ХУЫРИАТЫ Хазби

ХÆРÆФЫРТЫ КУЫДЗ

Æцæг цау

Ацы хабар æрцыдаид 1948 – 1949 азты. Зæронд лæг Хибайы цард-хæрæфырт хæцгæ-хæцын Германмæ ныххæццæ сæрæгасæй. Уым æй рæстæгмæ баурæдтой: æфсæддон ансамблы кафыд. Куы ссыди, уæд æрцард горæты. Гъемæ иу дзæбæх райсом, уæдæ мæ адджын хæрæфырты фенон, зæгъгæ йæм Хиба бæрæггæнæг схæццæ цыдæр амæлттæй.

Дзæуджыхъæуы сæйраг уынджы иу бæрзæндтæ хæдзары дыккаг уæладзыгмæ схызт æмæ, йæ хæрæфырты фатеры дуармæ куыд æрлæууыд, афтæ мидæгæй куыдзы бæзджын рæйын райхъуыст.

– Фатеры куыдз дарынц?! – бадис кодта Хиба. – Æви мæм уый кæртæй æрбайхъуыст?..

Уалынджы дуар фегом, æмæ дзы дынджыр гæмæлхъус куыдз рагæпп ласта, скъуырдта Хибайы, сфæлдæхта йæ æмæ йын йæ зæнджы хæцъæфыл ныддæвдæг, рæмудзы йæ. Куыдзыл дон бакалдтой, æмæ йын æй афтæмæй скъахтой йæ бынæй…

Мæйы бæрц æрдаудта мæгуыр Хиба рынчындоны. Хъæумæ куы æрыздæхт, уæд-иу дуармæ фыдæлтыккон къодахыл бадт. Иуахæмы йæм йæ сыхаг Бæтæхъо йæхи байста, фæрсы йæ:

– Хуыцауы хатырæй, Хиба, мæй зæгъон, цас зæгъон, уыйас æддæмæ куы нал зындтæ, уæд циу, цы хабар у?

– Æнæзонд сæры коммæ куы кæсай, – арф Хиба ныуулæфыд, – уæд бæллæхæн дæр æнæрцæугæ цы ис…

– Бæллæхæн, йæ? – ныддис кодта Бæтæхъо. – Уагæры цы кодтай?

– Цы кодтон, куы зæгъай, Бæтæхъо, уæд адæм Германæй алы хæрзиуджытæ æмæ сызгъæринтимæ сыздæхтысты, мæ хæрз хæрæфырт чи у, уый та дзы, йæ мадыл… фыййау куыдз сæмпъыхта! Æмæ мын мæнæ мæ зæнг бахордта, æркæс-ма мæнæ…

Хиба афтæ диссаджы дæргъвæтин æлгъыст ныккодта, æмæ Бæтæхъо абон дæр ма фæхуды, куы йæ сфæзмы, уæд.

 

ХУРЫ ЧЫЗДЖЫТÆ ÆМÆ АВД ЦУАНОНЫ

Ацы таурæгъон зарæг адæм скодтой XIX æнусы кæрон. Уæддæр та Хъæрмæдоны цъити ратыдта, бирæ адæмы фесæфта.

Зарæг дины ахорæнты æвдылд кæй у, уый йыл бæрæг дары. Зарыд, дам-иу, æй хъуыстгонд хорз лæг Хъæрæцаты Солтан.

Авд цуаноны, зæгъы, Хъæрмæдоны комы. Иу райдзаст бон цуаны куы бацæуынц æмæ ‘Фсатийы лæвæртты æргъом, цингæнгæ, суары былмæ куы бахæссынц. Сæ хæрзгæнæджы ном фынгыл нæма ссарынц, афтæ суары сæрмæ арвы талынг ныррухс. Уый Хуры чызджытæ сæхи найынмæ æртæхынц æмæ сæхи мадардбæгънæг ракæнынц. Цымыдис цуанæттæ къутæрты фæсте æрæмбæхсынц, чызджыты буармæ кæсгæйæ, сæ туг рафыцы, зæрдæтæ ‘нкъусынц, дзуæрттæм кæсгæйæ. Уалынмæ дзы иу чызг цуанонимæ фемдзаст. Дзуары бæгънæгæй хъуамæ зæххон ма фена! Хуры чызджытæ ныппæррæст ластой уæларвмæ. Рухс фæд айсæфт, сæ фæстæ æмбæрзгæ. Хуыцауы дуар Хуры чызджытæ ныххостой, мæлæт дзы ракуырдтой къæйных цуанæттæн. Уайтагъд комы ахæм дымгæ сыстад, кардау лыг чи кодта, артау та – судзгæ. Калдысты цъититæ, къæдзæхтæ хаудысты, ком байдзаг и донæй, къæвда дæр фемæхст. Цуанæттæ нал арынц рындзмæ сæ фæндаг. Бамбæрстой цуанæттæ, цы бакуыстой, уый. Æрхаудтой сæ зонгуытыл, Уастырджимæ скуывтой, Хатыр æмæ дзы æххуыстæ куы куырдтой. Февзæрди Уастырджи уайсахат сæ цуры.

Арвцæвæн ехсы хъæдæй сæ уый радыгай фелвæста донæй, рындзмæ сæ сæппæрста… Хъæрмæдоны комы иу абонæй иннæмæ адæмы цинæн куы нал уыд кæрон дæр. Уастырджи – хæрзгæнæг, зæгъгæ, дам, куы дзырдтой æмæ йын сызгъæрин тæбæгъты бирæ фæкуывтой…

1993 аз

 

ТУХГÆ ÆХСАРГАРД

Ацы таурæгъ мын 1929 азы 20 февралы ракодта мæ фыдымад Дзæнæ.

…Уый раджы уыди, тынг раджы, ныры Дзуарыхъæуæй ма суанг Гуысырайы онг зæххытæ иу кæсгон æлдары куы уыдысты, уæд. Уый карзæй домдта, цæмæй йын Куырттаты ком фидой зæхх æмæ фæндаджы хъалон.

