ХУЫГАТЫ Сергей

ГÆДУЛИ

Æвзагджынтæ дæр иууыл æмхуызæттæ не сты, ома æвзагджын лæгтæ. Сæ иутæ хуыздæр арæхсынц цыты уазджытимæ абадынмæ, уыцы сойыл цæуæгау цæудзæни сæ ныхас, æмæ уазджытæн, цыма раст сæ хъуырмæ царв æмæ мыды аирвæзтысты, уымæй уæлдай сæ цæсгæмттыл царды мæтæй ницыуал аззайдзæн.

Сæ иннæтæ та туджджынты бафидауын кæнынмæ сты дæсны. Уæллæй, се ’хсæн бацыдысты туджджынтæн, уæд сæ æфсымæртæ фестын кæнынц кæрæдзийæн. Сæ аннæтæ чи сты, æвзагджынты аннæтæ, уыдон та зианы уæлхъус раныхас кæнынмæ сты рæвдз. Дæ марды нал базондзынæ, ахæм диссæгтæ дын дзы радзурдзысты, йæ уæлхъус ныллæууыдысты ’мæ. Фæлæ дзы иу хъуыддаг ахæм ис, æмæ адон стæмдæр сты, ома зианы уæлхъус чи арæхсы ныхас кæнынмæ, уыдон, бирæ стæмдæр. Амæй стырдæр хъæу нал и, уæддæр дзы кæд разына бирæ-бирæ цыппар-фондз лæджы. Æндæр нæ.

Æмæ кадджын сты адæмы ’хсæн, тынг кадджын. Сæхиуыл дæр уымæн фервæссыдысты, æвæццæгæн, – уæдæ æндæр цæмæн! Цалынмæ сын де ’взаг цъиуы æвзаджы йас суа, уæдмæ дын ницæй тыххæй сразы уыдзысты. Æмæ цынæ ‘фсон скæндзысты! Сæ иу зæгъдзæн: мæнæ мæ тугдадзинтæ ныддымстысты, æвзæр туг мæм и, уæлдай туг, æвæццæгæн, æмæ сæ кæцы кæд нытътъæпп кæндзæн, уый куы нæ зонын, уæд мæ афтæмæй куыд ныхас кæнын кæныс? Чи та йæ йæ дæндаджы ’фсон фæкæны. Мæ дæндагæй, дам, мæлын, дысон-бонмæ, дам, мæ сæрыхъуынтæ дæр фæтыдтон. Æмæ, дам, цытæ дзурыс – дæндаг, дам, куы рисса, уæд, дам, ныхасгæнæнтæ-йедтæ и!

Уалæ Гæдули чи у, Саусамтаты Гæдули, уый та йе стæгниз радавы. Цыма, лæг истытæ дзурдзæн, уымæ стæгниз цы бар дары! Фæлæ уымæ байхъус! Мæнæ, зæгъы, сармадзаны схъис куыддæриддæр ныссæдза, афтæ, зæгъы, ныссагъди мæ ронбасты æмæ ма, зæгъы, мæ дзых фæхæлиу кæнон, уый дæр мæ нал уадзы.

Фæлæ иу Хуыцау хорз у, æмæ уæддæр сразы вæййы, Гæдули, ома афсæнттæ кæны, стæй сразы вæййы. Æмæ дзæбæх раныхас кæны, йæ тæригъæд лæджы нæ хъæуы, нæ бацауæрды йæхиуыл. Зианы хабар дуг æмæ рæстæгимæ абæтты, царды уавæрты кой дæр скæны. Афтæ нæу, нæ – уæдæ кæрæй-кæронмæ зианы кой кæна!

Дæлæ хъæуыбинаг Дзолборттаты Гæмси куы фæзиан, – мæрдты рухсы фæбадæд! – уæддæр нæ разы кодта:

– Мæ сæрæн нæ дæн, мæ сæрæн. Знон райсом æддæмæ куы рауадтæн, уæд мын уыцы судзгæ уæлдæфæй æгæр улæфт фæци. Мæ хурхыуадындзтæ адымстысты, æмæ уæдæй нырмæ сæ хыр-хырæй нал æнцайынц. Цыдæр кодта мæ хъæлæс. Ахæм æнамонды хабар лæгыл мауал сæмбæлæд! – йæ даргъ цæнгтæ фæйнæрдæм дард фæхаста Гæдули æмæ сæ йæ кæрцы фæдджитыл æрæппæрста.

Лæгтæй йæм иу нал фæлæууыд:

– Ныронг-иу де стæгниз радавтай, ныр та – дæ хъæлæс!

Гæдули йæ хурхыуадындзтæм сæвнæлдта, фæйнæрдыгæй сыл бахæцтытæ кодта йæ даргъ æнгуылдзтæй – йе ’нгуылдзтæ æрдæгæй æддæмæ бур-бурид адардтой тамакойы фæздæгæй – стæй йæ армæй йæ дзыхаууон акодта æмæ иуварс ахуыфыд.

– Арæппи, Гæмсийы тыххæй лæг куыд нæ зæгъид, фæлæ мæ хъæлæсы хыр-хыр цæуы, æмæ.

Уæд æм Мæргъуыдз йе ‘ргом куы фездахид, зианджынтæн се ‘рвад:

– Гæррæтт, бирæгътыл дæ нæ хъæр кæнын кæнæм! Сыхбæстæ-хъæубæсты номæй дыууæ ныхасы зæгъдзынæ, уымæй ницы ’рцæудзæн дæ хъæлæсыл.

Уæддæр ма йæ сæр атил-атил кодта фæйнæрдæм Гæдули, нæй, ома нæй, мæ бон нæ бауыдзæн, фæлæ мæ ныууадзут, ома. Æмæ йыл уæд уый дæр куы схъæр кæнид, Мæргъуыдз:

– Уæдæ нын æгомыгæй æрвитын кæныс нæ зианы!

Уыцы хъæр æй басаста.

Нæннæ, хъæр дæр хъæуы иуæй-иу ран.

Æмæ æвзæр нæ раныхас кодта. Уæлдайдæр, колхозы сæрдарæн кæм раарфæ кодта, Ахлæуæн, йæ раныхас уыцы ран бынтон фæцыд адæмы зæрдæмæ:

– Æвзæр заман ныл скодта, мæнæ хъынцъымгæнæг мæрддзыгой адæм. Сцыбыркъух стæм, нал иуæрдæм æххæссæм, нал – иннæрдæм. Фæлæ нын Хуыцау уыцы амонд радта, æмæ нæ колхозы сæрдар, нæ зын дæр чи ’мбары æмæ нæ хъыг дæр, ахæм уарзон лæг разынди. Куыддæр нæ исчи фæцуды, афтæ йе ’нцой æрбалæууы. Абон Дзолборттаты стыр мыггаг цудгæ нæ – кæлгæ фæкодта: мæ фыдзæрдæйы мыггагæй ма Гæмсийы хуызæн лæгтæ Гæмсийы карæнæй цæуой се ’нусон дунемæ. Æмæ фыццаджы-фыццагдæр мыггагмæ, хæдзармæ йе ’ххуысы къух чи бадардта, уый уыди нæ колхозы сæрдар, нæхи Ахлæу! Уый хуызæн хуыскъ хъуг рафыста колхозæй, уыцы стыр пецы дзаг урс дзул сфыцын кодта. Æмæ хæрнæджы фынгæн йæ рахæцæн фыдызгъæл æмæ дзул сты, мæ хæдзæрттæ! Гъемæ дын, Ахлæу, не ’ппæты чи сфæлдыста, уыцы кадджын æмæ радджын Хуыцау уыцы ахъаз бакæнæд, æмæ дын цы кæстæртæ ис, уыдон урсбоцъо æмæ урсдадалимæ куыд фæцæрой!

