КЦОЙТЫ Астемыр

ЦАРДЫ ГУЫЛФÆНТЫ

Мысинæгтæ

Мæ фыдыфыд Кцойты Беслæн æмæ Зæйттаты Хату æрдхорд æфсымæртæ уыдысты. Беслæн Гулийы цард, Хату та – Цымытийы. Хæрз æмгæрттæ, æмыйæстæ, æмхуызæттæ. Бæрзонд ставдыстæг куыстуарзаг лæппутæ.

Куырттаты комы айхъуысти сæ хорзы кой. Раст иу мадæй райгуыргæ дыууæ æфсымæры дæр афтæ нæ фæцæрынц, Беслæн æмæ Хату куыд фæцардысты. Уый нæ, фæлæ ма сæ цот æмæ уыдоны цот дæр абоны онг сæ кæрæдзимæ хо æмæ æфсымæрæй дзурынц.

* * *

Хистæртæ куыд дзырдтой, афтæмæй, æвæццæгæн, нудæсæм æнусы Куырттаты комæй Кцойты Бимболат абалц кодта Уæрæсемæ. Æрыгон лæппу куыстагур фæрахау-бахау кодта алы губернитыл, фæлæ йæ зæрдæ ницæмæй барухс. Зæрдæ дарæн ницæуылуал уыдис, æмæ сфæнд кодта фæстæмæ раздæхын. Уалынмæ йыл йæ амондæн Мæскуыйы амбæлди дыгурон лæппу (йæ мыггаг ын ничиуал зоны). Уымæн йæ зонгæтæ Харбины уыдысты балцы æмæ йæм фæхабар кодтой. Бимболат уый фæндыл сразы, æмæ абалц кодтой иумæ дард Харбинмæ. Сæ зонгæты руаджы зæрдæзæгъгæ куыстыл фæхæст сты.

Бакуыстой дзы æртæ азы. Фæндыди ма сæ бакусын, фæлæ сæ зæрдæ тынг æхсайдта бинонтæм. Цы ‘хцайы муртæ бакуыстой, уыдон бабæлвырд кодтой æмæ раздæхтысты Ирыстонмæ. Бирæ тухæнтæ бавзæрстой фæндагыл. Мæйæ фылдæр цыдысты. Ирон зæххыл сæ къах куы ‘рлæууыд, уæд цин кодтой. Дыгурон лæппу Бимболаты йемæ ахуыдта. Тынг æй сбуц кодтой Лескены.

«Куырттатаг уæздан лæппу,» – афтæ йæм дзырдтой хистæртæ. Сыхаг чызджытæ æмæ лæппутæ-иу хъазт сарæзтой. Афтæ иукъорд боны фæци Лескены.

Æрдзы рæсугъддзинадæй хайджын у Лескены хъæу. Хуссарæй цæгатмæ йæ фæрсты – бæрзонд кæрдæгджын уæлвæзтæ. Дидинвæлыст æрдзон уыгæрдæнтæ. Лескены дон хæлхæлгæнгæ згъоры хъæуы хæдрæбынты. Æнусон цъæх бæлæстæ. Сæ фæсивæд – хъæлдзæг, зæрдæхæлар.

Бимболат Лескены чызджытæй иуы бауарзта. Се ‘хсæн сусæг ныхæстæ дæр рауади. Лæппу сдыууæрдæм. Ацæуа сæхимæ, æмæ дарды ‘фсон куы фехæла хъуыддаг… ма ацæуа, æмæ кæдмæ уыдзæн уазæгуаты. Бимболат йæ сусæг фæнд загъта йæ иузæрдион æмбæлццонæн. Иумæ бауынаффæ кодтой. Кæсæджы балхæдтой саргъы бæх. Хъæугæрон æй хъæды фæсвæд баурæдтой. Хæрзгæнæг чызг сын фæци æмæ йын йæ уарзон чызджы расайдта уырдæм изæррухсæй. Чызгимæ лæгъз ныхас кодтой дыууæ лæппуйы. Чызг разы уыди, фæлæ – æнæ скъæфгæйæ. Уæд Бимболат скарста: кæнæ тæккæ аизæр, кæнæ та æппындæр никуы, ууыл ныллæууыд. Йе ‘мбалы æххуысæй чызджы бæхыл раскъæфта.

Цыди æхсæвты. Æртæ боны фæстæ Гулимæ æрбахæццæ æд бинойнаг. Куыннæ фæцин кодтаиккой хионтæ, хъæубæстæ. Нæргæ чындзæхсæв скодтой. Цард сын бацайдагъ. Фæд-фæдыл сын райгуырди дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Сæ цардæй разы уыдысты.

Адæймагæн мæлæт йæ фæсхъус бады, фæзæгъынц. Бимболат бæрзонд цъититы рæбын цуан кодта дзæбидыртыл. Иуафон фæцæф кодта гал дзæбидыры. Сырд фæлидзы. Уый фæдыл цæугæйæ йыл цъити ралæбырд æмæ, дæ фыдгул – афтæ, зæйы бын фæци. Чындз йæ цæссыгæй йæхи æхсадта, нырма æрыгон, цыппарæмæссæдзаздзыд.

Бонтæ цыдысты. Хохаг фыдвадæтты сывæллæттæ хæссын зын кæм нæ уыди. Хионтæн бамбарын кодта æмæ æд сывæллæттæ йæ цæгатмæ ацыд Лескенмæ. Ам сæ схъомыл кодта. Мой нал скодта. Йæ дыууæ лæппуйы бинонты хъуыддаг бакодтой æмæ хицæнтæй æрцардысты. Чызг смой кодта. Афтæ 1960 азты авд хæдзары баисты Лескены Кцойтæ. Фæстæдæр сæ фæсивæд чи ахуыры, чи æндæр хъуыддæгты фæдыл горæтты æмæ æндæр хъæуты æрцардысты.

* * *

1887 азы Лескены Кцойтæм уыди хорздзинад. Кцойты Гъуллæ йæ чызг Госæгъайы æрвыста чындзы. Хонæг арвыста Куырттаты коммæ. Уым Гулийы Кцойты хистæртæ бауынаффæ кодтой, мыггаджы номæй Беслæн куыд ацæуа, афтæ. Беслæн йе ‘рдхорд æфсымæр Хатуимæ абалц кодтой саргъы бæхтыл Лескенмæ. Канд хионтæ нæ, фæлæ ма, Лескенæй уым чи уыди, уыдон дæр сыл тынг бацин кодтой. Уæды заман фадæттæ нæ амыдтой, æмæ кæрæдзиуыл не ‘мбæлдысты æрвадæлтæ хохæй быдырмæ. Ныр Гъуллæ фыр цинæй Беслæн æмæ Хатуйы дыууæ къуырийы баурæдта сæхимæ. Гъуллæ куы базыдта, Хату кæнгæ æфсымæр у Беслæнæн, уæд сæрмагонд кусарт акодта, уæдæ, дам, махæн дæр не ‘фсымæр у Хату абонæй фæстæмæ, зæгъгæ.

Бирæ хабæрттæ æрбахастой семæ Беслæн æмæ Хату. Мæ фыд Хадзыбатыр мын сæ бæлвырд фæдзырдта. Фæстæдæр та махæдæг арæх æфтын байдыдтон Лескенмæ æмæ хорз базонгæ дæн амы Кцойтимæ. Ам се ‘ппæты кой нæ кæндзынæн. Фæлæ мæ фæнды Кцойты Гъуллæйы сиахс Æгъуызарты Майрæмхъулы хæдзарвæндаджы тыххæй радзурын.

Æгъуызарты мыггагæн сæ иутæ фыссынц Перантæ. Майрæмхъулы хæдзарвæндаг дæр хауынц Перантæм. Майрæмхъул райгуырди Лескены 1863 азы. (Амарди 1916 азы). Ракуырдта лескенаг Кцойты Гъуллæйы чызг Госæгъайы 1887 азы. Схъомыл кодтой цыппар чызджы æмæ дыууæ лæппуйы. Айсæ – цыколайаг Гацолаты Амурханы ус, Адух – Дур-Дуры Гергиты Дзабойы ус, Уханнæ – Лескены Хайты Моисейы ус, Зурмæхан – Лескены Хидирты Батырбеджы ус, Цæрай æмæ Хадзысмел.

Майрæмхъул уыдис пысылмон дингæнæг лæг. Нымад лæг. Ахуыргонддзинад æм нæ уыд, фæлæ æрдзæй уыд зондджын. Йæ заманы куыста хъæуыхицауæй Лескены. Ахæм дзуапджын лæг уыд, æмæ ма йæм сыхаг хъæутæй дæр цыдысты зондагур. Куыд диныл хæст лæг, афтæ уæды рæстæгмæ гæсгæ уымæн бирæтæ уынаффæ кодтой Меккæмæ ацæуын. Уымæн æмæ пысылмон динмæ гæсгæ Меккæ уыди тæккæ бæрзонддæр къæпхæн. Майрæмхъул Меккæмæ ацыд, йæ кары лæг куы уыди æмæ йæ сывæллæттæй алчидæр йæ цардвæндагыл фидар куы ‘рлæууыд, уæд.

Ныр та мæ бæстондæр зæгъын фæнды, хæтæнты чи фæхатт, цæуæнты чи фæцыд, уыцы куырыхон лæг Цæрайы тыххæй. Царды даргъ æмæ зын фæндæгтыл цæугæйæ, бирæ адæмыхæттыты минæвæрттыл амбæлдис, бирæтимæ йын уыд хъуыддаг, ныхас. Уымæ гæсгæ мæнмæ афтæ дзуры мæ зæрдæ, æмæ йæ чи бакæса, уымæ уый цардвæндаг исты хъуыдытæ равзæрын кæндзæн. Бинонтæй уæлдай бæрæгдæр у æмæ алкæй дисы æфтауы Цæрайы цардвæндаг.

Райгуырдис Лескены 1888 азы. Схъомыл æнæниз æмæ цæрдæг лæппуйæ. Æвддæс азы йыл куы сæххæст, уæд, 1905 азы, йæхи карæн лæппутæ фарастæй – Æгъуызарты Дзабо, Æгъуызарты Темболат, Бадзыты Беса, Бадзыты Тазе, Кцойты Цуцу, Перанты Цæрай, Хъараты Дрис, Хъараты Дыгъы, Цъебойты Бекыр сфæнд кодтой Америкæмæ ацæуын æхца бакусынмæ. Фарастæй дæр ацыдысты. Нью-Йоркмæ мæй фæцыдысты. Уæды заманы алы бæстæтæй бирæтæ цыдысты уырдæм кусынмæ. Æмæ бæлвырд фæткмæ гæсгæ æвзæрстой бынæттон бонджынтæ, чи цы куыстæн сбæздзæн, уый. Лæвæрдтой сын хъарудæттæг хæринаг. Фæлварæн куыстытæ кодтой. Цæрай талф-тулф куыст нæ уарзта. Архайдта сабыр æмæ бæстон. Уый бафиппайдта иу хъæздыг лæг æмæ йæ йæхимæ райста кусæгæн. Уымæн йæ дыккаг бон базыдта Цæрай, йæ хицауимæ дард Аляскæмæ шахтæйы кусынмæ кæй цæуы, уый. Бакатай кодта, нæ йæ фæндыд йе ‘мхъæуккаг æмбæлттæй фæхицæн уæвын. Уæлдайдæр – æцæгæлон ран. Бакой кодта хицауæн, ме ‘мбæлтты мын рауадз, зæгъгæ, фæлæ хицау не сразы.

Цæрай джихтæ кодта, æгæр дард у Аляскæ, зынвадат, уазал, æмæ куыд вæййы, цы вæййы… Бирæ чидæртæ раздæхт уырдыгæй сæргуыбырæй æмæ афтиддзыппæй, бирæтæ та, тæккæ амондджындæртæ, аластой æхцайы бирæ фæрæзтæ. Хицау куы фембæрста, Цæрай дывæнд кæны, уый, уæд ма йын загъта: «Ракæн де ‘мбæлттæй иу, кæй дæ фæнды, уый». Цæрай фæныфсджындæр æмæ ныфсæмбалæн йемæ акодта Хъараты Дрисы. Иннæ лæппутæ та æндæр лæгты къухтæм бахаудтой æмæ куыстой æндæр штатты.

Цæрай æмæ Дрис араст сты сæ хицауимæ дард Аляскæмæ. Бирæ тухæнтæ федтой хæххон фыдвæндæгтыл, фæлæ æнæфыдбылызæй сæмбæлдысты бынатыл. Афтæ райдыдта сæ хъизæмайраг куыст Аляскæйы сыгъзæринкъахæнты. Куыстой уæнгдыхæй, згъæр къахтой.

Цæраймæ ахуыргонддзинад цыппар къласы йеддæмæ нæ уыд. Фæлæ уыди хъаруджын, куыстуарзаг. Фыццаг бонтæй фæстæмæ йæ куыст хорз цыд, фидгæ дæр ын хорз кодта йæ хицау. Дрис дзы асæй бæрзонддæр уыди, фæлæ магусагонд. Кусын тынг нæ уарзта, æхца та йæ бирæ хъуыд. Алы æфсæнттæй-иу йæхи куыстæй афæлывта æмæ-иу къамæй хъазджытимæ гъæйтт кодта. Цæмæй фæцалх уа, уый тыххæй Дрисæн сæхи æмбулын кодтой къинтотæ фыццаг цалдæр хъазты. Ноджы ма йæ сразæнгард кодтой армаццагæй хъазынмæ дæр. Рингмæ куыддæр бахызти Дрис, афтæ йыл ралæууыд йæ ныхмæ лæууæг. Амбылдта йын йе ‘хцатæ.

Уыцы бон Цæрай куыстæй куы æрбацыд, уæд Дрисы æрбаййæфта æнкъард æмæ æфхæрдхуызæй. Цæрай йæ бафарста, цы кæныс, цæмæн афтæ æнкъард дæ, зæгъгæ. Уый йын радзырдта: «Уæртæ уым æхцайыл хæцынц лæппутæ, æмæ æз дæр бафæлвæрдтон мæ амонд бавзарын. Фæлæ дзы иу ахæм разынд, æмæ мыл фæтых, ме ‘хца мын амбылдта».

Цæрайæн хъыг куыннæ уыдаид уыцы ныхас, æхцайы тыххæй дæр куыннæ, фæлæ ирон лæг дард æцæгæлон бæстæйы йæхи амбулын куыд бауагъта. Тынг смæсты. Дрисæн загъта: «Цом, фенын мын кæн, кæм æмæ дæ чи амбылдта, уый». Куы бацыдысты, уæд Дрис амоны, уартæ уый уыд, зæгъгæ. Уыцы лæг та Дрисы фæстæ дыууæйы рамбылдта æмæ хъæр кæны, чи ма, дам, уæнды, уый рацæуæд. Бæндæнтæй æхгæд боксæй хъазæн фæзгондмæ Цæрай уыциу гæпп бакодта, фæхъæр кодта: «Мæнæ æз хæцын демæ!» Лæг йæ мидбылты бахудти, уырныдта йæ, Цæрайы дæр æнцонæй кæй рамбулдзæн, уый. Æмæ стырзæрдæйæ рацыди, бафарста йæ, цас æхца йæм ис, уымæй.

– Дæлæ уæ банчы цас ис, дыууæ ахæмы, – загъта Цæрай.

Хæцынмæ нысан радтой. Фыццаг цæфтæй фæстæмæ Цæрайæн йæ къухты змæлдыл цæст нæ хæцыд. Цæф цæфы æййæфта, афтæмæй йæ ныхмæлæууæджы къухы иу цæф ныккæнын дæр нæ бафтыд. Нæ йæ равдæлд, йæхи хъахъхъæдта Цæрайы цæфтæй. Æртæ минуты фæстæ Цæрай рамбылдта æмæ, куыд баныхас кодтой, афтæ, банчы цы æхца уыд, уыйбæрц ма йыл бафтыдтой, æмæ сæ Цæрай рахаста.

Дрис фæхъæлдзæгдæр. Цæрай йæ бафарста, цас дзы рамбылдтой, уымæй. Дрис ын цас загъта, уыйбæрц ын радта, стæй афтæ: «Дæ бон цы хъуыддаг кæнын нæу, уым дæхи ма тъысс».

Бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ хъус-хъусæй базыдта Цæрай, сыхаг шахтæйы æндæр хицауы къухы хорз ирон лæг кæй кусы, уый. Иу бон Дрисы арвыста, ацу, ссар уыцы ирон лæджы æмæ, кæд амал уа, уæд æй ракæн ардæм. Дрис тыххæй ссардта уыцы ироны, фæцин кодтой кæрæдзиуыл…

Уый уыд хæтæлдойнаг, мæ мадыфсымæр Хъулаты Дохцыхъо. Æз Хæтæлдоны скъоладзау куы уыдтæн, уæд мын нывæвæрдау фæдзырдта уыцы хабæрттæ Дохцыхъо. Нæ мæ рох кæнынц. Дрис æм куы бацыд Аляскæйы, уæд Дохцыхъойæн йæ галиу цонг гипсы æвæрд уыдис. Шахтæ æркалд, æмæ дзы иу англисаг лæг фæмард. Дохцыхъойæн та йæ цонг асаст рæмбыныкъæдзмæ хæстæг. Цонг зылынæй байгас. Уæд Дохцыхъо балæгъстæ кодта дохтыртæн, асæттут мын мæ цонг фæстæмæ æмæ йæ сраст кæнут, æз нæхимæ, Ирыстонмæ, зылын цонгимæ нæ ацæудзынæн…

Дохцыхъомæ цымыдис кæстытæ кодтой дохтыртæ фыр дисæй. Ууыл уæд цыди 36 азы, уыд æнæниз, фидарстæг. Стæй æрдзæй зондджын рахаста, дыууæ къласы йæм уыди дины скъолайæ, æндæр æм ахуырæй – ницы. 1905 азы Японы хæсты фесгуыхт æмæ райста Георгийы дыууæ дзуары. Иу хæрзиуæг ма йæм уыди, фæлæ уый нал хъуыды кæнын. Англисагау хорз базыдта, уырыссагау дæр зыдта, фæлæ – лæмæгъ. Цонг сраст кодтой дохтыртæ, æмæ йæ гаччы сбадт.

Æвзаг куынæ зонай дард бæсты, уæд лæг хъизæмарæй мæлы. Æмæ Дохцыхъо алы бон дæр куыстæй уæгъд рæстæг, фылдæр изæрыгæтты æмæ улæфты бонты, ахуыр кодта Цæрай æмæ Дрисы англисаг æвзагыл. Фыссæн фæйнæгыл мелæй фыста Дохцыхъо. Изæрыгæтты та фæтæген цырагъы мынæг рухсмæ куыстой. Зæрдæргъæвд лæппутæ фæцалх сты: афæдзы бонмæ æнæ тæлмацæй ныхас кодтой куысты æмæ бынæттон цардыуаджы домæнты фæдыл. Англисаг æвзагыл дзурын куы байдыдтой Цæрай æмæ Дрис, уæд сын бæлвырд фенцондæр, лæгъстæйаг никæмæнуал уыдысты. Тынг сын феххуыс Дохцыхъо. Уый дыууæ азы фæстæ Ирыстонмæ куы рараст, уæд Цæрай æмæ Дрисæн сæ зæрдæ суынгæг. Дохцыхъомæ уыдис Къостайы чиныг «Ирон фæндыр» латинаг алфавитæй, æмæ сын æй балæвар кодта. Уый гыццыл лæвар нæ уыд!