Нæ йын састысты, нæ йын разы кодтой, ноджы ма йын фæстагмæ йæхиуыл тых кæнын дæр ма байдыдтой. Иухатт бавдæлдысты, æмæ æлдары фосы рæгъау хохы фæсвæд ранмæ атардтой. Йæ фæсдзæуинтæ фæдис систой æмæ куырттатæгты скъуымбил кодтой комы нарæджы.

Уыцы тохы йæ фыртимæ архайдта Тохтиты Тохтидзаналды дæр. Уалынмæ кæсгоны фатæй фырт фæмард. Фæлæ уæды хæстон æфсармы æгъдаумæ гæсгæ ирон фыдæн не ‘мбæлд йæ фырты марды койтæ кæнын, хæцын хъуыд дарддæр.

Фыд кæсы, æмæ иннæтæй дæр йæ лæппумæ хæстæг цæуæг нæй, йе ‘мтох æмбæлттæ тæппудæй къæдзæхты аууон бамбæхстысты.

Тохтидзаналды айтæ-уыйтæ нал фæкодта, фæлæ йæхæдæг фелвæста йæ фырты мард, йæ бæхы саргъыл æй дæлгоммæ æрæвæрдта, йæ къубал æмæ йын йæ къæхтæ бæхы гуыбынмæ бабаста, бæхы фесхуыста æмæ йæ йæхи бар ауагъта: уый хæдзармæ фæндаг хорз зыдта. Стæй йæхи рындзмæ систа, сапы дурты фæстæ æрбадт, ныхъхъавы – æмæ фæд-фæдыл æлдары фæсдзæуинтæй æртæ æрфæлдæхы. Æмæ куыннæ уыдаид афтæ дæр, кæд æмæ топп æхсынæй ерысты Куырттаты комы уый ничи ‘мбылдта. Йæ сæрты-иу ын радыгай карчы æйчытæ ‘хстой, æмæ-иу Тохтидзаналдыйы цæст никуы фæмæнг.

Æлдары дæлдæртæ фæуыргъуыйау сты. Æмæ уæд комы лæппутæ Тохтидзаналдыйы фæндонмæ гæсгæ сæхи уырдыгæй айстой, йæхæдæг уым баззад йæ фырты туг райсыны охыл.

Фыййаджыдоны галиуварс Хуыскъададжы æлдарæн уыд фæлладуадзæн бынат: егъау кæрдо бæласы саджилæджы скæнын кодта сæрмагонд бадæн, уырдыгæй-иу йæ зæрдæйы дзæбæхæн алырдæмты фæлгæсыд, хордта æмæ дзы нызта, ардæм æм цыдысты йæ уазджытæ дæр. Тохтидзаналды хъæды тарфы быгъдæг быдыры цæуæгау цыд. Æмæ дзы ахæм бынат ссардта, æлдар æм хорз кæдæм зындаид. Æртæ боны æмæ дзы æртæ æхсæвы дзæгъæлы фæхъахъхъæдта, фæлæ цыппæрæм райсом кæсы, æмæ уæлæ ‘лдар йæ фæсдзæуинтимæ фæзынд. Æрмæст цыдæр æрæгмæ хызт йæ саджилæгмæ. Цæуыл уыдаид йæ фæстиат, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ фæссихор схызт йæ уарзон фæлгæсæн бынатмæ. Дæрдтыл та фæлгæсы, комдзаг кæны, махсымæ нуазы. Тохтидзаналды бæстон ныхъхъавыд, æмæ дæ фыдгул дæр афтæ: æлдар æнæ хъыпп-сыппæй рафæлдæхт, хаугæ-хауын йе ‘взист тухгæ ‘хсаргард иуварсырдыгæй бæзджын пыхсытæм асхъиудта.

Йæ фæсдзæуинтæ фыртæссæй уый нæ фæхъуыды кодтой, се ‘лдары фелвæстой æмæ лидзæг фесты. Тохтидзаналды дæр йæхи хъæд-хъæд айста, Гуысырайы сæрмæ рагъыл коммæ ныххызт. Не ‘лдары нын чи амардта, уыдон мах дæр ам цæрын нæ ныууадздзысты, зæгъгæ, кæсæг сæхи уырдыгæй айстой, æмæ уал, абон Зилгæ, Хъахъхъæдур æмæ Кæрдзын кæм цæрынц, уырдæм сæ ных сарæзтой.

Кæддæр-уæддæр уыцы тухгæ ‘хсаргард ссардта Ногхъæуы цæрæг, Цæлыккаты дынджыр Дзадже кæй хуыдтой, уый. Æнæхъæн мыггаг дæр дзы мæнæ хъал уыдысты! Хъусæй-хъусмæ куыд æрхæццæ хабар, афтæмæй йæ Дзадже Турчы хæстмæ йемæ ахаста æмæ, дам, йæхæдæг дæр нал æрбаздæхт, æхсаргард дæр уым æрбацыдæр.

 

БЕСТОЛЫ ЦЫРТ

Хистæртæй йæ куыд фехъуыстон ацы таурæгъгонд, афтæ йæ фæлхатын…

Бестол, дам, уыдис дæлæмæдзыд, йæ къуыпрагъ фындзы бын хаста бур хъæмприхитæ, уарзта дзæбæх бахæрын æмæ бануазын, иухатт æй йæ сыхæгтæ сæ кæркдоны дæр баййæфтой…

Йæ адзал æрцæуы, уый цыдæр æгъдауæй банкъардта æмæ иу бон йæ хистæр фырт Мысосты раджы сыстын кодта æмæ йæ уæлмæрды фале хъæугæрон æппæты райдзастдæр ран уæлбылы бæрзонд бырынкъмæ акодта, загъта йын:

– Ацы тæккæ ран мын-иу ныссадзут дурын бæрзонд цырт! Хъусыс?

– Ау, уый та куыд? – ныддис кодта лæппу. – Æмæ дæ ам куыд баныгæндзыстæм? Цы цæсгомæй?..