Уыцы зæрдиаг ныхæстæ афтæ бахъардтой адæммæ, афтæ сæ базмæлын кодтой, æмæ сæ бирæтæй байрох, зианы уæлхъус кæй лæууынц, уый, гыццыл ма бахъæуа, сæ къухтæ ма фæхæссой æмæ ма нымдзæгъд кæной.

Йæхæдæг дæр разы уыди йæ раныхасæй Гæдули – куыддæр дзырд фæци, йæ къухтæ авæрдта Гæмсийыл æмæ иуварс алæууыд, афтæ тамако сдымдта æмæ дзы иу-цалдæр ахъаззаг улæфты ныккодта фæд-фæдыл.

Куыннæ-иу æм ныххатыдаиккой уый фæстæ иннæ зианджынтæ дæр! Æмæ-иу æм ныххатыдысты. Фæлæ-иу, цалынмæ иу-цалдæр хатты не ’рбалæууыдысты йæ уæлхъус, уæдмæ никуы сразы. Ноджы ма иу хъуыддагмæ йæ цæст дардта Гæдули: чи йæм хатыд, уыдонæй хъуамæ исчи бынтон æввахс уыдаид зианджын хæдзарæн.

Æмæ-иу дзæбæх ахæцыд йæ ныхасыл – хъæуы нæ, фæлæ-иу Ирыстоны арæнтæй дæр ахызт, суанг-иу далæ Мæскуымæ дæр ахæццæ. Дæлæ Дзæбæхлæг куы амарди, Мистъалаты Дзæбæхлæг, уæд бынтон акалдта йæ маст нæ Мæскуыйы хицауадыл:

– Бæстæ фесæфтой! Къаины фидар уыд нæ паддзахад æмæ йын йæ бындур ныззилын кодтой. Кæм цы цæстфæлдахæг æмæ къазнахор ис, уыдонмæ æрхауди хицауад, æмæ хынджылæг скъæрынц адæмæй. Лæг нал и нæ хицауады, мæ хæдзæрттæ! Уый йеддæмæ ма уым лæг куы уаид, уæд, уыцы бур гæды чи у, уый бæрны бакæн дæ паддзахады мулк! Хуызæй та кæд нæу Гитлеры хуызæн – цы йæ бецыкк афаст, цы йæ хъила фындз, цы йæ мæстæг былтæ! Хуыцауардыстæн, нæ мæ сомы кæнын кæнут, фæлæ ма ууыл Гитлеры рихитæ асадз, уæд дзы зæхмæ мур не ’руадзид, ивддзæгтæ кæниккой кæрæдзийæ. Иннæ ахæм, уыцы хæсгæ хъыбыл! Арсены фыст куы у, Коцойты. Уым сауджын Гигойæ цы куадзæйнаг хъыбыл асайдта, уый мын кæд не ’рбалæууын кæны мæ зæрдыл, уæд мыл мæ куадзæн мауал æрцæуæд. Хъуамæ йæ гогора сæр радав-бадав сиса, цыма йын ыл хъæддаг дыдынты æвзæн æртымбыл и, уый хуызæн. Реформæтæ, дам уын аразæм, æмæ нæ сыдæй мæлынмæ æртардтой. Цыма сын реформæтыл куыдтам! Иу та дзы æнтыды гарз и! Стыр кæлæтджыны нытътъæбæза, афтæмæй йæ ныхæстæй иуæн йæ
фæстаг æрдæг аныхъуыры, иннæмæн – йæ раззаг æрдæг, æмæ, кæд исты зæгъынмæ фæхъавы, уæддæр ын дзы ницуал сбæрæг вæййы. Æмæ се ’ппæт дæр, уæле чи бады, уый аххосæй сты уым, уыцы кæлдымы аххосæй. Уый фыдбылызтæ нын сты адон иууылдæр, мæнæ зианмæ æрцæуæг, хъынцъымгæнæг адæм! Кæлдым у æмæ пыс-пыс кæны Кремлы сыгъдæг бынæтты, судзгæ куыд скæна!

Æмæ йын тынг разыйæ баззадысты адæм йæ раныхасæй. Сæ иуæй-иутæн ма сæ сусу-бусу дæр райхъуыст:

– Æмæ сын цы мæнг зæгъы! Уæдæ ныр хицау дæ, æнæхицау дæ фæуæм, уый тыххæй хъуамæ дæхи гуыбыны аирвæза паддзахады фæллой иууыл! Æмæ иннæтыл дæр гуыбынтæ и!

– Хорз сын фæци, кæд сын бæсты ацæуа, уæд.

Пинаты Мосе чи у, дæлæ æрвдзæф акъацийы цур чи цæры, уый та афтæ дзырдта йæ сыхаг Мамытджерийы хъусы:

– Ныр а бур гæды кæмæй зæгъы, уый гыццылтæ æмбарын. Хæсгæ хъыбыл кæй хоны, уый дæр хатын. Фæлæ цымæ æнтыды гарз кæмæй зæгъы, уый та сæ кæцы уа? Ды дæр ын ницы зоныс, чи сæ уа уыцы æнтыды гарз? Афтæ дæ уымæн фæрсын, æмæ иууылдæр тæнджын сты – хæрынц æмæ!

Мамытджери, цыма йын исчи, йæ къæхтыбынмæ чи æххæссы, ахæм кæрц балæвар кодта, уыйау йæ сæр æхсызгон анкъус-анкъус кодта, уæле бынмæ. Мосейы ныхасмæ дæр не ’рлæууыд йæ сæр æнкъусынæй, афтæмæй загъта:

– Уый сæ зоны – æнтыды гарз сæ чи у, уый дæр зоны æмæ сæ кæлдым чи у, уый дæр. Фæлæ мæм дис кæсы, стыр дис – кæм базыдта дзурын а Гæдули? Искуы ахæм дзырдарæхст лæг федтай, дæ дзæбæх фыд Зурабийыстæн?