Иузаманы Цæрайы йæ хицау арвыста куыйты дзоныгъыл æртæ сæдæ километры дарддæр шахтæмæ иу хъуыддаджы фæдыл. Уыди 50 градусы уазал, бæстыл змæлæг нæй, талынг. Мит уарыд, æмæ Цæрай бамбæрста, кæй фæдзæгъæл, уый. Куыйты сæхи бар суагъта, кæдæм мæ хæссой, уырдæм мæ хæссæнт, зæгъгæ. Куыйтæ дæр бафæлладысты. Иуцасдæр рæстæджы фæстæ дардæй разынд цавæрдæр дыдзы рухс (хъалагъуры будкæйы рухс, уæд фæндæгтыл хъалагъуртæ æвæрдтой). Куыйтæ дæр бамбæрстой рухс æмæ сæхи уырдæм сарæзтой. Цæуынц. Иуахæмы Цæрай æд дзоныгъ, æд куыйтæ ихдонмæ ныххаудта, их сæ быны ныттыдта.

Уый уыд Беринджы донкъубалæг. Куыйтæ ихы сæстытыл абадынц, ихы саст фæчъыллипп ласы æмæ куыдз доны аныгъуылы. Афтæ фæтухæн кодтой æмæ, фæстагмæ куы бафæлладысты, уазал дон сын сæ хъару куы басаста, уæд иугай-дыгай хъыллистгæнгæ, цъыс-цъысгæнгæ аст куыдзы афардæг сты доны бынмæ. Цæрай саст ихы тигътыл тыхамалæй сбырыд ихты сæрмæ. Йæ дон тагъди. Йæ худ доны сæрыл аззад æмæ ихты сæстæгтимæ стыр ихы бынмæ баленк кодта. Мæйдары фесæфт. Хуылыдз дарæсыл фиуы цъарау тæнæг их асалд. Буар дуды уазал дарæсы ‘ндæвдæй. Гæртт-гæртт кæны. Ныр тъизгæ кæна, æмæ кæмæн, кæдмæ… Йæ алыварс – ничи, кæдæм хъæр кæна? Полярон æхсæв – саудалынг: арвы къуырфæй стъалытæ мæнг æрттывд кодтой. Фæлæ, Хуыцау лæджы куынæ сафа, уæд цыфæнды зын ранæй дæр ирвæзы. Цы уа, уый уæд, зæгъгæ, зæгъта, бафæлварон ма фæстаг хатт мæ амонд…

Уыциу згъорд акодта, дыдзы рухс кæцæй цыд, уырдæм. Йæ амондæн уыцы рухс дард нал уыд. Уым куыройы хуызæн агъуысты дыууæ лæджы бадынц, фæтæген цырагъ дзы судзы. Æвæццæгæн, уыдонмæ фыццаг хатт не ‘рбахауд ахæм адæймаг æмæ зыдтой, цы кæнгæ йын у, уый. Афтæмæй мæлæтæй фервæзт Цæрай.

Уыцы зын уавæрты Цæрай ныффæрæзта, йæ сæрмæ нæ хаста афтидкъухæй раздæхын, стæй йæм куысты хъару дæр уыд, æмæ кусын дæр уарзта. Фæкуыста дзы фондз азы, æмæ уыцы рæстæджы йæхи афтæ равдыста, æмæ сыгъзæрин къахæнтæ кæй къухы уыдысты, уый йын загъта: мæнмæ ныронг бирæ адæм уыд, фæлæ мæм дæу хуызæн æнæхин æмæ æвæллайгæйæ ничима куыста, æмæ дæ кæд фæнды, уæд, æрыгон лæппу дæ, æмæ дæ мæхиуыл фыссын, æз мæхæдæг базæронд дæн, зæнæг мын нæй, æмæ мæ исбон дæ номыл скæндзынæн.

Уыйбæрц диссаг хъæздыгдзинæдтæм йæ зæрдæ куыд нæ фæдзырдтаид Цæрайæн. Фæлæ куы ахъуыды кодта æмæ йæ зæрдыл куы æрбалæууыдысты йæ фыд Майрæмхъул, йæ мад Госæгъа, йæ хотæ æмæ йе ‘фсымæр Хадзысмел, уæд загъта: æз уыдон кæуыл баивон, ахæм мулк кæм и? Æцæгæлон бæстæйы паддзахæй цæрыны бæсты райгуырæн хъæуы фыййау цæуын хуыздæр у. Æмæ не сразы Цæрай. Уæд ын хицау загъта, бар дæхи, зæгъгæ, æмæ цы бакуыста, уымæй йын фылдæр æхца радта. Цæрай Аляскæйæ ацæуын фæнд скодта. Уыцы бонты йыл сæмбæлди йе ‘мзæххон ирон лæг. Уый Цæрайæн йæ хабæрттæ ракодта. Дзæуджыхъæуæй кæй рацыди куыстагур Америкæмæ, зæрдæмæдзæугæ куыст кæй нæ ары, æхца дæр æм кæй нал ис, уый. Загъта, фæстæмæ цæмæй ацæуон, уыйбæрц æхца ма мæм куы уаид, уæд иу бон дæр нал фæлæууин ам, ацæуин нæхимæ. Цæрай йын уæд загъта:

– Цом мемæ, æмæ, цалынмæ куыст ссарай, уæдмæ дæ хъуаг ницæмæй ныууадздзынæн.

Фæлæ уый не сразы, нал æй фæндыд уым лæууын. Æмæ йын Цæрай канд фæндаджы хардз нæ, фæлæ, сæхимæ афтидкъухæй куыд не ссыдаид æмæ куыннæ фæхудинаг уыдаид, уыйбæрц æхца радта. Ууыл фæхицæн сты. Уыцы ирон æрбаздæхт Ирыстонмæ. Цæрай та Аляскæйæ ацыди америкаг горæт Сиэтлмæ. Бирæ рæстæг ыл нæ рацыди, афтæмæй куысты ныллæууыд. Фæстæдæр цæрæн хæдзар балхæдта.

Афтæ йæ хъуыддæгтæ рараст сты хорзырдæм. Æхца йæм – бирæ, хæдзар ис, ирæттæ дзы уыди, æмæ йæ уыдон дæр тынг бирæ уарзтой. Сиэтлы куы æрбынæттон Цæрай, уæд йæ хицауы æххуысæй фыссын райдыдта алы штаттæм æмæ æрæджиауты ссардта йе ‘мзæххонты: Бадзаты Бесайы, Бадзаты Тазейы, Хъараты Дыгъыйы, Кцойты Цуцу æмæ Цъебойты Бекыры. Баныхас кодтой æмæ-иу æмбырд кодтой куы иумæ, куы та – иннæмæ, уынаффæтæ кодтой – се стырдæр сагъæс уыд Ирыстонмæ ацæуыныл.

Иубон Лескенæй фыстæг райста Цæрай, дæ фыд Майрæмхъул Меккæйæ æрыздæхтис, сси хадзы æмæ йын стыр куывд скодтам, сыхаг хъæутæй дæр ма æрбацыдысты, зæгъгæ. Цæрай, уыцы хабар фехъусгæйæ, тынг бацин кодта æмæ дзы ирон адæмæй чи уыди, уыдонæн се ‘ппæтæн фехъусын кодта æмæ сæ æрæмбырд кодта. Афтæмæй уый, Лескены цы куывд скодтой, уымæй стырдæр куывд скодта. Бирæтæ не ‘мбæрстой, хадзы цы уыд, уый. Ирæттæй иу ныхасы бар ракуырдта, нуазæн йæ къухмæ райста æмæ Цæраймæ дзуры:

– Тынг æхсызгон мын уыд, дæ фыд булкъон кæй сси, уый.

Æмæ йын Цæрай уæд бамбарын кодта, булкъон не сси, фæлæ хадзы, ома, пысылмон дины æгъдаумæ гæсгæ Меккæмæ чи ацæуы æмæ кувæндонмæ чи бацæуы, уыдонæн сæ тæригъæдтæ хатыргонд æрцæуынц æмæ райсы пысылмон дины æгъдаумæ гæсгæ æппæты кадджындæр ном – хадзы.

Куывды фæстæ бирæ рæстæг нæ рацыд, афтæ Цæрай ногæй фыстæг райста. Фыстой, йæ кæстæр æфсымæр Хадзысмел уæззау рынчын кæй фæци æмæ цыбыр рæстæгмæ кæй амарди усгур лæппуйæ. Куыд нæ уыдаид хъыг Цæрайæн йе ‘фсымæры мард!.. Ууыл дыууæ азы куы рацыд, уæд ногæй райста фыстæг: амард йæ фыд Майрæмхъул. Уый уыд 1914 азы. Хотæ смой кодтой, алчи сæ йæ цæрæн бынат ссардта, фæлæ мад Госæгъа (Кцон) иунæгæй баззад хæдзары. Æмæ йæм кæд арæх цыдысты радгай йæ чызджытæ, кастысты йæм, уæддæр уый афтæмæй бирæ цæрын нал бафæрæзта æмæ фæрынчын. Йæ сынтæг рудзынджы цур сæвæрын кодта æмæ уырдыгæй æдзух уынгмæ касти. Куы йæ бафарстой, афтæ цæмæн кæсыс уынгмæ, зæгъгæ, уæд сын загъта:

– Мæ лæппу Цæрай хъуамæ уæртæ ууылты æрбацæйцæуа, æмæ йæ куыд фенон, афтæ.

Фæлæ йæ нал федта. Госæгъа дæр мæрдтæм ацыд, йæ хъæбулы нæ фенгæйæ. Афтæмæй хæдзары ничиуал баззад. Кæрт хæмпæлы бын фæци. Ныр хæдзары пълан куыд уыди, уый йæм ныффыстаиккой, фæлæ йæ фыдыфсымæры лæппу Зауырбег æмбæрста, Цæрай йæ зынæй хæдзармæ кæй нал ссæудзæн, уый. Уымæ гæсгæ йæм ахæм писмо ныффыста: «Дæ фыд æмæ де ‘фсымæр нал сты. Дæ хотæ се ‘ппæт дæр мойтæ скодтой æмæ бинонтæй цæрынц. Дæ мад Госæгъа та хæдзары баззад иунæгæй, мæгуыры хызын æрæфтыдта йе ‘фцæгыл æмæ къæбæргур зилы уынгты. Кæд ма дæ йæ фенын фæнды, уæд ыл ахъуыды кæн. Рацу нæхимæ æмæ йæ барæвдау».

Цæрай ахæм писмо куы райста, уæд æй ницыуал хъуыди. Йæ бирæ фæллæйттæй, йæ амал цы уыд, уыйбæрц райста, хæдзарыл гуыдыр сæвæрдта æмæ рацыд. Æхсæзæй дæр рацыдысты Америкæйæ. Уый уыд 1921 азы. Уæд Советон хицаудзинад æрфидар Уæрæсейы, æмæ арæнтæ фидар æрæхгæдтой. Ахстой бирæты. Æхсæз мæйы цыдысты фæндагыл. Æрбахæццæ сты Туркмæ. Ам бынтон сæ ныфс асаст. Нæ уæндыдысты Уæрæсемæ ‘рбацæуын. Тарстысты, сæ фæллой сын куы байсой æмæ сæ куы æрцахсой, уымæй.

Стамбулы бафæстиат сты æхсæз мæйы, æгасæй сагъæсы бын фесты. Стæй Цæрай скарста: кæй уæ куыд фæнды, афтæ кæнæд, æз, мæлон, цæрон, уæддæр мын æнæ цæугæ нæй, мæ бинонты ма иу уынд уæддæр фæкæндзынæн, мæ мæгуыр мады. Уæд йе ‘мбæлттæ æмхуызонæй бауынаффæ кодтой: Цæрай уал лæууæд, фæлæ мæнæ Цуцумæ ницы уыйас фæллой ис, æмæ уымæн ницы тас у. Афтæмæй Цуцуйы рарвыстой ахæм дзырдæй: ацу, æмæ тæссаг истæмæй куы уа, уæд тел ратдзынæ «рæстæг уарынтæ хæссы», зæгъгæ. Кæд æмæ тæссаг нæ уа, уæд та «хур бонтæ у», зæгъгæ.

Цуцу æрцыдис Лескенмæ. Тæссагæй дзы ницы уыд. Фæлæ уæддæр тел радта, рæстæг дам, «тынг уарынтæ хæссы». Цуцуйы ныхас бауырныдта лæппуты æмæ скарстой, куы ацæуæм нæхимæ, уæд нæ фесафдзысты, фæлтау фæстæмæ – Америкæмæ. Бадзыты Беса, Бадзыты Тазе, Хъараты Дыгъы, Цъебойты Бекыр фæстæмæ ацыдысты Америкæмæ. Цæрай уæддæр йæ фæнд нæ аивта, зæгъта: мæ мады ма иунæг уынд уæддæр фæкæндзынæн, уый фæстæ мын-иу цыфæнды дæр кæнæнт.

1922 азы Цæрай тел радта сæхимæ, фæцæуæм, дам. Хотæ, хионтæ æдзæрæг хæдзармæ базылдысты, кæрт ныккарстой, хæдзар афтидæй, æдзæрæгæй куыд не ‘рбаййафа, афтæ æмæ æнхъæлмæ кастысты. Иуахæмы æрбахæццæ Цæрай. Фæцин ыл кодтой йæ хотæ æмæ иннæ хионтæ, сыхæгтæ, йæ хорз æмгæрттæ.

Мады тыххæй куы афарста, уæд ыл йæ хотæ ныхъхъарæг кодтой, дæ мад, дам, нал ис, зæгъгæ. Фæхъыг кодтой, уæдæ цы уыдаид. Уыцы изæр Цуцу фехъуыста хабар æмæ æрбацыд Цæраймæ. Кæуылты уыдысты йæ гæды цинтæ Цуцуйæн! Фæлæ Цæрай æнцад лæууыд, комкоммæ йын йæ дыууæ цæстмæ ныккаст, йæ къух ын нылхъывта, нæ йæ уæгъд кæны.

– Цæмæн афæлывтай лæппуты, тæригъæд не сты, кæд ма фендзысты ныр уыдон сæ уарзон бинонты?..

– Бахатыр мын кæн, Цæрай, æргом дын зæгъдзынæн, цы лæвæрттæ мын ракодтай, цы сыгъзæрин æхцатæ, уыдон цæмæй мæхицæн баззайой, уый тыххæй. Тагъд дын сæ бафиддзынæн. – Цуцуйы къух суагъта Цæрай æмæ иннæты ‘рдæм азылд, ницыуал æм сдзырдта.

Уайтагъд хъæубæстыл айхъуыст Цæрай Америкæйæ ссыд, зæгъгæ. Кæд йæ бынтæ уым баззадысты, уæддæр афтидкъухæй не ссыди. Æхца дæр æм уыди, сыгъзæрин дæр, уæлæйы дарæс, уæды рæстæджы куыд хуыздæр æмбæлди, афтæ. Æмæ усгур у, зæгъгæ, уый куы базыдтой, уæд æм бирæтæ æнхъæлмæ дæр кастысты. Фæлæ, æвæццæгæн, йæ амонд чи уыди, ууыл сæмбæлд.

Азнауырты хъæуы царди зонгæ лæг, стыр ахуыргонд, дохтыр Гокъоты Дзамæрза æмæ йын уыд хорз чызг Госхан. 1922 азы Цæрай йæ цард йемæ баиу кодта. Стыр чындзæхсæв скодта йæ фыды кæрты. Госханы фыд Дзамæрза цæрæг лæг уыди. Бирæ исбон, зæхх, фос, кусджытæ дардта æмæ ницы бавгъау кодта йæ чызджы чындзæхсæв срæсугъд кæныныл. Уæдæ Цæрай дæр мæгуыр нæ уыд.

Цæрынтæ байдыдтой, хæдзар ногæй йæ къахыл слæууыд. 1925 азы сын райгуырд чызг Фатимæ. Сывæллон чызг тынг зондджын разынд. Фыццаг къласмæ куы бацыд, уæд-иу ахуыргæнджытæ дис кодтой, ацы чызгæн фæндзæм къласы йæ бон суаид ахуыр кæнын, зæгъгæ. Фæлæ, дыккаг къласмæ куы бацыд, уæд æм стæгниз фæзынди æмæ дыууæ азы фæстæ амарди. Уый фæстæ ма сын райгуырд æртæ чызджы æмæ æртæ лæппуйы: Рахæнæт, Агуыбе, Венерæ, Амурхан, Лизæ, Таймураз.

Бинонтыл цард бацайдагъ, цард цæдджинæгау фыхти. Фæлæ кæйдæр маргæйдзаг æвзаг бахаста ныхас, Цæраймæ, дам, тынг бирæ сыгъзæрин ис, æмæ йæ æрцахсут. Афтæмæй йæм 1931 азы æрæгвæззæг чекисттæ æрбацыдысты æмæ йæ фæсæмбисæхсæв йæ хæдзарæй акодтой.

Уыцы бонты Агуыбе уыди ноггуырд, дзидзидай сывæллон æмæ фæрынчын менингитæй. Бæрзæй ныззылын, дзых нал гом кодта, дæндæгтæ нындæгъдысты, æмæ йын æхсыр йæ дзыхы лæгдыхæй уагътой.

Цæрай ахæстонмæ уыцы хабар куы фехъуыста, уæд йæхи мæт нал кодта. Ныффыста писмо, мæн мæт мауал кæнут, мацæуыл бацауæрдут, лæппуйы сдзæбæх кæнут. Фæлæ дохтыртæ загътой Госханæн, мах бон ын ницы у, зæгъгæ. Æмæ йын уæд чидæр бацамыдта: «Азнауырты хъæуы ис иу лæг Таухъазахты Дрис, Туркæй ралыгъд æмæ ‘рцард уыцы хъæуы (2-аг Лескен Кæсæджы). Æмæ йæ уымæ алас. Госхан лæппуйы ахаста уырдæм. Дрис æркасти лæппумæ, цæмæйдæрты ма бафарста Госханы æмæ загъта: «Бамбæрстон æй ныр, дæ лæппуйы дын æз сдзæбæх кæндзынæн». Лескенæй Азнауырты ‘хсæн – дыууадæс километры. Госхан йæ рынчын сывæллонимæ алы бон дæр цыди Дрисмæ. Фыццаг бонты йыл Дрис аргъаугæ кодта. Уый фæстæ йын йæхæдæг кæрдæджытæй хостæ скодта, сывæллонæн сæ нуазын кодта, æмæ иу мæймæ сывæллон фæдзæбæх.

Иубон Цæраймæ фæдзырдтой, акодтой йæ прокурормæ. Прокурор æй куы федта, уæд милицæйы кусæгæн афтæ зæгъы:

– Нæхи бар нæ уадз…

Прокурор Цæраимæ дыууæйæ куы баззадысты кусæн уаты, уæд хæстæг æрбалæууыд Цæраймæ, йæ мидбылты худы, афтæмæй йæм дзуры сабыргай:

– Нал мæ хъуыды кæныс?