– Ныгæнгæ мæ-иу хъæуы уæлмæрды бакæнут æмæ мын уым мæ ингæныл ныссадздзыстут нæ гæдыбæласæй цырт. Уый тагъд бамбийдзæн, фæлæ-иу æй баивын ма сфæнд кæнат! Хъусыс? Ам та мын хъуамæ лæууа дурын цырт…

Мысост йæ фыды æнахуыр фæдзæхст йæ мад Хамбечерæн куы радзырдта, уæд ын уый дæр загъта:

– Марды фæдзæхст æнæмæнгæй сæххæстгæнинаг у, науæд йæ тæригъæды цæуыс, æмæ дын æй нæ ныббардзæн…

Мысост йæ фыды фæдзæхст сæххæст кодта, абон дæр ма дурын цырт тæккæ рухс уæлбыл сæрыстырæй лæууы, ницæмæ дары дымгæ, къæвда, зымæджы уазал, сæрды тæвд, афтæмæй алырдæмты ныр сæдæ азы бæрц фæлгæсы.

Хатгай адæм кæрæдзийæн уайдзæфы хуызы фæзæгъынц:

– Цытæ кæныс уый, Бестол дæ, мыййаг?..

Искæмæн хъæугæрон уæлбыл куы фæамонынц, уæд ын фæзæгъынц:

– Уалæ Бестолы цырты цур…

Науæд та афтæ дæр:

– Дæхи цы нысхъæл кодтай, кæд мын Бестолæн цыртæн сагъд нæ дæ!

Æрæджы мын нæ хъæуы иу лæг афтæ дзырдта:

– Адæймаг амæлы дыууæ хатты: йæ уд куы сисы, уæд, стæй йæ адæм куы ферох кæнынц, уæд. Бестол кæд адæмы хæрзтæй нæ уыдис, уæддæр цы хин æрхъуыды кодта! Ныр ды цыфæнды кадджын дæр у…

 

МАСТИСÆГ БÆХ

Æцæг цау

Уырысхан фабричы хицау цы бон сси, афтæ йæхи тызмæгæй равдыста, ома, сæйраджыдæр, куыстыл тыхсæгæй домаг дæн. Афтæмæй та-иу раст нæ уыд, бирæ кæйдæрты дзæгъæлы ‘фхæрдта. Фæлæ йын фæрæзтой амы кусджытæ, хъаст нæ кодтой. Æцæг ын Михел нæ ныббыхста…

Иннæ бонтау та рагацау фæзынд йæ куыстмæ, кæрты астæуты цæугæ-цæуын ног газет кæсы, гыццыл ма бахъæуа, æмæ директоры ма скъуыра.

– Ныр цафон у? – сбустæ йыл кодта Уырысхан. – Æз директор куы дæн æмæ ам дæ разæй куы ‘рбалæууыдтæн. Нырмæ дæ бæх ифтыгъд кæй нæу, уымæн цы ‘фсон и? Мæнæ кæрт бырæттæй кæй байдзаг, уый нæ уыныс? Газет кæсынмæ дæ ‘вдæлы?!

Михел æй хорз зыдта: гыццыл дæр æм фæстæмæ сдзырдтай директормæ, зæгъгæ, афтæ дæ бынтондæр куыдзы хæринаг бакæндзæн! Фæлтау хъусæй лæуу.

Бæхдоны дуар байтыгъта, йæ бæх Алайыл хуымæтæджы цин бакодта! Йæ мыр-мыр ссыд, йæ къæхтæй кафæгау скодта. Михел ын йæ дæрзæг армытъæпæнæй йæ ных æрсæрфта, Ала дæр ын уæд йе уæхскыл йæ сæр æруагъта. Михел хъуыдытыл фæцис:

– Уаих фæуай, нæ директор! Иу хатт иу лæгъз ныхас дæ дзыхæй куыннæ схауы? Æрбакæс-ма, ай хайуан куы у, æмæ ма уый дæр цин кæнын куы зоны…

Бæх уæрдоны сифтыгъта, æмæ йæ мæнæ ныр бæхдонæй ракæна, зæгъгæ, афтæ та директоры хъæр айзæлыд, стæй йæхæдæг дæр дуарæй æрбакаст:

– Кæдмæ йæ радау-бадау кæндзынæ? Нæ бырæттæ нын уæ бæсты ныр Пушкин хъуамæ аласа?

– Æз уал раздæр хъуамæ бæхмæ базилон, – сдзырдта йæм Михел. – Цы куыст и мæ бæрны, уый æххæст кæнын. Цæмæн мæ ‘фхæрыс Хуыцауы дзæгъæлы?

Уырысхан бæхы цур алæууыд æмæ ноджы хъæрдæрæй фæкодта:

– Ды куыд уæндыс мæнмæ фæстæмæ дзурын? Æз директор дæн! Ды та дæлæмæ дæр æмæ уæлæмæ дæр мæнæ ацы дæлæмæдзыд хайуаныл кусæг!..

Уæд дын ын Ала уыциу лæбурд фæкодта Уырысханы риумæ, цалдæр хатты йæ ныууыгъта, стæй йын йæ дыууæ цонгыл дæр фæхæцыд. Хуыцау хорз, æмæ йæ Михел иуварс ариуыгъта.

Адæм фæфæдис сты, директоры бæхы сæтæй дзæгтæй æмæ йæ цæнгтæ тугæй амæстæй кæрдæгыл æрæвæрдтой. Иутæ загътой, афтæ йын хъуыдис, зæгъгæ, иннæтæ та тæрхæттæ хастой, Михелмæ цавæр æфхæрд æрхаудзæн, ууыл. Чидæр та дзы Алайы дзыхы сæкæры къæртт фæцавта – диссаг, куыд разынд йæ дзыппы…

 

ЦУАНЫ

Аргъаугонд

Иу стыр Хицау цалдæр æмбалимæ цуаны ацыд. Бæрæг ран сæм комы дымæджы цуанæтты хистæр æнхъæлмæ каст. Радзырдта сын цуаны карз æгъдæутты тыххæй, стæй сæ алкæй дæр хицæн рындзыл сбадын кодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хицауæн равзæрста æппæты хуыздæр бынат: сырдты куы раскъæрой, уæд æнæмæнг уый рæзты цæудзысты.

