ХУЫГАТЫ Сергей

ИУ ХАТТÆЙ ИННÆМÆ

Мысинæгтæ

Мæ дзæбæх, мæ сабыр æмбал… 1950 азы н æхи пединститутмæ куы бацыдтæн, уæд уайтагъд бахæлар дæн Грисæимæ. Истытæ фыста, æз уый нæ зыдтон; æз дæр цыдæртæ к æй фыстон уый та, Грисæ нæ зыдта, уæддæр бахæстæг стæм – цыдæр нæ бонæй-бонмæ æввахсдæр кодта кæрæдзимæ. Стæй рабæрæг, цы нæ иу кодта, уый – фысджытæ нæ куы рауаид, уымæ кæй бæллыдыстæм, уыцы тых уыди нæ иугæнæг.

Ныр мын уыди æмбал, нæуæг æмбал, студент æмбал, сабыр æмæ æфсæрмыгæнаг æмбал. Йæ уæлæ – галифе хæлаф, йæ къæхтыл – с æракхъус цырыхъхъытæ. Мæ зæрдæ мæм цы дзуры, уымæй й æ фыды уыдаиккой хæлаф дæр æмæ цырыхъхъытæ дæр – йæ райст-бавæрды дæрæс, – æмæ Грис æ цæм цыдаид институтмæ, уый йын нæ уыд, æмæ йын сæ радта. Уæдæ йыл уый фæстæ никуыуалдæр гæлифе федтон, никуыуалдæр – цырыхъхъытæ.

Æмдзæрæны бынæттæ нæ фаг кодта, фатер баххуырса, уый йæ къухы не ‘фтыд, æмæ уал Черменыхъæуæй цыди институтмæ. Куыннæ-иу айрæджы кодтаид, æмæ-иу ын нæ курсы бæрнон Карсанаты Бимболат уайдзæфтыл куы схæцыд, уæд-иу куыд ныфсæрмытæ и Грисæ!.. Æмæ диссагæй цы кæныс – фидаугæ йыл кодта, афтæ-иу кæй ныфсæрмытæ и, уый дæр.

Уæд Грисæ æмдзæвгæтæ фыста, æмæ, мæнмæ куыд зыны, афтæмæй æвзæр нæ фыста. Зæгъæм, проз æмæ нæ рахызт æмæ дарддæр дæр фыста æмдзæвгæтæ, уæд ын прозæйы цы æнтыстытæ уыд, поэзийы дæр ын къаддæр æнтыстытæ нæ уыдаид. Æз ын дзы бахъуыды кодтон, хицæн рæнхъытæ, хицæн куплеттæ æмæ сæ абон дæр ф æдзурын мæхицæн.

Уыцы æмдзæвгæ Сталиныл фыст уыди:

Ды нæ хур дæ, мах дæ хъармæй тавыс.
Бон дæу тыххæй рухс вæййы æрмæст.
Ды сызгъæрин царды тынтæ уафыс.
Цардæн уымæн у бæрзонд йæ рæзт.

Дыууæ азы, дыккаг æмæ æртыккаг курсы куы ахуыр кодтам, уæд фатеры цардыстæм иумæ, немæ ма Бирæгътæй дыууæ æфсымæры – Лев æмæ Хадзымурат.

Цæргæ кодтам Сомихы уынджы, раст Сомихы аргъуаны ныхмæ рагон дыууæ уæладзыгон хæдзары фыццаг уæладзыджы.

Мах нæ уат уæд хъарм, фæтæгенæй цы пецгæндтæ куыста, ахæмæй кодтам. Хæринаг дæр ууыл фыхтам. Æниу цастæ хæринаг – дыууæ армыдзаджы макъаронтæ рафыц, цæхх сыл акæн, маргарины къæртт сыл ныппар, æмæ хæринаг – цæттæ. Хæринаг ск æнын зын нæ уыд. Зын уыди тæбæгътæ æхсын. Лев йæхи тылиф кодта уыцы куыстæй: цалдæр азы – иу-фондз азы бæрц – хистæр кæмæй уыд, уыцы ‘фсымæры цур тæбæгътæ куыд хъуамæ æхса! Æмæ та иу æнцойбон Лев тæбæгътæ æхсын Хадзымураты бар куы бакодта, уæд дын Грисæ куы ракъæрцц кæнид, мæ сынт æджы тигъыл куыд бадти, афтæмæй:

Адамтæм ц æргæйæ-иу къустæ,
Уый не ‘хсадта, уыди-иу арæзт.
Гъе уый тыххæй йæ декан Кустов
Нæ курсæн равзæрста старост.

Поэзийы уд чи не ‘мбары, уый ахæм рæнхъытæ никуы ныффысдзæн. Кустов нæ декан уыди, бæрзонд, урссæр лæг. Адам та, – кæм цардыстæм, уыцы стыр хæдзары хицау. Уый – кæддæр. Ныр ма йын ацы иу уат уæле уыд, дыууæ къаннæг уаты – бынæй.