Цæрай йæм бакаст æмæ йæ нал базыдта. Уæд æй прокурор йæ хъæбысы ныккодта æмæ йын загъта:

– Мæнæ Аляскæйы æхца кæмæн радтай æмæ зынаргъ лæвæрттимæ кæй рарвыстай, уый дæн æз, Годжиты Дзамболат, æрыдойнаг. Мацы сдзур, фæлæ æз дæу фæрцы дæн абон ацы куысты, – йæхæдæг милицæйы кусæгмæ фæдзырдта æмæ йын тызмæгæй загъта:

– Акæн ацы лæджы йæ бынатмæ.

Ууыл къуыри куы рацыд, уæд Цæраймæ бадзырдтой, «с вещами», зæгъгæ.

Суæгъд æй кодтой. Нæ йæ уырныдта, тарсти, фæсте йæ куы æрбагæрах кæной, уымæй. Афтæ, фæстæмæ фæкæсфæкæсгæнгæ, сæхимæ рацыд.

Куыстуарзон лæг Лескены колхозмæ бацыди, куыста дзы уæхскуæзæй. Йæ хорз куыстмæ йын куы ‘ркастысты, уæд æй бригадир скодтой, стæй сси правленийы уæнг дæр. Аргъ ын кодтой йæ хорз куыстæн. Райста бирæ кады гæххæттытæ, арфæйы ныхæстæ, газетты йыл арæх фыстой. Ахуыргонддзинад æм куы уыдаид, уæд уæлдæр бæрнон бынæттæм дæр схызтаид. Æвæццæгæн, дарддæр дæр афтæ уыдаид, хæст куынæ райдыдтаид, уæд. Хæст бирæ адæмæн алыг кодта сæ развæндæгтæ, æмæ Цæрайы дæр йæ азар басыгъта.

1942 азы райдайæны Цæраймæ æфсæддон комиссарадмæ фæдзырдтой. Загътой йын, хæстмæ йæ кæнынц, уый. Цæрай æрбацыд, йæхи срæвдз кодта фæндагмæ. Фæлæ быдыры куыстгæнæг уыд, æмæ йæ куысты уавæр хъуамæ фехъусын кæна районы хицауадæн. Æрæфы райкомы секретарæй уæд куыста Годзойты Кертыби. Æмæ Кертыби уый куы базыдта, Цæрайы хæстмæ кæнынц, зæгъгæ, уæд æфсæддон комиссармæ телефонæй фæдздзырдта:

– Кæд уæ колхоз нал хъæуы æмæ афтæмæй хæцын уæ бон у, уæд æй, табуафси, арвитут. Æгъуызары-фырт хæстмæ куы ацæуа, уæд мæнмæ ахæм лæг нæй, йæ бæсты йын кæй сæвæрон, æмæ уæд колхоз хæлгæ кæны.

Афтæмæй йæ хæстмæ нал акодтой. Колхозы раздæр куыд куыста, уымæй дыууæ – æртæ хатты фылдæр фæллой кодта, уымæн æмæ æмбæрста, хицауад ыл ахæм æууæнк цæмæн бафтыдта, уый. Цæрай æгуыдзæгдзинад нæ уарзта. Йæхицæй куыд домдта, афтæ иннæтæй дæр. Карз лæг, топпыхос. Колхозы быдыртæм кодта адæмы кусынмæ. Æмæ йæм фылдæр адæм хъуыстой, аргъ ын кодтой.

Цæрай цы колхозы куыста, уый районы колхозты раззагдæртæй иу уыди. Æмæ уым, раст зæгъын хъæуы, зынгæ бынат ахста Цæрайы куыст дæр. Уыцы хъуыды районы разамонджытæ æдзух се ‘мбырдты дзырдтой. Фæлæ хæст хæст у æмæ йæ хъуыддаг кæны. Кæд советон æфсад тынг хъæбатырæй хæцыд, уæддæр йæ бон нæ баци гитлерон æрдонгты бауромын.

1942 азы октябры æрбабырстой немыцы æфсæдтæ Ирыстоны зæхмæ. Цæмæй знаджы къухмæ ма бахауой, уый тыххæй, аласæн кæмæн уыдис, уыдон хохмæ аластой, уыдонимæ колхозы фос æмæ мулк дæр. Цæраймæ та фæдзырдтой райкоммæ æмæ йын бафæдзæхстой: «Колхозы мулкæй аласын цы нæ бантыст, уыдон искуы бамбæхсут, знаджы къухмæ куыд нæ бахауой, афтæ. Знаг ам бирæ нæ фæуыдзæн, æмæ фæстæмæ куы ‘рцæуæм, уæд колхозы бындур куыд нæ фесæфа, афтæ».

Лескены цы ‘фсæддонтæ уыдис, уыдон сæхи хъæдмæ айстой. Хъуаг æййæфтой хæринагæй дæр æмæ уæлæдарæсæй дæр. Цæрай уый куы федта, уæд бæхыл сбадти æмæ, сæхимæ цы ссардта хойрагæй, уыдон голджыты ныккалдта, стæй ма сыхæгтæ æмæ хъæуæй кæй зыдта, уыдоныл æрзылд æмæ, кæмæ цы уыди, уый æмбырд кодта. Голджытæ байдзаг кодта æмæ сæ аласта æфсæддонтæн.

Афтæ иуцалдæр цыды йæ къухы бафтыд. Колхозонтæй кæуыл æууæндыд, йæ зæрдæ тынг кæуыл дардта, уыдон йæ хæдзармæ иуизæр æрæмбырд кодта æмæ сын бамбарын кодта, цавæр хæс æвæрд ис йæ размæ, уый. Ома, колхозы мулкæй, цас амал ис, уымæй фылдæр куыд бамбæхсæм, афтæ. Æз, дам, иунæгæй ницы бакæндзынæн, сымах мæм куынæ фæкæсат, уæд. Æмæ уæ кæмæн йæ бон цы у, уый бафæсвæд кæнут. Кæнгæ дæр афтæ бакодтой.

Уалынмæ немыц бацахстой Лескен. Нæлгоймагæй ма дзы чи баззад, уыдоны æрæмбырд кодтой. Уыдонимæ уыди Цæрай дæр. Загътой сын, хъусын уын кæнæм, мах сымахæн цы зæгъæм, уый куынæ кæнат, стæй мах ныхмæ знаггад кæнут, уый куы базонæм, уæд уæ æд бинонтæ фесафдзыстæм.

Цæрайы банымыгътæуыд, бригадирæй куыста, зæгъгæ, æмæ йæм фæдзырдтой, бафарстой йæ:

– Кæм сты колхозы фос æмæ мулк?

– Хохы…

– Гæды ныхас куы зæгъай, уæд дæхи хъахъхъæн.

Немыцы рæстæг Лескены цæрджытæ фылдæр акъоппыты цардысты –сæ хæдзæрттæ сын немыц бацахстой. Цæрайы хæдзары дæр цардис авд немыцаджы. Декабры тынг уазал бонтæ скодта. Цæрайы хæдзары цы немыцæгтæ уыд, уыдон фæйнæгæй быру ныппырх кодтой æмæ дзы уыйбæрц фæарт кодтой, æмæ фыр тæвдæй цар ссыгъди, хæдзарæн йæ фылдæр хай басыгъди, тыххæй-фыдæй ма йæ ахуыссын кодтой. Иуæхсæв партизантæ рабырстой хъæдæй, схæцыдысты немыцимæ æмæ бацахстой хъæуæн йæ иу æмбис. Уæд немыц ног хъарутæ æрбакалдтой, æмæ партизантæ фæстæмæ аздæхтысты. Дыккаг бон та изæрæй Госхан сывæллæтты акъопмæ акодта.

Куыддæр хæдзары хизæнтæй бынмæ æрхызт, афтæ сæ уæлхъус алæууыд иу сырхæфсæддон. Уый уыд санитар, хæдзары пъолы бын бамбæхста цæф советон афицеры æмæ йæм ныр æрбахъуызыд изæрдалынгты, цæмæй йæ хъæдмæ акæна. Уæдмæ Цæрай дæр фæзынд, радзырдтой йын сæ хъуыддаг. Фыццаг уал сын бахæрын кодта къæбæр. Уый фæстæ йæ дыууадæсаздзыд лæппу Агуыбейы рарвыста, акæс-ма æмæ бæрæг базон, кæрты æмæ уынджы немыцæгтæ ис æви нæ. Хорз, æмæ дзы ничи разынд. Хъæд сæм хæрз хæстæг уыди, æдæппæт дыууæсæдæ метры. Цæрай сын загъта: «Уæ цинелты æдде мæнæ мæ зæронд уæлæдарæс скæнут, æмæ уæ æз акæндзынæн хъæдмæ». Акодта сæ.

Алы хъизæмæрттæ уыдтой лескенæгтæ немыцæй. Фæлæ фыдбон æмæ фыдлæг бирæ нæ хæссынц. Æрбахæццæ 1943 аз. Госхан йæ сывæллæттимæ акъоппæй схызт, бæстæ цыдæр сабыр уыди. Госхан хæдзармæ бацыд, кæсы, æмæ хæдзары дзаумæттæ кæлдтытæй лæууынц пъолыл, иу немыцаг дæр йæ алыварс нал ис. Уыдон æхсæвыгон алыгъдысты. Хъæуы лæгтæй дæр бирæты семæ акодтой.

Лескены хицауæй куыста Цъеуты Бабухарæ. Фондз къласы йеддæмæ йæм ахуыр нæ уыд. Фæлæ коммунист уыдис, æмæ йыл хицауад æууæндыдысты. Немыц куы æрбахæстæг сты Лескенмæ, уæд Бабухарæ, иунæг сылгоймаг уæвгæйæ, партизантæм алыгъди, Цæрайæн дæр загъта, партизантæм цом, зæгъгæ, фæлæ Цæрай не сразы, хæдзарыдзаг сывæллæтты знаджы къæхты бын куы ныууадзон, исты сыл куы æрцæуа, уæд, дам, мæ цард цы уыдзæн. Йæ сывæллæттæй сæ иуæй иннæ – æнахъомдæр.

Ныр немыцы фæдыл цæуынц лескенаг лæппутæй бирæтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, пъæлицæйы чи куыста, уыдон бирæты фæтæрсын кодтой, æртхъирæн дæр ма сæм бакодтой, нæхионтæ уæ маргæ кæндзысты, зæгъгæ. Æмæ уый гыццыл тас нæ уыди.

Цæрай фæтарст, йæ зæрдыл æрлæууыд, 1931 азы йæ Хуыцауы рæстæй кæй æрцахстой, уый. Цæрай æрæнкъард. Арф ныхъхъуыста йæхимæ. Госхан æмæ йе ‘нахъом сывæллæттæн, йæ цæстысыг калгæйæ, хæрзбон загъта, йæ маст йæ хъуыры æлхынцъæй лæууы, сæргуыбырæй сбадт саргъы бæхыл æмæ араст йæ æнæбары балцы лескенаг лæппутимæ. Цыдысты иугæндзон. Немыцы æфсæдтæ та-иу арæх æрлæууыдысты, фæстæмæ гæрах кодтой.

Лæппутæ бахæццæ сты Пятигорскмæ. Цæрай ам зыдта сæ хæстæджытæй кæйдæрты, уыдонмæ бамбæхст, йæ бæхы уынджы суагъта æнæ саргъæй. Фæлæ йæ уайтагъд ссардтой йе ‘мбæлттæ, ног бæх ын радтой æмæ йæ, æртхъирæнтæгæнгæ, акодтой семæ дарддæр. Ростовы цур немыцæн сæ фæндаг алыг кодтой Сырх æфсад. Адон та, лидзæг ирæттæ, фæфале сты. Уым сын немыц сæ бæхтæ байстой. Хорзæй сæм цы уыди, уыдон сын астыгътой. Куыд уацайрæгтæ, афтæ сын лæвæрдтой мамæлайы хæринаг. Уый агъоммæ цалдæр лæппуйæн сæ къухы бафтыд сæхи бафæсвæд кæнын æмæ Лескенмæ сыздæхын.

Иннæтæ ахæццæ сты Италимæ. 1944 азы ардæм æрбацыдысты америкаг-англисаг æфсæдтæ. Лидзæг адæм уыдоны къухмæ бахаудтой. Ныр сæм гуыбыны хардзæй хуыздæр каст цыд. Фæстæдæр уыдоны фæрцы нæхионты къухмæ æрбахаудтой. Цæрай цы къорды уыди, уырдæм иу америкаг афицер æрбацыд, бафарста:

– Англисагау дзурын чи зоны, ахæм уæм ис?

– Ис, – бацамыдтой йын Цæраймæ.

– Æрбацу-ма мæ цурмæ, – афицер англисагау фæдзырдта Цæраймæ. Аныхас кодтой, æмæ афицер бахудти, йæ уæхск ын йæ къухæй разыйы хост æркодта æмæ загъта:

– Тæлмацгæнæгæй мæм уыдзынæ.

Дарддæр, кæрæдзи хуыздæр куы базыдтой, уæд Цæрайæн бæхтæ бабар кодтой, зылди сæм. Уый Цæрайæн æнцойдзинад уыд. Рабæрæг, Цæрай Америкæйы кæмæ куыста, уыцы лæджы лæппу кæй у ацы афицер, уый.

1945 азы хæст куы фæцис, уæд ын уыцы афицер загъта:

– Фæстæмæ уæхимæ куы аздæхай, уæд дæ фæндагыл амардзысты, хæдзарыл нал сæмбæлдзынæ. Фæлтау цом мемæ æмæ дæ æз дæ фыццаг бынатыл сæмбæлын кæндзынæн. Дæ цард дæр ирвæзт уыдзæн, дæ бинонтæн дæр æххуыс кæндзынæ уырдыгæй.

Сразы, фæлæ йе ‘мбæлттæм куы ‘рбацыд, уæд хæкъуырццæй куыдта сывæллонау. Куы йæ бафарстой, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, уæд сын загъта:

– Мæ уарзон бинонты нал фендзынæн æмæ ууыл кæуын.

Дыууæ мæйы фæстæ ацыдысты уыцы афицеримæ Америкæмæ. Цæрай ма йемæ акодта лескенаг æхсæрдæсаздзыд лæппу Хайты Хадзыбечыры, загъта сын, мæхи лæппу у, зæгъгæ. Америкæйы раздæр кæмæ куыста, уыимæ куы фæиу сты, уæд ыл тынг фæцин кодта, стæй йын уый фæстæ загъта:

– Баулæф, стæй дын æз фенын кæндзынæн дæ хæдзар дæр, стæй ма, кæм куыстай, уыцы ран дæр.

Иннæ бон куы ацыдысты æмæ Цæрай йæ хæдзар куы федта, уæд дисы бацыд: куыдæй йæ ныууагъта, афтæ æнæвнæлдай лæууыд хæдзар. Йæ кæрт дæр æмæ хæдзары алывæрстæ – сыгъдæг. Куы бафарста, чи сæм зилы, уый, уæд ын загътой:

– Æцæгæлон адæм, зыдтой, кæй хæдзар у, уый æмæ йæм зылдысты.

Гуыдыр бакодтой, бацыдысты мидæмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, мидæгæй хæдзар уыди æдзæллаг уавæры. Æмæ куыннæ? Цыппар æмæ ссæдз азы æхгæдæй фæлæууыд.

Афтæ Æгъуызарты Цæрайæн йæ ног цард райдыдта америкаг горæт Сиэтлы. Уæд ыл сæххæст фæндзай фондз азы, уыд йæ тæккæ лæджы кары. Куыстуарзон лæг иу бон дæр æнцад не ‘рбадт. Райдыдта кусын шахтæйы. Бинонты хъуыддаг нал бакодта, царди иунæгæй. Уыцы рæстæг куыд уыди, уый алчидæр зоны, цалынмæ Сталин æгас уыди, уæдмæ. Уымæ гæсгæ Цæрай ницы зыдта, йæ бинонтæ куыд сты, цы сты, бинонтæ та сæ фыды бæрæг нæ зыдтой, æгас ма у æви нæ, уый. Афтæ, сæ зæрдæ кæрæдзимæ æхсайгæйæ, рæстæг æрвыстой.

1953 азы Сталин куы амарди, уæд æнаххосæй адæмы нал æфхæрдтой. Цæрай уæд фыццаг писмо æрбарвыста. «Æз бæргæ дзæбæх дæн, – фыста Цæрай, – ницы хъуаг дæн, фæлæ æхсæвæй-бонæй сымах мæтæй катай кæнын. Арæх мæм ахæм тæссаг хъуыдытæ фæзыны, кæд мæ бинонтæй ничиуал ис, зæгъгæ, æмæ ма уæд мæ цард цæуыл у? Кæд мын мæ писмо райсат, уæд ма фæзивæг кæнут æмæ мын дзуапп раттут мæнæ ахæм адрисыл: США, г. Сиэтл, (уынджы ном ничиуал зоны), Джим Пер.

Цæрай йæ бинонтæй писмо райста. Йæ дыккаг писмойы фыста:

«Райстон уын уæ писмо, мæ бинонтæ, раст цыма дыккаг хатт райгуырдтæн дунемæ, ахæм æхсызгон мын уыди, æгайтма дзæбæх стут. Кæд Хуыцауы фæнда, уæд кæрæдзи дæр фендзыстæм».

1954 туристон балцы Америкæйæ ирон лæг Хъарданты Залымджери æрцыд Ирыстонмæ. Цæрай Залымджерийæн рарвыста писмо æмæ лæвæрттæ йæ бинонтæн. Писмойы фыста йæ сагъæссаг хъуыдытæ, бинонтыл йæ зæрдæ рысти. Фыны сæ уыны. Сæрвыста йæ сывæллæттæн уæлæдарæс, къахыдарæс… Фæстæдæр та æрбарвыста писмо, куырдта: «Рарвитут мæм Госхан æмæ мæ хоты къамтæ». Арвыстой йын къамтæ.

Афтæ кæрæдзимæ писмотæ фыстой, кæрæдзиуыл цин кодтой. Фæлæ та дзы иу афæдз фыстæг нал истой бинонтæ. Сæ зæрдæ тынг æхсайдта. Уый фæстæ райстой ногæй писмо. Цæрай фыста: «Барæй уæм нæ фыстон, æвзæр рынчын фæдæн æмæ уын уæ зæрдæ нæ риссын кодтон. Æхца бирæ бафыстон, æмæ мæ хорз сдзæбæх кодтой дохтыртæ. Гæххæтт радтой, куыд дæс азы дæргъы нал фæрынчын уыдзынæн уыцы низæй, уый тыххæй. Ныр мæм уæ зæрдæ мауал æхсайæд.

1957 азы сæрвыста хуынды гæххæтт Америкæйæ йæ фырт Амурханмæ. Амурхан сцыбæл, тынг æй фæндыд Америкæмæ ацæуын йæ фыдмæ. Фæлæ йæ йæ хистæр æфсымæр Агуыбе нæ ауагъта. Тарсти, уый дæр уым куы баззайа, уымæй.