Цуан се ‘нтыстджынтæй нæ рауад. Куы бамбырд сты, уæд кæсынц, æмæ дзы æрмæстдæр сæ иу фесгуыхт: сычъи сфæлдæхта. Æмæ уæд Хицауы къухы та цы бафтыд, зæгъгæ, бацымыдис сты, фæлæ Хицау зынæг нæй. Куы нал æмæ куы нал зынд, уæд скатай сты, загътой, цы амардта, уый, дам, æгæр уæззау у, æмæ йæ æвæццæгæн нæ фæразы… Уæддæр, цы нæ вæййы, зæгъгæ, алырдæмты хъæр систой, хæрдмæ ‘хсынц. Нæй, Хицау нæ зыны. Уалынмæ сæ иу кæсы, æмæ дæлæ къудзиты иу тæрхъус нынныгъуылд, зыр-зыр кæны. Уый дзæгъæлы нæ уыдзæн, ай исты бæрæг хабар зоны, зæгъгæ йæ рацахстой æмæ йæ фæрсынц:

– Гъей, хъилхъус, не ‘мбалыл нын дæ цæст никуы ‘рхæцыд? Ма тæрс, цы федтай, уый æргом зæгъ. Науæд!..

Тæрхъус сæ, æмризæджы ризы, афтæмæй бирæгъы хъоргъы хъæлæсмæ бакодта. Куыддæр мадæл бирæгъ цуанæтты ауыдта, афтæ фæцæйлыгъд, цуанæттæ йыл ралæууыдысты. Хицауы фæд уым нæ разынд, æмæ та тæрхъусы къуымы батардтой, асайдтай нæ, зæгъгæ. Фæлæ сын уый бамбарын кодта, бирæгъ, дам йæ цæрæн хуыккомы цур никæй фæхæры æмæ ма, уæртæ фалдæр цы дзыхъхъытæ ис къардиуы был, уым фенут.

Дæ балгъитæг афтæ: Хицауы дынджыр сæр æмæ ма дзы цыдæртæ иу дзыхъхъы разынд…

Тæрхъусы ауагътой, аздæхтысты, бирæгъы кæм амардтой, уырдæм. Акъæртт æй кодтой – йæ хуылфы разындысты се ‘мбалы зынаргъ худы æрттиваг гæбæзтæ, йæ дуне ордентæ æмæ майдантæ.

Йæ сæры фарсмæ йын сæ æрæвæрдтой æмæ сæ хъæумæ æрбахастой…

Йæ чырыны уæлхъус дзы бирæ хорз ныхæстæ загътой, ард ын бахордтой, никуы дæ ферох кæндзыстæм, зæгъгæ. Дзæбæх фæцæл кодтой йæ бæркад-бæрæчетджын хисты, хъæргæнæг кæмæ нæ уыд, уыцы хистхор адæм дæр…

Æрмæст ыл иу ацæргæ сылгоймаг кæуынæй не ‘фсæст: йе ‘взонг бонты уарзон уыд Хицауæн, мæнæ ма йæм адæмы хъæр куы хъуыст, уæд…

 

ХÆЙРÆДЖЫТЫ ÆХСÆВ

Æцæг цау

Рагæй нырмæ дæр Хæйрæджыты æхсæв никæмæ цæуын æмбæлы уазæгуаты, суанг ма мадызæнæг хо кæнæ æфсымæрмæ дæр. Бинонтæ хъуамæ кусартæй суадзой туг, арæхдæр хъуамæ ‘ргæвстаиккай сæгъ.

Уыдис ма ахæм ныхас: ацы ‘хсæв чи нæ бафсæда, уый афæдзы дæргъы никуыуал бафсæддзæн. Æмæ, æвæццæгæн, уыйадыл хæйрæджыты бæрæгæхсæвы хойрæгтæй бинонтæй дарддæр хъуамæ мачи фæхъæстæ уыдаид.

Фæлæ Хъамбол, æгъдауылхæст адæмæй нæ уыд. Гуыбындзæл, арахъхъы къупри, æнæуаг адæймаг. Хорз æй зыдта, йæ хо Зæлда йæ сидзæртæн сæгъ кæй хæссы, уый. Хъамбол рагагъоммæ йæ бинойнаджы баййардта, цæй, нæ хæйрæджытæн нывондаджы акусарт кæнæм, зæгъгæ. Зæлдайы кусарт дæр акæнын хъæуы æмæ, дам уал уырдæм суайон. Æмæ уырдæм фæраст, фæлæ йыл амбæлд Созырыхъо æмæ…

Зæлдайæн йæ кусарт йæ сыхæгтæ акодтой. Фынг сын ацарæзта, бæрæгбоны зæрдиаг арфæтæ фæкодтой бинонтæн æмæ ацыдысты.

Уалынмæ Хъамбол дуар йæ сæрыл æрбахаста. Куы бамбæрста хабар, уæд ма, йæхи рæстытæгæнгæ, цыдæртæ бахъуыр-хъуыр кодта. Зæлда йе ‘фсымæрыл бацин кодта, кæд фыццаг хорзау нæ фæцис, уæддæр. Кусартгæнджытæн цы фынг æрцæттæ кодта – карк, уæливыхтæ, уыдон ын æрæвæрдта, ома, кæд афоныл сæхимæ ацæуид, зæгъгæ. Ома, æвæтчиæгтæй нæ фæхъæстæ уаид… Фæлæ ‘фсымæр сидт сидты фæдыл уадзы, йæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй ацæуын.