Æмæ уæд афоныл йæ къухы нæ бафтыд Гæдулийæн Ахлæуæй раппæлын. Уымæн æмæ æгæр адард æмæ цæхгæр фæзилынмæ нал фæцарæхст, мæнæ иуæй-иу æвæлтæрд шофыр йæ машинæ фæзилынмæ куыд нал фæцарæхсы, афтæ. Фæндгæ та йæ тынг кодта, йæхи ма æрбаивæзта. Æрбаивæзта, фæлæ нал æрбаххæст дзæбæх, нал сахадыдта йæ ныхас. Æмæ ма, æниу, ахадгæ дæр куыд скодтаид! Далæ Мæскуымæ ахæццæ у, уым куыдзы къахæй ныннæм хицауады, стæй цæхгæр ныззил æмæ колхозы сæрдарæй æппæлыныл ныццæв дæхи! Уæддæр ма йын скæндтытæ кодта йæ хорзы кой:

– Ныр у, æмæ нæ стыр Хуыцау уыцы тæразы бафтауæд, æмæ-иу нæ зыны сахат кæрæдзимæ æнгом куыд æрбалæууæм. Мæнæ нæ колхозы сæрдар Ахлæу æгас хъæуыл йæ арм дары, хорз хæдзардзин лæг йæ бинонтыл куыд дара йæ арм, афтæ, æмæ нын йæ ныфс Хуыцау макуы байсæд! Не знæгты фæндиаг куыд никуы фæуæм, уыцы амонд нæ уæд!

Фæстаг хъуыдыйад дзы бæргæ нал хъуыди. Мæнæ, знæгты фæндиаджы тыххæй кæй загъта, уый, фæлæ, æвзаг дæр куы бацырын вæййы, уæд ма лæджы фæфæрсы!

Æмæ нæ цыди йæ зæрдæмæ йæ раныхасы къуди. Нæ рауади Ахлæуы аккаг. Дзæбæх ныхас зæгъдзынæ, раппæлдзынæ, уымæй де ’рдæг нæ ахаудзæн, уымæн та æхсызгон уыдзæн. Дзæбæх ныхас хъыг кæмæн хъуамæ уа! Уый йæ зæрдæмæ айста Гæдули æмæ, уартæ Джетæгъæзыл трактор куы афæлдæхт, къуыппысыхаг Сапандранатты Джетæгъæзыл, уæд бирæ хатын нал бауагъта йæхимæ. Кæрты хицау Дзебекка йæм куыддæр йæхи бакъул кодта, зианджынты, дам, афтæ фæнды, ды куы зæгъис сыхбæсты-хъæубæсты номæй, уæд ма скъæрцц кæна:

– Зæгъдзынæн, цæуылнæ зæгъдзынæн. Йæ мæгуыр бинонтæн сæ туг сæ цæстæй мизы, мах та нæхиуыл фæйнæрдæм куы ахæцæм, уæд нын уый æгъдау уыдзæни!

Дзебекка ма йæм кæсынтыл дæр фæци. Уæдæ иннæ хæттыты кæд æмæ кæд сразы вæййы, ныр ма йæм исчи акæсæд! Йæ цæрæнбон бирæ уæд, хъуыды кодта Дзебекка, æвæццæгæн мæ фефсæрмы. Уый хорз у, уый æвзæр нæу, æгайтма лæджы исчи нымайы.

Æмæ ныр дард нал авнæлдта – куы та адзæгъæл уа æмæ та фæстæмæ разилын йæ къухы куы нал бафта, уымæй тарст. Æмæ афоныл райдыдта Ахлæуы кой:

– Уый фæрнджын хæдзары райгуырд, уый фæрнджын мад æмæ фыд схъомыл кодтой. Уæхæдæг мæнæй хуыздæр зыдтат Дзарастемыр æмæ Елбачионы. Сæхицæй кæрдзындæттондæр æгас хъæуы нæ, фæлæ æгас районы дæр нæ уыди, мæ зæрдæ цы зæгъы, уымæй. Æмæ сæ фарн семæ нæ ахастой мæрдтæм Дзарастемыр æмæ Елбачион, фæлæ йæ ныууагътой сæ кæстæртæн. Уыцы фарнæй хайджын у, гъе, Ахлæу дæр. Уымæн æрбалæууы нæ алы тыхсты нæ уæлхъус, уымæн фæхъынцъым кæны нæ алы хъынцъымы нæ фарсмæ. Æмæ алкæй сæрдартæ афтæ кæнынц? Æппындæр нæ кæнынц афтæ, кæд мæ фæрсут, уæд. Ахæм сæрдартæ ис, æмæ йæ тæфтыл дæр нæ ацæуы зианæн, мæн, дам, не ’вдæлы, мæн, дам, хъуыддæгтæ и, цыма иннæ адæм сæ фыр æвдæлонæй æрæмбырд вæййынц! Æмæ мах дæуæй куыд бузныг стæм, о Ахлæу, афтæ бузныг дæ уæд, дуне чи сфæлдыста, уыцы кадджын æмæ радджын Хуыцау!

Мæрддзыгой адæм хъуыдытыл фесты – цæмæн афтæ æппæлын байдыдта Гæдули колхозы сæрдарæй? Уæдæ Джетæгъæз йæ гыццылæй фæстæмæ нæ рахызт уыцы тракторæй, йæ мæлæт дæр ма уымæй куы ссардта, уæд цас диссаг у, æмæ йын йæ хæрнæгæн колхоз иу стур ратдзæн æмæ йын иу пецы дзаг дзул сфыцдзæн! Æнæуи арфæ ракæнын æмбæлы сæрдарæн, куыд нæ йын æмбæлы, фæлæ йын йæ хæдзарвæндаджы тæккæ рæбынмæ кæдæм æвналыс! Кæд дзы исты куыст æркурын и йæ зæрды? Æмæ йын уартæ комæй кургæ куыст куы и! Уым хуыйджыты хъарм тыргъы схуысс æмæ фынæй кæн, æмæ та йын мæйы кæрон йæ улупа йæ къухмæ банымайынц. Уæдæ йе ’фсымæрæн исты агура, Бердыхъойæн, æмæ ма йæ цы хъæуы – уый хуызæн куырой! Райсом афтид уæрдон ныттулы йæ разæй æмæ йыл изæры бур голлаг ссад стеу-теу кæны йæ хæдзармæ. Мæнæ, дам, згъæлæнтæ-йедтæ расæрфтон мæ хъыбылтæн.

Дзæбæх згъæлæнтæ сты!

Æмæ-иу гуырысхойы бахауд æгас хъæубæстæ.

Джетæгъæзы мардæй цалдæр боны рацыди нымадæй, æмæ уалæ уæлæсыхаг Химанты Абырæг куы æрбамæлид. Æхснырсæг ыл бахæцыд йæ сыхаг Пирузæй, æмæ æхснырсæджы хуызæн æхснырсæг дæр куы уыдаид, уæд бæргæ! Куы-иу æрæхснырста, уæд-иу уартæ куыройы сыхмæ хъуыст. Йæхæдæг фервæзти Пируз, фæлæ Абырæг амарди. Амарди, уæд мард йе ’гъдæуттæ домы. Æмæ та дын сыхæгтæ иу-цалдæрæй куы æрлæууиккой Гæдулийы уæлхъус.

– Уæ Гæдули, дæ рын бахæрæм! Нæ зиан нын сфидауын кæныс алы æмæ алыхатт, æмæ афтæ æнхъæл ма у, мах ницы ‘мбарæм. Æмбарæм дын де стыр фыдæбон. Æмæ та иу-дыууæ ныхасы зæгъ хъæубæсты номæй мæрддзыгой адæмæн. Уыцы хорзы бацу зианджынтæн. Махæй дæр уыйас фефсæрмы у.

