæ сæ рæстæг хъулæй хъазгæ уымæн æрвыстой.

Уыцы тыхст рæстæг ирмæ богал нæ уыдис æмæ сæ уынаффæгæнæг лæгтæ састбазыр цæргæстау сæргуыбыр, уæнтæхъилæй бадгæ адзалæн мадзал агуырдтой. Адæм алы дам-думтæ кодтой, сæ къонатæ сæ нал тавтой, сæ хъуыры къæбæр нал цыд, бон сыл талынгтæ кодта, афтæмæй æбæрæг фæндагмæ сæхи ифтонг кодтой. Фæлæ хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ сæ сæрты амонды стъалы атахт.

Тæрхоны лæгтæ куы ницы фæрæз ардтой, уæд сæ разы æфсæрмытæгæнгæ æрбалæууыд урс дадали Нана æмæ хатыр ракургæ афтæ зæгъы:

– Фарн уæ ныхасы, нæ буц хистæртæ, кæд гæнæн ис, уæд мын иу ныхасы бар куы раттиккат!

Лæгтæ фестадысты, æмæ йын худайстæй ныллæг акувгæ арфæйы ныхас загъта хистæрты хистæр Хъуыдæберд:

– Бирæ нын цæр, Нана, æмæ нæм фарны къах æрбавæр! Дæ хорзæхæй, мæнæ ам нæ разы дæхи æруадз, æмæ дæм хъусæм!

– Уанцон нæу, æнæуи дæр уæм мæ ных кæй æрбатардтон, уый мын хатыр уæд. Нæ адæмы хъысмæт мæ мæ цонгæй ласæгау æрбакодта æмæ гæнæн нал ис. Сбадут, уæ хорзæхæй, æмæ мæм чысыл байхъусут. Мæ хуызæн зæронд хъындырыл хуыссæг æхсæв хорз нал фæхæцы. Ме ‘дзард мæрдтыстæн, бауырнæд уæ, аргъау уын нæ дзурын, фынтæ дæр нæ федтон. Айфыццаг нæ къамбец кæй ныххæдмæл, уымæн уе ‘ппæт дæр – æвдисæн, хъæстæ хал, дам, ахордта! Нæ, мæ мад, мæ фыдыстæн, уый уæд нæ чындз фæсутъыр кодта…

– Бахатыр кæн, Нана,– йæ ныхас зæлдагау айвæзта Хъуыдæберд,– фæлæ абон махæн нæ сæр нæ кой у æмæ чындзыты хъуыддæгтæ не ‘взарæм!

– Ме ‘дылы къоппа уæ нывонд уа, æз дæр уый тыххæй ам дæн,– амонæн æнгуылдз йæ цыргъ роцъойыл авæргæ фæзæгъы Нана æмæ дарддæр йæ хъуыды къуыбылойау сындæггай хæлдта:

– Иу сæумæрайсом нæ чындз кæрты хъомтæ дыгъта. Уыцы æнæхайыры къамбец фосыл богъдаби кодта æмæ ногзад стуры дуцын нæ уагъта. Чындз æй цалдæр хатты иуварс бæргæ аздæхта, фæлæ йе ‘хсыры къæрта куы фæфæлдæхт, уæд ын, абоныстæн, йæ дыууæ сыкъайыл фæхæцыд æмæ йæ быруйы сæрты гæдыйы мардау фехста. Мæ цæстытæй кæфойы дзаг цæхæртæ акалд. Цъынайы аууон нынныгъуылдтæн, æмæ уæ бауырнæд, улæфын дæр нал уæндыдтæн. Нæ адæмы хъысмæтыл мæ зæрдæ куы нæ риссид, уæд æз ацы диссаг дуры хъусы дзурын дæр нæ бауæндыдаин… Ныр уæ кæд мæ ныхæстæ нæ уырнынц, уæд æм фæдзурут æмæ йæ бафæрсут. Æрмæст, уæ хорзæхæй, адæмы цæсты мæ ма бæфтаут, науæд мæ зарæггаг фæкæндзысты, йæ чындзы хабæрттæ хыдыры цыхтау ныхасмæ рахаста, зæгъгæ. Абабау, мæнæй ницы фехъуыстат. Уæ фæндтæ уæхи фæндиаг, æз цæуын,– загъта ма Нана æмæ йæ кæлмæрзæн фæарфдæргæнгæ разылд.