* * *

Ацы радзырд чи кæса, уымæ ахæм фарст фæзындзæн, æвæццæгæн: Цæрай куы ацыди немыцимæ, Америкæмæ куы бафтыди, уæд, цы уыди, уый зонæм, фæлæ ахæм тыхст рæстæджы, ам, Ирыстоны, æхсæз сывæллонимæ цы мад баззади, уый та цы кодта, цымæ, куыд æрвыста йæ рæстæг? Æз фæстæмæ здæхын æмæ уый хабæрттæ дæр лæмбынæг дзурын.

1943 азы 1 январы сырхæфсæддонтæ ногæй æрцыдысты Лескенмæ. Районы хицауадæй хохмæ чи ацыди партизантимæ, уыдон дæр æрыздæхтысты сæ бинонтæм. Райком, райæххæстком, организацитæ раздæрау сæ куыст кодтой. Партийы райкомы фыццаг секретарь Годзойты Кертыби иубон æрбацыд Лескенмæ, бабæрæг кодта Цæрайы хæдзар. Йæ бæх кæрты бæхбæттæныл бабаста æмæ мидæмæ бацыд. Фæцин кодта сывæллæттыл, стæй Цæрайы бинойнаг Госханмæ дзуры:

– Фехъуыстон Цæрайы хабæрттæ æмæ уый тыххæй æрбацыдтæн. Адæм афтæ дзурынц, Цæрай никуыдæм ацыди, фæлæ хъæды йæхи æмбæхстæй дары æмæ æхсæв сусæгæй хæдзармæ ‘рбацæуы, зæгъгæ. Кæд афтæ у, уæд мын зæгъ, кæм ис, уый, æмæ дын ард хæрын, кæй йын ницы уыдзæн, уымæй.

Госхан фæуыргъуыйау, скуыдта æмæ загъта:

– Уæлæ Хуыцау ме ‘вдисæн, кæй йын ницы зонын, кæд æгас нал у, уæддæр.

– Цæй, уæдæ æз цæуын, фæлæ исты хабар куы уа, уæд мын-иу хъусын кæн…

Афтæмæй январь фæци, ралæууыд февраль. Февралы скодта тынг уазал, мит бирæ æруарыд. Афтæмæй иубон Цæрайы хæдзармæ æрæрвыстой цыппар милиционеры æмæ æртæ галуæрдоны.

– Кæм сты уæ хортæ?

– Нартхор, хъæдур, цыхтытæ æмæ æндæртæ уæлæ цары, картоф та уæрмы.

– Сывæллæттæй сæрæндæр чи у, уыдонимæ рацу.

Хор, хъæдур æмæ иннæ хойраг тæсчъыты фæхастой галуæрдæттæм. Уыдон хаст куы фесты, уæд та картоф фæхастой. Ахастой сæ колхозмæ, æмæ та фæстæмæ афтид уæрдæттæй æрбацыдысты Цæрайы хæдзармæ. Скъæтæй ракодтой дуцгæ хъуг, дыууæ фысы æмæ иу сæгъ. Хос æмæ нартхоры хъæллæгъ уæрдæтты самадтой, хъуг уæрдоны фæстæ бабастой, фыстæ æмæ сæгъ дæр уæрдоны сæвæрдтой æмæ, афтæмæй ацæуынмæ куыд хъавыдысты, афтæ сæм Госхан кæугæйæ дзуры:

– Ацы сывæллæтты дæр аласут уемæ, æз сын цы кæндзынæн?

Лæгтæй сæ иу мæнгард худт бакодта æмæ Госханы фæрсы:

– Дæлæ уый дæ лæппу у?

– О, мæн у.

– Æмæ йыл цал азы цæуы?

– Дыууадæс азы.

– Æмæ кæцон чызг дæ?

– Озрекаг чызг.

– Уæдæ уæртæ уыцы лæппу уырдæм ацæуынхъом у, уырдæм æй арвит, уым нартхор бирæ ис, æмæ уырдыгæй сласдзæн.

Афтæ хæдзары ницыуал ныууагътой æхсæз æнахъомы æмæ сæ рыст мад Госханæн. Уымæй иу-фондз боны фæстæ чидæр дуар æрбахоста, æрбацыди финагент.

– Сымах хъуамæ бафидат хæстæ: царв, дзидза, æйчытæ, къуымбил, картоф, нартхор.

Æрбалæвæрдта гæххæтт, уыцы рæстæгмæ сæ куынæ бафидат, уæд уæ уæ хæдзарæй ратæрдзыстæм, зæгъгæ. Ууыл финагент ацыд.

Госхан куыдта, йæ хъарæгмæ йыл гыццыл сывæллæттæ æрбамбырд сты æмæ уыдон дæр йе ‘мкуыд кодтой. Сыхæгтæ æрбауадысты. Куы базыдтой, хабар цæй мидæг ис, уый, уæд Госханæн загътой:

– Тыхсгæ ма кæн, мæнæ дæм мах фæкæсдзыстæм, кæмæн йæ бон цы у, уымæй.

Æцæгдæр, сыхæгтæ баххуыс кодтой чи æхцайæ, чи хорæй, царвæй. Афтæмæй паддзахады хæс бафыста Госхан. Уый уыдис уалдзæджы къæсæрыл. Фароны хорæй ницыуал ис, ног хор нæма æрзад, сывæллæттæ – æххормаг. Уæд Госхан Цæрайы дзаумæттæ – дзыппыдаргæ сыгъзæрин сахат æд рæхыс, сыгъзæрин авторучкæ, ног костюмтæ дыууæ фæлысты, цырыхъхъытæ, нымæт, басылыхъхъ æмæ æндæртæ ауæй кодта. Иннæ хорæрцыдмæ сывæллæтты аирвæзын кодта. Уалдзæджы колхозы быдырты Госхан æд сывæллæттæ куыста боныцъæхæй суанг изæрдалынгтæм. Уыцы куыстытæй уæлдай ма йын бахай кодтой гектары æрдæг, сывæллæттæ йæ белтæй фæкъахтой, фæсагътой, рывтой, фæззæджы та нартхор æртыдтой. Картоф къахтой, мæнæу най кодтой. Колхозы быдыры цы куыстытæ уыд, уыдон кодтой. Тыллæг æфснайд куы æрцыди, уæд Госхан йæ æртындæсаздзыд лæппу Агуыбемæ дзуры:

– Бафарстон, æмæ нын бирæ фæллойбонтæ ис, авдсæдæйы, æмæ нын кæд исты раттикой, цу æмæ базон, цас нæм цæуы хор.

Агуыбе ацыди æмæ йын бухгалтер афтæ зæгъы:

– Цæугæ уæм ницыуал кæны, уымæн æмæ колхоз бирæ хæс бафыста паддзахадæн æмæ йæм ницыуал баззад. Фæлæ уæхи цæхæрадоны картоф æмæ нартхор ис?

– Ис…

– Гъе, уæдæ ацу æмæ уæ хæдзарæй æхсæз путы картоф æмæ æхсæз путы нартхор ардæм слас.

– Цæмæн?..

– Колхозы быдыры куы куыстат, уæд хæргæ кодтат æмæ кæй бахордтат, уый бафидут.

Агуыбе йæ мадæн куы рахабар кодта, уæд Госхан бардиаг кодта:

– Æз æй зыдтон, афтæ кæй уыдзæн, уый. Агуыбе, кæд зын у, уæддæр цом, æртонæм нартхор, картоф скъахæм æмæ сын æй алас. Æрмæст сæ гæххæтт райсдзынæ, кæннод сыл æууæнк нæй, нал сыл басæтдзысты æмæ нын æй дыккаг хатт бафидын кæндзысты.

Кæнгæ дæр афтæ бакодта Агуыбе.

Мæгуыр Госхан бафыста 1942 азы хæстæ. Æрбалæвæрдтой йæм ног хæстæ 1943 азæн. Бакатай кодта Госхан:

– Ныр цы бачындæуа, зæронд хæстæй тыхамæлттæй суæгъд дæн, æмæ та мыл ног хæстæ сæвæрдтой, колхоз дæр нын куы ницы радта нæ куыстæн. Нæхи цæхæрадоны цы уыди, уымæн дæр йе ‘мбис колхоз куы айста.

Зымæг нæма æрхæццæ, афтæ Госхан ацыд Цыколамæ Агуыбеимæ йæ мадырвадæлтæ Гулутæм. Хорз æй суазæг кодтой, йæ хъыгыл ын хъыг кодтой. Стæй йын зæрдæ бавæрдтой, мацæуыл тыхс, мах дæ тыхсын нæ бауадздзыстæм, зæгъгæ. Мæнæ ныр дæр кæд нæ зивæг кæнут, уæд уемæ ахæссут, уæ бон цы уа, уый.

Рахастой дыууæ путы нартхоры ссад. Фæндагыл гыццыл Агуыбе бафæллад æмæ ссады дзæкъулыл сбадти Хæзныдонæй Толдзгуыны æхсæн. Уалынмæ кæсы, æмæ иу бидаркæ æрбацæуы Цыколайæ Лескены ‘рдæм. Агуыбе уый куы федта, уæд бацин кодта, мæ уаргъ мын райсдзæн, зæгъгæ. Бидаркæ æрбахæццæ ис Агуыбейы цурмæ. Бадти дзы боцкъайы хуызæн нард лæг Гарданты Гæбæлидзæ, районы хицауадæй иу лæг. Агуыбейы цур фæурæдта бидаркæ æмæ йæм дзуры:

– Тынг бафæлладтæ, лæппу?

– О…

– Æмæ Лескенмæ цæуыс?

– О, Лескенмæ.

– Уæдæ рахæсс дæ голлаг æмæ æрбабад.

Агуыбе, цингæнгæ, йæ голлагмæ фæлæбурдта æмæ бидаркæйы цурмæ куы бахæццæ ис, уæд та йæ лæг ногæй афарста:

– Кæй лæппу дæ?

– Æгъуызарты Цæрайы.

Гæбæлидзæ уыцы ныхæстæ куы фехъуыста, уæд, цыма йæ бæх исты аххосджын уыди, уыйау ыл ехсæй ралæууыд æмæ йыл фæхъæр кодта. Бæх уыциу гæпп акодта æмæ адард. Агуыбе та лæугæйæ баззад æмæ ма йæ фæстæ бирæ фæкаст кæуындзастæй. Госхан раздæр цыди Агуыбейæ æмæ куы федта, бидаркæ йæ цуры æрлæууыди, уæд æнхъæлмæ касти, кæд лæппуйы сæвæрид, зæгъгæ. Фæлæ бидаркæ куы ацыди æмæ, лæппу уым лæугæйæ баззад, уый куы федта, уæд æм фæстæмæ раздæхти æмæ йæ бафарста:

– Цы дæм дзырдта уыцы лæг?

Агуыбе радзырдта, хабар куыд уыди, уый.

– Уыдонæн Хуыцау дæр нæй, æмæ сæ хъуыды дæр ма кæн. Искуы фæндагыл фидар куы ‘рлæууай, уæд та сæ ма ферох кæн, чи дын цы уыди, уый. Ма сæм хъус ахæмтæм æмæ ма тыхс, дæ фыд лæг уыди, æмæ дзы хъуамæ сæрыстыр уай.

Афтæмæй се ‘ккой скодтой сæ уæргътæ æмæ изæрмæ сæ хæдзармæ æрбахæццæ сты Лескенмæ.

Тухæнтæ кодтой Æгъуызарты бинонтæ. Суг цæмæй ластаиккой, уый нæ уыд. Æккойæ хастой хъæдæй. Фылдæр – Агуыбе. Уæлдай зындæр уыди зымæгон. Кæд-иу Лескены дон хорз ныйих, уæд ихы сæрты цыд сугмæ йæ хæцъил дзабырты. Фæлæ-иу арæх их тæнæг зынд, йæ быны-иу фæсаст. Уæддæр-иу хуылыдз къахæй миты æрфыты цыд. Афтæ æккойæ хаста суг æрвылбон дæр.

1944 азы зымæг сын зындæр йеддæмæ æнцондæр нæ уыди. Уымæн, æмæ сæм цы гыццыл муртæ уыд, уыдон 1943 азы фесты. Паддзахад та йæ хæстæ домдта ноджы карздæрæй. Сывæллæттæй куыстхъом ничима уыди, æмæ тынг зын уавæры рæзыдысты. Иубон, рагуалдзæг, æхсæвæр цы бахордтаиккой, уый дæр сæм нæ уыди, афтæмæй сывæллæттæ ныххуыссыдысты. Райсомæй Госханы куыстмæ акодта бригадир. Хистæр сабитæ скъоламæ ацыдысты. Кæстæр лæппу Таймуразыл уæд цыди æртæ азы æмæ æрдæг. Уый хæдзары баззад.

Госханæн быдырæй йæ зæрдæ æхсайдта йæ сывæллæттæм. Быдыры куысты йын цы къæбæр радтой, уый дæр нæ бахордта, йæ роны йæ æрбахаста. Хæдзармæ уыцы тындзгæ æрбацыд æмæ дзы никæй æрбаййæфта. Хистæр сывæллæттæн афтæ нæ фæтарсти, уыдон скъолайы уыдзысты, зæгъгæ, фæлæ Таймураз кæм и? Сыхæгты афарста, фæлæ уыдонмæ дæр нæ разынд. Уæдæ цы фæуыдаид, зæгъгæ, катайы бацыд мад. Дæлбылы куыроймæ азгъордта. Фæндаджы был уыд байбын къахт, Таймуразы уым хуысгæ баййæфта. Фелвæста йæ йæ къухтыл. Госхан бамбæрста, сывæллон æххормагæй мæлы, уый. Рахаста йæ сæхимæ. Сыхæгтæй æхсыр æрбадавта, фых æхсыр ын бануазын кодта æмæ лæппу йе ‘муд æрцыд. Уый фæстæ ма йын ноджыдæр æхсыр радта кæрдзынимæ. Афтæ мæлæтæй фервæзт лæппу. Фæлæ дарддæр та куыд?! Цы ауæй кодтаиккой, уый дæр сæм нал уыди. Иу сынтæг ма сæм баззад, никелæй. Æртæ путы нартхорыл æй радта.

Ахæм фыдбонтæ æвзæрстой бинонтæ. Æрбахæццæ сты мæнæугæрдæнтæ. Мæнæу най кодтой æхсæвыгæтты. Фылдæр – сылгоймæгтæ. Æхсырфæй карстой мæнæу, куыристæ бастой æмæ сæ мæкъуылтæ амадтой. Бонæй – кæрдгæ, æхсæвы та – най. Иу ахæм бон, мæнæу карст куы фесты, уæд най кæныны агъоммæ, быдыры цы æфсиртæ баззадис, уыдон фембырд кодтой æртæйæ: Дзагуырты Бати, Зекиты Гуагуæ æмæ Госхан. Адон æрвылбон дæр иумæ куыстой. Æфсиртæ къухты æхсæн базгъæлдтой æмæ мæнæу сæ цъындаты ныккодтой. Бригадир сын загъта: ацæут уал уæ хæдзæрттæм, иугыццыл баулæфут æмæ фæстæмæ най кæнынмæ рацæут. Рараст сты.

Уалынмæ сыл амбæлд колхозы парторг Гæццыты Мæхæмæт. Æмæ сæ аздæхта, абон, дам, кæй æркарстат, уый, дам, банай кæнут. Уæхимæ, дам, райсом ацæудзыстут. Цы гæнæн ма уыд… Раздæхтысты. Сæ цъындаты цы мæнæу уыди, уый сæ цæмæй ма хъыгдара найгæнгæйæ, уый тыххæй йæ мусы цур бæласы бын æрæвæрдтой залмы сыфтыл. Дзырдхæсджытæ ауыдтой уыцы ныв, æмæ сæ туг схъазыд. Сусæгæй бахъуызыдысты æмæ æртæ цъындайы рахастой. Госханитæ æхсæв-бонмæ най фæкодтой. Райсомы сæ рыгтæ ныссæрфтой, сæхимæ базылдысты. Ныр сæхимæ рараст уой, зæгъгæ, афтæ сæм фæдзырдæуыд. Æвдисынц сæм, сæ цъындаты цы мæнæу уыдис, уый. «Кæм уын уыди ацы мæнæу?»

Госханитæ радзырдтой хабар. Хъæусоветмæ сæ скодтой. Хъæусоветы сæрдар Елеты Салат сбарста мæнæу æмæ Госханы цъындайы уыди 600 граммы, Гуагуæйы – 700 граммы, Батийы цъындайы та 500 граммы. Уыцы бон устыты сæ хæдзæрттæм ауагътой. Мæнæу æд цъындатæ хъæусоветы ныууагътой.

Райсомæй раджы милицæйы кусæг тæргæ бæхæй æрбахæццæ æмæ æртæ усы йæ разæй акодта Цыколамæ фистæгæй. Афтæмæй фæцыдысты 18 километры. Уыцы бон сын стæрхон кодтой фæйнæ фондз азы ахæстоны фæбадын. Суагъæ уырыссагау куы бакастысты, уæд Бати æмæ Гуагуæ уырыссагау иу ныхас дæр нæ зыдтой æмæ Госханмæ, мидбылхудгæ, дзурынц: «Суæгъд нæ кодтой, нæхимæ цæуæм?» Госхан ныхъхъарæг кодта æмæ сын афтæ зæгъы: «Нæхимæ нæ цæуæм, нæ, ахæстонмæ цæуæм».

Уынджы æнхъæлмæ каст æхгæд сау машинæ. Уым сæ сбадын кодтой æмæ сæ Дзæуджыхъæуы стыр ахæстонмæ аластой.

Мæгуыр сылгоймæгтæ сæ цæссыгæй сæхи æхсадтой. Сæ камерæйы бирæ сылгоймæгтæ уыди. Горæтгæрон районмæ сæ акодтой. Уым æнæхъæн сентябрь фæкуыстой. Нартхор тыдтой, цæхæра къахтой, къабуска карстой. Аулæфыны бон сæ нæ уыд. Сихор хæрыны рæстæг-иу нымад минуттæ фæхибар сты Госхан, Бати æмæ Гуагуæ. Зæххылиу тымбыл æрбадтысты æмæ хъарæг кодтой сæхиуыл.

Сылгоймæгты быдырæй фæстæмæ стыр ахæстонмæ ракодтой. Бати æмæ Гуагуæйы æндæр куыстытыл бафтыдтой. Госханы та Дзаугэсмæ ракодтой. Уæд ГЭС-ы арæзтад йæ тæккæ тынгыл уыди. Теркæй ГЭС-мæ стыр къанау къахтой. Госхан дæр уым белæй къахта, йæ сыджыт та йын 300 метры хаста. Уыцы уæззау куыстæй йæ къухтæ ныррæсыдысты. Йæ бон нал уыди кусын. Фæлæ ууыл чи хъуыды кодта?.. Бригадир сын уыди грекъаг сылгоймаг. Уый йыл хъæр кæнын райдыдта æнæфсармæй.