Гæдули нæдæр «о» загъта, нæдæр «нæ». Лæууыд, æмæ лæгтæ джитæнтæ байдыдтой – не сразы уыдзæн. Æфсон агуры – ууыл хъуыды кæны. Æмæ ма сын чи сразы уыдзæн, ай куы ныууоцани кæна, уæд? Нæннæ, алкæмæ дæр хардзау кæсы, ома фыццаг бæхджынтыл æрзилынц, стæй та сæ тъæпп фистæджытыл фæцæуы. Бустæты хай бакæнынц, чи сæм бахаты, уыдоны. Æмæ старстысты лæгтæ, тынг старстысты. Фæлæ Хуыцау ныддæлæ-уæлæ кодта, æмæ сразы Гæдули. Фыццаг йæ тамако ссыгъта, дзæбæх дзы сулæфыд, стæй загъта:

– Зæгъдзынæн, цæуылнæ зæгъдзынæн. Дзуары хуызæн лæг уыди Абырæг. Æмæ йæ уынджы къæйыл кæм ныууадздзыстæм æмæ раныхасгæнæг агурынмæ кæм фæцæудзыстæм фæйнæрдæм!

Æмæ дзæбæх раныхас кодта ацы хатт дæр, тынг дзæбæх. Раппæлыди Абырæгæй, хæсты куыд хъæбатырæй хæцыди, уый тыххæй радзырдта. Стæй куы ‘рцыд, уæд æй куыд æрцахстой, уацары кæй бахауд, уый тыххæй æмæ йæ Сыбырмæ куыд ахастой. Уым цы хъизæмæрттæ федта, уыдон дæр сын, раст цыма йемæ уыд, афтæ лæмбынæг фæнымадта. Æмæ йæ иу-дыууæ-æртæ хатты ныллæууын бахъуыд йæ ныхасæй – сæхи-иу нал баурæдтой мæрддзыгой адæм. Кæмæн-иу сæ йæ богъ фæцыди, чи-иу йæ кæуын тыхурæд ныккодта, æмæ-иу ын хуыфынмæ асайдта, æмæ афтæмæй ныхасгæнæн и! Абырæджы хабæртты фæстæ дуг æмæ рæстæджы кой ракодта æмæ та колхозы хъуыддæгтæм рахызт:

– Ныр у æмæ, дам, мæсты дзураг у, стонг – хæраг, мæнæ хъынцъымгæнæг адæм. Æмæ куыннæ уа лæг мæсты, кæд æмæ нæ колхоз чи у, нæ колхоз, уый сæфты къахыл ныллæууыди, уæд! Нæ сæрдар, цыдæриддæр нæ хъæуы цæстфæлдахæг æмæ хахуыр лæгæй зыдта, иууылдæр сæ йæ алыварс æрæмбырд кодта, æмæ йын уынаффæгæнджытæ систы. Уыйадыл, йæ гыццылæй фæстæмæ зæрдиаг фæллой чи фæкодта колхозы, уыдонæн дзы бынат нал и. Раст æмæ цæсгомджын лæг чи у, уый ист цæуы йæ куыстæй. Æмæ уыдоны бынæтты йæхиуæтты тъыссы нæ сæрдар, бæззы дзы – нæ дзы бæззы, зоны дзы кусын – нæ дзы зоны, уыдæттæм айбæрц дæр каст нæ цæуы, ай. – Гæдули йæ хистæр æнгуылдзы ных йæ фæсдæндаг фæцавта æмæ йæ ахъаззаджы къæрцц ракодта æддæмæ. – Фæхъал и Дзарастемыры фырт, æндæр дзы иу дæр нæй æмæ иннæ дæр, мæнæ хъынцъымгæнæг адæм. Æмæ тæрсын, стыр тарст кæнын, нæ колхозы фæллой барджынты хъуыры куы аирвæза, иннæтæ та ихы сæрыл куы аззайой – мæнæ мæ хуызæттæ, мæнæ сымах хуызæттæ. Цæрæнбонты халгай цы колхоз æрæмбырд кодтам, нæ къухты фыдтæ кæуыл фæхордтам, уыцы колхозæй афтидæй куы аззайæм, уымæй тæрсын, гъе!

Мæрддзыгой адæм зæхмæ ныккастысты: æрæджы дæр ма æппæлгæ куы кодта Ахлæуæй, уæд фæрæтвæлдæхт фæци ацы лæг?! Ахлæу кæимæ лæууыд, колхозы сæрдар, уыдон-иу æм фæрсæджы каст бакодтой, уый дæр-иу сæм бакаст, – афтæ ницызонæджы каст, йе ‘рмттæ-иу уæлгоммæ сфæлдæхта, йе уæхсчытыл-иу уæлиау схæцыд, тынг уæлиау.

– Ныр, дам, мардаудæг æмæ зæдаудæгæй уæлдай нæй, æмæ уыл хæрзаудæн фæкæнæд Абырæг, кæдæм æй æрвитæм, уыцы сыгъдæг ранæй, – Абырæгыл йæ къухтæ авæрдта æмæ иуварс алæууыд Гæдули.

Гæдулимæ чи бахатыд, уыцы лæгтæ иуварс лæууыдысты. Сæ иу, цыбыркъах гуыбынджын лæг, йæ кæрцы тæрттыл æрбахæцтытæ кодта æмæ йе ’мбалмæ – иу даргъкъубал тæнтъихæг лæгмæ баздæхт:

– Цы рауади ацы лæгмæ, нæ сæрдары хорзы койæ фылдæр-иу куы нæ уыд иннæ зианты?

– Æз уый нæ зæгъын! – Цыма йын йе ’фцæггот уынгæг уыд, уыйау йæ даргъ къубал хæрдмæ сивæзтытæ кодта уый. – Ибон ма дзы, мæгуыр, Джетæгъæзы зианы дæр цы ‘ппæлдтытæ фæкодта!

– Гъомæ йыл ныр цы бындз фæхæцыди?!

– Ницы йын зонын, стыр Хуыцауыстæн. Кæд æм йе ’фсымæры тыххæй бахаста маст, Бердыхъойы тыххæй.

– Æмæ цы кодта Бердыхъо?

– Кæнгæ та цы хъуамæ кодтаид, фæлæ дæлæ куыройы хицауæй нæ куыста, мæнæ лæхургæ чи кæны, уыцы куыройы хицауæй.

– Куыста ’мæ цы?

– Цы, куы зæгъай, уæд ма дзуллагыссæн куырой дæр нæ балхæдта нæ сæрдар…

– Хорз куырой балхæдта, стыр хорз куырой! – лæджы ныхас фескъуыдта цыбыркъах. – Фервæзын нæ кодта нæ мæнæуы муртæ ралас-баласæй. Уас æй Хуыцау саразæд!

– Ныр мæнмæ хъус, – ныхас фæстæмæ айста даргъкъубал. – Уæд а Ахлæу бамидæг и æмæ дыууæ куыройæн иу хицау баурæдта. Уæдæ сæ фæйнæ-фæйнæ хицауы цæмæн хъуыди, исты æрмгуырæйттæ нæ уыдысты æмæ сæ къухæй зилын нæ хъуыд! Ток сæм раскъæр æмæ зыррытт кæной. Иу агъуысты бын сты, æндæр сты.

– Æмæ сын кæй баурæдта хицауæй?