Уалынмæ Хъамбол йæ сæр къулыл банцой кодта, йæ сым-сым фæцыд. Зæлда йæ ныууыгъта:

– Сыст! Ацу уæхимæ! Адæмы фæстæ та ардзыстут уæ хæйрæджыты ном? Хъамбол гуыппытæгæнгæ дуарæй ахызт. Фæндагыл цалдæр хатты фæкалд. Кæддæрты куы ныххæццæ сæхимæ, уæд фесхъæл, ома, лæгау лæгæй равдиса йæхи Афассæмæ. Фæлæ дуарæй бахауæгау кодта, тъахтиныл æрфæлдæхт. Йæ цардæмбалы загъд æм дард кæцæйдæр хъуыст:

– Цард ныл уымæн нæ хæцы, æвæстаг дæр, æнамонд дæр уымæн стæм, æмæ иу хатт адæмы хуызæн нæ бакувæм, нæ балæгъстæ кæнæм нæ кувинагæй. Алы аз дæр, адæм кæмæй тæрсынц, уыдоны нæхиуыл ардауыс!

Йе ‘рдиаг дзæгъæлы уыд æфсинæн: Хъамбол тарф фынæй бацис. Иу рæстæг хæйрæджытæ февзæрдысты йæ цуры. Кувыныл сын фæцис. Оммен ын кæнынц. Зæронд хæйрæг хъуыддаг йæхимæ айста:

– Ацы азы æппæт курджытæ-кувджытæй дæ куывд, Хъамбол, æппæты хæстæгдæрæн райстам æппæтæй дæр нæхимæ, æмæ зæгъ, цы хорздзинæдтæ дæ хъæуы, æппæт уыдæттæ!

Хъамболы зæрдæ ныггуыпп-гуыпп кодта, адзæгъæл, нал хаты, нал арæхсы, цы зæгъа, уымæ. Зæронд хæйрæг æппæт-æппæт кæй кæны, уымæ дæр йæ хъус не ‘рдардта: адджын фын у йæ фын! Адаудта хæйрæджыты сæйраг йæ тæнæг боцъо æмæ йæм дзуры:

– Лæвар дын кæнæм сыгъзæринты голлаг. Уайгæ, бел рахæсс, æмæ цом немæ…

Лæгæн йæ сæр разылд æнæкæрон зæрдæвæрæнтæй: цас æм уыдзæн фос, цæрæнуæттæ, суанг ахæццæ номыл ус ракурыны фæндмæ дæр.

Бел радавта, цырд фæраст хæйрæджыты фæстæ. Хъæугæрон къудзитæм бацыдысты, зæронд хæйрæг ын иу ранмæ ацамыдта, мæнæ ам ракъах, зæгъгæ. Хъамбол, æвæццæгæн, йæ царды бонты ахæм рæвдз æвнæлд никуыма бакодта куыстмæ, уайтагъд сыгъзæринты чувал голлаг разынд.

Хæйрæг æм дзуры:

– Ахæсс æй! Æцæг ыл уыциу хæст скæн. Науæд æрбадæлдзæх уыдзæн.

Хъамбол æнæ хъару нæ уыд, фæлæ ныр йæ фæлтæрæнтæй куы ницы уад, уæд йæ зæрдæ фæцæйскъуыд. Зæронд хæйрæг та йæм дзуры:

– Кæуыл æууæндыс, ахæмтимæ райсом æрбацу, æмæ йæ иумæ ахæссут. Æцæг-иу…

Хæйрæг æрдæгыл куы фескъуыдта йæ ныхас, уæд Хъамбол фехъал мæстæй хæлгæйæ: цæуылнæуал ын загъта уыцы хæрæг хæйрæг, цы ма йæ бакæнын хъуыд, уый?! Æппынæрæджиау æм бахъардта, æппæт дæр фыны кæй уыдта, уый. Цуттытæгæнгæ, йæхи хъуыдыйæ чъылдыммæ куыд фæцæйцыд, афтæ фæкалд, ахауд æмæ йæ цæсгом æргæвст сæгъы ахсæны фаджысы аныгъуылд. Йæ додоймæ Афассæ фæфæдисон. Къранты бын æй куыд æхсадта, афтæ йæ хъустыл æнахуыр хъæлæс уад сæумæдалынджы арвæй:

– Цы тæригъæд дæ, цы, сылгоймаг: лæгæнхъæл дзы кæмæнты фæбыхсыс!..

1996 аз, 10 январь

 

СТАЙ ÆМÆ ÆХХУЫРСТ ЛÆППУ

Хæрз æрыгонæй фехъуыстон таурæгътæ дзурæг курдиатджын зæронд лæг Борсиаты Дадойæ ацы æмбисонды хабар.

Цæвиттон, мæнæ ма адæм æххуырстытæ куы дардтой, уæд иу æхсарджын лæппу йæ лæскъдзæрæны уавæр йæ сæрмæ нал хаста æмæ ‘лдарæн цыдæр фыддæрадæнтæ бакодта, йæ кæрддзæмджын кард дæр ын ахаста æмæ хъæдмæ алыгъд. Фæлæ йын æндæр адæмы æхсæнмæ балидзæн нæ уыд: æндæр æххуырстытыл æлдариуæггæнæг æй æнæмæнг фæстæмæ ‘рбакодтаид йæхи æлдармæ.

Уæды рæстæджы ма бæстæтæ уыдысты сырдæй се ‘дзаг. Уымæ гæсгæ, иуæй, хъæды тынг тæссаг уыд, иннæмæй та дзы цуан кæн. Фæлæ уал дыргътæ æмæ кæрдæджыты фæрцы тыхамæлттæй цард. Иу бон дын стайы бæласы цонгыл хуысгæ ауыдта æмæ æрæмбæхст. Бирæ йæм фæкаст æмæ йæ бамбæрста, стай зын уавæры кæй ис, уый, хæстæгдæр æм бахъуызыд. Уымæн йæ сæр фезмæлын кæнын дæр йæ бон нал уыд, йæ фæстаг рахиз къах ныррæсыд.