Госхан фæрынчын, схызт йæ тæвд, ГЭС-мæ йæ нал акодтой, фæлæ йын уисойæ ахæстоны кæрт ныммæрзын кодтой. Дыккаг бон йæ тæвд куы æрхауд, уæд та ногæй – ГЭС-мæ. Изæры сæ ахæстонмæ æрластой. Иу сахаты фæстæ йæм камерæмæ дзурынц: «Агузарова, выходи!» Госхан рацыди æмæ уыны йæ чызг Райханаты. Кæуыныл фесты мад æмæ чызг. Уæд лæгты камерæйы бадти Æгъуызарты Лазыр. Уый айхъуыста дуаргæсы ныхас, «Агузарова, выходи», зæгъгæ. Кæйдæр æххуысæй ссардта Госханы, базонгæ сты. Фæныхас кодтой. Госхан ын радзырдта йæ хабар. Рахъаст ын кодта, ГЭС-ы йын уæззау куыстытæ куыд кæнын кæнынц, куыд фæрынчын, къухтæ куыд рæсийынц, уыдæттæ. Уæд æй Лазыр бафарста:

– Къæбицы кусын дæ фæнды?

– Бæргæ мæ фæнды, фæлæ мæ чи уадзы?

– Æз сын зæгъдзынæн æмæ дæ куы нæ уадзой уырдæм, уæд сын слесырæй нал бакомдзынæн, слесыр та сæм нæй.

Афтæ Лазыры руаджы Госхан къæбицы кусын райдыдта. Ахст адæмæн суткæ хæринаг лæвæрдтой дыууæ хатты. Сау дзул 150 граммы æмæ хамбохъ. Хатгай дзы-иу уыди дзидзайы мур, кæнæ иу-дыууæ картофы.

Госхан хорз арæхсти хæринаг кæнынмæ, куыста æнæулæфгæйæ, райсомы 5 сахатæй изæры дæс сахатмæ. Ахст адæмæй фæлмастдæр чи уыди, уыдонæн-иу куы дзулы къæбæр авæрдта уæлдай, куы хъæдындз, кæмæн къабускайы карст. Уæд Госханы мадæрвадæлтæ Гулуты Батырбег æмæ Алихан Сæйраг тæрхондонмæ бахъаст кодтой. Уым та куыста Надгериты Муссæ, раст лæг, мæгуыр адæмы фарсхæцæг. Уый сын сæ хъуыддаг арвыста Чырыстонхъæуы тæрхондонмæ, цæмæй æртæ сылгоймаджы хъуыддаг лæмбынæгдæр равзарой. Æркастысты ногæй, банымадтой сæ растыл æмæ сæ хæдзæрттæм арвыстой уырдыгæй. Уый уыд 11 ноябры 1949 азы.

Рæстæг цыд. Кæд цыфæнды зын уавæрты уыди, уæддæр Госхан сывæллæтты сæ ахуырæй нæ фæцух кодта. Хистæр Агуыбе авд къласы каст фæци. Æстæм къласмæ куы бацыд, уæд æм къуырийы фæстæ скъолайы директор Хоранты Албег æрбацыд. Ахуыргæнæджы фæрсы, Æгъуызарты Агуыбе кæцы у, зæгъгæ.

– Мæнæ æз, – фестад йæхæдæг Агуыбе.

– Уæхимæ ацу æмæ ахуыр кæй кæныс, уый тыххæй æхца бафид 15 туманы.

Агуыбе зыдта, сæ хæдзары иу сом дæр нæй, уый, æмæ йæ мæгуыр мадæн зæгъгæ дæр нæ кодта. Дыккаг бон Госхан йæхи цæттæ кодта быдырмæ, Агуыбе та хъуамæ скъоламæ ацыдаид. Фæлæ уый къæпи цæттæ кæны быдырмæ Госханимæ. Мад æй куы бафарста, скъоламæ та цæуылнæ цæуыс, зæгъгæ, уæд ма йын цы гæнæн уыд, радзырдта хабар.

– Ацу скъоламæ, сырдтæ куы не сты, кæд дын фæтæригъæд кæниккой æмæ дæ ныууадзиккой.

Йæ чингуытæ йæ дæларм бакодта Агуыбе æмæ ацыд скъоламæ. Урок куы райдыдта, уæд та ногæй директор æрбацыди æмæ, Агуыбейы куы федта, уæд хъæрæй дзуры:

– Уæлæмæ сыст, Æгъуызары-фырт, æз дын куыд загътон, æнæ ‘хцайæ скъоламæ мауал цу, зæгъгæ дын нæ загътон?

– Æмæ нæм æхца нæй, – тарстхуызæй загъта Агуыбе.

– Уый мæ хъуыддаг нæу, æнæ ‘хцайæ ма куы ссæуай скъоламæ, уæд дæ мæнæ рудзынгæй аппардзынæн.

Агуыбе æнкъардæй рацыд сæхимæ. Изæры йæ мадæн загъта:

– Нал цæуын æз скъоламæ ацы аз, демæ быдырмæ цæудзынæн, æххуыс дын кæндзынæн.

Æмæ æцæгдæр афтæ бакодта, колхозы быдырты фæкуыста йæ мадимæ. Ног ахуыры аз куы райдыдта, уæд тыхамæлттæй самал кодта фынддæс туманы æмæ сæ бафыста. Ахуыр кодта æстæм къласы. Директор æндæр хъæумæ ацыд кусынмæ, Лескены скъолайы та директор сси Сабайты Сослæнбег. Иу зымæгон райсом та Агуыбе хъæдæй суг йе ‘ккой æрбахаста, уыцы хуылыдзæй, чингуытæ йæ дæлармы, афтæмæй скъоламæ фæраст æххормагæй. Скъола сæм уыди дыууæ километры дарддæр. Иугыццыл байрæджы кодта, æмæ дын директор Сослæнбег дуармæ лæууы, фæрсы йæ:

– Цæмæн байрæджы кодтай?

– Хъæды сугмæ уыдтæн, æмæ мын айрæджы, – загъта Агуыбе.

Сабайы-фырт æй йæхæдæг дæр уыдта, лæппу къахæй сæрмæ хуылыдз кæй уыди, фæлæ йын нæ фæтæригъæд кодта, хæстæг æм бацыд æмæ йæ сонт цæф ныккодта. Цæф æруад цæстыл, афтæмæй йæ урокмæ арвыста. Агуыбе урокмæ бацыд, фæлæ йæ бон урочы бадын нал уыди, цæсты алыварс ныррæсыд, цæстысыг кæлы. Ахуыргæнæг Сагеты Дзæджи бафарста Агуыбейы, дæ цæст цы кæны, зæгъгæ. Агуыбе не схъæр кодта, директор æй кæй ныццавта, уый. Фæлæ ахуыргæнæг куы федта цæст, уæд ын загъта:

– Тагъд дохтырмæ згъоргæ, кæннод дæ цæст сæфы.

Агуыбе ацыд. Дохтыр куы ‘ркаст лæппуйы цæстмæ, уæд ныддис кодта:

– Чи дæ ныццавта афтæ тынг, гыццыл ма бахъуыд, дæ цæст схауа.

Агуыбе радзырдта, хъуыддаг куыд уыди, уый. Цæстмæ базылди дохтыр, йæхæдæг та хъæусоветмæ ныдздзырдта:

– Мæнæ скъолайы цы митæ кæнынц, уый нæ уынут, сывæллæтты маргæ куы кæнынц?

Хъæусоветæй директормæ фæдзырдтой æмæ йæм куы фæхыл кодтой, уæд сын уый афтæ зæгъы:

– Кæй тыххæй мæм хыл кæнут, америкаджы фырты тыххæй? Стæй ма йæ сиахс дæр чи у, уый зонут?..

Йæ хистæр хо Райханаты лæг Дреты Сулейман уыдис хæсты æмæ 1943 азы Сталинграды цур уацары бахаудта. Хæст куы фæци, уæд сыздæхт. Уалынмæ йæм фæдзырдтой, æрцахстой йæ æмæ йын радтой фондз æмæ ссæдз азы, арвыстой йæ Сыбырмæ. Райханат ма уæд æрыгон уыд. Сывæллон ын нæма уыд, афтæмæй уый уал азы Дретæм куыд бадтаид. Йæ мады хæдзармæ ‘рцыди. Сахуыр кодта бухгалтеры курсыты. Фæстæдæр йæ хо Венерæ рынчындонæй куы рацыд, уæд дыууæ хойы ацыдысты Таджикистанмæ сæ мадыфсымæр Мæхæмæтмæ.

Директор уый йæ зæрдыл бадардта æмæ æдзух джыгъуы-джыгъуы кодта Агуыбемæ. Лæппуйы мæстæй йæ хурхы нарæгмæ скодта, æмæ Агуыбе ногæй йе скъола ныууагъта. Иу афæдз та колхозы быдыры фæкуыста. Уый фæстæ аз та ногæй æстæм къласмæ бацыд æмæ йæ тынг хорз бæрæггæнæнтимæ фæци, баивтой йæ фарæстæм къласмæ. Уæд йе ‘мгæрттæ скъола каст фесты. Фарæстæм къласы йын хиуæттæй чидæр бафыста фынддæс туманы æмæ йæ фæци. Уый дæр тынг хорз бæрæггæнæнтимæ. Фарæстæм къласы фæстæ, каникултæ куы райдыдтой, уæд Агуыбе сфæнд кодта æхца бакусын. Лескены хъæуы сæрмæ комы уыди хырхæйфадæн завод. Уым ныллæууыд куысты. Фыццаг бонты уал галуæрдонæй ласта сыджыт заводы агъуысты къултæ сæрдынæн. Къултыл æмæ царыл хуыдта дранкæтæ. Уыдон куы фесты конд, уæд æй рарвыстой хырхмæ.

Агуыбейыл цыди иу æмæ ссæдз азы. Алчи дæр зоны, уыцы кары лæппумæ цы хъуыдытæ вæййы, уый. 14 августы 1951 азы уыд хур бон. Агуыбе хъæлдзæгæй ссыди йæ куыстмæ. Изæрмæ фæкуыста, куыд æмбæлди, афтæ. Куыст куы фæцис, уæд йæхи цæугæдоны ныннадта æмæ, сæхимæ куыд фæцæйцыд, афтæ йæ фæстæмæ раздæхта Хоранты Дауки, прораб:

– Мæнæ ма дзы дыууæ хъæды ис æмæ уыдон афадут æххæст æмæ уæд ацæудзыстут.

Кусджытæ не сразы сты, загътой, уыцы дыууæ хъæды мах не сты, æмæ, кæй сты, уый сæ афадæд. Мах нæ сыгъдæг дзаумæттæ нæ уæлæ скодтам æмæ нæхимæ цæуæм.

Афтæмæй ацыдысты. Баззадысты ма дзы Тинаты Раман, æхсæвгæс æмæ Дауки. Агуыбе баззади, уымæн æмæ йæ æхца тынг хъуыди, æнæ ‘хцайæ йæ дæсæмтæм нæ бауагътаиккой, ахуыр кæнын та йæ тынг фæндыди, стæй йæ кæстæртæн дæр чингуытæ æлхæнын хъуыд. Хæдзарæн дæр æй æххуыс кæнын фæндыд. Æмæ тарсти, райсом æй куыстмæ куы нал бауадзой, уæд ма æхца кæм бакусдзæн…

Райдыдтой хъæд фадын. Иу-дæс минуты фæстæ мидæгæй, хырхы цы цалх кусын кæны, уый гæрз рахауди. Хырх йæ кусынæй ныллæууыд. Раман тындзгæ рауад æмæ дон ацæуæзта. Стыр цалх йæ зилынæй ныллæууыди. Раман архайдта гæрз фæстæмæ цалхыл бакæныныл. Фæлæ йыл иунæгæй йæ бон нæ цыд. Фæдзырдта прорабмæ, искæй-ма мæм рарвит, зæгъгæ. Агуыбейы йеддæмæ дзы ничи уыд, æмæ йæм уый барвыста. Дыууæйæ архайын байдыдтой гæрз бакæныныл, фæлæ уыцы рæстæджы æдде донæй цы цалх зылди, уымæ гыццылгай дон цыхцырæй уади æмæ, йæ къуырф дæндæгтæ донæй куы байдзаг сты, уæд доны уæзæй иу зылд æркодта цалх. Агуыбе гæрз цы цалхыл кодта, уый æрзылди æмæ йын йæ рахиз къух рацахста. Уæхскы рæбын æмæ армы тъæпæн ныцъæл сты гæрз æмæ цалхы æхсæн. Фæлæ уæддæр Агуыбе нæма феуæгъд, гæрз æй ласы мидæмæ. Уыцы уысм Раман сонт лæбурд фæкодта, йæ астæу ын ацахста æмæ йæ гæрз æмæ цалхы æхсæнæй ратыдта. Цонг лыстæг пырхай куы ауыдта Раман, уæд йæ хъæлæсы дзаг ныккуыдта. Агуыбе та йæ галиу къухæй пырх цонгыл хæцы, сонт лæуд кæны. Раман æй хъæбысгæнæгау йæ дæларм æрбакодта, асинтыл схызтысты кæртмæ.

Хабар æрцыд изæрдалынджы, машинæ нæ уыди, цæуыл æй аласой, уый нæй. Æмæ уæд, Агуыбе йæхæдæг цы галтыл куыста, уыдон скъæтæй ракодтой, сивтыгътой сæ æмæ йæ галуæрдоны раластой Лескены амбулаторимæ. Уым ын дохтыр базылди йæ пырх цонгмæ. Загъта йын, тагъд æй Цыколамæ ласут æвæстиатæй, зæгъгæ. Кæцæйдæр фæзынд хъæдласæн машинæ. Адæм фæфæдис сты, амбулаторийы кæрт байдзаг. Схæццæ сты йæ мад Госхан æмæ йæ мадыфсымæр Мухарбег. Афтæмæй Агуыбейы Цыколамæ аластой. Йемæ ацыдысты йæ мад æмæ Мухарбег дæр. Фæсæмбисæхсæв Цыколамæ бахæццæ сты, æмæ йын рынчындоны йæ бæстытæ райхæлдтой æмæ йæм ногæй базылдысты. Дохтыр загъта:

– Æвæстиатæй йæ алысын хъæуы Чырыстонхъæумæ, фæлæ туг бирæ фæцыд æмæ йæм ам туг куынæ бауадзæм, уæд тæссаг у фæндагыл. Мадыфсымæр йæ туг радта, туг æм бауагътой æмæ йæ Чырыстонхъæумæ аластой.

Бонивайæнты Чырыстонхъæумæ бахæцца сты. Рынчындоны рады дохтыр йеддæмæ ничи уыди. Æмæ йæ аходæнтæм ныууагътой. Райсомæй хирург Хъесаты Мæхæмæт куы æркасти Агуыбейы цонгмæ, уæд бамбæрста: цонгæн æнæ лыггæнгæ нал уыдис. Мæхæмæт фæдзырдта Агуыбейы мад æмæ мадырвадмæ æмæ сын загъта:

– Йæ цонг ын куынæ алыг кæнæм, уæд суткæйæ фылдæр нал ацæрдзæн, æмæ уæ куыд фæнды, уый зæгъут.

Уыдон сразы сты, æрмæстдæр нын æгасæй баззайæд, зæгъгæ.

Агуыбейы операцион стъолыл куы æрæвæрдтой, наркоз ын куы радтой, уæд бамбæрста, йæ цонг ын лыг кæй кæндзысты, уый. Цæмæй сæм тынгдæр бахъардтаид йæ тæригъæд æмæ йæ цæмæй тынгдæр бамбæрстаиккой, уый тыххæй цонджы кой нæ кодта, фæлæ сын загъта:

– Ме ‘нгуылдзтæй мын иу дæр алыг кæнат, ууыл разы нæ дæн æз.

Ома, йе ‘нгуылдз лæг кæнын нæ уадзы, уæд ын йæ цонг куыд алыг кæнæм. Афтæмæй арф æрфынæй наркозæй. Цалдæр сахаты фæстæ æрчъицыдта Агуыбе. Æваст галиу къухæй фæлæбурдта йæ рахиз уæхскмæ. Фæлæ дзы цонг нал уыди. Исдуг хъусæй алæууыд, ницы дзырдта, аджих, цæстытæ донæй айдзаг сты, бынтон афæлурс, стæй мадмæ дзуры:

– Цæмæн мын бауагътай мæ цонг лыг кæнын? – Йæ маст йæ хъуыры нылхынцъ.

Мад ын зæрдæвæрæн ныхæстæ загъта, ома, æгайтма æгас баззадтæ, дæу хуызæттæ иу æмæ дыууæ не сты, дæ уд мын дзæбæх уæд, æндæр… Хирург Мæхæмæт загъта, æнæ афтæ бакæнгæ нæ уыд, зæгъгæ. Æмæ уæд мах дæр сразы стæм. Агуыбе аджих. Хъусæй лæууыд. Ницы дзырдта иуцасдæр. Æрæджиау бацагуырдта кърандас æмæ гæххæтт.

– Гъеныр мæ иунæгæй уадзут, мæ цуры куыд ничи уа, афтæ.

Мæгуыр мад фæтарст, кæд исты фыдвæнд кæны йæ лæппу… Нæ йæ фæндыд Агуыбейы иунæгæй ныууадзын. Фæлæ Агуыбе йæ фæнд атардта. Уæд Госхан дохтырæн бамбарын кодта хъуыддаг. Медицинон хо Зарæ йæм иннæ уаты рудзынджы зыхъхъырæй йæ цæст дардта. Агуыбе иунæгæй баззад, йæхæдæг йæхиимæ ныхас кодта:

«Рахиз къух нал и, уый фæстæмæ нал раздахдзынæн æмæ æгады уавæрмæ дæхи ма ‘руадз, мæгуыргур дæ сæрмæ ма ‘рхæсс, дæ бон цæрын куыд уа дæхи сæры зондæй, ууыл бацархай, æмæ де ‘мгæрттæй нæ фæцух уыдзынæ. Уымæ гæсгæ та, гæнæн цы хъуыддагæн нал ис, уый ферох кæн. Рахиз къух дын нал ис, фæлæ дыл ис сæр, къæхтæ æмæ галиу къух. Дæ размæ сæвæр хæс: ахуыр, ахуыр æмæ ахуыр».

Уый Агуыбейæн уыди ардбахæрд! Уыцы ныхæсты фæстæ кърандас æмæ гæххæтт райста, галиу къухæй фыццаг хахх ныккодта. Уый уыди 15 августы 1951 азы, операцийы бон.

Галиу къухæй фыццаг хаххы фæстæ Агуыбейы царды ралæууыд ног дуг. Дыууæ къуырийы фæстæ, 1 сентябры йæ скъоламæ цæуын хъуыд, æмæ йæхицæн хæс сæвæрдта, уæдмæ галиу къухæй фыссын базонын. Æрбахæссын кодта йæ хуыссæнмæ дæсæм къласы чингуытæ æмæ йæхæдæг йæхицæн уроктæ лæвæрдта æмæ сæ ахуыр кодта.

Иуцалдæр боны фæстæ фыццаг фыстæг ныффыста йæ галиу къухæй, йæ мадыфсымæр Мæхæмæтмæ Таджикистанмæ.