– Стыр бузныг, Нана, ды махæн нæртон Сатана дæ æмæ дæ цæрæнбон бирæ,– йæ фæдыл сыстгæ раарфæ кодта Хъуыдæберд.

Нанайы ацыды фæстæ бирæ ныхæстæ рауад тæрхоны лæгты æхсæн:

– Ау, сæгуыт арсимæ кæрдо куыд æрцæгъддзæн?

– Нæ зонын, Байрамхан сылгоймагимæ рахæца?

– Æмæ нæ фæсивæдыл худинаджы гакк не сбаддзæн?

Хъуыдæберд сæм лæмбынæг хъуыста æмæ, куы банцадысты, уæд афтæ зæгъы:

– Бирæгъыл мæгуыры бон куы скæны, уæд, дам, куыдзы бын атулы. Хуыздæр гæнæн нал ис, æмæ цомут бафæрсæм нæ чындзы.

Кавказы æрдзмæ цыдæриддæр рæсугъддзинадæй уыд, уыдон,æвæццæгæн, Ацырухсæн балæвар кодта. Нарæгастæу, гуырвидауц, уæздан æмæ хæдзонд чындзыл Æлдарыхъæу сæ цæст æрæвæрдтой. Дондзау-иу тасгæ-уасгæ куы рацæйцыд, кæнæ-иу чызджытимæ изæрыгæтты уынгтæ уисойæ куы марзта, уæд æм-иу адæм кæсынæй не ‘фсæстысты. Мыдхуыз хъуымбыл дзыккутæ дыууæ быдæй хæццæ кодтой зырнæйзылдау рæсугъд зæнгты хæцъæфтæм. Хъæлдзæг дыууæ сау цæсты сæрмæ сынты базыртау сæхи уæрæх айтыгътой дыууæ къæлæт æрфыджы. Сырхфарс фæткъуытау пумпуси рустæй хуртæ æмæ мæйтæ цыма касти, уыйау адæймаджы цæстæнгас сæхимæ æлвæстой. Хурдзаст цæсгом ноджы аивдæр кодтой цыбыргомау фындз æмæ цæттæ æрыскъæфау пухгонд былтæ, роцъойы чысыл тæрф æмæ урс дæллагхъуыртæ. Уæлдай цымыдисагдæр та, риуыгънæджытæ фидар æхгæд кæуыл уыдысты, уыцы дыууæ къаннæг обауы уыдысты.

Чи хæйрæг уыдис, æмæ нæлгоймæгтæ зæрдæхъæрмттæ кæмæй фæкæнынц, уыцы хæзнаты бын домбайы зæрдæ тæлфы, уымæн.

Хистæрты стыр фарн уайсадæг чындзы ком райхæлдта. Зондæй æххæст сылгоймагимæ тæрхоны лæгты бирæ радзур-бадзур нал бахъуыд. Æфсæрмæй мард Ацырухс, Нанайы аууон ныгъуылдтытæгæнгæ фæсус хъæлæсæй цыбыр дзуапп радта:

-Нæ Иры дзыллæйы кæд мæ рахиз цæст хъæуы, скъахут æй, кæд æй мæ рахиз цонг хъæуы, ратонут æй, мæ риуæй мын фелвасут мæ зæрдæ, æз уæддæр, уæуу, нæ зæгъдзынæн. Нал ис хуыздæр мадзал,уый бæлвырд у, фæлæ кæд гæнæн ис, уæд мын цыппар æрмæрины бæрц сæрак раттут, æмæ мæ Байрамхан хæргæ куы кæна, уæддæр уын уæ фæндон сæххæст кæндзынæн.

– Сау туг мæ зæронд сæрыл æруара, чындз, хуыздæр куы ахъуыды кодтаис, сылгоймаг сæттаг дидинæгау тæлæс у, æмæ куы фæхудинаг уæм,– Хъуыдæбердмæ йæ цæст фæныкъулгæ загъта Нана.

– Æз мæ фæндон загътон,– сабыр дзуапп радта чындз, æмæ ууыл сæ ныхас ахицæн.

– Уæ сардауæг мæ тæригьæд фæхæссæд,– загъта ма чындз, сыхæгтæ куы ацыдысты, уæд.