Лæппу хус къалиуæй рæхойæн цыргъ скодта, бацыд стаймæ æмæ дзы уыциу рæхуыст скодта рæсыд къах – йæ хæф фемæхст. Сырдæн фенцондæр, афæлвæрдта сыстын, фæлæ йæ бон нæ баци. Æцæг æрхылд зæхмæ æмæ афтæ хъæрæй ныррыхыд, æмæ лæг фæтарст.

Йæ хордзены цы дыргътæ æмæ кæрдæджытæ дардта, уыдон сырды раз авæрдта. Уый сæ зыдæй ахордта. Лæппу йæ иунæгæй нал ныууагъта, хæринаг ын амал кодта. Иухатт саджы мардæй цæргæсты фæсырдта, йæ кардæй саджы фыдæй ралыг кодта. Залмы сыфты йæ батыхта, йæ хордзены йæ бафснайдта.

Фæлæ хъæды фæдзæгъæл, фæлладæй æрфынæй. Сонт фехъал, æмæ дын стай йæ уæлхъус лæууы. Удхауд фæцис. Уалынджы йын уый йæ уæраг асдæрдта. Лæппу æрсабыр, дзидза хордзенæй фелвæста æмæ йæ сырдæн радта. Стай йæ фаг куы бахордта, уæд йæхи лæгмæ бынтон бахæстæг кодта. Лæппу йæ куы ‘рсæрфтытæ кодта, уæд йæ дæлфæдтæм æрхуыссыд. Лæг баууæндыд сырдыл æмæ тарф фынæй баци.

Сбон. Райхъал, фæлæ стай нæй! Лæг удхæрæн хъуыдытыл сси. Сырд сырд у, хорз ын бæсты нæ цæуы. Суанг йæ зæрды æрбафтыд фæстæмæ хъæумæ аздæхын. Фæлæ æппынфæстаг йæхицæн загъта – бахæрæнт æй фæлтау сырдтæ æлдармæ аздæхыны бæсты!

Сырд æнæнхъæлæджы æрбаздæхт, фæлмæн цæстæнгас ын, йæхи йыл æрбанцой кодта, æмæ дын фæцæуы, лæппумæ фæстæмæ фæкæс-фæкæс кæнгæйæ. Уый дæр фæраст йæ фæдыл. Дызæрдыг хъуыдытæ йæм фæзынд, фæлæ уæддæр цæуы, цы уа, уый уæд, зæгъгæ.

Цæуынц, цæуынц, иу заман иу къæдзæхы рæбынмæ бахæццæ сты. Лæппу йæ бамбæрста, сырд ам фыццаг хатт кæй нæй, уый. Æвæджиауы райдзаст лæгæты æрбынат кодтой. Сырд фылдæр хуысгæ кодта, лæппу та йын хæринаг хаста, цалдæр хатты дурæхсæнæй хуыргæрчытæ амардта, стæй йын дыргътæ æмæ кæрдæджытæ дæр лæвæрдта. Уыдон ын æвдадзы удхос фестадысты, йæ цыппæртыл фидар слæууыд, йæ сырды хъæддаг митæ кæнын райдыдта, йæхи дарынхъом фæцис, хатгай-иу тугæйдзæгтæй æрбаздæхт.

Цуаны та ацыд стай æмæ нал æмæ нал зыны. Лæг мæты бацыд: зымæг æрбахæстæг, æмæ куыд цæрдзæн лæгæты иунæгæй, цæмæйты цæрдзæн. Цасдæр ма фенхъæлмæ каст, стæй уæддæр сфæнд кодта фæстæмæ æлдармæ аздæхын, æфхæрæн ныхæстæ ма йын уæддæр зæгъа.

Æрцыд, кæсы, æмæ йæ удхор лæджы сырддоны… стай!

Дыккаг бон æлдар комæй коммæ фехъусын кодта:

– Æрцæут мæм сомбон æмæ фенат лæг æмæ стайы хъæбысхæст!

Байдзаг адæмæй æлдары уæрæх кæрт. Мæнæ лæппуйы ракодтой, баппæрстой йæ сырды къалатимæ. Фæлæ мæнæ диссæгты диссаг: сырд фестад, лæбургæ нæ, фæлæ йæм хæстæг бацыд, йæ уæраг ын асдæрдта, хæрдмæ йæм кæсы рæвдаугæ цæстæнгасæй, фæлмæн хъæлæсæй уынæргъы.

– Дæхи дзыхæй цы бацагурай, уый дын дæттæм де ‘ххуырст æмæ стайæн, рауæй нын сæ кæн, – загътой хуынд æлдæрттæ – фæлæ – нæй, не сразы сæ ауæйыл æлдар.

– Мæхи хъæуынц! Адæймаг æмæ мæ хъæддаг сырды хæлар цард хъуыдытыл æфтауынц, сагъæссаг хъуыдытыл…

 

* * *

Мæнæн дæр ацы таурæгъ рæстæгæй-рæстæгмæ мæ зæрдыл куы ‘рлæууы, уæд ныссагъæссаг вæййын.

– Ау, суанг ма тугдзых сырдтæн, суанг ма стайæн, залиаг калмæн дæр адæймаджы хорзракæнд куы цæуы бæсты, уæд цавæр туг зилдух кæны йæ тугдадзинты, цавæр дурзæрдæ йын ис, йæхи хуызæн, йæхи æмсæр адæймагмæ йæ къух марынмæ чи сисы, уымæн?!

Адæмы ‘хсæн цæр, æмæ сын алыхуызон мæргтæ сæ уд хæрынæн уæй кæн! Ноджыдæр ма цы æбуалгъ, цы æвирхъау хабæрттæ фехъусыс, цы: хионтæ кæрæдзи марынц – хъæбул ныййарæджы, ныййарæг хъæбулы, мад йæ сывæллоны бырондонмæ аппары, науæд æй арæндоны ныууадзы, кæнæ та йæ искæй къæсæрыл æрæвæры, йе та йæ искæмæн ауæй кæны.