Мæхæмæт Таджикистаны уыд 1928 азæй фæстæмæ. Хорз зыдта Госханы бинонты хъизæмар цард æмæ, йæ бон цы уыд, уымæй сын æххуыс кодта.

Мæхæмæт Агуыбейы хабæрттæ зыдта, фыстой йæм уымæй размæ. Æмæ фыстæг сæрвыста. Агуыбе йæхæдæг дзуапп радта уыцы фыстæгæн. Уый фыста: «Дæ бон хорз, Мæхæмæт! Фыссын дæм галиу къухæй æмæ кæд, мыййаг, дамгъæтæ не ‘мбарай, уæд сæм лæмбынæгдæр æркæсдзынæ».

Агуыбемæ рынчындонмæ æрбацыд госстрахы инспектор. Бафарста йæ, фыдбылыз куыдæй æрцыд, уымæй. Рафыста йын бюллетень æмæ йын загъта: «Рынчындонæй куы рацæуай, уæд æй бахæсс, кæм куыстай, уырдæм æмæ дын æхца бафидой».

Рынчындонæй рацыд Агуыбе 25 сентябры. Уый фæстæ бон бюллетень ахаста артельмæ. Радта йæ сæйраг бухгалтермæ. Иуцасдæры фæстæ, сæхæдæг куы ницы хабар кодтой, уæд сæм Агуыбе бацыд. Загъта сын, æхца мæ тынг æхсызгон хъæуы, æмæ мын мæ мызд æмæ мæ бюллетенæн дæр бафидут. Темырчи лагъз раласта, гæххæттытæ фæракал-бакал кодта, лагъз фæстæмæ бахгæдта æмæ загъта:

– Дæ бюллетень мæнæ ам уыди æмæ цыдæр фæци, фесæфти. Фæлæ дын дæ мызд кассир ратдзæн.

Агуыбе ма бафæлвæрдта сдзурыныл бюллетены тыххæй, фæлæ йæм Темырчи хъусгæ дæр нал кодта. Уæд кассирмæ ацыди Агуыбе æмæ йын загъта: «Цы мæм цæуы, уый мын раттут…» Кассир æркаст ведомостьмæ æмæ Агуыбемæ дзуры, дæ къух æвæрын, дам, зоныс?

– О, зонын.

– Уæдæ мæнæ уым дæ къух авæр, æз та дын де ‘хца ратдзынæн.

Агуыбе райста 425 сомы. Райста сæ йæ къухмæ æмæ хъуыдыты аныгъуылдис, ау, бирæ куы фæфыдæбон кодтон ам, мæйæ фылдæр. Мæ рахиз къабаз дзы куы ныууагътон, уæд мын уымæй фылдæр куыннæ саргъ кодтой?

– Цы ма лæууыс, цæуылнæ ацæуыс, ницыуал дæм цæуы, – дзуры йæм кассир.

Агуыбе йæм бакасти, йæ цæстытæ доны разылдта, зонын æй, зæгъгæ, сабыргай сдзырдта æмæ рацыд.

* * *

Фæззæг дæр та ралæууыд, ахуыры рæстæг. Æрбацыдысты Агуыбемæ йе ‘мбæлттæ Хъараты Ермак, Хайты Астемыр, Сагеты Валодя æмæ иннæтæ. Уыдон æй æмбæрстой, Агуыбейæн афтæмæй скъоламæ фыццаг бон æнцон цæуæн кæй нæ уыдзæн, уый, æмæ йын загътой:

– Райсом дæм æрбацæудзыстæм, æмæ скъоламæ махимæ ацæудзынæ.

Æцæгдæр афтæ бакодтой. Фыццаг бон скъолайы Агуыбейыл тынг фæцин кодтой ахуыргæнджытæ дæр æмæ ахуырдзаутæ дæр. Разæй йæ сбадын кодта Елеты Мурат, физикæ æмæ математикæйы ахуыргæнæг. Фыццаг урочы бады Агуыбе, æнхъæлмæ кæсы, урок райдайдзæн, зæгъгæ. Фæлæ ничи ницы дзуры, нæдæр Мурат, нæдæр ахуырдзаутæ. Кълас æгасæй дæр ныссабыр, цыма улæфгæ дæр нал кодтой. Агуыбе бадис кодта, цæмæн афтæ у, зæгъгæ, æмæ фæстæмæ фæкасти. Федта скъоладзаутæн сæ фылдæрæн сæ цæссыг кæлы. Ахæм уавæры уыди Мурат йæхæдæг дæр, æмæ урок райдайын йæ бон нæ уыд. Стæй ахуыргæнæг йæ бынатæй сыстад, аивæй къухмæрзæнæй цæсгом адзæбæхтæ кодта. Агуыбейы цурмæ ‘рбацыдис æмæ йæм дзуры:

– Фысгæ куы кæнай, уæд дæ гæххæттыл исты сæвæр, быргæ дын куыннæ кæна, афтæ, – æмæ чернилæдон æрбайста, сæвæрдта йæ гæххæттыл, мæнæ афтæ, зæгъгæ. Ручкæ йын райсын кодта æмæ йын цыдæртæ ныффыссын кодта. Стæй, цæмæй Агуыбейæн йæ зæрдæ фæхъæлдзæг уыдаид, уый тыххæй йын загъта:

– Тынг хорз фыссыс, кæм базыдтай афтæ фыссын? – æмæ, йæ фарсмæ чи бадти Агуыбейæн, уымæ бацамыдта. – Мæнæ уый йæ рахиз къухæй афтæ куынæ фыссы…

Уыдон зæрдæлхæнæн ныхæстæ сты, уый Агуыбе æмбæрста, фæлæ йын тынг æхсызгон уыди, афтæ йæ кæй æмбарынц, уый. Æмæ йæ уый разæнгард кодта. Уыцы бонты Агуыбе ахуыргæнджытæн бамбарын кодта, иннæтæй куыд домынц, уымæй дзы фылдæр куыд домой, афтæ. Уый зыдта, скъолайæ лæмæгъ зонындзинæдтимæ куы рацæуа, уæд институтмæ кæй нæ бахаудзæн. Канд къласы нæ, фæлæ æнæхъæн скъолайы хуыздæр чи ахуыр кодта, уыдонæй уыди Агуыбе. Фæлæ дзы ныр фылдæр сагъæс бацыд, тынгдæр банкъардта, йæ царды развæндаг æрмæстдæр ахуырæй аразгæ у, уый. Æмæ йын хорз бантыст. Скъолайы æппæты хуыздæр ахуырдзау сси. Куыд ахуыры, афтæ æгъдауæй дæр. Суанг ма-иу уæнгдыхæй дæр куыста иннæтимæ.

Царды бирæ фæзилæнтæ ис. Агуыбейæн уæды онг уарзон чызг уыдис – Милусяимæ кæрæдзи бамбæрстой. Чызг уарзондзинадмæ бæллыд, æмæ йæ фæндтæ базырджын уыдысты. Ныронг Агуыбейы алы ныхасмæ дæр уыди тынг къæрцхъус. Фæлæ ныр æрæнкъард. Ницыуал æй æндавы. Йе ‘мбæлттæ-иу сæ уарзæтты кой куы кодтой, уæд-иу Милуся æдзæмæй лæууыд. Джихтæ кодта. Йæхицæн-иу дзырдта:

– Куыд цæрдзынæн сахъат лæгимæ, æнгуылдзхъуаг ма куы уаид, йе цалдæр æнгуылдзы, фæлæ… Цонг йæ рæбыныл хауд, уымæй дæр рахиз. – Æмæ цынæ хъуыдытæ æвзæрд Милусямæ. Мысыд Агуыбейы сæрæн змæлдтытæ, æргъомбастæй-иу суг куыд æрхæццæ кодта хъæдæй. Ныр та ма мæгур иу цонгимæ цытæ кæндзæн?

1-æм майы номыл митинджы Милуся æнæрхъуыдыйæ февнæлдта Агуыбейы дысмæ, уый пиджачы дзыппы тъыст уыд, æмæ йæ рогæй фелвæста. Цонг дзы нæй, уый фембæрста æмæ йæ сусæгæй фæстæмæ дзыппы нытътъыста. Йе уæнгты дыз-дыз ссыд Милусяйæн.

Рæстæг цыд. Ахуыры аз кæронмæ фæхæццæ кæны, фæлæ Милуся æмæ Агуыбейы ‘хсæн ныхас нал цæуы. Агуыбе æнхъæлмæ кæсы чызгæн йæхимæ. Йæ мæгуыры бон зыдта æмæ йæ ахуыры кой кодта. Фæлæ дзы Милуся иу уысм дæр рох нæ кæны. Уый нæ, фæлæ ма йыл фылдæр хъуыды кæны. Фæзæгъы йæхинымæр: «Цы аххосджын у Милуся, цы зылынджын фæци, куынæуал мæ уарзы, уæд? Фыдбылыз мыл уый аххосæй не ‘рцыд».

Ницыуал ныууагъта йæ зæгъинæгтæй Милуся, иууылдæр йæ хъуыдытæ, йæ фæндтæ раргом кодта Зарæйæн. Уый сæ йæ уарзон Аликæн радзырдта.

Иу райсом Алик æмæ Агуыбе Лескены цæугæдоны былты тезгъо кодтой. Сабыр ныхас сын бацайдагъ. Алик Милусяйы кой кæнынмæ нæ хъавыд, фæлæ Агуыбе йæхæдæг райдыдта, ома, дам, æфсæрмы кæнын чызгæй, афтæ куы ахъуыды кæна, йæ цонг йæ уæлæ нал и æмæ ма йæм цытæ цæуы… Милуся йæхæдæг та кой дæр нæ кæны. Цыма не ‘хсæн æппындæр никуы ницы ныхас рауад, афтæ дары йæхи, æрмæст мын тæригъæд фæкæны.

Алик фенкъард, йæ сæр æруагъта æмæ зæхмæ ныккаст. Хъуыдыты аныгъуылд. Æрæджиау фæрæвдз æмæ уыцы ныфсхастæй загъта.

– Ме ‘рдхорд æфсымæр Агуыбе, уый чызг у, æмæ йæ куыддæриддæр фæнды, афтæ йæ бар – йæхи. Знон æй хъуыдтæ? Хъуыдтæ! Абон дæр æй хъæудзынæ, цæуылнæ йæ хъуамæ хъæуай? Ома, цонг нал и, æмæ уый тыххæй? Уый æфсон нæу. Кæд æцæг адæймаг у, уæд дæ хъуамæ ноджы хæстæгдæр айса йæ зæрдæмæ, хъуамæ дыл ноджы æнувыддæр уа. Кæд уый нæй, уæд ахæм чызг мах нæ хъæуы. Дæ иу базыр дæ уæлæ нал и, уый диссаг нæу. Хуыцау нæ æнæсæр лæппуйæ бахизæд, дæ хуызæн сагсуртæ та нæм фылдæр уæд!

Дыууæйæ дæр ныхъхъус сты. Ницы дзурынц. Агуыбе донмæ ныджджих, æнкъард хъуыдытыл æй бафтыдтой Аличы ныхæстæ. Бамбæрста, Алик афтæ дзæгъæлы нæ дзуры, уый. Уырны йæ, Зарæ æмæ Милусяйы ‘хсæн ныхас рауад æмæ Аличы хъустыл æрцыд. Уæззау хъуыдытæ йыл æруæз кодтой: «Мæ рахиз цонг нал и, уый мын æгъгъæд нæу, фæлæ ма мæ уарзон чызгæй дæр æнæ хай кæнын…». Æдзынæг та ныккасти донмæ. Уыцы уысм йæ сæрмæ февзæрдысты дыууæ зæрватыччы, зилдух кæнынц ныллæджыты. Сæ цъыбар-цъыбурмæ скаст къухаууонæй. Тæхудиаг, куыд дзæбæх сты, сæ къабæзтæ – сæхи бар…

* * *

1952 азы Агуыбе каст фæци дæс къласы. Ныр кæдæм бадæтта йæ гæххæттытæ? Фæнды йæ Мæскуыйы дунеон ахастдзинæдты институтмæ. Фæлæ йæ чи хъуамæ бауагътаид уырдæм?.. Йæ фыд Америкæйы цæры.

Аттестат куыддæр райста, афтæ ацыд Налцыкмæ. Равзæрста педагогон институты историон-филологон факультет.

1952 азы 1-æм августы ныффыста сочинени. Дыккаг фæлварæн та уыди уырыссаг æвзагæй æмæ литературæйæ, дзургæ фæлварæн. Уый йæ билет афтæ дзæбæх радзырдта, æмæ йæм ахуыргæнæг фестади, бацыд æмæ йæ йæ хъæбысы ныккодта, бафарста йæ:

– Кæцы скъолайы ахуыр кодтай æмæ дын чи уыди ахуыргæнæг?

– Лескены скъолайы, мæ ахуыргæнæг та – Цæрионты Сулейман.

Сулейманмæ арфæйы фыстæг ныффыстой, ахæм хорз зонындзинæдтæ кæй радта йæ ахуыргæнинагæн, уый тыххæй.

Немыцаг æвзаг дæр æнцонæй радта. Фæлварæнты фæстæ Агуыбемæ фæдзырдтой:

– Ахæм бæрæггæнæнтæ иунæг ды райстай, æмæ дын мæнæ гæххæтт, студент кæй дæ, уый тыххæй. Фыццæгæм сентябры та ахуыр кæнынмæ æрцæудзынæ.

Агуыбейæн ахæм амондджын сахат йæ царды бонты никуы уыди, æмæ Лескенмæ тынг хъæлдзæгæй ссыди. Йæ зонгæтæ йын фæарфæтæ кодтой. Æрбацыд æм Цæрионты Сулейман:

– Дæ цæрæнбон бирæ уæд, Агуыбе, мæнæн дæр ма кад скодтай.

Афтæ Агуыбейы царды райдыдта ног къæпхæн. Цыппар азы ахуыр кодта æмæ цыппар азы дæр иста уæлдæр стипенди, уæды æхцайæ 240 сомы. Æртыккæгæм къæпхæны инвалид кæй уыд, уый тыххæй та иста 300 сомы пенси. Уымæй уæлдай ма æрмадзы (артелы) аххосæй кæй ахауд йæ къух, уый тыххæй йын фыстой 170 сомы. Æмткæй алы мæй дæр иста 610 сомы уæды æхцайæ. Канд йæхи фаг нæ, фæлæ ма бинонтæн дæр æххуыс кодта.

1956 азы йæ ахуыр фæци Агуыбе. Æнхъæлмæ кастысты, кæй кæдæм арвитдзысты кусынмæ, уымæ. Иубон сæ æрæмбырд кодтой æмæ сын загътой: «Кæсæджы паддзахадон институт ацы азæй фæстæмæ уыдзæн университет. Бар уын дæттæм иу аз ма сахуыр кæнынæн, æмæ уæд райсдзыстут университеты дипломтæ æмæ риуылдаргæ нысантæ. Кæй уæ нæ фæнды, уымæн, табуафси, дæттæм институты диплом. Æрмæст куыст уæхæдæг агурут. Мах бынæттæ скæндзыстæм, иннæ аз чи фæуа, уыдонæн». Иу-дыууæйæ фæстæмæ се ‘ппæт дæр райстой дипломтæ æмæ сæхæдæг агуырдтой куыст. Афтæ Агуыбе дæр. Фæлæ та ам дæр æнæ фæхæцæгæй нæ рæвдз кодта йæ хъуыддаг. Æмæ йæм уæд йæ хотæ Таджикистанæй ныффыстой, ардæм рацу, зæгъгæ.

Цыбыр дзырдæй, Агуыбе стыр зынтæй Сталинабадмæ бахæццæ. 6 сентябры йæ дипломимæ бацыди Рухсады министрадмæ. «Математик кæнæ химик куы уыдаис, уæд ныртæккæ дæр – табуафси, – загъта йын министр, – фæлæ нæхи историктæн дæр бынæттæ нæй. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу нæ бæрæг кæн, æмæ кæд хъæууон районты исты ссариккам, уæд дæ уырдæм арвитдзыстæм».

Афтæмæй Агуыбе æртæ мæйы дзæгъæл рацу-бацу фæкодта. Уый фæстæ гæнæн нал уыдис, æмæ сразы цыфæнды куыстыл дæр. Арвыстой йæ Советон районмæ, Танапчийы сывæллæтты хæдзармæ хъомылгæнæгæй, ног ахуыры аз куы райдайа, уæд та дын исты кæндзыстæм, зæгъгæ.

* * *

1959 азы, сентябры Агуыбе урокæй куы рацыдис, уæд æй иу ирон лæппу баурæдта æмæ йæм дзуры:

– Бахатыр кæн, Æгъуызарты Агуыбе нæ дæ?

– Бæгуыдæр уый æз дæн, фæлæ ды та чи дæ?

– Æз дæн Хосроты Елхъан, цæрын æмæ кусын Сталинабады, æмæ дæумæ ‘рцыдтæн. Кæд дын рæстæг ис, уæд мæ иучысыл демæ ныхас ис.

Агуыбе йæ йæ фатермæ æрбакодта: Елхъаны зæрдæ дзырдта Агуыбейы хо Винерæимæ. Винерæйæн йæхи зæрдæмæ дæр цыди Елхъан, фæлæ йын, Агуыбейы фæндон цалынмæ базона, уæдмæ дзуапп нæ радта. Агуыбе бамбæрста хабар æмæ йæ фæрсы:

– Чи дын загъта, æз ам кусын, уый?

– Дæ хо Винерæ.

– Уæдæ Винерæйæн йæ зæрдæмæ куынæ цæуис, уæд дæ, æз мæ хойы хорз зонын, мæнмæ нæ рарвыстаид. Ацу æмæ йын зæгъ, дæу куыд фæнды, ууыл æз разы дæн, зæгъгæ.

Лæппу æмæ чызг сæ цард баиу кодтой.

* * *

1960 азы сæрды каникулты Агуыбе ссыд Лескенмæ йæ мады бабæрæг кæнынмæ. Тынг ыл фæцин кодтой иууылдæр. Уайтагъд каниултæ фесты. Æрхæццæ 25 август, æмæ Агуыбейы фæстæмæ цæуын хъæуы. Райста хæдтæхæгмæ билет Минводæй. Фæлæ йæ йæ мад Госхан бакъуылымпы кодта:

– Æз дæ афтæмæй никæдæм уадзын, кæд мæм хъусыс, уæд: æнæ бинонтæй дæ нал уадзын æмæ…

Госханы ныхасыл дыууæ нал загъта лæппу, йæ билет фæстæмæ радта. 1960 азы 5 сентябры чындзæхсæв скодтой лескенаг Гадзауты Хъырымы чызг Салихатимæ. Йæ фыд хæсты фæмард, æмæ æртæ хойæ æмæ иу æфсымæр сидзæрæй схъомыл сты. 6 сентябры та Салихатимæ атахтысты Таджикистанмæ. Уый размæ тел арвыста Агуыбе, чындзимæ фæцæуын, зæгъгæ.