Грисæ сабыр адæймаг уыди, иу уæлдай ныхас дзы нæ фехъуыстаис, куыд фæзæгъынц, хæснагыл дæр. Чи йæ зыдта, уыдон æй зыдтой уыцы сабырæй.

Кæмдæр не ‘мбæлттæ районы автобусмæ лæууыдысты. Уырдæм сæм бафтыд, иу дзæбæх, фынгыл æгæр чи афæстиат, ахæм нæлгоймаг. Уым лæппутæн йæхицæй æппæлыныл ма схæца! Æз, зæгъы, Сабыр океаны цалдæр азы касагахсæн науыл кæсагахсæгæй куыстон. Æмæ йæ Малиты Васо, парахатзæрдæ æмæ хъазаг æмбал Васо, бафарста:

– Ныр, цымæ, уыцы Сабыр океан Бицъоты Грисæйæ сабырдæр у?

Лæг бамбæрста, хынджылæг к æй кæны Васо, уый æмæ йæхи фæных кодта:

– Гъей, лæппу! Ды мæнæн острый ныхæстæ ма кæн!

Ехх, Грисæ, Грисæ! Ныр-иу дæ кой куы кæнæм – к æдм æ ма ц æр æм мах, у æдм æ, – уæд хъуамæ дзурæм: уыди, дзырдта, фыста!.. Куыд зын у уый, куыд зын!

Бæргæ, ныр иу хурварс куы æрбадиккам, зæронд лæгтæ куыд æрбадынц, афтæ æмæ куы мысиккам, иумæ цы бонтæ арвыстам, уыдон. Æмæ та-иу куы нæ иу, куы не ‘ннæ куы бафæрсид: «Хъуыды ма кæныс?»

Хъуыды ма кæныс, иухатт æз куы фæуазалдзыд дæн – уæд æм- дзæрæны цардыстæм, æмæ мæ не ‘мдзæрин Кокойты Викторимæ куы рахид кæнын кодтат? Фыццаг мыл цыппар фæлысты хуыссæнтæ куы самадтат, стæй хуыссæнты сæр, нæ уаты цы даргъкъах стъол уыди, уый куы сæвæрдтат, йæ даргъ къæхтæ хæрдмæ, афтæмæй. Уый фæстæ та бандæттæ куы сæппæрстат стъолы сæрмæ. У æ хъ æр æй худын æмæ хъæлæбамæ, н æ уæладзыджы цыдæриддæр студентт æ уыди, уыдон куы æрæмбырд сты æмæ циркмæ кæсæгау куы кастысты нæ уатмæ?

Кæнæ иухатт Лев раздæр куы ссыди кæсæндонæй фатермæ. Нæ фæтæгенæй кусгæ пецыл хæринаг бауæларт кодта, йæхæдæг йæхи æруагъта йæ сынтæгыл, ома, цалынмæ рафыца, уæдмæ аулæфа. Лев тарф фынæй аци, нæ пецгонд та мингай сатæгсау гæлæбутæ калынмæ бавд æлд йæ хъæлæсæй. Уыйбæрц скалдта уыцы гæлæбутæй, æмæ сæ нæ фатер йæ тæккæ дзаг баци. Цырагъ нал зынди. Левыл ныббадтысты, сæ быны фæци, улæф æн æй нал уыди. Мæнæ, не схæццæ стæм, уæд, куыд фæзæгъынц, Левæй лæг пайда нал уыди.

Кæнæ иухатт… цал уыдысты уыцы иухаттытæ æмæ кæмдæр куыд баззадысты, куыд. Институты цы дзæбæх литературон къорд уыди! Разамынд ын Хъазыбегты Хъазыбег лæвæрдта – хæстон лæг, поэт лæг. Къорды сæр æнд æрт æ уыдысты Тедеты Ефим, Косты Тотырбег, Уырымты Петка, Боциты Солтан, Тыджыты Юри æмæ ма ноджы чидæртæ. Бирæтæ сæ литературæмæ не ‘рбахæццæ сты. Ах æм литературон къорд уыди Фысджыты цæдисы дæр. Уырдæм цыдысты иннæ институттæй дæр, стæй кусæндæттæй дæр. Мах уырдæм дæр цыдыстæм Грисæимæ. Тынг æнувыд уыдыстæм уыцы къордтыл. Кæс, æмæ та фæцæуæм æмбырдмæ. Студенттæй нæ чидæртæ Тедо æмæ Симон дæр рахуыдтой. Æцæг нæ Тедо чи уыди кæнæ Симон, уый нæ зыдтам, стæй нæ афтæ чи хуыдта, уыдон æй сæхæдæг дæр нæ зыдтой, æвæццæгæн. Ноджы Тедо æмæ Симон бадгæ куы кодтой, мах та – цæугæ, уæд цы хуызæн Тедо æмæ Симон уыдыстæм?..