Ныры æхсæнады моралон-политикон сæфты, æнæуаг уавæрæн ис æрмæстдæр иу æфсон, æмæ йæ уæндонæй зæгъын: бæстæйы хицауады æбæрнон цæстæнгас, æбæрнон архайд!

Уыдзæн тагъд æппæт бæстæйы хицауады бынæттæм æвзæрстытæ, æмæ, кæд адæмыл æцæгдæр сæ хъысмæт нæ рахатт, уæд сæ хъæлæс нал ратдзысты моралон, монон удхъуæгтыл. Равзардзысты ахæмты, кæцытæн сæ бартæй фылдæр уыдзæн зонд æмæ ‘фсармы ΄рдыгæй хæрзхъæд удысконд, кæцытæ зæрдиагæй архайдзысты бæстæйы æнæарæнтæ уæгъдибарæн кæрон скæныныл, сæвæрдзысты аккаг пълан адæмы цардæн.

1999 аз, 8 январь

 

ÆХСÆЗ ЦЫРТЫ

Мыггаджы таурæгътæй

Адæм сæ хонынц Хуыриаты цыртытæ. Ивгъуыд бонтæй нæм куыд æрхæццæ хабар, афтæмæй уыдон сæвæрдтой Хуыриаты фондз æфсымæры Уывызыхъо, Инарыхъо, Тотыкк, Бимболат, Тепса æмæ сæ иунæг хо Хæмысиаты номыл.

Куырттаты комы Джизийыхъæуы уыгæрдæны ацы ‘фсымæртæ хос карстой. Цæвджыты æхситт тахт сатæг уæлдæфы, дардмæ зындысты урс нымæтхудтæ, фæтæн уистæ сæ фæстæ арæнхъ сты къуылдымыл.

Ссихор ис, бынæй, цæугæдоны цурæй хосдзаутæм йæ къух тилы сæ хо: рацæут, исты скомдзаг кæнут, уæ фæллад дæр чысыл суадзут. Сæ ныццыдмæ сын хо цъæх нæууыл равæрдта хъарм кæрдзынтæ, дурын къусты лывзæ, давæттæ, цæхх æмæ дыууæ дурыны уазал къуымæл. Æфсымæртæй иутæ дуртыл æрбадтысты, иннæтæ сæхи æруагътой кæрдæгыл, Хæмысиат та дон хæссынмæ азгъордта. Куы сыздæхт, уæд…

Чызджы цъæхахст айзæлыд æгас комыл, уайтагъд йæ уæлхъус фæдисонæй алæууыдысты сыхаг уыгæрдæны хосдзаутæ, иу дзы æнæнхъæлæджы йæ къахæй бакъуырдта, тæвд хæринаг кæм уыд, уыцы дурын аг. Афæлдæхт. Хъæрмхуыпп акалд, æмæ дзы разынд мард калм.

Куыд рабæрæг фæстæдæр, афтæмæй уæлæуæз, хæрдмæ къахвæндагыл цæугæйæ, чызг, мæ фæллад иугыццыл суадзон, зæгъгæ, æрбадт, стæй йæ чызгон зæрдæ нал фæлæууыд, æмæ дидинджытæ тоныныл фæци…

Ам та маргджын кæлмытæ арæх æмбæлд. Сæ иу æвæгæсæй дурын агмæ ныббырыд æмæ дзы йæ марг ауагъта…

Уый мæн аххосæй бабын сты мæ фондз æфсымæры, зæгъгæ, Хæмысиат ныббогъ-богъ кодта æмæ былæй йæхи аппæрста, ацахсынмæ дæр æм ничиуал фæрæвдз…

Нæ хъæуккаг ахуыргæнæг Реуазты Керимæт мын æртынæм азты куыд радзырдта, афтæмæй æнамонд хо æмæ ‘фсымæртæн уыцы цыртытæ сæвæрдтой 1884 азы Хуыриаты Ченохы хъæппæрисæй. Уый Керимæт йæхæдæг та фехъуыста Хуыриаты Дрисæй.

Ныр цы зæгъинаг дæн? Цыртытæ æз æрæджы бабæрæг кодтон æмæ сæ тынг æдзæллаг уавæры сæййæфтон. Махæн, фæстагæттæн, худинаг у уый. Нæ лæппутимæ мын æнæ аныхас нæй…

1999 аз, 30 май

Фæсфыст:

– Уалынджы æнусы райдиан Куырттаты комы тыхджын къæвдатæй зæй рацыд. Цыртытæ лæсæнты бын фесты. Фæстæдæр сæ скъахтæуыд. Абон сты Бæстæзонæн музейы. Æцæг фондзæй – хойы цырт нæма разынд, агурæг та йæ ис…

 

КУЫД ФÆЗЫНД ДЗЫВГЪИСЫ КУВÆНДОН

Куырттаты куыд нæ уыдис, куыд хъуыстгонд кувæг лæгтæ! Сæ иу – Гуыриаты Тæтæрхъан. Æз уымæй фехъуыстон ацы таурæгъ…

Иубон, зæгъы, æппæт комы адæм æрæмбырд сты æмæ сын ныхас бацайдагъ иумæйаг кувæн бынат равзарыны тыххæй. Иуæй-иутæ быцæу ныхас дæр кодтой: тарстысты, сæ зæххытæй сын найфатæн куы айсой, уымæй. Æгæр-æгæр куы кодтой, уæд æвиппайды сæ сæрмæ фæзынд тъыфыл урс цæргæс, бынноз сæм йæхи æруагъта, æмæ адæм дистæ кодтой:

– Афтæ хæстæг нæм куыд уæнды? Тбау æмæ Хъæриуы хохæй айдагъ уæрыччытæ давынмæ куы ратæхы, адæмæй арвы талынгты куы ‘мбæхсы, уæд ыл ныр цы амбæлд?..