Уым йæ размæ аэропортмæ рацыдысты йæ мадыфсымæр Гокъоты Мæхæмæт æмæ Цæрайы фыдыфсымæры лæппу Æгъуызарты Умар стыр хæдтулгæ «Зим»-ы, иу автобусы дзаг та – хиуæттæ, зонгæтæ. Сталинабады аэропорты Агуыбе æмæ Салихатæн арфæйы ныхас ракодтой Мæхæмæт æмæ Умар, дидинджытæ сын балæвар кодтой, стæй сæ «Зим»-ы сбадын кодтой, семæ – дыууæ лæппуйы æмæ фæндырдзæгъдæг. Афтæмæй, ирон фæндырæй цæгъдгæйæ, Сталинабады уынгты чындзхонтæ араст сты. Адæм сæ фæдыл дисгæнгæйæ кастысты, ай таджикаг музыкæ куы нæу, зæгъгæ.

Бацыдысты Æгъуызарты Умары хæдзармæ. Уым дæр ног чындзæхсæв скодтой. Дыккаг бон ацыдысты Гокъоты Мæхæмæты хæдзармæ æмæ та уым дæр афтæ… Уый фæстæ Агуыбе æмæ Салихаты срæвдз кодтой æмæ сæ хъæлдзæгæй арвыстой, Агуыбе кæм куыста, уырдæм.

Дангарамæ тел радта, æмæ сæ бацыдмæ æнхъæлмæ кастысты. Агуыбе зыдта, йе ‘мкусджытæ йын тынг аргъ кæй кæнынц, уый, фæлæ йæ афтæ сбуц кæндзысты, уый æнхъæл нæ уыди. Дангарамæ бахæццæ сты цыппæрæмы. Хуыцаубоны та скъолайы спортзалы скодтой чындзæхсæв. Балæвар ын кодтой телевизор. Агуыбейæн фенцондæр, йæ зæрдæ ради, йæ бинойнагимæ кæрæдзи хорз æмбæрстой. Цæрын сын бацайдагъ. Агуыбе куыста скъолайы ахуырадон хайы разамонæгæй, лæвæрдта уроктæ дæр. Салихат та уыдис хуыйæг æмæ куыста скъолайы, амыдта ахуырдзаутæн йæ дæсныйад.

Ницы хъуаг æййæфтой. Дыккаг аз, 1962 азы, мартъийы, Агуыбейæн йæ рахиз зæнг уæраджы сæрмæ риссын райдыдта, цудгæ дзы цыди. Ницæмæ йæ дардта иу мæйы бæрц. Стæй куынæ дзæбæх кодта, уæд Сталинабадмæ дохтыртæм ацыди, рынчындоны æрхуыссыд. Куыд рабæрæг, афтæмæй йæ уæраджы æвзæрдис дон. Кæддæр æй æрыгонæй ныццавта, æмæ йыл ныр æртæфст. Дыууæ мæйы рынчындоны фæцис. Къах фæдзæбæх. Куы рацыд, уæд сæхимæ æрбаййæфта ноггуырд сывæллон Ларисæйы. Дыууæ хъуыддагыл тынг фæцин кодтой – Агуыбейы сдзæбæхыл æмæ ноггуырдыл. Стыр куывд скодтой.

Рæстæг цыд. Цард йæ кæнон кодта: 1963 азы сын райгуырди лæппу – Валодя. Бинонты цард сфидар. Фæлæ йæм йæ мады мæтæй фæзынд хъуыдытæ: Госхан кæдмæ тухæн кæндзæн иунæгæй, æз мæ мадимæ цæуылнæ дæн?

1964 – 1965 ахуыры аз куы фæцис, уæд йæхи куыстæй суæгъд кæнын кодта. Тынг æй сбуц кодтой йе ‘мкусджытæ, куы цыди, уæд. Таджикистанмæ иунæгæй бацыд, фараст азы дзы фæкуыста. Фæлæ дзы ныр фæстæмæ, йæ фыды уæзæгмæ хæдзары дзаг бинонтæй рацыд, æмæ ма уымæй хуыздæр цы ис.

Йе ‘рбацыдмæ Агуыбейы кæстæртæ скъола каст фесты. Амырхан æфсадæй ссыд æмæ бацыд хъæууонхæдзарадон институтмæ зооветеринарон факультетмæ. Лизæ ахуыр кодта медицинон институты. Кæстæр Таймураз та æфсады фæстæ ахуыр кодта кулинарон техникумы. Сæ мад Госхан та Лескены иунæгæй баззад. Сфæнд кодтой, сæ мад семæ куыд уыдаид Дзæуджыхъæуы, афтæ, фæлæ кæм цæрой, уый нæй. Уæд ныффыстой фыстæг Америкæмæ сæ фыд Цæраймæ. Æхца нын сæрвит æмæ Дзæуджыхъæуы иу къуым балхæнæм, зæгъгæ.

Уыцы рæстæджы æхца æргом æрвитын нæ уагътой уырдыгæй. Фæлæ уæд Цæрай срæвдз кодта хуын, уым дзабырты хуылфы æмæ ма æндæр дзаумæтты арф бахуыдта 2000 доллæры. Фыстæджы та сын цыбырæй бамбарын кодта дыгуронау, арвыстон уын, æцæг дзæбæх æркæсут, зæгъгæ. Бинонтæ райстой хуын, æхца ссардтой æмæ сæ баивтой банчы. Радтой сын 1400 сомы. Афтыдтой ма йыл æмæ 1700 сомæй балхæдтой дыууæуатон хæдзар Дзæуджыхъæуы, Августы цауты уынджы 24-æм хæдзар. Госхан йæ сывæллæттимæ уым æрцард.

15-æм июлы Агуыбе æд бинонтæ уыди Дзæуджыхъæуы вагзалы. Уырдæм æм рацыдысты йе ‘фсымæртæ. Хъазгæ-худгæйæ йыл сæмбæлдысты. Госхан йæ хъæбулты иумæ куы федта хъæлдзæгæй, уæд цин кодта:

– Хуыцауы цæст мын æй бауарзæд, мæнæ цы амондджын дæн!

Фæстæдæр Агуыбе куыстыл зилын байдыдта. Радтой йын Алагиры районмæ гæххæтт. Уыдон æй арвыстой Уæллаг Зджыдмæ ахуыргæнæгæй, йæ бинонты аласта уырдæм æмæ дзы кусын райдыдта скъолайы. Йæ бинойнаг Салихат дæр уым куыста ахуыргæнæгæй.

Иу афæдзы фæстæ Зджыды скъолайы директоры Мызуры скъоламæ директорæй арвыстой. Агуыбемæ фæдзырдтой, анкетæ йæм радтой, байдзаг æй кæн, зæгъгæ. Агуыбе анкетæ байдзаг кодта, фæлæ дзы «партийность» кæм уыд, уым ныффыста б/п. Районы ахуыры хайады хицау куы ‘ркасти, уæд æй афарста, партийы уæнг нæ дæ?

– Нæ дæн.

– Ацу æвæстиатæй дæ гæххæттытæ ратт æмæ партимæ бацу. Зджыды скъолайы дæу йеддæмæ кæй сæвæрæм директорæй, уый нæй.

Агуыбе йæ гæххæттытæ барæвдз кодта, райстой йæ партийы уæнгтæм кандидатæй. Стæй йæ директорæй сæвæрдтой. Фæстæдæр æй арвыстой Мæскуымæ ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институтмæ. Иу мæй дзы сахуыр кодта. Уыцы бонты Агуыбе фидарæй скарста: «Нæ фыд базæронд, æцæгæлон бæстæйы цæры, цас ма фæцæрдзæн, æмæ, йæ мард æцæгæлон бæстæйы цæмæй ма баззайа, ууыл бацархайын хъæуы.

Агуыбе КГБ-мæ бацыд, куыд уыди, цы уыди, уыдæттæ сын бæстон радзырдта. Уым ын загътой:

– Дæ фыд Цæрай советон паддзахадæн мисхал дæр знаггад никуы бакодта. Америкæмæ кæй ацыд, уый та у йæ рæдыд, æмæ ахæм рæдыды тыххæй мах æфхæргæ нæ кæнæм лæджы. Фæлæ нæ кæд уынаффæйæ фæрсыс, уæд афтæ бакæн: ныффыссут æм фыстæг, æрхонут æй ардæм куыд турист, афтæ, бинонтæ стут æмæ йæ мауал ауадзут. Никæй бон уын ницы у.

Агуыбе сразы. Сарæзта, цы гæххæттытæ йæ хъуыдис, уыдон æмæ сæ арвыста. Фыстæджы та йæм дыгуронау ныффыста, КГБ йын куыд бацамыдтой, афтæ.

Райста уыцы гæххæттытæ Цæрай. Йæ цинæн кæрон нал уыди. Уым цы ирæттæ цард, уыдонæй сæ алкæмæ дæр равдыста, дыууæ боны фæстæ нæхимæ цæуын мæ бинонтæм, зæгъгæ. Фыр цинæй йæ хуыссæг фæлыгъд. Райсом рараст уа Ирыстонмæ, зæгъгæ, афтæ ма бауад йæ ирон æмбалмæ. Дыккаг уæладзыгмæ куыд фæцæйхызт асинтыл, афтæ æвиппайды фæцудыдта, гæзæнхъæдыл ма фæхæцыд, стæй йæхи сындæггай æруагъта асинтыл æмæ… ахицæн. Ууыл фæцис йæ цардвæндаг Цæрайæн…

Амард 1966 азы сæрды. Цыди йыл 78 азы. Уый фæстæ Америкæйæ Хъарданты Залымджери Лескенмæ æрбарвыста писмо. Фыста Цæрайы бинонтæм зианы хабар, бавæрдтой йæ, ирон æгъдау куыд амоны, афтæ, зæгъгæ. Йæ къамтæ йын систой æмæ сæ сæрвыстой. Йæ дзыппы цы уыди, стæй йæ къухыл цы сыгъзæрин къухдарæн уыд, уыдон дæр сæрвыстой. Залымджери куырдта, кæд, дам уæ фæнды, уæд, дам мын æрæрвитут æууæнчы гæххæтт æмæ уын уæ фыды фæллæйттæ арвитон.

Бинонтæ нæ зыдтой, æндæр паддзахадмæ цавæр гæххæттытæ хъæуы, уый. Агуыбе Мæскуымæ ныффыста писмо, райста дзуапп юридикон коллегийæ. Уыдон бацагуырдтой бинонты (суанг сæ фыдыфыд æмæ мадымады онг) райгуырды гæххæттытæ, паспорттæ, характеристикæтæ, автобиографитæ. Рæстæг бирæ рацыд, дыууæ азы. Фæлæ сæ Агуыбе срæвдз кодта, арвыста сæ Мæскуымæ.

1968 азы та райстой гæххæтт: «Æрцæут Мæскуымæ æмæ уæ фыд Цæрайы æхца райсут». Агуыбе арвыста йæ кæстæрты, Амурхан æмæ Таймуразы. Мæскуыйы сын загътой: Америкæйы баххуырстам дыууæ æвдакаты, Мæскуыйы дæр – афтæ æмæ сæ алкæмæн дæр бафыстам фæйнæ æхсæз проценты. Æмткæй уыдон сты дыууын цыппар проценты Цæрайы хардзæй. Бинонтæм та æрбахæццæ æхсæз мин æмæ дыууæсæдæ доллæры. Амырхан æмæ Таймураз телефонæй сдзырдтой сæхимæ æмæ, куыд бауынаффæ кодтой, уымæ гæсгæ балхæдтой дыууæ машинæйы: «Волгæ» ГАЗ-21 æмæ «Москвич»-412. Амырхан æмæ сыл Таймураз ссыдысты Мæскуыйæ.

Нал ис Цæрай. Бинонтæ сæ бон базыдтой сæ дард бæлццонæй. Нал æм æнхъæлмæ кæсынц. Æрмæст ын йæ рухс ном рох нæ кæнынц. Мысынц æй. Ног хор куы фæзыны, уæд ын ныххæлар кæнынц. Афæдзы дæргъы иумæйаг мæрдты бонты дæр сæ хойрагæй хæлар кæнынц. Æвæццæгæн, сæ зæрдæтæ йемæ кæй дзурынц, уымæ гæсгæ Цæрайы арæхдæр уынын байдыдтой фыны.

Фæстаг рæстæг Агуыбе фын федта: цыма йæ фыд Цæрай кæуы.

– Цы кæныс, мæ фыд, цæуыл кæуыс, хъаймæт дыл æрцыд?

– Хъаймæтæй мыл фыддæр хабар æрцыд, мæ мард ныгæд кæм æрцыд, уым нæ зæххæй иу мур дæр нæй! Райгуырæн зæхх та ныййарæг мады хуызæн у, кæйдæр сидтыты рæвдыд нæ уыны. Мæ нывæрзæны мын иу армыдзаг ирон сыджыт куы бакæниккат.

Уыцы фын Госханæн радзырдта Агуыбе. Госхан æм байхъуыста æмæ уæд зæгъы: мæрдты ницы ис, зæгъгæ, мачи дзурæд. Цыппар æмæ ссæдз азы уæ фыд, сымах фенынмæ бæлгæйæ, фæцарди æмæ йын уый нæ бантысти. Хуыцауы, æвæццæгæн, афтæ фæндыди. Фæлæ ныр, уыцы фынмæ гæсгæ, мæ фæндон афтæ у: уæ фыд мæрдты агуры йæ сыджыты хай йæ райгуырæн бæстæйæ. Уыцы хъуыддаг чи бакодтаид, уыцы дыууæ хойы нал сты, сты Амырхан æмæ Таймураз. Æмæ дæхæдæг æнæзонд нæ дæ æмæ ахъуыды кæн, уыцы хъуыддагæн куыд хуыздæр скæнæн ис, ууыл. Дæ фыды цыртыл хъуамæ конд æрцæуа йæ сыджыты хай ардыгæй.

Агуыбе хорз æмбæрста, Америкæмæ æнцон фæцæуæн кæй нæу, материалон æгъдауæй дæр æмæ закъонæй дæр. Уымæ гæсгæ ахъуыды кодта, Цæрай хорз кæимæ царди Америкæйы, уыдонæй искæмæ ныффыссын. Ныффыста йæ фын дæр æмæ йæ фæндон дæр Хайты Хадзыбечырмæ. Уый йæм хуынды гæххæтт сæрвыста.

1975 азы фæззæджы Агуыбейæн йæ гæххæттытæ срæвдз сты. Ныр æй ацæуын йеддæмæ ницыуал хъæуы. Сæ кæрты кауы рæбынæй сыджыт ракъахта æмæ йæ ныннадта сармадзаны афтид гилдзы. Æрхуы зесты гæбазæй йын йæ сæрыл агъуд æркодта. Гилдзы фарсыл къухмийæ дæсны лæгæн ныффыссын кодта: «Кавказæй хаст ирон сыджыт».

1930 азы сæ кæрты Цæрай (Ирыстоны ма куы уыд, уæд) ныссагъта мыртгæ бæлас. Сындæггай сбирæ æмæ дынджыр къутæр сси. Алы аз дæр зад уыд. Бирæ йæ уарзта Цæрай. Æдзух æм зылди. Бæласыл рæсугъд рог къалати бафидар кодта, æмæ дзы цардысты сырддонцъиутæ. Зымæгæй, сæрдæй хъæлдзæг цъыбар-цъыбур кодтой. Цæраймæ уый тынг хорз касти. Мыртгæ-иу æнæ тындæй арæх ныууагъта сырддонцъиутæн хæрынæн.

Ныр Агуыбе уыдон æрхъуыды кодта æмæ бæласы бын скъахта дыууæ талайы. Уидæгты сыджыт сæ уæлæ ныууагъта, хызыны сæ батыхта. Цæрайы конд къалати къудзийы сæрæй рафтыдта, фондз сырддонцъиуы дзы æрцахста, дыууæ нæлы æмæ æртæ сылы. Къалатийы сын еууы æмæ мæнæуы нæмгуытæ фæндагмæ хæрыны фаг нывæрдта.

Афтæ 1975 азы фæззæджы Агуыбе поезды сбадт æмæ дыууæ боны фæстæ Мæскуыйы уыди. Уым дыккаг бон хæдтæхæгыл атахт Нью-Йоркмæ. Нью-Йоркæй Сиэтлмæ бынæттон хæдтæхæгыл атахт. Хайты Хадзыбечыр йæ размæ рацыд аэропортмæ. Кæрæдзи бызыдтой. Сæ цинæн кæрон нал уыди. Фæлæ кæугæ дæр кодтой… Сæ ныхæстæн ма кæрон уыд? Æмæ цæмæй нæ бафарста Хадзыбечыр, кæй кой нæ ракодта Лескенæй, Æрæфы районæй, суанг, Ирыстоны кæй зыдта, уыдонæй. Арæх-иу йæ цæстысыг калди. Агуыбе йын лæмбынæг фæдзырдта хабæрттæ. Уæлдайдæр та, Лескен æмæ Æрæфы районы цы ивддзинæдтæ æрцыди Хадзыбечыры ацæуыны фæстæ, уыдон.

Дыккаг бон Хадзыбечыр йæ рог машинæйы акодта Агуыбейы уæлмæрдмæ. Уый уыди хæрззылд. Уынгтæ-уынгтæ. Уæлмæрды къæнцылармæ хæстæг ныгæд у Цæрай. Хадзыбечыр ын йе ‘нгуылдзæй дардмæ ацамыдта йæ цырт. Агуыбе йæм фæкомкоммæ. Ныхъхъус. Йæ цæстытæ дзы нал систа, æдзынæг каст цыртмæ æмæ бынтон æнæдзургæйæ хæстæг бацыд йæ фыды ингæнмæ. Цæстытæ донæй айдзаг сты, йæ кæуын хъуыры нылхынцъ. Æрæджиау цырты уæхсчытыл йæ армытъæпæн хъавгæ æрæвæрдта, ныхъхъæбыс ын кодта, афтæмæй кæуы… Стæмхатт сдзуры: «Мæ фыд…» Нал æнцад йæ кæуынæй. Ноджы ма Хадзыбечыр бахъарæг кодта: «Цæрай! Дæ хъæбул Агуыбе дæм æрбацыд нæхицæй, Лескенæй, иу каст ма йæм ракæн…» Сæ куыдæй нал æнцадысты. Агуыбе ингæныл ныддæлгом, йæ цонг ыл айтыгъта. Хадзыбечыр гыццыл бел райста къæнцыларæй. Дыууæ мыртгæ талайы ингæны фæйнæфарс ныссагътой, хъацæнтæй сæм базылдысты. Метры дæргъæн хъилтæ сын сæ фарсмæ ныкъкъуырдтой æмæ сæ кæрæдзиуыл бабастой. Ингæны ныхмæ кауы михы стæвдæн æфсæйнаг хæтæл ныссагътой, йæ сæрыл ын къалати бафидар кодтой æд сырддонцъиутæ. Цырты рæбын Агуыбе къусы мæнæуы нæмгуытæ нывæрдта цъиутæн. Ингæны рагъыл гилдзы хуылфы Лескенæй хаст ирон сыджыт æрфидар кодта Агуыбе йæхи къухæй. Рухсаг загътой Цæрайæн, ныххæлар ын кодтой ирон сыджыт, мыртгæ бæлæстæ Госханæн йæхиконд арахъхъæй…

Афтæ алы бон дæр цыди Агуыбе йæ фыды ингæнмæ. Дон æмæ хæринагæй æфсæста сырддонцъиуты. Къуыримæ къалатийы дуар байгом кодта æмæ сырддонцъиутæ Цæрайы ингæны сæрмæ пæррæстытæ кодтой. Цъыбар-цъыбурæй нал æфсæстысты, цыма зыдтой, ам, бынæй, ныгæд ис, Лескены сын къалати чи скодта, уыцы Цæрай, æмæ йын лескенаг зарджытæ кæнынц…

Агуыбе уым фæци иу мæй. Цæрай кæм царди, уыцы хæдзар ын фенын кодта Хадзыбечыр. Йæ куыстуат, йæ фæндæгтæ, йæ хæлар адæм, кæимæ куыд цард.