Лæгæвзарæн бон та æрхæццæ æмæ та Хъазæнлæгъзы адæмæй къух бакæнæн нал уыд. Сау ногъай нæ зыдтой, сæ богалы ныхмæ чи рацæудзæн, уый. Ацы бон сæ хъул сах кæй абаддзæн, уый сæ уырныдта æмæ сæрбæрзонд, зæрдæрухсæй æнхъæлмæ кастысты. Байрамхан дæр йæхиуыл йæ зæрдæ дардта æмæ тæрхонгæн-джыты рæгъы арсау дзагъултæгæнгæ æнæ мæтæй бадти. Йæ тъæпæн нард цæсгом сойы æвдылди. Йæ хъамбул цæнгты хæцъæфтæй дымст лалымтау хъазыди.

Каст ма Ацырухсмæ уыдис æмæ, йæ афон куы æрцыд, уæд æнæнхъæлæджы фæзынд. Йæ уæлæ, чындздзон дарæсы æдде уыдис хъуымаг сæракæй лыстæг сынк хъæбысæйхæцæн æнгом къандзол, афтæмæй доны хъазау тæрхоны лæгты размæ басирдта æмæ салам раттыны фæстæ бафарста:

– Байрамхан та кæцы у?

Куы йын æй бацамыдтой, уæд йæ разы уæздан лæуд æркодта æмæ йын сæрæй æркувгæ салам радта.

«Ацы зæд та мæм кæцæй æртахти?»– хинымæр бадис кодта сау ногъайаг богал æмæ æгъдаумæ гæсгæ фестинаг уыд. Фæлæ йын, бад, загъгæ, Ацырухс йæ уæраджы сæр фелхъывта, æмæ дæ балгъитæг уыйау: стджыты хъыррыст фæцыд. Богалы дзагъыр цæстытæ сæ къуырфытæй федде сты. «Æллах!»– арсау ма ныб-богъ ласта æмæ бауадзыг.

– Ам мæнæн куыстаг нал ис,– загъта тæрхоны лæгтæн ус богал æмæ тагъдгомау сæхирдæм фæраст и. Адæм хабар куы бамбæрстой, уæд сæ дисæн кæрон нал уыд.

«Сæ сылгоймæгтæ ахæм хъаруйы хицау кæмæн сты, махæн уыдонимæ дзургæйæ нал у»,– загътой ногъайæгтæ æмæ сæ богалы сынтыл ахастой.

Ирон хосгæнæг Хъасай халсасчъы уидаг скъахта. Хъæрмуст донæй йæ сыгъдæг ныхсадта, стæй йæ кардæй лыстæг ныххафта æмæ дзы Байрамханы саст уæраг хъæдын фæрсчъытимæ æнгом бабаста. Рынчын дыууæ къуыримæ йæ къæхтыл слæууыд, æмæ ногъай сæ уæрдæттæ ифтындзынмæ бавнæлдтой.

Агъыныхъойы хъæу дæр зæйау фенкъуысыди. Æнæсæрст сæмæнты хъыррыст æмæ цæлхыты гыбар-гыбур сарæх сты.

– Цымæ ма искæд фембæлдзыстæм?– æрхæндæгæй фарста Нури Хуысины.

– Чи зоны, мах куынæуал, уæддæр нæ байзæддæгтæ æнæмæнгæй фембæлдзысты,– дзуапп радта Хуысин, æмæ дыууæ æрдхорды кæрæдзиуыл ныттыхстысты. Зын у фæхицæны сахат.

Æрбайхъуыст ма дард кæцæйдæр фæстаг уæрдоны хъыррыст æмæ Агъыныхъойы хъæууатт ингæнау ныссабыр. Йæ артдзæстыты уазал фæнык ын халæттæ фæйнæрдæм фæйлыдтой. Æдзæрæг хъæуты æххормаг рувæстæ æлдариуæг кодтой.

Чи зоны, цæй бæрц рæстæг рацыд уæдæй нырмæ, фæлæ ма абон дæр Иры зæххыл ногъайы уæлмæрдты обæуттæ нæма слæгъз сты. Нæ хæлардзинады æртхутæг нæма ныууазал, æмæ сæ мысæм нæ таурæгъты.