Ноджы, дам ма-иу куы ныууасыд, цыма сын се ‘ргом йæхимæ здахын кодта, кæнæ сæ мæстæй мардта, æндæр æй уæдæ цы хуызы бамбарæн уыд, бæрæг ранмæ-иу йæхи æруадз-æруадз кæй кодта, уымæн. Чидæртæ сæ гæрзтæм дæр ма фæлæбурдтой, фæлæ сæ зонынджын хистæртæ æрсабыр кодтой, уый митæ, дам, хуымæтæджы нæ уыдзысты, чи зоны, æмæ Хуыцауы минæвар у нæ ныхасмæ…

Сæ худтæ систой æмæ йын табу кæнын райдыдтой. Æмæ уæд диссаг федтой: цæргæс-иу йæхи цадæггай кæдæм æруадз-æруадз кодта, уым-иу стыр дуры сæр æрбадт, йæхи цалдæр хатты хæрдмæ сæппæрста, раст цыма адæмæн, мæнæ кувæндон тæккæ ацы ран саразут, зæгъгæ, амыдта, уыйау. Стæй йæхи æмдзæхгæр хæрдмæ систа, йæ базыртæ, хæрзбон ут, зæгъгæ, сцагъта æмæ Хъæриуы хохы фале арвы цъæхы атад.

Адæм йæ фæстæ дзагъырдзастæй кæсгæйæ баззадысты, мæнæ Хуыцауы диссæгтæ æмæ ‘мбисæндтæ, зæгъгæ. Стæй æмхъæлæсæй ныххор-хор кодтой: «Цы ма йыл тæрхæттæ кæнæм, мæнæ куы ис нæ кувæндоны цытджын бынат, уæд!»

Баныхас кодтой, цавæр хъæдæрмæгæй йæ араздзысты, ууыл. /Емæ ‘рбахуыдтой, къухæй дæсны чи у, ахæм адæмы.

Арæзт сын куы фæцис, уæд снысан кодтой дзуары лæгты æмæ куывды бæрæг бон. Рацыд дзæвгар азтæ. Иу сæрд куы уыд, уæд æнахъинон тыхджын къæвдатæ фемæхстысты. Фыййагдон йæ былтæй акалд, йæ абухгæ хъæлæсы хаста, йæ размæ-иу цыдæриддæр фæцис, уыдæттæ. Адæм хохы цъуппытæ, уæлвæзтæм лыгъдысты. Уырдыгæй сæм разынд диссаджы цау: æрра уылæнтæ кувæндон йæ бынатæй систой æмæ йæ цъилау зилынц, фæлæ йæ нæдæр къæдзæхтыл сцæвынц, нæдæр стыр дуртыл. Иу ныхасæй, хъыгдард не ‘ййафы.

Цасдæры фæстæ дон сысын райдыдта, æмæ дын уæд кувæндоны хъæдæлхынцъ галуан иу аивтæ ран æрæнцад. Суанг ма абон дæр ис уым. О, дурæй йæ самадтой, йæ цуры йын цæугæдоны былгæрон сæвæрдтой тъæпæнсæр егъау къæйдур фынгæн. Йæ уæлæ афтид стæмхатт вæййы, хойраг æмæ йыл нозт – æдзухдæр. Хохæй быдырмæ, быдырæй хохмæ цæуæг адæм йæ уæлхъус æрлæууынц, бакувынц Дзывгъисы дзуармæ, суанг ма йыл нæ фæсарæйнаг уазджытæ дæр… сæхи фæдзæхсынц…

Дзывгъисы кувæндоны тыххæй мæм зæгъинаг ницыуал ис, фæлæ мын æнæ зæгъгæ нæй Хетæджы къохы тыххæй дæр.

Æз ма йæ хорз хъуыды кæнын: уырдыгæй исты рахæссын, – сыфтæр уа, дидинæг уа, давон уа – уый уæлдай нæ уыд, не ‘мбæлд! Уый руаджы нæм нырмæ æгæндæг хъæды хуызæнæй æрхæццæ.

Фæлæ йæм куыдфæстæмæ цæуын райдыдтой, раздæр æм æппындæр чи нæ цыд, уыцы хъæутæй дæр. Æмæ дзы, цы не ‘мбæлы, ахæм цаутæ дæр æрцæуы. Цы ма уа уымæй хуыздæр, æмæ адæм иумæ куы æрæмбырд вæййынц, кæрæдзиуыл куы фæцинтæ кæнынц, иу хъæу иннæ хъæуæн куы фæарфæтæ кæны, куы айхъуысы ирон зард æмæ ирон фæндыры цагъд!

Æрмæст та, зæрдæхалæн хъыгагæн, ардыгæй дæр арæхæй арæхдæр хъуысын райдыдтой расыггæнджыты хъæлæба хъæртæ, æнæуаг адæмы дзолгъо-молгъо. Æмæ Хетæджы Уастырджийы кувæндоны фарн æвæгæсæг суадонау куы байсыса, уымæй тас у. Æнæфендтæ дзы бæласæй бæласмæ бабæттынц бæндæнтæ, æрцауындзынц сыл сойын цырæгътæ, стæй сæ бæлæстæн сæхиуыл дæр баныхасынц, æмæ бæлæстæ ссудзынц.

Фæзынд нæм ахæмтæ дæр: къахынц рагуалдзæджы давон, æмæ йæ, чи зоны, уæй кæнынмæ дæр ахæссынц, науæд та сæ хæдзæрттæм. Афтæмæй ардыгæй фæстæмæ раздæр хастой æрмæстдæр кувинæгты хæйттæ.

Иу дзырдæй, Хетæджы номдзыд къохы хъысмæт тæссаг уавæры бахауд. Афтæмæй та ирон адæмæн æмхуызонæй у нæ культурæ, не ‘гъдау æмæ не ‘фсарм æвдисæг цыртдзæвæн. Ардæм цæуын хъæуы иу ахсджиаг хъуыддагмæ – кувынмæ.

Йæ фæдзæхст у, ацы рæнхъытæ чи кæсы æмæ мемæ разы чи у, уый.