– Сахъманы.

– Сахъман къухджын лæг у, стыр къухджын лæг у Сахъман. Гæр, æмæ уый тыххæй куыйты хæринаг кæдæм кæныс лæджы ай æппæт адæмы æхсæн! – Йæ къухтæ кæрæдзийыл æрцæйцавта цыбыркъах, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд æмæ йæ къухтæ йæ дзыппыты нытътъыста фæстæмæ. – Куырой йеддæмæ ма исты у!

Даргъ къубал кæмæн уыд, уый йæм иу дзагъул фæкодта:

– Æмæ куырой цы хоныс ды? Уартæ ма йын йæ хуыты дзугтæм бакæс, кæддæра афтæ нæ зæгъис: афтæ цард дæ сæры, уыдон иу хæдзары цы сты. Уыцы гæррыты хуызæттæ дуарæй куы ракæлынц, уæд азмæлæнтæ нал вæййы уынджы. Æмæ сæ цæмæй хаста, дæумæ гæсгæ? Гъей лæппу, куыроймæ ды хырттым-бырттымы цæстæй ма кæс!

Кæрцджын чи уыди, уый, æвæццæгæн, хырттым-бырттым куыд æмбарын хъуыд, уый дзæбæх нæ бамбæрста – иу каст зæхмæ æркодта, иннæ каст лæгмæ бакодта, фæлæ йæ рафæрс-бафæрсыл не схæцыд: ахæм ран нæ лæууыдысты. Æмæ уæд загъта:

– Гъомæ ныр йе ’фсымæрмæ куырой нал æрхауд, уый тыххæй ахæм ныхас ракæнын хъуыд кæйдæр зианы уæлхъус! Пуй, мæ куыдз дын дæ кæрдзын бахæрæд, кæд ды лæг нæ дæ! Уæдæ, мæн тыххæй цыфæнды кæнæд Ахлæу, фæлæ нæ алкæмæ куырой кæцæй æрхаудзæн æмæ нæ куырой кæмæ не ’рхауа, уый хъуамæ ахæм ныхæстæ кæна, уымæй дæр искæй зианы уæлхъус! Ныр-иу дзы æппæлгæ куы кодта, уæд-иу дзы, æвæццæгæн, уымæн æппæлыд – уадза куыройы Бердыхъойы, ма йæ дзы сиса! Ныр уымæ бацу, Гæдулимæ, æмæ йын афтæ зæгъ: ацу, зæрдæхудт фæу! Уæд ын нæ хъæуы?!

– Хъæугæ та йын куыннæ кæны, куыннæ! Фæлæ йæм исты сдзурдзынæ, æмæ иннæ хатт йæ къæхтæ ныццæвдзæн æмæ нал раныхас кæндзæн. Уымæй тæрсы лæг, гъе! Цъус сты адон, цъус, хæрз цъус сты, зианы уæлхъус раныхас кæнын чи фæразы, уыдон. Дæхæдæг ахъуыды кæн: дæ зианы уæлхъус иу мыхъхъмыхъгæнæджы кæм бафтаудзынæ ныхас кæныныл. Æмæ сысхъæл, схъал сты. Цы сæ фæнды, уый дзургæ дæр кæнынц, цы сæ фæнды, уый кæнгæ дæр кæнынц. Уæдæ!

Кæрцджын та йæ къухтæ сцæйласта йæ дзыппытæй, æвæццæгæн та йе ’рмттæ æркъуырынмæ хъавыд, фæлæ та афоныл фæхæцыд йæхиуыл – дзыппыты ныууагъта къухтæ. Æрмæст ма æвæрæз лæджы хъæлæсæй бакодта:

– Мæнæ Хуыцауы диссæгтæ, мæнæ!

 

ДЗАТТЕЙЫ ДУРТЫ ЦÆНД

Хъайтыхъты Азæмæты номарæн

 

Дзатте фыццæгæм уæладзыджы цард æмæ сфæнд кодта йæ хæринаггæнæны бын уæрм скъахын. Уæдæ хæдзары куы нæ уа уæлдай къуым, куы нæ уа мæнгагъуыст лæгæн, уæд кæм дæ хуыскъаг дзаума æрæвæрдзынæ, кæм дæ хæринаджы муртæ æрæфснайдзынæ!

Æмæ, кæд бынтон горæт нæ уыди, Дзатте кæм царди, уый – æрзæткъахджыты горæтгонд уыди – уæддæр дзы цæй уæлдай къуым уыд! Уæдæ мæнгагъуыстæн та йæ ном дæр ферох ис уымы цæрджытæй – хæдзæрттæн дзы куы нæ уыди нывыл бынæттæ, æмæ сæ кæрæдзимæ тигъ-мигъы куы лæууыдысты хæдзæрттæ, уæд!..

Кусгæ шахты кодта Дзатте. Уымæн йæ цар куыд не ‘ркæла, уый тыххæй быцæуттæ чи æвæрдта цармæ, уыдонимæ. Стæй ма, сæ горæтгонды цы адæмон театр уыдис, уым дæр хъазыд. Худæджы рольтæ йын дзы лæвæрдтой, æмæ-иу адæм сæ гуыбынтыл хæцынмæ æрцыдысты фыр худæгæй. Æнæуи дæр хъæлдзæг лæппу уыди, æнæзивæг лæппу, æмæ йæ бирæ уарзтой йæ алыварс цæрджытæ.

Уæрм къахын цы бон райдыдта, уыцы бон йæ уæлхъус æрбалæууыдысты йе ’мбæлттæ иу-цалдæрæй. Исдугмæ хорз цыди сæ хъуыддаг – уыцы змисхæццæ мæр уыди, æмæ йæ къæдз белтæй фæйлыдтой лæппутæ уæлæмæ. Фæлæ куыддæр уæраджы фæтасæнтæм ныкъкъахтой уæрм, афтæ белы дзыгъал-мыгъул ма ссæуа дуртыл! Æрысгæрстой йæ, æмæ, мæнæ, хæндыг цыхтæй куыд байдзаг кæнай, афтæ дзы иу дур иннæйы уæлæ æвæрд куы разынид. Кæд дзы уый размæ дæр уæрм уыди кæддæр, хæдзар дзы куы нæма уыд, уæд, æмæ йæ стæй дурæй байдзаг чындæуыд, уый йеддæмæ уанцон дурцæнд нæу!

Урс-урсид тымбыл дуртæ, раст уырыссаг насы хуызæттæ, игæргъуыз тъæпæн дуртæ, дзыгъуыр сус дуртæ – æмæ дзы цынæхуызон дур разынд! Лæггуыфгонд хæссæнмæ сæ ‘вгæдтой лæппутæ æмæ сæ æддæмæ хастой. Уым сæ хиды могоры хуызæн тымбыл цæнд ныццамадтой. Изæры сын Дзаттейæн йæ бинойнаг Фырдæуыз фынг æрæвæрдта. Се ’нæзонгæ нæ уыди Фырдæуыз дæр. Уый та фабричы куыста, æрзæтыссæн фабричы, æмæ ма ноджы кафджытæм цыди. Симды æппæты разæй симдта – бæрзонд, гуырвидауц, æмæ-иу ын адæм сæ цæст æрæвæрдтой йæ тасгæ-уасгæ симдыл.