Институт каст куы фестæм, уæд Грисæйæн «Рæстдзинад»-ы рацыди радзырд, цалдæр номыры йæ рауагътой. Цы гонорар райста, уымæй костюм балхæдта æмæ Мæскуыйы балæууыд.

Уыцы цæхгæр ныззылдтытæ æнхъæл ын чи уыди!

Хæдзарæй йын æххуыс нæ уыд – мад æмæ фыд сæ кары уыдысты, куыстой колхозы. Йæ хо æмæ æфсымæртæ уыдысты Грисæйы кæстæртæ. Цæмæй йын æххуыс кодтаиккой! Ноджы Грисæмæ хæццæ кодта иу хивæнд – нæ бакуымдтаид æххуыс. Фæстæдæр ын республикæйы хицауад снысан кодта Коцойты Арсены номыл стипенди.

Æз иу аз Лечъы бакуыстон ахуыргæнæгæй, стæй æз д æр ацыдтæн Мæскуымæ. Цалынмæ фæлварæнтæ лæвæрдтон, уæдмæ бафæлладтæн Мæскуыйы æмызмæлд хъæлæбайæ æмæ фæсаууонмæ ахуырыл ныллæууыдтæн.

Уæдмæ фæци Грисæ каст Литературон институт, диплом бахъахъхъæдта. Æрæмбырд стæм ирæттæ: Æгъуызарты Æхсарбег, Мыртазты Барис, Дзаболаты Хазби, Хостыхъоты Зинæ æмæ æз. Куывтам Грисæйæн, æнтыстытæ йын куыд уа, стæй нæ уырнгæ дæр кодта, бирæ йын кæй бантысдзæн, уый.

Мæскуыйæ куы ‘рцыди, уæд сæхимæ царди, Черменыхъæуы. Кæрæ- дзимæ цыдыстæм – æз Черменыхъæумæ, уый – махмæ, Тарскæйы хъæумæ. Уæлдай тынгдæр бахъуыды кодтон уыцы ныццыд Бицъот æм. Автобусы баиу стæм Грисæйы хо Тамарæимæ. Бинонты баййæфтон тымбылæй. Æхсæвæрыл хæргæ цы кодтам, уый нæ хъуыды кæнын, фæлæ нуазгæ кодтам æмбисонды ирон бæгæны, къухтыл мыдау æндæгъди. Хъæлæс та судзгæ кодта цыдæр хъæлдзæг æфтауæг сыгъдæй. Тынг дæсны уыд Грисæйы мад Джизалон ирон бæгæны фыцынмæ. Стæй бадтыстæм кæройнаг къанн æг уаты. Грисæ дзы гыццыл зест пец сæвæрдта æмæ дзы нартхоры хъузджытæй арт кодтам. Æз уæд цыдæр поэм æгонд ныффыстон, æмæ йæ Грисæ мыхуыр кодта, Мæскуыйæ цы мыхуыргæнæн машинкæ сласта, ууыл. Амыхуыр-иу кодта, æмæ та-иу ныхæстыл бафтыдыстæм. Бонмæ бирæ нал уыди, уæдмæ фæбадтыстæм.

Стæй кусын райдыдта Грисæ. Куыста газет «Рæстдзинад»-ы литературон кусæгæй, чиныгуадзæн «Ир»-ы редакторæй, журнал «Ногдзау»-ы бæрнон секретарæй, журнал «Мах дуг»-ы с æйраг редакторы хæдивæгæй. Æцæг дзы бирæ никуы бафæстиат. Йæ зæрдæ сфæлдыстадон куыст агуырдта, æмæ йын рæстæг нæ фаг кодта. Уæд бавдæлд æмæ Ставд-Дуртæм алыгъд йæ райгуырæн хъæумæ, хæдзар дзы сарæзта. Цæхæрадон дзы скодта, фæлæ рынчын кæнын райдыдта. Фехъуыст, ам горæты ис, рынчын у. Камал æмæ йæ Гæстæнимæ бабæрæг кодтам. Йæхи нæ уагъта, фæлæ йыл зынд – æц æг рынчын уыди. Фынгыл нæхи хъæлдзæг дарыныл архайдтам, фæлæ нæй, нæ бахъæлдзæг и нæ фынг. Йæ бинойнаг Казет æйы æнкъард цæстæнгас нын уæз кодта не уæнгтыл. Грисæ-иу исты куы дзырдта, уæд-иу хъуамæ загътаид: мæнæ куы фæдз æбæх уон…

Фæлæ нал фæдзæбæх ис Грисæ.