– Иуизæр та нæхимæ æнафонтæм фæбадтыстæм, – дзырдта Хадзыбечыр. – Цæрай радио раздух-баздух кодта. Æнæнхъæлæджы дзы Цæгат Кавказы адæмты кой ракодтой. Стæй разарыдысты ирон адæмон хъæбатыр Хазбийы зарæг. Хъусæй лæууыдыстæм, цыма улæфгæ дæр нал кодтам. Цалынмæ Кавказы кой кодтой, уæдмæ иу ныхас дæр не скодтам. Стæй гæххæтт райстам æмæ Хазбийы зарæджы ныхæстæ ныффыстам. Цæрай дзы цы ныхæстæ фæуагъта, уыдон та æз хъуыды кодтон. Нæ зæрдæ суынгæг, цæстысыг калди. Кавказы хæхтæ нæ цæстытыл ауадысты, нæ бинонтæ, хъæуккæгтæ. Цæрай уыцы æхсæв махмæ баззад, хуыссæг нæ нал ахста. Райсом куы рабадти Цæрай, уæд йæ баз – хуылыдз.

Агуыбе фæстæмæ куы цыди, уæд ма уыцы райсом фæстаг хатт бабæрæг кодта йæ фыды ингæн. Мыртгæ талатыл дон акодта, йæ хъарм къух сыл æрхаста, цыртæй райдыдта æмæ ахæм гæбаз нал баззад, йæ къух кæм нæ аныдзæвд. Хадзыбечыр æм æдзынæг касти, ницы йæм дзырдта, уымæн дæр йæ цæстысыг калди. Цæрайы ингæнæй сыджыт систа Агуыбе æмæ рацыдысты уæлмæрдæй. Агуыбе фæкæс-фæкæс кодта, цалынмæ йæм йæ фыды цырт зынди, уæдмæ.

Машинæйы куы сбадтысты, уæд ма иу каст фæкодта, цæсты тигъæй ма йæ ауыдта, стæй скуыдта: «Дзæгъæлы дæ уадзын, мæ фыд, цымæ ма дæм искуы исчи æрбафтдзæни нæхицæй?».

Аэропорты хæдтæхæгмæ куы цыди Агуыбе, уæд æй Хадзыбечыр ныхъхъæбыс кодта, йæ цæнгтæ зыр-зыр кодтой, цæстысыг нызгъæлдта… «Æрыгон лæппуйæ æрбафтыдтæн ардæм, мæ сæрæн ницы зонгæйæ, фæхаудтæн мæ райгуырæн Лескенæй. Ныр ам цæрын фондз æмæ ссæдз азы, æмæ, ды ам цы бонтæ дæ, уый фæхъхъау фæуæнт… Искуы та ма-иу æрцу… ма нæ рох кæнут… Цæрай кæд мард у, уæддæр æм арæх бауайын æмæ йемæ фæныхас кæнын, Цæрайы ингæнæй мын хиондæр ам нæй…»

* * *

Агуыбе Цæрайы ингæнæй цы сыджыт æрласта, уый Цæрайы фыд Майрæмхъулы ингæны цырты рæбын нывæрдта. Дыууæ кæрдзыны ныххæлар кодтой сыхаг зæронд лæгимæ. «Мæрдты æгъдауæн дын цæмæн æххуыс у, уымæн дын хæлар уæд дæ ингæнæй хаст сыджыт. Кæрæдзи уындмæ бæллыдыстут, фырт дард Америкæйы, ды ам, Лескены, æмæ уын ныр мæрдты кæрæдзи феныны бар уæд…»

Бирæ хабæрттæ æрбахаста Агуыбе Сиэтлæй, се ‘ппæт нал хъуыды кæнын. Фæлæ дзы мæ зæрдыл бадардтон ахæм. Сиэтлы Хадзыбечыры машинæйæ абалц кодтой горæтыл. Хъæздыг у Сиэтл, дуканитæ алыхуызон товартæй се ‘дзаг, алыхуызон фæлладуадзæн парктæ, музейтæ, райдзаст уынгтæ, рæсугъд уæладзыг хæдзæрттæ. Фæлæ тынг бæрæг дары, адæм кæрæдзимæ куыдфæндыйы цæстæй кæй кæсынц, уый. Дзæгъæл хионтæ, зонгæтæ нæй уым. Махмæ къæбæрæй куыд сомы кæнынц, уым та доллæрæй афтæ сомы кæнынц.

Уæдæй фæстæмæ Хадзыбечыр рæстæггай æрвиты фыстæджытæ. «Дыууæ мыртгæ талайы сырæзыдысты. Ингæны сæрмæ сæ къалиутæ уæрæх айтыгътой. Алы аз дæр сыл дыргъ зайы æмæ сæ цъиутæ бахæрынц. Уалдзæг сæ дидинæг урс-урсидæй дардмæ ферттивы. Сæрд йæ дыргъ æмæ сыфтæ цъæх-цъæхидæй фæзынынц, фæззæг та сырх фæдарынц, уæлдайдæр, сæ сыф куы азгъæлы, уæд. Сырддонцъиутæ сæ цъыбар-цъыбурæй рæвдауынц Цæрайы. Гилдзы мидæг лескенаг сыджыт æнæхъыгдард у».

* * *

Бинонтæ Цæрайæ сæ бон базыдтой. Цы исинаг уыдысты, уый райстой сæ фыды фæллойæ. Чызгæй-лæппуйæ сæ алчидæр йæ фæндагыл лæуд у, фæлæ та æфхæрд бинонтæн ногæй сæ бындур бындзарæй ныззылди:

1970 азы 6 майы Таймураз, «Москвич»-ыл Лескенæй Дзæуджыхъæумæ цæугæйæ, Мичурины хъæуы цур фыдбылызы амæттаг баци, уæззау цæфæй Æрхонкæйы рынчындонмæ бахауд. Агуыбе фæдисы хабармæ Зджыдæй рацыд. Таймуразы хуыссæны куы федта, уæд йæ зæрдæ барызт. Уый ма йын йæхæдæг зæрдæтæ æвæрдта, фæлмæн æм бахудт, загъта: «Ма тæрс, Агуыбе, ницы мын уыдзæн».

Фæлæ йæ хъуыддаг тынг æвзæр уыд. Йæ астæуыстæджы хъултæ фæхицæн сты, æмæ астæуæй дæлæмæ нал змæлыд. Амырхан Мæскуымæ атахти, нейрохирург æм сласон, зæгъгæ. Агуыбе рынчыны уæлхъус уырдыг лæууыд æхсæвæй-бонæй. Дыууæ къуырийы фæстæ Агуыбе ацыд Зджыдмæ, мæ куыстмæ скæсон, зæгъгæ. Æртыккаг бон æм тел радтой: «Тагъд сæмбæл, Таймураз хорз нал у».

Агуыбе ‘рхæццæ. Рынчындоны йын дуаргæс фехъусын кодта: «Таймураз нал и … Дзæуджыхъæумæ йæ аластой». Бинонтæ фæхъыг кодтой, мулк дæр сæ нал хъуыди, ницыуал сæ æндæвта, фæлæ ма цы гæнæн уыд… Амырханæн Мæскуымæ фехъусын кодтой хабар, æмæ дыккаг бон раздæхти.

Бинонтæн сæ царды уавæртæ фæзындæр сты. Агуыбе уыцы аз раивта Куырттаты скъоламæ. Цæмæй арæхдæр æфта бинонтæм, Госханмæ. Ам дæр та йæ куыст хорз цыд. Уарзтой йæ ныййарджытæ æмæ скъоладзаутæ. Рæстæг цæуы, цард йæхионтæ домы, сæ судзæг зианæй æртæ азы рацыди. Бæргæ, ууыл уæддæр куы баззадаиккой, фæлæ та сæ хъысмæт йæ уæззау рæхысæй ныццæлхъ ласта.

Агуыбе уыд урочы. Æрбадзырдтой йæм, директор, дам дæм дзуры. Директоримæ ныхасгонд уыди Алагирмæ цæуыны тыххæй. Æнхъæл уыд, уый тыххæй йæ агуры. Хъæлдзæгæй йын бауад йæ кусæн уатмæ. Директор уыцы æнкъардæй фестади…

– Амырхан авари скодта, мæнæ ацы дыууæ лæппуйы дæумæ ссыдысты.

– Æгас баззади? – сонт фарст акодта Агуыбе.

– О.

– Дæ уæлæ дарæс скæн, æз дæр демæ цæуын, – загъта директор.

Ныххæццæ сты Дзæуджыхъæумæ. Сæ хæдзары цур адæмы лæугæ куы федта, уæд æй бамбæрста, ногæй та йыл стыр бæллæх кæй æрцыд, уый.

Амырхан куыста сæйраг егерæй. Йæ бæрны цы зæххытæ уыди, уыдоныл æрзылд. Бахæццæ Хъæрмæдоны рæгътæм. Уым Тменыхъæуы æвзæр бырынцъаг фæндæгтыл машинæ йæхи нæ баурæдта æмæ былæй ахаудта. Кæцæй рахаудта, уый бæрзонд нæ уыди, фæлæ машинæйæн, тулгæйæ, йæ бак фегом, ссыгъди æмæ Амырхан дæр… Уый уыд 1973 азы 25 декабры. Баныгæдтой йæ Таймуразы фарсмæ.

* * *

Госханæн иунæгæй уадзæн нал уыд, æмæ Агуыбе горæты куыст агурын байдыдта. Фæлæ йын ницы зæрдæ æвæрдтой. Уæд гæнæн нал уыди, æмæ йын Фыййагдоны скъолайы директор Бырнацты Роман бауынаффæ кодта: «Дæ уроктæ дын афтæ сараздзынæн, æмæ Дзæуджыхъæуæй дæ бон куыд уа цæуын». Ууыл сразы Агуыбе æмæ алы бон дæр автобусæй йæ куыстмæ цыд Дзæуджыхъæуæй Фыййагдонмæ. Афтæ – 1974 азы мартъийы онг. Апрелы йын куыст радтой горæты 22-æм астæуккаг скъолайы.

Æвæдза, диссаг у æнæхъару, фæлмæст, рыст уд. Уæздан сылгоймагыл уыйбæрц зынтæ цæмæн æрцыди, куыд ныффæрæзта уый уд утæппæт зынтæн?.. Куыд нæ ныддур ис йæ зæрдæ æмæ ма куыдæй йæ бон у искæй зыныл дæр хъыг кæнын, искæй циныл цин кæнын?

– Сæ сывæллæтты тыххæй, – уыдис-иу Госханы дзуапп.

* * *

Агуыбе фæкуыста ахуыргæнæгæй 1976 азы октябры онг. Ноябры йæ раивтой референтæй республикæйы æхсæнад «Зонынад»-мæ. Иу-дыууæ азы дзы куы бакуыста, уæд æм университетæй æрбадзырдта Цориты Хабибæ – доцент, педагогон наукæты кандидат:

– Кæд дын рæстæг ис, уæд-ма æрбауай.

Агуыбе ацыди æмæ йын Хабибæ афтæ зæгъы, мæнæ фыццаг курсмæ кæй райстам ацы аз, уыдонæн ныффыссын кодтам бархи æрмæгыл сочинени: «Мой любимый учитель в школе». Æмæ мын тынг æхсызгон уыди, Фыййагдоны скъолайæ иу чызг æмæ иу лæппу дæуыл кæй ныффыстой, уый. Бакæс сæ.

Агуыбе сæ бакасти, куыддæр æнкъард худт бакодта æмæ, цыма æфсæрмы кодта, афтæ Хабибæйæн загъта:

– Хорз фыссынц, тынг æхсызгон мын у, фæлæ мæ цыма æгæр æппæлынц, афтæ мæм кæсы.

– Æз дæр сывæллæтты хорз зонын æмæ, куыд фыссынц, афтæ куынæ уыдаид, уæд дыл ницы ныффыстаиккой. Фæлæ мæ уырны, скъолайы сывæллæттæ дæу бирæ кæй уарзынц, уый, æмæ дæ цæрæнбон бирæ уæд.

Куыста Агуыбе æхсæнад «Зонынад»-ы. Хорз арæхсти ам дæр йæ куыстмæ, йæ зæрдæмæ дæр цыд. Уæдæ йæ мызд дæр уыди йæхи фæндиаг. Лекцитæ кæмæн каст, уыдон æй царды хабæрттæй фарстой. Агуыбе уыцы фарстатæ æмбырд кодта æмæ сын дзуаппытæ агуырдта. Афтæмæй базыдта, хæрамдзинад дæр æмæ царды хъуагдзинæдтæ дæр кæцæй цæуынц æмæ кæй аххос сты, уый. Кусæг лæг ахæм фарстатæ лæвæрдта: «Æз рады лæууын бирæ азты фатермæ, фæлæ мын нæ дæттынц. Мæ бинонтæм куы ‘рбацæуын, уæд, цы бахæрæм, уый нæм нæ вæййы. Мæ уæлæдарæс куы нал фæбæззы, уæд дуканимæ бацæуын æмæ дзы ницы ссарын. Фæлæ æз уый зонын, æмæ нæ хицæуттæн цалдæргай фатертæ кæй ис. Уæлæдарæс æмæ сын хæринаг та ласынц, цас сæ хъæуы, уымæй фылдæр. Æз отпусчы куы ацæуын, уæддæр ма кусгæ фæкæнын, уымæн æмæ, мæ бинонтæ цæмæй дарон, уый нæй. Искæй хицау та отпусчы дæр нæма ацæуы, афтæмæй рагацау бæрæг вæййы, кæм улæфдзæн, цавæр путевкæ йæм уыдзæн, уый».

Уыцы фарстатæн дзуапп агургæйæ-иу Агуыбейæн загътой: «Дæ куыст кæн, æмæ, дæумæ цы хъуыддаг нæ хауы, уый мæт дæ ма уæд».

Агуыбе уæд хъуыды кæнын райдыдта, фæрæдыдтæн, скъолайæ кæй рацыдтæн, уымæй, зæгъгæ. Фæндыди йæ фæстæмæ уырдæм раздæхын, фæлæ йæ йæ сæрмæ нал æрхаста. Иуцалдæр азы куы бакуыста æхсæнад «Зонынад»-ы, уæд æй равзæрстой партион организацийы секретарæй, æмæ ма дзы бакуыста дыууадæс азы. Уæд бынтон хорз базыдта, чи цы у, уый.

1979 азы æхсæнад «Зонынад»-ы президиум фарста сæвæрдта Агуыбейæн республикæйы культурæйы сгуыхт кусæджы ном раттыны тыххæй. Се ‘ппæт дæр æмхъæлæсæй ахæм уынаффæ рахастой. Гæххæттытæ срæвдз кодтой æмæ сæ партийы обкоммæ арвыстой. Фæлæ уым уыцы уынаффæйыл не сразы сты.

Агуыбе телефонмæ рады лæууыди фынддæс азы, йе ‘мкусджытæй та алкæмæ дæр уыд телефон. Йæ бирæ курдиæттæм ын се ‘ргом нæ аздæхтой ам дæр. Уыдоныл хъуыдыгæнгæйæ, Агуыбе йæхицæн загъта: «Æз партийы кæй нæ хъæуын, уый бæрæг у. Йæ разамонджытæ мын мæ хъуыддæгтæ халынц. Зиан йеддæмæ мын пайда не сты. Уæд мæхи æдылыйы бынаты цæмæн æвæрын? Хъуамæ сын уый бамбарын кæнон».

1990 азы сентябры Агуыбе сдзырдта обкоммæ: «25 октябры мæм уыдзæн партион дзуапдæттæн æмбырд, æмæ мæ фæнды, сымахæй нæм исчи куыд уа, афтæ». Æмбырдмæ биноныгæй бацæттæ кодта йæхи. Обкомæй æрцыд ног кусæг Гонобоблев, лекторты къорды хицау. Агуыбе йæ куысты тыххæй фæдзырдта сахатæй фылдæр. Æмбырды чи уыди, уыдон ын хорз аргъ скодтой йæ куыстæн. Гонобоблев дæр загъта: «Ацы аз уыдтæн фынддæс æмбырды, æмæ, мæнæ Æгъуызары-фырты раныхас мæ зæрдæмæ куыд фæцыди, афтæ иу ран дæр – нæ. Мæн фæндыди исты аипп ссарын, фæлæ ницы ссардтон. Уæ бар уæхи, фæлæ ногæй Æгъуызары-фырты секретарæй куы равзариккат, уæд, мæнмæ гæсгæ, хорз уаид», – Агуыбейы ’рдæм йе ‘ргом базылдта æмæ йæ фæрсы, дæхæдæг та куыд зæгъдзынæ, зæгъгæ.

Агуыбе ницы сдзырдта, фæлæ гæххæтт балæвæрдта партионтæй иумæ æмæ йын загъта: «Мæнæ уый бакæс». Уый уыди курдиат: «Æз партийы рæнхъыты дæн 25 азы. Бацыдтæн партимæ зæрдиагæй. Мæ царды хуыздæр азтæ йын радтон. Мæхиуыл никуы бацауæрстон. Фæсмон дæр нæ кæнын, уымæн, æмæ æз афтæ æнхъæл уыдтæн, мæнæн дæр мæхи исты куы бахъæуа, уæд мæ бамбардзысты… Афтæмæй æрбахæццæ дæн æз мæ пенсион кармæ. Æмбаргæ нæ, фæлæ ма мæ тынг бафхæрдтой, мæ зæрдæ мын фæриссын кодтой. Бирæ æнæрастдзинæдтæ мын скодтой. Ныр мæн нал фæнды ахæм партийы уæнг уæвын. Курын, æмæ мæ суæгъд кæнут партийы рæнхъытæй. Мæ курдиатимæ уын дæттын мæ партион билет æнæ исты хъуагæй».

Æмбырды уæвджытæ джихæй баззадысты. Уæд æм Гонобоблев дзуры:

– Ахъуыды кæн, Агуыбе, ма фæрæди.

– Æз ыл рагæй хъуыды кæнын æмæ, куыд æмбæлы, афтæ бакодтон. Фæлæ йыл ныр сымах асагъæс кæнут, цæмæн дæттынц коммунисттæ сæ партион билеттæ æмæ партийæ цæмæн лидзынц, ууыл.