Абадтысты лæппутæ, ахордтой, ахудтысты æмæ апырх сты. Цæнд баззади. Æмæ ‘нхъæлмæ касти Дзатте – мæнæ йæ зонгæ шофыртæй исчи фæзындзæн, хæдæвдæлонгæнджытыл чи кусы, уыдонæй. Сыхы лæппутæм фæдзурдзæн, цæнд бавгæндзысты, стæй дæлæ доныбыл искуы фæхъил кæндзæн шофыр йæ гуыффæ, æмæ – фæци. Фæлæ ничи зынд зонгæ шофыртæй, æмæ лæууыди цæнд.

Иуизæр куыстæй куы ’рцыди æмæ Культурæйы хæдзармæ куы рараст, уæд та фездæхти цæндмæ, – куыд нæ йын æнтысы йæ аласын! Уыйæппæт зонгæ шофыртæ æмæ сæ иу куыд нæ æрбауайы ауылты: йæхæдæг сæ куы нæ зæгъа искæмæн, уæд афтæмæй – ницы. Тæккæ а зæр – уым сæ мачи уа, Культурæйы хæдзары, уый гæнæн нæй.

Афтæтæ хъуыды кодта, æмæ, Таучелон йæ фарсмæ куыд балæууыд, уый нæ бафиппайдта, – дæлæ сæм йæ даргъ чъылдым чи сыздæхта, уыцы хæдзары чи цæры, уыцы Таучелон. Йæ сиахс сæм мидæгмоймæ куы бацыд. Йæ чызг та, шахтæмæ чи араст вæййы, уыдонæн цырæгътæ уарæгæй куы кусы.

– Де ‘зæр хорз уа, мæ дзæбæх сыхаг! – уæздан-уæздан бадзырдта Дзаттемæ Таучелон.

– Кæй изæр у, уый хорзæх дæ уа, Таучелон! – бацин кодта усыл Дзатте. – А фæстаг бонты дыл мæ цæст куы не ’рхæцыд. Рынчынæй дæ Хуыцау бахизæд.

– Рынчын бæргæ нæ уыдтæн. Далæ Змелкæмæ ныууадтæн. Уым мæ хойы лæппу æнтыдласæныл кусы, æмæ мын, зæгъын, кæд иу боцкъа æнтыдæн исты амал скæнид.

– Æнтыд, зæгъыс? – Дзаттейæн йæ дыууæ æрфыгæй фыццаг иу фæкъæдз и, стæй – иннæ.

– Æнтыд, зæгъын, уæдæ кас зæгъын! – хъыг фæкаст Таучелонмæ, Дзаттейæн йе ’рфгуытæ кæй фæкъæдз сты, уый.

– Æмæ дæ цæмæн бахъуыд æнтыд? Хъуг ма балхæнай?

– Ныууадз мæ мæ мæгуырыл, уый дын хъуг æмæ къамбец!

– Уæдæ? – йæ дис нæ къаддæр кодта Дзаттейæн.

– Ауæй йæ кæнин. Фос чи дары, уымæн æнтыд хæзна у. Æмæ дзы лæг дыууæ капеччы æрæвæрид йæ къуымы. Кæннæуæд махæн нæ хæдзары дымгæ зилы. Нæ бинонтæ сæ мызды капеччытæ нæма райсынц, æмæ афтидгуккæй аззайынц – сæ хæстыл сæ байуарынц.

– Æмæ?

– Цы – æмæ? – йæ къухтæ йæ чъылдыммæ айста Таучелон, фæлæ, цыма кæрæдзи не ссардтой къухтæ, уыйау йæ фæрсты æрбахъеллау кодтой размæ.

– Æрбаласдзæн дын æнтыд?

– Æвзæр фестæд! Кæм разы кодта! Æмæ, зæгъы, уырдæм кæд схæццæ уыдзæн уыцы уæззау машинæ. Æмæ, зæгъы, стæй колхозы хъуццытæ ме ’рцыдмæ цы хæрдзысты?! Цыма сын мæ цæф у уыцы хъуццытæн! – Таучелон цъус æнцад алæууыд, стæй йæ къух æртхъирæнгæнæджы тылд ныккодта комы ‘рдæм. – Уæдæ ма мын ма ‘рбаласæд, кæддæра йæ судзгæ æлгъыстæй нæ бахæрин! – Стæй йæ цæстытæ цæндмæ фæцарæзта Дзаттейы фæрсты. – Ай дын циу, ацы цæнд? Кæцæй ракалдтай уыйæппæт дур?

Дзатте дæр бакасти цæндмæ – цæнд уыцы дзæбæх тымбыл амадæй лæууыд, æмæ Дзаттейы сæры смидæг ис иу æнахуыр хъуыды: цæй æмæ асайа Таучелоны! Уæдæ кæдæм ныххæццæ далæ Змейкæмæ? Цæй æнтыд ласын кæны йæ хойы лæппуйæн уырдыгæй ардæм! Æмæ загъта уыцы сабыр хъæлæсыуагæй:

– Æрæмбырд сæ кодтон.

– Цæмæн дæ бахъуыдысты? – дыууæ цыбыр къахдзæфы бакодта Дзаттейы ‘рдæм Таучелон.

– Ауæй сæ кæнон.

– Дуртæ – уæй?! – Таучелон йæ дыууæ ‘нгуылдзæй гæрзтæлхъивæны хуызæн ацарæзта æмæ сæ йæ фындзы цъупп ацахста.

– Уæй, уæй. Уæртæ К.А.Х. æлхæндзæн дуртæ, æмæ…

– К.А.Х. та циу? – ныр та иу стыр къахдзæф бакодта Дзаттемæ Таучелон.

– Уæртæ капиталон арæзтады хайад цыбырæй афтæ хонынц – К.А.Х. Айразмæ мын, сæ хицау чи у, Индырби, уый йæ уд фæфæдзæхста, дур, дам нæ æхсызгон хъæуы, æмæ, дам нын мæнæй уый иу-дыууæ машинæйы самал кæн. Дзæбæх, дам дын бафиддзыстæм.

Таучелон ныр та цæнды ‘рдæм бакодта иу стыр къахдзæф.

– Гæр, æмæ а бæстæ дурæй сæфт куы у, уæд æлхæнгæ цæмæн кæнынц дур? Кæдæмфæнды баскъæр машинæ æмæ сæвгæн, цы хуызæн дæ хъæуы, ахæм дур.

– Нæ, Таучелон, алы ран ахæм дур нæ сæвгæндзынæ. Бакæс-ма сæм – дуртæ нæ, фæлæ – титыччы фæрдгуытæ! Уыдон цы къулы самайай, уый цæхæртæ ма скала!

Таучелон æнкъардæй касти цæндмæ:

– Æмæ ма уæд цы боны хорзмæ кæсыс, цæуылнæ сæ уæй кæныс?

– Цæуылнæ куы зæгъай, уæд сæм æхца нæма и. Мæн та æхца хъæуы, æрмæджы æхца. Уæдæ сын ныр уый хуызæн дуртæ сæ фыццаг скæн, стæй сын «æри-æри» кæн!

Таучелон йæ сæр хæлæггæнæджы æнкъуыст кæнын байдыдта. Дзатте та-иу æм йæ цæсты кæронæй бакаст.

– Иу ахæм ма куы бамбырд кæнин, уæд уал мын иу дзæбæх машинæ уаиккой æмæ мын исты райсиккой.

Таучелон ма чысыл алæууыд, стæй цæнды алыварс æрзылд, цыма йæ мæрдтæм фæлдыста, уый хуызæн, æмæ йæ ‘ненкъуыса цыдæй сæхимæ фæцæуыныл.

Дзатте йæ фæстæ каст, бахудти-иу æмæ та-иу фæурæдта йæ худын.

Нæй, не ’фтыди машинæ йæ къухы. Куыстæй-иу куы ‘рбацыд, уæд-иу, кæд Культурæйы хæдзармæ нæ тагъд кодта, уæд-иу уынджы баззад, хаттæй-хатт-иу æм абадын дæр æрцыд, æмæ-иу уæд, дæлæ цæнды рæбын цы игæрхуыз дур ис, ууыл æрбадт. Уыцы цыппæрдигъон лæгъзсæр дур – хуыздæр ма цæуыл абадтаид лæг!

Афтæмæй та иу фæссихæртты йæ зæрдæ æрбадын куы ‘рцагурид Дзаттейæн. Игæрхуыз дурмæ сыдз-мыдзы бацыд æмæ йæм сындæггай йæхи æруагъта. Ныггуыбыр ахъаззаг, фæлæ, марадз, зæгъай – кæд хæццæ кодта дурмæ. Æмæ уæд уыцы гуыбырæй йæ сагæхты фæстæмæ куы акæсид. Акасти æмæ – дурæн йæ кой дæр нал, стæй, йæ фарсмæ цы дуртæ уыд, уыдонæй дæр бирæтæн кæд æмæ уыдысты сæ бынæттæ афтид. Æмæ афтæ, йæ сагæхты фæстæмæ кæсгæйæ, баззади Дзатте.

Нал сбадти, æмæ ма, æниу, цæуыл сбадтаид, куыд ма сбадтаид! Сыстади æмæ, дисгæнгæ, касти цæндмæ. Цæнд цыма руайгæ бакодта, уымæй уæлдай, цы уыди, уымæн йе ’рдæджыйас дæр нал уыди. Æмæ йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста Дзатте – цы рауадаид ацы цæндмæ, цы фæуыдаиккой уыйæппæт дуртæ?!

Лæууыди æмæ йæ цæстытæ рахæсс-бахæсс кодта цæндыл, стæй æвиппайды йæ сæрыл хæрдмæ фæхæцыд, нынкъуыста йæ æмæ хъæрæй ныххудти:

– Фæтылдтой сæ! Фæтылдтой сæ лæппутæ! Уартæ сæ былмæ фæхастой æмæ сæ уыцы къулы далæ доны былмæ фæтылдтой. Гъомæ сæ хæсгæ дæр куыд фæкодтаиккой – был уартæ кæм æмæ кæм и!

Æниу, уый карæн лæппутæ, дур уырдыджы схъиудтытæгæнгæ куы фæцæйтæха, уымæ акæсыны тыххæй цы нæ бакæндзысты! Фæлæ сæ уæд иу уынæг куыд нæ фæцис, æмæ йын афтæ куыд нæ загъта – уæртæ дын дæ дуртæ фæтылдтой?! Фæлæуу, æмæ сæ кæд фæци уынæг, уæддæр æм фæдисы цæуæгау кæдæм цыдаид, дуртæ йеддæмæ ма исты сты! Йæ сызгъæринтæ йын нæ фæтылдтой, мыййаг.

Касти цæндмæ Дзатте, æмæ йæм иуафон ахæм хъуыды æрцыд: æххæст сæ куы фæхæссиккой æмæ сæ куы фæтуликкой. Машинæ агурынæй уæддæр фервæзид.

Æмæ, æцæг, гыццылæй-гыццылдæр кодта цæнд: хастой дзы алы бон дæр æмæ сæ тылдтой уартæ былæй. Æмæ уæле исгæ, бынæй ахадгæ куы нæ уыди цæнд!

Æмæ-иу рацыди Дзатте, цæнды цур-иу æрлæууыд æмæ-иу æм кæсынæн бахъуыд – кæддæра цас фæкъаддæр, кæддæра кæдмæ фæуыдзæн хаст æмæ тылд уыцы лæппутæн. Æмæ дзы ныфс бацыд – цалынмæ скъоламæ цæуын райдайой, уæдмæ иу дур дæр нал ныууадздзысты цæндæй, æмæ уæд сæ нæуæг бæрз уисой рахæсдзысты Фырдæуызимæ æмæ цæнды бынат хæрз марзт ныккæндзысты. Уадз, æмæ сфидауа уынг.

Фæлæ диссæгтæ цæуы ацы дунейы! Иубон куы уыди, уæд бафиппайдта Дзатте – цæнд къаддæр нал кодта. Ныр дзы цалдæр боны иу дур дæр нал фæхъуыд, йæ зæрдæ йæм цы дзуры, уымæй. Æмæ йыл стыр дис бафтыди – цæуылнæуал хæссынц уыцы лæппутæ ацы дуртæй æмæ сæ цæуылнæуал тулынц уартæ уыцы былæй?! Ныр ма адоны номыл машинæ куыд агура!

Рацыди ноджыдæр цалдæр боны, æмæ бынтон дис уæд бафтыди Дзаттейыл: кæд нæ байдыдта цæнд фæстæмæ стыр кæнын! Æхсæвæй бонмæ та-иу фестырдæр, æмæ та-иу йе ’рмттæ ныццагъта Дзатте: куыд хъуамæ хæссой далæ доны былæй фæстæмæ дуртæ уыцы лæппутæ æмæ сæ куыд хъуамæ амайой цæндыл?! Цæмæн сæ хъуамæ хæссой æмæ сæ цæмæн хъуамæ амайой?! Стæй, цыма доны былы дуртæ не сты, цыма йæхи цæнды дуртæ сты! Дæлæ-иу бадгæ кæуыл æркодта, уыцы игæрхуыз цыппæрдигъон дур дæр. Ныссабыр цæнды рæбын, цыма та йыл кæд æрбаддзæни Дзатте, уымæ æнхъæлмæ кæсы. Уæд ма йæ аргæ та куыд хъуамæ скодтаиккой далæ доны был уыйæппæт дурты ’хсæн!

Стыр Хуыцау, ды мацы кæн лæгæн!

Афтæ куы сагъæстæ кодта иу фæссихор, уæд кæсы, æмæ дæлæ Таучелон суайы йæ ‘нæнкъуысгæ цыдæй. Йæ цæстæнгас цыдæр змæст уыди, стæй, цыма йæ цæстæнгас змæст кæй уыди, уый бамбæхсынмæ хъавыд, афтæ фæзынд Дзаттемæ, æмæ та бадис кодта Дзатте – цы кæна а Таучелон та?

– Де зæр хорз уа, мæ сыхæгты хуыздæр! – йæхи фæхъæлдзæг кодта Таучелон.

– Зæрдырай уай, Таучелон. Цæмæй дæ афæрсынмæ фæхъавын: æппын дын æнтыд нæма æрбаласта уыцы лæппу?

– Æвзæр фестæд кæннæуæд! Мæнæ мæ февдæла, а чызг та йæм ныммидæг уыдзæн. Фæндаггаг бирæ хъæуы, уымæ дæр нал фæкæсдзынæн. Дæхæдæг дзæбæх дæ?

– Дзæбæхæй дæ бафæрсæд Хуыцау, – Дзатте цæндмæ бакасти. – Мæнæ ацы дурты цæнд… – Йæ зæрды уыди, дурты лæппутæ куыд фæхастой, уартæ сæ былæй уырдыгмæ куыд фæтылдтой, ныр сæ фæстæмæ куыд хæссынц æмæ сæ цæндыл куыд амайынц ногæй, уыдæттæ радзурын Таучелонæн, фæлæ йæхиуыл фæхæцыд – цæмæн бахъуыдысты уыдæттæ Таучелоны! Фæлтау ын æндæр истытæ адзура, гыццыл та йæ сайгæ дæр акæна истæмæй. Уæдæ цæй æнтыд ласын кæны уыцы лæппуйæн! Уырдыгæй ардæм уанцон æнтыды ласт нæу! Æмæ йæ къух ариуыгъта цæнды ‘рдæм Дзатте.

– Цыдæр зæгъынмæ хъавыдтæ? – Таучелон та йæ дыууæ æнгуылдзы гæрзтæлхъивæны æвæрд акодта кæрæдзимæ, йæ фындзы цъупмæ сæ фæцæйхаста, фæлæ, цыма йæ уæлгуыры дыс искуы зæгæлыл фæхæцыд, уыйау фæлæууыд цонг, æмæ æнгуылдзтæ фындзы цъупмæ нал бахæццæ сты. – Æхца сæм нæма и?

– Æхца та сæм куыд нæй, æхца сæм ис ныр. Фæлæ, сæ хицау чи у, сæ хицау аразджытæн, Индырби, уый схæцыд æмæ денджызы былмæ афардæг.

– Æвзæр фестæд уый дæр, уый йын денджыз æмæ фурд! Уæдæ ныр уый искуы йæхи найдзæн, стæй фæстæмæ здæхдзæн, уæдмæ ацу ’мæ уымæ кæс! Намæ Гала йæ хæдивæг нæу? Æмæ йæ Индырбийы йас дур æркъуырдта, уый цæуылнæ исы дуртæ?! Йæхи ницызонæг цы скодта! – цæуылдæр сæм мæсты уыди Таучелон Индырбимæ дæр æмæ Галамæ дæр – уый бамбæрста Дзатте, фæлæ цæуыл, уымæн ницы зыдта.

– Галайæ дæ гал – æгæвдæс.

– Уæдæ лæг дуртæ фембырд кодта, йæ къухыфыдтæ сыл фæхордта, райс ын сæ ’мæ йын йæ капеччытæ ратт!

– Ма тыхс, Таучелон, мæнæ ссæудзæн Индырби æмæ сæ ауæй кæндзынæн. Уыйас дæр мæм куы уаид дуртæ уæййаг.

– Æмæ ма йæ бирæ хъæуы цымæ – Индырбийæ зæгъын? Кæд ссæудзæн?

– Афтæ бæстон æй нæ зонын, фæлæ ныр хъуамæ рæхджы зына.

Цалдæр боны фæстæ та цæнды уæлхъус æрлæууыд Дзатте æмæ цавддурау лæугæйæ баззад – кæд цæнд нæ байдыдта фæстæмæ гыццылдæр кæнын. Бирæ фæлæууыди, фæракæс-бакæс кодта цæндмæ, стæй фыццаг йæ хъæлæсыдзаг ныххудт, уый фæстæ йе ’рмттæ ныццагъта æмæ йæ хъæр фæцыд:

– Уæ, дурты бын макуы фæуай, Таучелон, мæ сæр мын куы нæ разилын кæнай! Гæр, æмæ уæд та дæ лыстæг зæнг ныкъкъæрцц кодта уыцы уæззау дурты бын, уæд аллайаг нæ кодтам æгас сыхбæстæй!

Уыцы изæр æрзæтласджытæй чидæр фæурæдта йæ машинæ цæнды цур. Дзатте йæм рауад. Шофыр машинæйы гуыффæ фæстæмæ ахъил кодта æмæ йæм Дзаттеимæ дыууæйæ бакалдтой дуртæ – цы ма дзы аззади, æмæ цас бакалинаг уыдысты! Стæй йæ машинæйы гуыффæ фæстæмæ æруагъта шофыр йæ бынатмæ, æмæ араст и машинæ уæртæ аразджыты къанторы ’рдæм. Дзатте йæ къухтæ ацæгъд-ацæгъд кодта кæрæдзийыл, афтæ Таучелон йæ разы алæууыд.

– Æрцыди Индырби? – йæхицæй йæ фарст фæраздæр.

– Æрцыди, – Дзатте йæ иу цæст æрцъынд кодта, иннæмæй бакаст Таучелонмæ.

– У-у-у! – æз дæ мæрдты уазæг, йæ фæдыл ауай дæ шофырæн, зæгъ ын, æмæ мæуæтты дæр бадава. Баззайдзысты мын.

– Æмæ дуртæ ис дæумæ дæр? – цыма ницы зоны, уыйау æй афарста Дзатте.

– Цас дуртæ сты, уæртæ иу-дыууæ хъæбысы, фæлæ кæд иу сæкæры килæйы аргъ уæддæр райсиккой.

Уæдмæ машинæ аразджыты къанторы фæрсты ныззылди æмæ, доны былмæ цы тæссар ныццæуæн уыд, ууыл фæуырдыг кодта.

Таучелонæн йæ былтæ фæзыхъхъыр сты æмæ зыхъхъырæй-зыхъхъырдæр кодтой. Стæй йæ дæндæгтæ дæр фæхицæн сты кæрæдзийæ, афтæмæй каст машинæйы фæдыл. Уый, схæцныххæцгæнгæ, доны был хуыртыл æрзылди, йæ гуыффæ схъил кодта æмæ дуртæ уыцы æмгуыппæй атахтысты гуыффæйы лæгъз быныл æмæ зæххыл сæмбæлдысты. Сæ гыбар-гыбур дзæбæх сыхъуыст Дзатте æмæ Таучелонмæ.

Таучелон та йæ дыууæ æнгуылдзы гæрстæлхъивæны æвæрд акодта кæрæдзимæ, йæ фындзы цъупп сæ ацахста æмæ Дзаттемæ бакасти.

Дзатте гуыбырæй баззад.

– Ныххатыр кæн, Таучелон, хъуыддаг афтæ ныггæлир-мæлир уыдзæн, уый æнхъæл нæ уыдтæн.

– Æвзæр фест! – ралгъыста йæ Таучелон æмæ сæхимæ фæраст и.

Дзатте æнкъардæй йæ фæстæ каст. Таучелонæн йе ’нæнкъуыса цыд цыдæр фæци – уыцы риуыгъгæ цыд кодта, æмæ фæсмон æрцыди Дзаттемæ, кæй йæ асайдта, уый тыххæй.